Къоста- нывгæнæг, « Дурсæтджытæ»-йæ æххæстдæр æмæ хуыздæр нывтæй иу.
план-конспект урока (6 класс) по теме

Открытый урок по  осетинской литературе. Работа над картиной Коста  Левановича Хетагурова  « Дурсæтджытæ»

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл Урок по осетинской литературе21.18 КБ

Предварительный просмотр:

Темæ: Къоста- нывгæнæг, « Дурсæтджытæ»-йæ æххæстдæр æмæ хуыздæр нывтæй иу.

Урочы нысан: 1.Базонгæ кæнын скъоладзауты Къостайы сфæлдыстадимæ нывкæнынады.

2.Скъоладзауты дзургæ æмæ фысгæ ныхасыл кусын.

Хъомыладон куыст. «Куыст – царды фæрæз».

Куысты хуызтæ: Лекци; беседæ.

Урочы æрмæг:

1.Къостайы портрет.

2.Къостайы нывтæ презентацийы хуызы.

Литературæ Къостайы сфæлдыстады тыххæй.

Эпиграф: «Нывкæнынады Къостайы курдиат æрттивы арвæрдыны алы хкуызтæй, аив æмæ сыгъдæг у хæххон суадоны æртæхтау.Кæддæриддæр архайдта йæ нывты адæймаджы миддуне  йæ цæстæнгасы равдисын.»

                                                                                    Тугъанты Махарбег.

Урочы цыд:

Фæйнæгыл презентаци  Къостайы портрет æмæ йæ нывтимæ.

Мотиваци:

Ахуыргæнæг: Сабитæ мах абон нæ уроч ы ацæудзыстæм диссаджы цымыдисаг фæндæгтыл, фæлæ нæ нæ фæндаг кæдæм ахондзæн, уый базондзыстæм презентацимæ куы бакæсæм, уæд. Зæгъут ма мын  абон цымæ нæ фысджытæ æмæ поэттæй кæй сфæлдыстадыл æрлæудзыстæм  нæ урочы.

Ахуырдзаутæ: Нæ урочы абон дзурдзыстæм Хетæгкаты Къостайы  сфæлдыстадыл.

Ахуыргæнæг: Æмæ  цы зонут Къостайы тыххæй?

Ахуырдзау:Къоста у поэт, литературæйы бындурæвæрæг, прозаик,критик, публицист.

Ахуыргæнæг: 1.Цы хуыйны Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд.(«Ирон фæндыр».

2. Презентацийы цы нывтæ федтат уыдоны автор чи у?(Къоста)

3.Уæдæ ма Къоста поэтæй уæлдай уыдис    нывгæнæг дæр.

Цавæр нывтæ федтат презентацийы, ранымайут ма сæ.    

Ахуырдзаутæ: «Хъыггæнæг зæд»,  «Дурсæтджытæ»,  «Æрдзон хид», «Дондзау» æмæ а.д.    

Уæдæ абон базогæ уыдзыстæм хæстæгдæр  Къостайы нывтæй   иу «Дурсæтджытæ»-имæ.

Къостайы фæндаг нывкæнынады куыд райдыдта, уый уын радзурдзынæн цыбыртæй.

             1871 азы Къоста бацыд Сътъараполы гимназмæ. Ам йу ргом аздæхта революцион змæлдмæ, райдыдта  йæ фыццаг уацмыстæ фыссын. Архайдта хихъæппæрисадон изæрты, арæзта декорацитæ ахуыргæнинæгты спектакльтæм. Йе ргом уæлдай тынгдæр здахын байдыдта нывтæ кæнынмæ. Нывтæ кæныны хъуыддаг рагæйдæр йæ зæрдæмæ тынг цыд. Ноджы тынгдæр ын æй бауарзын кодта гимназы нывкæныны ахуыргæнæг В.И. Смирнов. 1881 азы Къоста бацыд Бетъырбухы Аивæдты академимæ. Цыппар азы дзы фæцахуыр кодта, стæй  йæ материалон уавæртæ  уæззау кæй уыдысты, уый тыххæй йæ бахъуыд йæ ахуыр ныууадзын. 1885 азы Къоста сыздæхт Ирыстонмæ. Дзæуджыхъæуы уыцы рæстæг йæхицæн æрцарæзта æрмадз. Афтæ райдыдта Къостайы фæндаг нывкæнынады.      

«Дурсæтджытæ» фæзынди  1881-1891 азты. Йæ хъуыдымæ гæсгæ ныв кæронмæ конд нæ фæци. 1891 азы Къоста Ирыстонæй хаст куы æрцыд, уæд æй иу зыд адæймаг ныв ауæй кодта 10 туманыл, æхца, дам, Къостайæн арвитдзынæн, зæгъгæ. Фæлæ…

Къоста куы сыздæхтис, уæд йæ ныв бацагуырдта æмæ йæ балæвар кодта «Дзæуджыхъæуы зонындзинæдтæ æмæ техникон ногдзинæдтæ парахатгæнæн иумæйагæн».

Беседæ нывы  идеон мидисыл.

Ахуыргæнæг:1.Цы уынæм нывы фыццаг пъланыл?

2.Скъоладзауты дзуапп фæбæлвырддæр кæнын. «Тугъанты Махарбегмæ гæсгæ сывæллæттæ сты Шанаты Ибрагимы дыууæ лæппуйы.

Къоста иурæстæджы уыдонмæ царди. Сывæллæттæ сæхицæн тыхамæлттæй сæхицæн къæбæр куыстой».

3.Æрдзурæм ма уæдæ лæппутæн сæ æддаг бакастыл.

Ахуырдзаутæ: «Лæппутæ нывы рауадысты се мбæрц. Дыууæ æнахъом лæппуйы уæззау куысты уæлхъус, сæ дарæс – бызгъуыр: уæлдзарм худ, скъуыдтæ хæдон, иуы цæсгомыл  - хиды æртæхтæ. Рахиз къухы – стыр дзæбуг, галиуы дурры къæрттытæ. Дзæвгар ныссастой. Сæ къæхты бын кæри. Кæстæр лæппу – бæгъæввад, гомгуыбын, йæ сæрыл – урс нымæт худ.Галиу цонг – дурмæ быцæу, амонæн æнгуылдз йæ былтыл. Сæ фарсмæ – телыхъæд. Ууыл – сæ хызын. Йæ мидæг, æвæццæгæн, сæ мамæлайы аходæн. Хъæды бын – хæцæнджын, нарæгхъуыр дурын. Сæ цуры -  се нувыд хæлан, сæ куыдз.

Сæрбæрзонд æвзагæппæрстæй фæлгæсы».

Ахуыргæнæг: Уæдæ ма æркæсæм  нывы куыд æвдыст цæуынц æрдзы нывтæ, кæцы афон æвдыст цæуы архайд æмæ кæм?

Ахуырдзау: Аивад иртасджытæм гæсгæ архайд цæуы Арвыкомы фæндагыл Балтайы сæрмæ (æрдзы æрфыстмæ гæсгæ).

Фæндагыл аивгъуыдта мæгуыр лæг. Комы фæзилæны æрбазынди цыппар бæхифтыгъдæй дилижанс. Рыг йæ сæрмæс бадт. Дардæй зыны цъитисæр хæхтæ. Арвыл бæрзонд фæцыдысты мигъы къуыбылæйттæ æмæ  урс – урсид æврæгътæ. Æрдз у тынг хъæздыг æмæ рæсугъд. Кæстæр лæппуйы къæхты бын – сырх дидинæг. Æвæццæгæн, сывæллæтты рæсугъд фидæны нысан у.

Ахуыргæнæг: Куыд уæм кæсы, цымæ ацы нывæн йæ  идейæ цы у?

Ахуырдзау: Бызгъуыр уæлæдарæс, сæ хурсыгъд цæсгæмттæ æмæ къухтæ, сæ уæззау куыстыл дзурæг сты, сæ мæгуырдзинадыл. Сæхицæн кæрдзыны къæбæр тыхтухийæ амал кæнынц. Диссаджы рæсугъд æрцы хъæбысы сæ мæгуырдзинад ирддæрæй зыны. Уый тыххæй та нывгæнæг спайда кодта алыхуызон ахорæнтæй.

Ахуыргæнæг: 1.Йæ идейон мидисмæ гæсгæ нывæн æндæр ном æрхъуыды кæнут.(«Царды уæз»).

2.Йæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг литературон уацмыс æрхæссын(Бецал» Цæголты Гиорги).

3.Нывы мидис ма абарут ныртæккæйы сывæллæтты цардимæ.

Хатдзæгтæ:

Ахуыргæнæг:Куыд уæм кæсы сывæллæттæ, цымæ цæмæн бафтыд Къостайы кухъы  сныв кæнын ахæм мидисджын ныв, кæцы адæймаджы зæрдæмæ афтæ тынг хъары , арф райсы мæгуыр æмæ æфхæрд сывæллæтты хъысмæт.

Ахуырдзау: Къоста гыццылæй нырмæ базыдта адæмы уæззау цард. Уæлдайдæрта хохаг адæмы хъизæмæрттæ. Къоста йæ цард дæр йæ адæмæн уымæн снывонд кодта, æмæ йæ адæмы рыстæй кæй рысти йæ зæрдæ. Адæмы мастæй уыдис мæстджын.

Ахуыргæнæг: Къостайæн æрмæст Ирыстоны кад нæ кодтой, фæлæ бирæ рæтты хъуыстгонд у йæ ном.Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм цалдæр цитатæйы:

«Был я в Японии, Имне стало приятно, когда в одном из городов нам сказали, что хорошо знают нашего Коста».

                                                                                    Расул Гамзатов.

« Я считаю, что каждый осетин в той мере может считаться достойным сыном своего народа, в какой он ценит и любит Коста»

                                                                                  В.Абаев

Хæдзармæ куыст:

Ныффыссын чысыл сочинени ахæм темæтыл:1. «Царды уæз» Хетæгкаты Къостайы ныв  «Дурсæтджытæ»-м гæсгæ.

«Хохы æрдзы нывтæ» Хетæгкаты Къостайы ныв  «Дурсæтджытæ»-м гæсгæ.

Равзарут уæхæдæг.

Рефлекси:

Ахуыргæнæг: Æркæсут ма уæдæ мæнæ ацы фæрстытæм æмæ уæ куыстæн ацы урочы аргъ скæнут.

Уыдис цымыдисаг…

Уыдис зын…

Ныр мæ бон у…

Базыдтон…

Дисы мæ бафтыдта…

Бафæндыдис мæ


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

"КЪОСТА - НЫВГÆНÆГ"

       Чысыл адæмтæ уæлдай амондджындæр æмæ тæхудиагдæр уæд вæййынц, æмæ се`хсæнæй куы рацæуынц номдзыд лæгтæ. Мах, ирон адæм , хайджын фестæм уыцы амондæй. Иры зæххыл райгу...

Доклад Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ «Къостайы нывгæнæджы курдиат».

Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ....

«Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»

laquo;Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»...

Фæсурокты куысты хуызы темæ: «Дуне нывгæнæджы цæстæй».

Нысан: нывкæнынады тыххæй зонындзинæдтæ фæбæлвырддæр кæнын.Хæстæ: гуырын кæнын цымыдисдзинад ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг нывгæнджыты нывтæм;-хъомыл кæнын эстетикон ахастдзинад дунемæ æмæ аивадмæ уар...

Ныхасы темæ: Зымæджы нывтæ. Грамматикон темæ: Ныхасы хæйттæ. 3 къласс

Конспект урока по родному языку. По учебнику «Ирон æвзаг» 3  кълас   Дзампаты Лариса.      Ныхасы  темæ:  Зымæджы нывтæ.   Грамматикон тем...