"КЪОСТА - НЫВГÆНÆГ"
учебно-методический материал (10 класс) на тему

         Чысыл адæмтæ уæлдай амондджындæр æмæ тæхудиагдæр уæд вæййынц, æмæ се`хсæнæй куы рацæуынц номдзыд лæгтæ. Мах, ирон адæм , хайджын фестæм уыцы амондæй. Иры зæххыл райгуырд, йæ кад æмæ намысы кой æппæт дунетыл кæмæн айхъуыст, уыцы æрдхæрæны стыр поэт – Хетæгкаты Къоста. Уымæй уæлдай ма уый уыд дæсны æмæ курдиатджын нывгæнæг дæр.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл kosta_nyvgaenaeg.docx17.98 КБ

Предварительный просмотр:

"КЪОСТА - НЫВГÆНÆГ"

         Чысыл адæмтæ уæлдай амондджындæр æмæ тæхудиагдæр уæд вæййынц, æмæ се`хсæнæй куы рацæуынц номдзыд лæгтæ. Мах, ирон адæм , хайджын фестæм уыцы амондæй. Иры зæххыл райгуырд, йæ кад æмæ намысы кой æппæт дунетыл кæмæн айхъуыст, уыцы æрдхæрæны стыр поэт – Хетæгкаты Къоста. Уымæй уæлдай ма уый уыд дæсны æмæ курдиатджын нывгæнæг дæр.

             Нывкæнынадмæ Къостайы цы сразæнгард кодта, зæгьгæ, уыцы фарстæн нæ бон у ахæм дзуапп раттын. Зæгьæн ис афтæ, æмæ Къостайæн йæ туджы уыд нывгæнæг суæвын. Уымæ гæсгæ уый ахуырмæ бацыд Санкт-Петербурджы Нывкæнынады академимæ. Фæахуыр дзы кодта 1881-1884 азмæ. Уым базыдта æмæ йæ зæрдæмæ арф айста нывкæнынады профессионалон зонындзинæдтæ.

         Къоста æнтыстджынæй радта фæлварæнтæ æмæ ссис Санкт-Петербурджы Нывкæнынады академийы студент. Къостамæ нывгæнæджы стыр курдиат кæй ис, уый фыццаджыдæр бафиппайдта æмæ йын зæрдиагæй æххуыс кодта Академийы зындгонд педагог, профессор Павел Чистяков.

          Академийы студентты профессионалон ахуыры æййафындзинадæн аргьгонд цыд баллтæм гæсгæ. Къостайы конд нывтæн ахуыргæнджытæ фæлварæнты рæстæг æвæрдтой æппæты уæлдæр баллтæ.

         Æрыгон Къоста-иу Петербурджы нывгæнджыты равдыстытæм, нывты галереймæ, Эрмитажмæ куы бафтыд, уæд-иу æй уыцы диссаджы нывтæм кæсгæйæ йæ къах æддæмæ нал хаста. Уый тыххæй мæнæ куыд фыста йæ писмотæй иуы: "Картинных выставок открыто здесь видимо-невидимо. Скитаюсь по ним до одурения, пока прислуга, перед тем, как запереть выставку, не берет меня за шиворот и, как загипнотизированного, не спускает с лестницы".

            Академийы ахуыр кæнын æнцон нæ уыд æрыгон  Къостайæн. Гимназы ахуырад йеддæмæ йæм кæй ницы уыд, уымæ гæсгæ йæм фаг нæ уыд профессионалон зонындзинæдтæ. Фæлæ Къоста йæхиуыл зæрдиагæй кæй куыста, уымæ гæсгæ йе 'мкурсонты 'хсæн нымад уыд хуыздæр студенттæй иуыл.

             Фæлæ Къостайæн йæ ахуыр фæкьуылымпы, Кубаны облæстæй йын стипенди кæй нал æрвыстой, уый тыххæй. Къоста æхцайæ тыхст кæй æййæфта, уымæ гæсгæ фæсахуыр наулæууæнты кодта алыхуызон уæззау куыстытæ. Æхсæвæддæ дæр-иу баззад уым. Материалон æгъдауæй тыхст кæй æййæфта æмæ йæ бон ахуырæн æхца фидын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ Къостайы бахъуыд академи ныууадзын.

                  Къоста стыр кæттагыл сныв кодта æмæ 1887 азы Дзæуджыхъæуы адæмы размæ рахаста йæ стыр куыстытæй иу "Святая равноапостольская Нина, просветительница Грузии". Йæ хæдфæстæ та Къоста аивадуарзджыты размæ рахаста йæ иннæ куыст "Хъыггæнæг зæд".

               Алагиры аргъуаны къултыл бирæ нывтæ ис Къостайы къухæй фыст. Ныр дæр – ма  æнæхъæн сты.

               Аивадуарзджытæ йын стыр аргъ скодтой йæ иннæ уацмыс "Сывæллæттæ-дурсæтджытæ"-йæн дæр. Къоста уым ирдæй, зæрдæмæхъаргæ  æнкъарæнтимæ равдыста  дыууæ хохаг чысыл  лæппуйы сурæттæ. Ацы  ныв  Къостайæн йæхи зæрдæмæ дæр тынг цыд. Стыр аргь ын скодта йæ рæстæджы номдзыд нывгæнæг Тугьанты Махарбег. Уыцы уацмысы, зæгъæн ис афтæ, æмæ нывкæнынады æппæт жанртæ дæр иумæ баиу сты: портрет, пейзаж, натюрморт...

                   Хохаг сывæллæтты царды уæззау нывтæ ирд æмæ бæлвырдæй зынынц Къостайы иннæ ныв "Дон хæссынмæ"-йы дæр. Автор уыцы нывы бавæрдта йæ зæрдæйы хъарм.

               Ацы нывмæ кæсгæйæ, адæймаг ахъуыды кæны афтæ, æвæццæгæн, æмæ, Къоста ацы ныв скодта йæ уæззау сабидугыл хъуыды кæнгæйæ. Нывы цы æрыгон, хæрзконд, рæсугьд сылгоймаджы уынæм, уымæй та нын равдыста, уый хæстæгмæ кæй нæ зыдта, афæдз дæр ыл нæма цыд, афтæмæй цы ныййарæг мадæй фæхицæн, уый сурæт.

          Хохаг адæмы социалон царды уæззау уавæртæ автор бæлвырдæй равдыста йæ иннæ куыст "Арахъуадзджытæ"-йы дæр.

           Къостайы конд нывтыл цæст лæмбынæг ахæсгæйæ, æрцæуы ахæм хъуыдымæ: йе 'ппæт куыстытæ дæр ист сты цардæй, сæ бындур у царды рæстдзинад, æмæ зæрдæмæ дæр афтæ тынг уымæн хъарынц. Уый нывкæнынады аивады хуызтæй йе 'ргом тынгдæр здæхта портреты жанрмæ. Къостайæн йæ фæстæ баззад фараст конд портреты. Уыдонæй фондзы равдыста нæлгоймаджы сурæттæ, цыппары та – сылгоймаджы.

            Къоста ма Санкт-Петербурджы куы ахуыр кодта, уæд фыццагдæр кæй скодта, уыцы нывтæй иу у "Жукъаты Кошерханы портрет" (1882). Дзæуджыхъæуы цæргæйæ та, 1887-89 азты кæй скодта, уыдонмæ хауынц Аннæ Поповайы, Гуытъиаты Мысырбийы, Тхостаты Тутийы, Байаты Хуысинæйы портреттæ.

            Къоста аив, зæрдæмæ арф чи хъары, ахæм æнкъарæнтæй равдыста æрыгон, цардбæллиц рæсугьд чызг Аннæ Поповайы сурæт. Уымæн йæ сыгъдæг зæрдæйы уаг бæлвырдæй зыны йæ хæлар, уарзæгой цæстæнгасыл.

           Аннæ Поповайы уарзты сыгъдæг æнкъарæнтæн дзуапп дæтгæйæ, Къоста уый тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ ныффыста æмдзæвгæтæ, лæвар ын кодта йæ конд нывтæ, суанг ма йын йæ конд портрет "Хъыггæнæг зæд"-ы дæр равдыста йæ сурæт.

"Мах зындоны дзæмбытæй дæр ратондзыстæм нæ амонд", – фыста Къоста йæ иу писмойы Аннæ Поповамæ. Фæлæ... Уыцы амондæй сæ дыууæ дæр æнæхай фесты.

         Къостайы нывты 'хсæн уæлдай зынгæдæр бынат ахсы "Цæлыккаты Аннæйы портрет" (1898). Уыцы нывы Къоста ирд æмæ бæлвырдæй равдыста йæ сыгъдæг, æнæкæрон уарзондзинады æнкъарæнтæ Аннæмæ куыд тыхджын уыдысты, уый. Къоста йын йæ хуыз скодта ирон аив, рæсугьд къабайы, йе уæхсчытыл цыллæ кæлмæрзæн æппæрст, афтæмæй. Ацы портрет ахæссæн ис, мæнæ "парадно-декоративон" кæй хонынц, уыцы портретон хуызмæ.

             Аивадуарзджыты арф хъуыдытыл бафтауы Къостайы конд "Автопортрет". Скодта йæ, æвæццæгæн, 1900 азы. Уыцы портреты уынæм Къостайæн æрмæстдæр йæ сæр. Тымбыл сау фæлгæтæй нæм кæсынц Къостайы æнкъард цæстытæ, сæ уæлæ сын уынæм йæ зондджын, дардмæуынаг цæстæнгас. Цыма нын уый зæгъынмæ хъавы йæ цавæрдæр сусæг ныхас, æууæнды ныл, фæлæ нæм нæ хъуысы йæ зæрдæйы мидхъарæг.

         Къостайы конд "Автопортрет"-мæ кæсгæйæ, зæрдыл æрбалæууынц, уый йæ хæстæг къабаз Гайттаты Иналыхъмæ йæ иу писмойы цы рæнхъытæ фыста, уыдон: "Нет! Я могу предложить только вечно тревожную и неизменно трудовую жизнь, полную смысла и целесообразности, проникнутую горячей любовью не только к семье и родственникам, но и к бедной нашей родине, ко всему страждущему, униженному и оскорбленному".

           Къоста йæ Ирыстоны цы æнæкæрон уарзтæй уарзта, нæ урссæр айнæг къæдзæхтæ, нæ диссаджы алæмæты æрдз йæ зæрдæйы цы стыр бынат ахстой, уый бæлвырдæй равдыста йæ конд нывтæ "Зикъарайы æфцæг", "Æрдзон хид", "Тибердайы ком"-ы.

           Къоста нывкæнынады аивады æппæт хуызты архайгæйæ, алкæцыйы дæр йæхи равдыста дæсны, курдиатджын, стыр нывгæнæгæй æмæ йæ алы конд ныв дæр зæрдæмæ афтæ арф уымæн хизы.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ХЕТАГКАТЫ КЪОСТА. СФАЛДЫСТАД.

1. Чи уыд ирон авзагы бындуравараг:А. Мамсыраты ТемырболатÆ. Хетагкаты КъостаБ. Коцойты Арсен 2. Ка дама кам райгуырд Хетагкаты Къоста:А. 1855 азы Ганисы хъауыÆ. 1859 азы Нары хъауыБ. 1872 азы Дж...

Литературон – музыкалон композици. «Нæртон хъæбул –ирон гени – Къоста!»

Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ  æвзæрын  кæнын  цымыдис æмæ уарзондзинад.[[{"type":"media","view_mode":"media_large","fid":"7082448","attributes":{"alt":"","class":"media-imag...

Къоста- нывгæнæг, « Дурсæтджытæ»-йæ æххæстдæр æмæ хуыздæр нывтæй иу.

Открытый урок по  осетинской литературе. Работа над картиной Коста  Левановича Хетагурова  « Дурсæтджытæ»...

Открытый урок по осетинской литературе в 5 классе на тему "Къоста -Ирыстоны хур"

Данный урок по осетинской литературе был проведен на День Рождение основоположника осетинской литературы К.Л.Хетагурова....

Къоста æмæ фæззæг.

Сыгъзæрин фест, бæркадхæссæг фæззæг!               Æз дæу æппындæр ницæимæ барын&helli...

Доклад Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ «Къостайы нывгæнæджы курдиат».

Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ....

Фæсурокты куысты хуызы темæ: «Дуне нывгæнæджы цæстæй».

Нысан: нывкæнынады тыххæй зонындзинæдтæ фæбæлвырддæр кæнын.Хæстæ: гуырын кæнын цымыдисдзинад ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг нывгæнджыты нывтæм;-хъомыл кæнын эстетикон ахастдзинад дунемæ æмæ аивадмæ уар...