« Æнусон цардæй æнусон кад хуыздæр у! » (Миногонæй зонындзинæдтæ фæлхат кæнын)
учебно-методический материал (10 класс)

Урочы  нысантæ.

1)      Миногонæй зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын.

2)      Алыхуызон конкурсты руаджы рæзын кæнын ахуырдзаутæм

     уарзондзинад ирон дзырдмæ, тырнындзинад сфæлдыстадон фантазимæ,

     бæрзонддæр æмæ арфдæр кæнын сывæллæтты зонындзинæдтæ  мадæ –

     лон æвзаг æмæ литературæйæ,адæмон сфæлдыстадæй æмæ историйæ,

     ирон æгъдæуттæ æмæ культурæйæ.

3)      Рæзгæ фæлтæрæн сæ зæрдæты национ сæрыстырдзинад гуырын кæнын, ирон кад æмæ намыс бæрзонддæр кæныныл сæ ахуыр кæнын.

Урочы хуыз.

Урок – хъазт

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын.

Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын,ахуыр – рухс фидæнмæ фæндаг кæй у, уый æмбарын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

 Презентацитæ, интерактивон фæйнæг, магнитофон.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_10_kl.vlad_.gr_._fgos_tehn_karta.docx32.91 КБ

Предварительный просмотр:

Кълас:   10  

Ахуыргæнæг: Кцойты М.И.

Темæ: « Æнусон цардæй æнусон кад хуыздæр у! »

(Миногонæй зонындзинæдтæ фæлхат кæнын)

Урочы  нысантæ.

1)        Миногонæй зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын.

2)        Алыхуызон конкурсты руаджы рæзын кæнын ахуырдзаутæм

     уарзондзинад ирон дзырдмæ, тырнындзинад сфæлдыстадон фантазимæ,

     бæрзонддæр æмæ арфдæр кæнын сывæллæтты зонындзинæдтæ  мадæ –

     лон æвзаг æмæ литературæйæ,адæмон сфæлдыстадæй æмæ историйæ,

     ирон æгъдæуттæ æмæ культурæйæ.

3)        Рæзгæ фæлтæрæн сæ зæрдæты национ сæрыстырдзинад гуырын кæнын, ирон кад æмæ намыс бæрзонддæр кæныныл сæ ахуыр кæнын.

Урочы хуыз.

Урок – хъазт

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын.

Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын,ахуыр – рухс фидæнмæ фæндаг кæй у, уый æмбарын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

 Презентацитæ, интерактивон фæйнæг, магнитофон.

 

Урочы структурæ

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

. ( Хъуысы рагон ирон музыкæ, хъис фæндыр. Музыкæйы

                  фоныл 5 ахуырдзауы радыгай аив кæсынц  зындгонд фысджыты, поэтты

                  ныхæстæ ирон кад, æхсар æмæ æгъдауы тыххæй ( цитатæтæ) :

                           

•        « Фыдæй баззад ирон адæмæн : фæдисы хъæр фæцыд, уæд фæсте ма баззайын. Æхсар æмæ лæджыхъæд ирон лæгæн йæ удыхъæды сты.»

                                                                                    ( Гаглойты Владимир)

•        «Амондджын лæджы цур алчидæр амонд ары, фыдбылызджын лæджы цур та – фыдбылыз. Хорз адæймаг адæмæн хос хæссы, йæ кой та мыггагмæ нæ сæфы.»

                                                                                   ( Гæдиаты Секъа)

•        « Нæ цæрын æз мæхи тыххæй æрмæстдæр,

        Æз хъуамæ кусон адæмæн, нæ бæстæн.

       Æз уаллонау зæххыл курмæй нæ хилын,

      Æхсæвыгæтты, бирæгъау нæ зилын…

     Æз – адæймаг. Сæрыстыр дæн мæ номæй.»

                                                                                      ( Тохты Иван)

•        « Амондджын вæййынц уыцы адæмтæ, йæ цæргæйæ йæ ном  

       арфæйаг кæмæн свæййы, йæ зонд, йæ зæрдæйы хъармæй

      искæй цард рæсугъд æмæ амондджын  чи скæны, йæ хъуыд –

    дæгтæ та йæ адæмæн æвдадзы хос кæмæн фестынц, ныфс сын

    чи фæдæтты, се’ рвылбон хъуыддæгты æмархайæг чи свæййы.»

                                                                              ( Гаглойты Владимир)

•        « Ирон – ирон», - гæнгæ куы цæрай,

      Ирон – дæ цин, ирон – дæ хъыг,

     Æмæ дыл ирæттæ куы калой

    Æрмæстдæр искæд бон цæссыг.

   Фæлæ æфсымæрон дзыллæтæ

   Куы  нæ зæгъой, кæй уыдтæ лæг,

  Куынæ дыл фæрисса сæ зæрдæ,

 Зæгъ –ма , цæй ирон уыдтæ уæд ?

                                                     ( Гаджиты Георги)  

II.        Ахуыргæнæджы разныхас.

          –    Сывæллæттæ, цы рæсугъд ныхæстæм байхъуыстат, уыдон цæуыл   дзурæг сты ? ( Сывæллæтты дзуæппытæ).

         Уæдæ куыд бамбæрстат, афтæмæй нæ абоны урочы мах дзурдзыстæм нæ    фыдæлты кад æмæ æгъдауыл, ирон лæджы бæрзонд номыл, æцæг нæртон    лæджы хуыздæр миниуджытыл.

             «Кадджын лæг нæ мæлы», - фæзæгъынц. Адæймаг йæ хорз      хъуыддæгтæй, йæ фæллойæ, йе’гъдау æмæ æфсармæй балхæны  æнусон кад æмæ цард дæр, уымæн æмæ ахæм нæртон лæг цæры æнусмæ адæмты зæрдæты.

             Нæ куырыхон фыдæлтæ афтæ дзырдтой : « Æнусон цардæй æнусон кад    хуыздæр у»  Абон нæ урочы темæ дæр афтæ схуыдтам. Эпиграфæн дæр      равзæрстам æмбисонды ныхæстæ : «Кад æмæ лæджыхъæд зæххыл сты –      æргуыбыр сæм кæн æмæ сæ сис.»

              Уæдæ ма абон нæ размæ ис ахæм хæстæ : миногонæй  зонындзинæдтæ       сфæлхат кæнын, текстыл бакусын, æмбисæндтæ равзарын темæмæ гæсгæ.

            Нæ куыст цæмæй цымыдисагдæр æмæ рæвдздæр цæуа, уый тыххæй    равзæрстам ахæм урочы хуыз, куыд «урок – хъазт».( 3 командæйы сбадынц   сæ бынæтты, жюри дæр хицæнæй сбадынц, сæ разы бæрæггæнæнтæ :

   «3», «4», «5».

 кæсынц æмдзæвгæтæй скъуыддзæгтæ æмæ бæрæг кæнынц урочы темæ

дзуапп дæттынц

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),  

удгоймагон

(иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)

Актуализаци

(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)

КОНКУРС № 2 «Æвзаргæ изложени»   (4 баллы).

  ( Командæтæ лæмбынæг хъусынц кассетæйыл фыст « Нарты æмбырд» - æй

скъуыддзагмæ « Нарт нарт уæд уыдысты…». Уый фæстæ текстмæ хæстæг

ныффыссын нæртон адæмы хуыздæр миниуджытæ.( 2 – 3 минутмæ).

      КОНКУРС № 4  «Ахæццæ кæн æмбисонд кæронмæ…» (3 баллы).

( Алы командæйæн дæр лæвæрд цæуы 2 æмбисонды, æмæ сæ хъуамæ ахæццæ

кæной кæронмæ. Ацы конкурсæн лæвæрд цæуы 1 минут.)

         1 – аг командæ :

                  1) Фыды хæс…                                              ( фырт фиды.)

                  2) Хорзæн бын ма скæн, …                          ( æвзæрæн бын ма ныууадз.)

       

          2 – аг  командæ :

                   1) Фыдвæдæй …                                          ( Æвæд хуыздæр.)    

                   2) Дæ фыдæлтæ  рухсаг, …                         ( дæхæдæг мын бæзз.)

           3 – аг  командæ :

                   1) Кад æмæ ном ссарын зын у, фæлæ…       ( сæ фесафын æнцон у.)

                   2) Фыды фарн …                                             ( мæрдтæм нæ цæуы.)  

( Жюри  æвæры бæрæггæнæнтæ æмæ уал  ивгъуыд 4 конкусæн кæны хатдзæгтæ .

Хъæрæй фехъусын кæны иумæйаг бæрæггæнæнтæ алы командæйæн дæр.)

Хъусынц скъуыддзагмæ, нæртон адæмы хуыздæр миниуджытæ фыссынц

Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзи-нæдтæ иумæйаг кæнын, класифи-каци; проблемон фарст æвæрын, æнкъарын ирон æвзаджы ахадын-дзинад нæ адæмы царды)

коммуникативон

(алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координаци кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын)

Ног æрмæгыл куыст.

КОНКУРС № 5 «Кусæм текст – таурæгъыл».        (5 баллы).

         ( Алы командæйæн дæр раттын текст хæслæвæрдтимæ).

 

Текст – таурæгъ.

                   Æвзонг пад..ах Солæман фехъуыста йæ фыны æбæрæг хъæлæс. «Кур, цы дæ хъæуы?» – загъта йын уыцы хъæлæс. – «Ды хъуамæ дæ хъысмæт равзарай. Фæнды дæ, хæстон с…уыхтдзинæдтæй дæ кады ном дунейыл айхъуыса?  Æви  дæ фæнды æ..æт адæмты басæ..ын?  Æви дæ бирæ фæцæрын фæнды?.. Равзар – æмæ сæх…æст уыдзæн дæ фæндон!»

        Арф ны…уыды кодта Солæман, стæй загъта: «Нæ курын мæхицæн хæстон кад, нæдæр хъæздыгдзинад, нæдæр бирæ цæрæнбон. Нæдæр мæ фæнды æ…æт адæмтыл æлдариуæг кæнын. Фæнды мæ æрмæст куырыхон уæвын. Уадз, мæ зæрдæ уа раст, мæ хъуыды та фæлмæн, цæмæй мæ бон уа хорз æмæ фыд æвзарын, раст тæрхон кæнын».  Æмæ загъта уыцы хъæлæс: «Уæдæ афтæ уæд!»

         Æмæ с…ис Солæман адæмы 'хсæн æ...æты куырыхондæр. Куырыхон кæй уыдис уый руаджы с…ис æппæтхъом æмæ номдзыд пад…ах æрæмбырд кодта бирæ хъæзн æппæт адæмтæ сæхи йæ бæрны бакодтой æмæ дунейыл айхъуысти йæ кады ном.

       ( Фæйнæгыл рагацау ныффыссын дзырдуат æмæ йæ равзарын : æвзонг, æбæрæг,

       хъысмæт, сгуыхтдзинад, куырыхон, тæрхон, хъæзн, бæрны бакæнын.)

Хæслæвæрдтæ  текстмæ.

I – аг  командæ.

1.   Текст лæмбынæг бакæсут.

2.   Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнут.

3.   I – аг абзацы сæвæрут цухгонд дамгъæтæ æмæ ссарут миногонтæ.

      Цавæртæ сты? Иу миногон морфологон æвзæрст ракæнут.

 4.   Тексты темæ?

 5.   Сбæрæг кæнут тексты хуыз. Цавæр хуызтæ ма вæййы текстæн?

 6.   Фæстаг хъуыдыйады сæвæрут хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ.

 7.   Дзырд « сгуыхтдзинæдтæй» равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ.

                                 

 Хæслæвæрдтæ  текстмæ.

II – аг  командæ.

1.Бакæсут текст лæмбынæг.

2.Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнут .

3. II–аг абзацы  сæвæрут цухгонд дамгъæтæ æмæ ссарут миногонтæ.Цавæртæ

      сты? Иу миногон морфологон æвзæрст ракæнут.

4. Тексты идейæ?

5. Тексты стиль сбæрæг кæнут. Цавæр стильтæ ма зонут?

6. Фæстаг хъуыдыйады  сæвæрут хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ.

7.   Дзырд « сгуыхтдзинæдтæй»   равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ.

Хæслæвæрдтæ  текстмæ.

III – аг   командæ.

1.  Бакæсут текст лæмбынæг.

2.  Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнут .

3. III–аг абзацы  сæвæрут цухгонд дамгъæтæ æмæ ссарут миногонтæ. Цавæртæ сты? Иу миногон морфологон æвзæрст ракæнут.

4.Ацы таурæгъ текст у æви нæу? Цæмæн?

5.Таурæгъы æвзаджы хицæндзинæдтæ?

6.Фæстаг хъуыдыйады æрхæцæн нысæнттæ сæвæрут.

7.Дзырд « сгуыхтдзинæдтæй» дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут.

( Хæслæвæрдтæ ахуыргæнæг æрæвæры командæты раз гæххæттыл фыстæй.

 1, 2, 4 – æм  фарстæн  дзуапп дæттын хъæуы дзургæйæ, иннæтæн та – фысгæйæ.  

Кусынц текст-таурæгъыл

Текстмæ лæвæрд хæслæвéрдтæ æххæст кæнынц.

Хъусынц, дзуапп дæттынц

Дзуапп дæттынц

Дзуапп дæттынц

Дзуапп дæттынц

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын)

удгоймагон

(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын).

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.

Къордты куыст:

КОНКУРС № 7  « Фарст – дзуапп»   (3 баллы).

        ( Миногонæй зонындзинæдтæ сбæрæг кæнын).

     1 – аг командæ :

1)  Цы хонæм миногон ?

2 ) Миногонты дзырдарæзт?

3) Миногонты синтаксисон функцитæ? ( 2 хъуыдыйады раттын, цæмæй сбæрæг

   кæной, цавæр уæнг у миногон.)

•        Фæрнджын йæ хъуыддæгтæй бæрæг вæййы. ( сæйрат)

•        Кадджын уæд  ирон лæджы ном кæддæриддæр! ( зæгъинаг)

2 – аг командæ :

    1)  Миногонты хуызтæ? ( дæнцæгтæ).

     2) Миногонты тасындзæг?

     3) Миногонты синтаксисон функцитæ ?

 (2 хъуыдыйады сбæрæг кæнын, цавæр

         уæнг у миногон.)

•        Хорзæн  йæ ном нæ сæфы. (æххæстгæнæн).

•         Æгъдауджын æмæ æфсармджынæй хъомыл кæнæд алы ирон сывæллон дæр! (архайды хуызы фадат).  

•                

             3 – аг командæ :

               1) Миногонты бæрцбарæнтæ? (дæнцæгтæ).

               2) Цы ахъаз сты миногонтæ не ' взагæн?

               3) Миногонты синтаксисон функцитæ? ( 2 хъуыдыйады сбæрæг  кæнын,

                   цавæр уæнг у миногон.)  

•        Æнусон цардæй æнусон кад хуыздæр у ! ( бæрæггæнæн).

•        Ма худ аууонмæ æвзæрыл…( æххæстгæнæн)

 ( Жюри сбæлвырд кæны ацы конкурс æмæ æвæры бæрæггæнæнтæ.)

Дуапп дæттынц

Зæдыл æрлæууын кæнын миногон

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ),

удгоймагон

(мадæлон  æвзаджы аивдзинад;

Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын)

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

Хатдзæгтæ скæнын.

– Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрын кодта нæ абоны урок?

– Цавæр хатдзæгтæ скодтат?

– Бæрæггæнæнтæ сæвæрут уæхицæн ацы дыууæ хъуыдыйадæй иуæй пайда

кæнгæйæ:

   

   Æз ацы урочы бакуыстон хорз.  

  Æз ацы урочы бакуыстон тынг хорз.

дзуапп дæттынц

аргъ кæнынц сæ куыстæн

Зонадон

(анализ,алыхуызон хъуыдытæ ныма-йын æмæ афтæ-мæй æмгуыст кæнын),

коммуникативон

(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаф-фæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

удгоймагон

(хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын)

Хæдзармæ куыст.

Ныффыссын сочинени-миниатюрæ «Цæмæй сæрыстыр уæм сомбон нæ номæй …».

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

"æмбалдзинадæй хуыздæр ницы ис!"

Урок осетинского языка о великой силе - дружбе! легенда о друзьях Амизоке и Дандамиде. пословицы о дружбе.Когда то, в 12 веке, грузинский поэт Шота Руставели так сказал: «Кто не ищет дружбы с бли...

Миногон. (Миниуæгæвдисæг, ахастæвдисæг).

Конспект урока по осетинскому языку в 5 классе....

Къоста- нывгæнæг, « Дурсæтджытæ»-йæ æххæстдæр æмæ хуыздæр нывтæй иу.

Открытый урок по  осетинской литературе. Работа над картиной Коста  Левановича Хетагурова  « Дурсæтджытæ»...

Темæ: «Халоны сæдæ азы цардæй цæргæсы цыбыр цард хуыздæр у!

Эпигрæф урокмæ:Цæргæ дæр лæгау, мæлгæ дæр лæгау!Цæрæгойы цард нæ, адæймаджы цард!Нафи...

Архайды технологийы метод-куыд универсалон ахуырадон зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдты ахъаззаг бындур

laquo;Настоящий  учитель показывает  своему ученику не готовое задание, над которым положены тысячелетия труда, он ведет его  к  разрабатыванию  строительного материала,...

Тема урока "Миногон. Хъӕддаг цӕрӕгойты цард"

Методическая разработка урока...