Уроки
план-конспект урока (5, 6, 9, 10 класс)

Бедоева Таира Артемовна

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 10-æм къласы

Темæ: : «Хӕлӕртты хъуыддаг исбон нӕ зоны»

( Коцойты Арсены радзырд «Æмбæлттæ» -мӕ гӕсгӕ).

Ахуыргæнæджы куысты   нысантæ

Литературон уацмысы фӕрцы скъоладзауты миддуне сыгъдӕгдӕр, хъӕздыгдӕр кӕнын.

Скъоладзауты  фӕлтӕрын хъуыды кӕныныл, хатдзӕгтӕ кӕнын ӕмӕ хи хъуыдытӕ дзурыныл.

Литературон уацмысы  руаджы  скъоладзауты миддуне сыгъдӕгдӕр кӕнын,кӕрӕдзиимӕ хӕларзӕрдӕ уӕвын,ӕцӕг ӕмӕ мӕнг хӕлардзинад иртасыныл сӕ ахуыр кӕнын.

Ныхасы рӕзтыл бакусын.        

Урочы хуыз

Ног æрмæг бафидар кæныны урок

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: 

Радзырдæн  анализ скæнын, райхалын ын йæ мидис.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайдæн æмæ ныхасæн аргъ кæнын;  хи хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын.

Удгоймагон:  æрдзурын адæймаджы æппæрццаг æмæ æвæрццаг миниуджытыл.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордгай куыст, проектон метод, хъазты метод

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ.

Урочы эпиграф: Хӕлардзинад у уӕздандзинады чызг. Фыдгӕнджытӕ вӕййынц хӕлӕрттӕ нӕ, фӕлӕ ӕмдзӕхдон.

Франсиско Гойя

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

Организацион хай.

Уæ бон хорз, сывæллæттæ!

- Нæ урок мæ  фӕнды райдайын   ӕмбисондæй (притча). Денджызы был зыбыты иунӕгӕй царди  зӕронд лӕг. Иу изӕр йӕ дуары гуыпп фӕцыд.

-Чи дӕ?-фӕрсы зӕронд.

-Дӕ хъӕздыгдзинад,-райхъуыстис дуары ӕдде.

-Мӕ кӕддӕры хъӕздыгдзинад мын ницы амонд ӕрхаста,-уыд лӕджы дзуапп, ӕмӕ дуар нӕ бакодта.

Дыккаг бон дӕр та дуар ӕрбахостӕуыд.

- Чи дӕ?- бафарста та зӕронд лӕг.

- Дӕ уарзондзинад.

-Кӕддӕр ӕз тынг бирӕ уарзтон, мӕхи дӕр мын уарзтой, фӕлӕ мын амонд не рхаста,- уыд йӕ дзуапп, ӕмӕ та дуар нӕ бакодта.

Ӕртыккаг бон та ногӕй дуар чидӕр ӕрбахоста.

-Чи дӕ?- фӕрсы та зӕронд.

- Дӕ хӕлардзинад.

Зӕронд лӕг ӕхсызгон бахудтис ӕмӕ дуар бакодта.

-Мӕ хӕлӕрттӕн кӕддӕриддӕр мӕ дуӕрттӕ гом.

Ӕмӕ диссаг...Хӕлардзинадимӕ иумӕ ӕрбахызтысты уарзондзинад дӕр ӕмӕ амонд дӕр... Зӕронд дзуры:

- Ӕз ӕрмӕстдӕр хӕлардзинады  хуыдтон...

Ӕрбацӕуджытӕ йын зӕгъынц:

- А зӕххыл уал азы фӕцардтӕ,ӕмӕ нӕ бамбӕрстай,хӕлардзинадимӕ ӕмдзу кӕй кӕнынц амонд ӕмӕ уарзондзинад?!

- Цавæр ахадындзинад ис хæлардзинадæн царды мидæг?

- Нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм?

- Раст зӕгъыс, нӕ урочы абон ныхас кӕндзыстӕм, хӕлардзинадыл йæ алы хуызты ,фӕлгъуызты. Ацы фарстытӕн дзуаппытӕ ссардзыстӕм, Коцойты Арсены радзырд «Æмбæлттæ» равзаргӕйӕ.

Дзурынц сæ хъуыдытæ.

Дзуапп:

Мӕнмӕ гӕсгӕ, нӕ урочы ныхас цӕудзӕн хӕлардзинадыл.

Фæйнæгыл кæсынц урочы темæ.

Регулятивон:

ахуырадон нысан æвæрын

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

-Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм радзырды сюжет.

Хӕс: Ссарын дзырд хӕларӕн синонимтӕ

 Дзырд исбонæн дæр ссарын йæ синонимтæ

Скъоладзаутӕй иу цыбыртӕй дзуры сюжет.

ӕмбал,ӕмгар,ӕрдхорд

мулк, хъæздыгдзинад

Зонадон:

зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, классификаци

Коммуникативон: 

хи хъуыдытæ æргом кæнын

Удгоймагон: 

æнкъарын радзырды ахадындзинад царды

Ног æрмæгыл куыст.

Радзырдæн анализ скæнын, текстыл æнцойгæнгæйæ

Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Фæрстытæ дæтты:

Зӕгъут-ма, цӕмӕн хуыйны радзырд «Æмбæлттæ»? Цы ис пъырыстыф ӕмӕ абырӕджы хӕлардзинады бындуры?

- Ацы радзырд  кæд асæй  къаннæг у, уæддæр дзы æрдзуринаг  фæрстатæ ис, уыдон кæрæдзиимæ æнгом баст сты.   Уæдæ куыдæй райгуыры ахæм мæнг хæлардзинад, цавæр адæмы хсæн вæййы ахæм ахастдзинæдтæ?Цæмæй уыцы фæрстытæн дзуапп ссарæм, уый тыххæй бафæлварæм  равзарын  пъырыстыф ӕмӕ Батырбеджы миниуджытӕ.

Дыууӕ къордӕй иутӕ уыдзысты пъырыстыфы ӕвдисӕнтӕ, иннӕтӕ та- Батырбеджы. Табуафси, фӕрстытӕ уӕ разы,ӕмӕ сын дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕнут.

1. Пъырыстыфы кусӕн бынат куыд ӕвдисы  автор? Нӕ бон зӕгъын у, ӕмӕ йӕ куыстмӕ бӕрнон цӕстӕй кӕсы?

2. Ӕвӕццӕгӕн, пъырыстыф гыццыл мызд нӕ истаид. Уӕдӕ ма йӕхи абырӕг Батырбегимӕ цӕмӕн сбаста?

3. Йӕ митӕм гӕсгӕ пъырыстыфӕй нӕ бон зӕгъын у,ӕмӕ йӕхицӕн аргъ кӕнын зоны?

1.Уӕдӕ цы зӕгъӕн ис  Батырбегӕй та?  Табуафси.

Батырбегмӕ дӕр пъырыстыфау сӕрыстырдзинад нӕй ?

2.Батырбеджы ныфсхаст рахонӕн ис ?

3.Пъырыстыфмӕ хӕлары зӕрдӕ дары?

-Байхъуыстам  дыууӕты дзуаппытӕм  дӕр, мидисджын,ӕххӕст уын рауадысты.,бузныг. Федтам, ахæм миниуджытæй хайджын адæмы хсæн æцæг хæлардзинадæн бынат нæй, уый .

Эпиграфы мидис равзарын:

-Нӕ урочы эпиграфӕн райстон номдзыд испайнаг нывгӕнӕг Франсиско Гойяйы ныхӕстӕ. Зӕгъут-ма ,сывӕллӕттӕ,куыд баст у  эпиграф нӕ урокимӕ?

-Зӕгъут-ма, уæддæр,сывæллæттæ, зæгъæм, бахъуыд уæ æвзарын дыууæйæ иуы уӕхицӕн  æмбалæн, кæй равзариккат   ӕмӕ цӕмӕн?.

-  Зæгъут-ма , цы проблемæ ма нын у æнæмæнг  равзаринаг, æнæрхъуыдыйæ ныууадзын  цавæр фарстæн нæй?

Раст у дæ хъуыды.

-Уæдæ та дыууæ къордæй бакусæм.

Иутæ Батырбеджы  растгæнджытæ уыдзысты, иннæтæ та- йæ зылынгæнджытæ.

-Цы зӕгъдзӕн цымӕ Батырбеджы зылынгӕнӕг та?

-Хӕдзармӕ куыст уын уыдис,радзырд бакӕсгӕйӕ,  уæ зæрдæ цы фарстамæ ахсайдта,уый фӕдыл проектон куыст бакӕнын. Табуафси.

Скъоладзауты дзуаппытæн аргъ кæны.

Хæс:

Фӕйнӕджы иу хайыл –ӕмбисӕндтӕн сӕ райдиан, иннӕ хайыл та- сӕ кӕрон. Бакӕсын сæ раст.

1.Хорз ӕмбал…                                                 паддзах  дӕр нӕ уӕнды.

2.Ӕрдхӕрдтӕм …                                             ӕфсымӕрӕй хъауджыдӕр нӕу.

 3.Знаджы цӕфӕй…                                         ӕнусмӕ хӕссын хъӕуы.

4.Хӕлардзинад…                                               бирӕ лымӕн хуыздӕр у.

5.Бирӕ мулкӕй…                                               ӕмбалы цӕф тынгдӕр риссы.

-Арсен,сатирӕйы миниуджытӕй пайда кӕнгӕйӕ, Иван Кузьмич Топтыго ӕмӕ Батырбеджы рахуыдта хӕлӕрттӕ. Сӕ хӕлардзинад та равзӕрд бӕхтӕ давын ӕмӕ ӕндӕр ӕнаккаг хъуыддӕгты бындурыл.

Къордты куыст:

1-аг къорд (пъырыстыфы æвдисæнтæ)

-Радзырды фыццаг рӕнхъытӕй дӕр пъырыстыфы схонӕн ис магуса, закъонхалӕг. Йӕ куыст нӕ кӕны, фӕлӕ йӕ хъуыдытӕ ӕндӕр цӕуылдӕрты сты. Йӕ рӕстӕг ӕрвиты къамӕй хъазгӕйӕ(текстӕй бафидар кӕнын хъуыдытӕ).

Дзуапп:

- Уымӕн ӕмӕ у ӕдзӕсгом, зыд,ӕнӕфсис. Уый хъуамӕ Батырбеджы хуызӕтты ныхмӕ уаид,фӕлӕ Топтыго ӕлгъ ницӕуыл кӕны. Уый сахуыр ис ӕнӕгъдау цард кӕнын. Хъӕуы йӕ ӕхца, бирӕ ӕхца, ӕмӕ йӕ къух йӕ цӕсгомыл систа.

-Топтыго  сфӕнд кодта  Батырбегӕн билетты аргъ фӕфылдӕр кӕнын. Уымӕн ын  бацин кодта  йе рбацыдыл. Цы стыр бынат ахсы, уый ӕрбайрохгӕнгӕйӕ, Батырбеджы размӕ йӕхӕдӕг ауади, цингӕнгӕ йӕ мидӕмӕ бакодта, сбад мӕ хӕлар, зӕгъгӕ, йыл узӕлы. Ай-гъайдӕр, Топтыгомӕ сӕрыстырдзинад нӕй. Афтӕ бацин кӕнӕн ис ӕцӕг ӕмбалыл, фӕлӕ се’ хсӕн  ахӕм ахастытӕ нӕй.

2-аг къорд (Батырбеджы æвдисæнтæ)

Батырбег Топтыгойӕ хъауджыдӕр зоны йӕхицӕн аргъ кӕнын.Пъырыстыф ӕм ӕдылы ӕртхъирӕнтӕ куы кӕны, уӕд  йӕхи дары сабыр, хиуылхӕцгӕ.Кабинетӕй рацӕйцӕугӕйӕ, фӕстӕмӕ дӕр нӕ фӕкасти, цыма йын тас ницӕмӕй уыди.Уый дзуры ууыл,ӕмӕ  нӕу лӕгдзинад ӕмӕ ӕхсарӕй цух дӕр.

 -Ӕнӕмӕнг,Батырбег ныфсхаст у. Йӕ ныфс бахаста абырӕг суӕвынмӕ, пъырыстыфимӕ йӕхи сбӕттынмӕ,фыдракӕндтытӕ аразынмӕ

 -Се хсӕн ӕцӕг хӕлардзинады ахастытӕй ницы ис. Батырбег йӕхӕдӕг афтӕ зӕгъы пъырыстыфӕн: « Ды мын ӕххуыс дӕ, ӕз дӕр дын ӕххуыс дӕн.» Комкоммӕ йын  дзуры ,ӕмбалӕн кӕй нӕ бӕззы,уый.

Дзуапп:

–Фыдгæнджытæ сты дыууæйæ дæр нæ хъайтартæ.  Дыууæйæ дæр сæхи пайдайæн архайынц.

 Сӕ хъуыдытӕ дзурынц. Бакæсынц чиныджы Батырбеджы  дзуапп пъырыстыфæн ( Ӕз дæн хуыснæг, абырæг..)

-Мæнмæ гæсгæ,

Батырбеджы хуызӕн адӕймаг цӕмӕн сси фыдгӕнӕг, цӕмӕн равзӕрста ахӕм царды фӕндаг?

1-аг къорд.

Раныхас:

- Адвокаты раныхас:

Батырбег абырӕг йӕхи фӕндӕй не сси, фӕлӕ социалон уавӕртӕм гӕсгӕ. Тынг зын цард уыд революцийы размӕ, зын уыдис мӕгуыр лӕгӕн куыст ссарын. Нӕ фӕсивӕд куыстагур цыдысты суанг фӕсарӕнтӕм дӕр. Фӕлӕ уыцы гӕнӕнтӕ дӕр алкӕмӕн нӕ уыд. Ӕвӕццӕгӕн, Батырбегӕн дӕр искуыдӕм ӕхца кусынмӕ ацӕуыны фадат нӕ уыди,ӕмӕ сси хуыснӕг. Кӕнӕ та гӕнӕн ис, ӕмӕ искӕмӕй фӕтуджджын  ӕмӕ лыгъдӕй царди, кӕнӕта  йӕ ирӕд бафидын хъуыди.

Зылынгӕнӕг:

-Ӕз Батырбеджы нымайын аххосджыныл.

Ацы дунейы цыдӕриддӕр мӕгуыр,ӕфхӕрд, ӕххормаг адӕм ис, уыдон иууылдӕр марын ӕмӕ давыныл куы схӕцой,уӕд уый раст нӕу.

Адӕймаг цыфӕнды зын уавӕрты уӕвгӕйӕ дӕр хъуамӕ  йӕ удыхъӕды рӕсугъддӕр миниуджытӕ  бахъахъхъӕна , йӕ сӕрмӕ ма хӕсса къӕрныхдзинад, давын, марын. Мӕнӕ куыд фыста персайнаг поэт Рудаки: « Уадз мӕ дзаумӕттӕ уӕнт чъизи, уӕд ӕрмӕст сыгъдӕг мӕ уд». Дунейы ахъаззагдӕр чиныг Библийы та   загъдӕуы: « Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ иу сты, куыд хъӕздыгӕн, афтӕ мӕгуырӕн».

Историк:

 Куыд федтам, афтӕмӕй Арсены радзырды хӕлардзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. Ӕмӕ мӕ бафӕндыд сбӕрӕг кӕнын, нӕ фыдӕлтӕ та цавӕр аргъ кодтой хӕлардзинадӕн. Дзуапп ссардтон рагон бердзенаг фыссӕг Лукианы (420-180 азтӕ) уацмыс « Токсарид кӕнӕ хӕлардзинад»-ы. Уым скиф Токсарид бердзенаг ахуыргонд  Минесиппимӕ бацыд быцӕуы скифты тыххӕй. Ӕмӕ Токсарид скифты ӕрдхорддзинады тыххӕй цы цаутӕ дзуры, уыдон скифты сисынц бердзенӕгтӕй уӕлдӕр (бакӕсын таурӕгъ).

Биограф: Мӕн та бафӕндыд сбӕрӕг кӕнын,цымӕ Арсенӕн йӕхи царды та хӕлардзинадӕн  цавӕр бынат уыд. Арсенӕн йӕ хӕлардзинад йе мбӕлттимӕ уыд сыгъдӕг,ӕнӕхин. Сӕ иу- фыссӕг Савва Дангулов. Нӕ фыссӕг 1912-ӕм азы дыккаг хатт Бетъырбухмӕ куы ацыд, уӕд ын Дангулов баххуыс кодта  газет « Правдӕ»-мӕ корректорӕй кусынмӕ бацӕуынӕн. Фӕстӕдӕр ын  Арсен уырыссаг ӕвзагӕй иронмӕ ратӕлмац кодта  йӕ очеркты чиныг « Мастера второго солнца»(очерки Гизельдона).

Йӕ царды фӕстаг азты хӕларӕй царди кӕмпозитор Ефим  Колесниковимӕ. Иумӕ сарӕзтой иу- ӕхсӕз зарӕджы. Дангулов ӕмӕ Колесниковимӕ сӕ хӕлардзинад рахаста Ӕрыдоны дины семинарӕй.

Нӕ ирон фысджытӕй Арсены хӕстӕгдӕр ӕрдхорд уыд Къосыраты Сӕрмӕт.

Скульптор Адеты Барысбиимӕ сӕ хӕлардзинад рахаста суанг Джызӕлы райдиан скъолайӕ, зӕронды бонмӕ хӕларӕй фӕцардысты.

Ахӕм ӕнӕхин,зӕрдӕхӕлар ӕмбӕлттӕй хайджын уыд Арсен йӕхӕдӕг.

2-аг биограф: Мӕн та бафӕндыд сбӕрӕг кӕнын ,Арсенӕй уӕлдай ма нӕ зындгонд лӕгтӕй ӕцӕг хӕлӕрттӕ кӕмӕн уыдис. Зӕгъӕм  , Хетӕгкаты Къоста ӕмӕ Ӕмбалты Цоцкойы хӕлардзинад ахӕм тыхджын уыд, ӕмӕ  Къостайы мӕлӕты фӕстӕ Цоцко  йӕ амӕлӕтмӕ фӕдардта хил.

Уӕдӕ зындгонд уырыссаг поэт А. С. Пушкин ӕмӕ А.А. Дельвигы ӕрдхорддзинад дӕр диссагӕн дзуринаг уыд. Дельвиг хӕрз ӕрыгонӕй куы фӕзиан, уӕд ын Пушкин йӕ бинонты мӕт йӕхимӕ райста.

Нывгӕнӕг.Ӕз ацы радзырдмӕ скодтон карикатурӕтӕ(равдисын сӕ). Пъырыстыф схъӕлбӕрзӕйӕ бады йӕ бӕхыл.  Карикатурӕйы бынмӕ фыст: « Ехх,ӕмӕ мӕ ныр паддзах Никъала куы фенид, уӕд мын   булкъоны цин нӕ раттид!»

Иннӕ карикатурӕйы пъырыстыф цъыфы сӕвдылдта йӕхи, йӕ алыварс  ӕрӕмбырд сты хуытӕ ӕмӕ йыл худынц.

Дзуаппытæ.

Зонадон: 

хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци текстты ссарын æмæ радзурын зонын

Коммуникативон: 

хи хъуыдытæ æргом кæнын

Удгоймагон: 

этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын

Удгоймагон:

хорз æмæ æвзæр æвзарын

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

Синквейнтæ ныффыссын. Темæтæ: Топтыго, Батырбег.

Дзуапп дæттынц.

Коммуникативон:

хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын

Удгоймагон:

хорз æмæ æвзæр æвзарын

Хатдзæгтæ скæнын.

-Нӕ урок кӕронмӕ ӕрхӕццӕ, хатдзӕгтӕ скӕнæм. Табуафси, уӕ хъуыдытӕ зӕгъут,цы фӕцыд уӕ зӕрдӕмӕ урокӕй, цы нӕ фӕцыд, уый дӕр зӕгъут, уӕхицӕн дзы пайдайагӕй цы райстат?

-Сывӕллӕттӕ, уӕ царды мидӕг уӕ хӕлары хорзӕх уӕд. Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы, цӕмӕй уӕ адӕм агурой сӕхицӕн хӕларӕн,ӕрдхордӕн. Ӕмӕ уӕд амонд ӕмӕ уарзондзинадӕй ӕфсӕст уыдзыстут.

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын

Дзуапп дæттынц.

Коммуникативон:хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын

Удгоймагон: 

æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын.

Хæдзармæ куыст

Ныффыссын сфӕлдыстадон куыст : « Батырбеджы хъысмӕт рауад афтӕ...»



Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 9-æм къласы

Темæ: «Æлвæст изложени фыссынмæ цæттæгæнæн урок»

Урочы нысантæ

1.Скъоладзауты ахуыр кæнын тексты сæйраг хъуыды æргом  кæныны арæхстдзинадыл.

2.Ахуыр кæнын наукон-публицистон текст æлвæст изложенийы хуызы фыссыныл.

3.Рæзын кæнын скъоладзауты логикон æмæ сфæлдыстадон хъуыдыкæнынад.

4. Ахуырдзаутæм гуырын кæнын нæ адæмон сфæлдыстад ахуыр кæнынмæ      тырнындзинад.  

Урочы хуыз

Ныхасы рæзтыл куысты урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон:  ахуыр кæнын тексты сæйраг хъуыды æргом  кæныны арæхстдзинадыл.

Метапредметон: ахуыр кæнын наукон-публицистон текст æлвæст изложенийы хуызы фыссыныл. Рæзын кæнын  Логикон æмæ сфæлдыстадон хъуыдыкæнынад рæзын кæныныл архайын.

Удгоймагон: гуырын кæнын нæ адæмон сфæлдыстад ахуыр кæнынмæ      тырнындзинад.  

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

Компьютер, презентаци, интерактивон фæйнæг

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауты архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

Организацион хай.

- Сывæллæттæ, уæ разы цы дыууæ тексты ис, уыдон цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ, уый сбæрæг кæнут (интерактивон фæйнæгыл).

1.Куыд зонæм, афтæмæй таурæгъ ирон адæмæн уыд сæ дзургæ истори дæр æмæ нæ фыдæлтæн зондзонæн дæр. Нæ фыдæлтæ цы уыдтой, цы зыдтой, ахсджиаг  æмæ сæм диссаг цы хъуыддæгтæ, хабæрттæ кастысты, уыдон дзырдтой сæ кæрæдзийæн, лæвæрдтой сæ фæлтæрæй- фæлтæрмæ æмæ афтæмæй ныффидар сты сæ зонды, сæ хъуыдæджы.

2.  Таурæгъ ирон адæмæн уыд дзургæ истори, зондзонæн. Уыдон цы уыдтой , зыдтой, сæ  ахсджиаг  хабæрттæ  лæвæрдтой фæлтæрæй-фæлтæрмæ æмæ ныффидар сты сæ зонды.

Кæсынц тексттæ сæхимидæг.

Дзуапп дæттынц:

-Дыккаг текст у цыбыр, æлвæст. Ист дзы æрцыдысты  бæттæгтæ, синонимтæ.Домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ  ивд æрцыдысты хуымæтæг хъуыдыйадæй.

Коммуникативон:

ныхасмæ хъусын, æмбарын æй,

скæй ныхасмæ хъусын, аргъ ын кæнын.

Зонадон:

Хи ныхас рацаразын, проблемæ раст сбæрæг кæнын

Ног æрмæгыл куыст.

Бакæсы изложенийы текст «Царциатæ».

Дзырдуатон  куыст(интерактивон фæйнæгыл) :

фат-стрела

æрдын- лук

 æрхуы- медь

саджилфындз-раздвоенный конец

цæрддзу кæнын-страдать

Хæс:

-Ссарут синонимтæ дзырдтæм:

 Хъæбатыр-

 Мыггаг сыскъуыдта-

Цæрддзу кæнын-

 Ныццарца ис-

-Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнут, сывæллæттæ.

Хæс: Тексты цы æмбисæндтæ æмбæлы, уыдоны мидис бамбарын кæнут.

Царциаты сæфт фесты.

Царциатау цæрддзу кæнынц.

Уæуу, мæнæ диссæгтæ, царциаты диссæгтæ.

Ныццарца ис.

Изложенийы текст ногæй кæсы.

Хæс дæтты : æртæ къордæй  иутæ

бæрæг  кæнынц тексты  темæ, иннæтæ- сæйраг хъуыды, æртыккаг къорд- цавæр стилы  фыст у.

Хæсллæвæрдтæ:

1.Тексты аразæг хæйттæ рахицæн кæнын.

2. Сбæрæг кæнын хъуыдыйæдты бастдзинады мадзæлттæ хæйтты `хсæн.

 

Иу хатт ма кæсы текст.

Лæмбынæг хъусынц ахуыргæнæджы кастмæ.

Фыссынц сæ тетрæдтæм

Дзуапп дæттынц:

-тыхджын

- цагъды фесты

-удхар кæнын, хъизæмар кæнын, зынтæ æвзарын

- фесæфтис.

Дзуапп дæттынц.

Хъуыды кæнынц, дзуапп дæттынц.

Къордты дзуаппытæ:

-Сæйраг хъуыды- адæймаг хъуамæ цæра æгъдауджынæй, æмæ уæд Хуыцауы фæдзæхст уыдзæн.

-у текст-тæрхон таурæгъы элементтимæ,.

-фыст у наукон-публицистон стилы .

Дзуапп дæттынц.

1.Дзырд царциатæ-йы  нысаниуæг ахуыргæндтæ нæма сбæрæг кодтой.

2. Уыдон уыдысты кусаг, хъæбатыр адæм.

3. Фæстагмæ сæм æгъдау нал уыд, æмæ цагъды фесты.

4.Царциаты æмбисæндтæ.

Дзуапп: царциаты кой, царциатæ, царциатæм, царциаты тыххæй.

Пълан фыссынц.

Удгоймагон:

ирон лексикæйы хъæздыгдзинад æнкъарын.

Коммуникативон:

хи хъуыдытæ æргом кæнын

Удгоймагон:

 адæмон сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын.

Регулятивон:

Хъæугæ информаци ссарын æмæ рахицæн кæнын.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст

Фæрстытæ дæтты:

Дзуапп дæттынц.

Рефлекси

Урок мæ зæрдæмæ фæцыд…

Бамбæрстон…

Мæ зæрдыл æрлæууын кодтон…

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Сæ хъуыдытæ дзурынц.

Удгоймагон:

ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын.

Хæдзармæ куыст

Ныффыссын изложени.



Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 10-æм къласы

Темæ: «Маст дардмæ æнхъæвзы…» (Беджызаты Чермены новеллæ «Кодзыртæ»-мæ гæсгæ)

Ахуыргæнæджы куысты   нысантæ

Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл;

  скъоладзауты ахуыр кæнын  аив дзурыныл;

проблемон фæрстытæ æмæ уавæрты руаджы ахуырдзауты миддуне хъæздыгдæр, парахатдæр кæнын, сæ зондахаст сын бæрзонддæр кæнын.

Урочы хуыз

Ног æрмæг бафидар кæныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: таурæгъы  тыххæй зонындзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын.

Таурæгъæн анализ скæнын.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайдæн æмæ ныхасæн аргъ кæнын;  хи хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын.

Удгоймагон:  æрдзурын адæймаджы æппæрццаг æмæ æвæрццаг миниуджытыл.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордгай куыст,проектон метод.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ.

Урочы эпиграф:

 Рагон æмбисонд-ныры дуджы таурæгъ.

Ирон æмбисонд                    

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын

Мотиваци.

(скъоладзаутæ сæхæдæг ссардтой, ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у, ахæм æрмæг.)

Организацион хай.

-Раззаг урочы мах базонгæ стæм Беджызаты Чермены царды хабæрттимæ, афæлгæсыдыстæм йе сфæлдыстадыл. Абон та йæ новеллæтæй сæ хуыздæры руаджы фыдæлтыккон незамантæм балц саразæм. Ӕмæ дзы кæд хайджын фæуиккам рæстдзинад æмæ зондæй, хызт æрцæуиккам фыдæх æмæ хæрамæй. «Абон цы уынат, уымæй цард нæй»,- дзырдтой нæ фыдæлтæ. Хъуамæ йæ æмбарæм, дугтæ кæрæдзиимæ æнгом баст кæй сты. Ӕмæ, цæмæй абоны æмæ фидæны цард сæ гаччы сбадой, уый тыххæй канд мысын нæ, фæлæ зонын æмæ ахуыр хъæуы, ивгъуыд фæлтæртæ куыд цардысты, уый. Ӕмæ уæ исчи хъуамæ зæгъа, зæгъгæ, нæ абоны цард куы не взарæм, уæд ма  ивгъуыд цард цы стауæм. Уæлдайдæр æмбисонд куыд зæгъы, ивгъуыд хъуыддаг зын æрцахсæн у, зæгъгæ.Фæлæ æнæ ивгъуыд нæй фидæн.

-Хæдзармæ куыст уын цы уыдис?

-Уæдæ нæ урочы цæуыл ныхас кæндзыстæм абон?

Уæ дзуапп ма уын æз баххæст кæндзынæн. Бацархайдзыстæм раиртасын уацмысы конфликт, проблемæтæ, йæ фæлгонцтæ. Рагон хæххон адæмы царды нывтæ, се гъдæуттæ, сæ миддуне сбæтдзыстæм нырыккон цардарæзтимæ.  Фæлæ ма мæ фæнды иу фиппаинаг зæгъын. Зын у, цалдæр æнусы размæ цы хабæрттæ цыдысты, уыдонæн аргъ кæнын. Историон Олимпмæ куы схизай,къухаууонæй куы афæлгæсай æнустыл, раст хохæй- хохмæ, комæй-коммæ куыд фæфæлгæсынц, уæд куыд хæстæгдæр, афтæ æнцондæр иртасæн сты цаутæ.Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ адæм куы равзæрдысты, уæдæй абонмæ сæ удыхъæды миниуджытæ иу сты. Нæ куырыхон хистæртæ афтæ дзырдтой: «Дугæй нæй хъаст кæнæн, фæлæ фæлтæртæй ис».

Эпиграфыл æрныхас кæнæм.

Хъусынц, хъуыды кæнынц.

Дзуапп.

1. Новеллæ бакæсын.

2.Ӕмбисæндтæ тугисыны, мастисыны тыххæй ныффыссын.

Мæстыгæр лæгмæ фыдбылыз æмхиц у.

Дæ мастæй хъуамæ дæ зонд фæфылдæр уа.

Маст бауромынæн дæр лæг хъæуы.

Масты фæдыл макуы ацу.

Дзуапп:

Маст исын, маст уромыны тыххæй уыдзæн нæ ныхас.

Сæ хъуыдытæ дзурынц, урочы темæимæ куыд баст у, уый сбæрæг кæнынц.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын)

Зонадон:

бæлвырд кæнын таурæгъы конфликт, проблемæтæ.

 Коммуникативон: хи хъуыдытæ æргом кæнын.

Удгоймагон:

Рагон царды нывтæн аккаг  аргъ  кæнын.

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

-Цыбыртæй сюжет радзурæм.

Иу скъоладзау дзуры таурæгъы сюжет.

Зонадон: 

зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, классификаци

Коммуникативон: 

хи хъуыдытæ æргом кæнын

Удгоймагон: æнкъарын таурæгъы  ахадындзинад

Ног æрмæгыл куыст.

Таурæгъæн анализ  скæнын, текстыл æнцойгæнгæйæ.

Хатдзæгтæ скæнын

Фæрстытæн дзуапп дæттынц:

  1. Ирыстоны мыггæгты хсæн цавæр хицæндзинæдтæ уыд?
  2. Кодзырты мыггаг кæцытæм хауд?
  3. Ӕмтгæй райсгæйæ, уæ бон цы у Кодзырты мыггагæй зæгъын? Иннæ мыггæгтæ сæм цæмæй бахæлæг кодтаиккой, ахæмæй сæм исты уыд?
  4. Таурæгъы сæйрагдæр архайджытæй иу у Кодзырты Тохтæ. Уацмысы райдиан æй автор куыд æвдисы, уымæ гæсгæ йын цы аргъ скæндзыстут?
  5. Таурæгъы завязкæ кæм райдайы?
  6.  Ныхасы цы быцæу æрцыд, уым аххосджын чи у? Цавæр хатдзæг ис скæнæн?

7.Бæдту карзæй бартхъирæнтæ кодта Тохтæмæ, « æгæр-æгæр ма кæн…хорз кард æндон уартыл æмбæлаг у», зæгъгæ. Уæ зæрдыл бадарут, æртхъирæнтæ æрмæст тæппуд лæг фæкæны, æртхъирæнгæнæг æвзæр куыдзау фæсвæдæй хæцы. Разы стут мæ ныхæстимæ æви нæ?

8. Уацмысы кульминаци кæм ис?

9.Раст бакодта Рубайон, æнæхъæн мыггаг кæй сыстын кодта йе фхæрды ныхмæ, уымæй?

-Нæ ныхас афтæ ма рауайæд, æмæ рæстдзинады сæрыл тох кæнын нæ хъæуы, зæгъгæ. Фæлæ рæстдзинад тугкалдæй æлхæд цæуа, уый раст нæу. Царды сæйрагдæр хæзнатæй иу хæрзæгъдау кæй у, уый æмбарын хъæуы.

-Ныр та къордты куыст . Иутæ,  æмбисæндты чиныгæй рафыссынц æмбисæндтæ тугисын æмæ туджджынты тыххæй. Иннæ къорд та интернеты агурынц хъусынгæнинаг тугисыны æгъдауы тыххæй æмæ йæ радзурынц.

-Уæдæ-ма цавæр ахсджиаг проблемæйыл цæуы дзырд новеллæйы?

-Цавæр хатдзæгтæ скæнæн ис ацы уацмысæй?

Дзуаппытæ дæттынц.

-Аххосджын сты Тохтæ дæр æмæ Бæдту дæр.

Бæргæ хорз уыдаид, иу сæ хиуылхæцгæдæр, куы разындаид, уæд. Иу дзы иннæйы æнæсæрфат ныхæстæн куы фæбарстаид, уæд. Уый афтæ æмбарын нæ хъæуы, æмæ адæймаг бынтондæр йæ дзыхыл хæца. Фæлæ хъуамæ зона, куыд зæгъын хъæуы æмæ кæм зæгъын хъæуы, уый.

Дзуаппытæ.

 Рубайон æмæ Гаглойты Парсайы фембæлд суадоны раз кæсынц ролтæм гæсгæ

- Мæнмæ гæсгæ, Рубайон раст нæ бакодта, кæй схъæр кодта йе фхæрд Тохтæйæн. Уымæн æмæ йæ зыдта, Тохтæ йæ масты фæдыл кæй ацæудзæн, фыдбылыз кæй æрцæудзæн.

-Æз та афтæ хъуыды кæнын, æмæ Рубайон раст бакодта. Йæ кад , йæ намыс бахъахъхъæнын æй фæндыд.

-Разы дæн демæ Уæдæ Рубайон баргæ ныккодтаид йе фхæрд?

Дзуаппытæ.

1-аг къорд (скъуыддзаг Хетæгкаты Къостайы очерк «Особа»-йæ:

-Нырма-иу марды нæма бавæрдтой, афтæ-иу марæгыл кæуын байдыдтой. Хъæубæстæ тæфæрфæс кæнынмæ цыдысты сæ дыууæтæм дæр: марды бинонтæм дæр æмæ марæджы хæдзармæ дæр. Иу марды фæстæ-иу дыууæты ’рдыгæй дæр æрцыдис бирæ мæрдтæ. Бирæ ирон мыггæгтæ-иу дæсгай азты дæргъы туджджынтæй баззадысты, æмæ афтæмæй сæфтысты уыцы мыггæгты хуыздæртæ. Туг исыны цаутæ фæкъаддæр кæнынмæ тырнгæйæ, ирон æхсæнад æнусты дæргъы сфæлдыста бирæ æгъдæуттæ туг исыны хъуыддагæн кæрон скæныны тыххæй. Арæхдæр дзы æмбæлдысты: марæджы мыггаг-иу туджы аргъ бафыста; марæджы мыггаг-иу марды мыггагæй йæхицæн лæппу скодта; марæджы мыггагæй-иу туджы аргъы хуызы моймæ лæвæрдтой чызг æфхæрд баййафæг мыггагмæ; кæй-иу амардтой, уый мад-иу марæгæй йæхицæн лæппу скодта æмæ афтæ дарддæр.

2-аг къорд

Æмбисæндтæ:

1.Туг тугæй не хсадæуы.

2.Туг тугæй æхсадæуы.

3.Тугисæг туджджын кæны.

4.Туджджын лæг æхсæв фыдфынтæ уыны.

-Тугисыны æгъдауыл.

Дзуаппытæ.

Зонадон:

 хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци текстты ссарын æмæ радзурын зонын

Коммуникативон:

 хи хъуыдытæ æргом кæнын, быцæу кæнын зонын.

Удгоймагон:

 этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын

Коммуникативон:

 хи хъуыдытæ æргом кæнын, быцæу кæнын зонын.

Регулятивон:

хъæугæ информаци ссарын æмæ рахицæн кæнын;

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

Урочы мæ зæрдæмæ фæцыд…

Фæндыдаид -ма мæ…

Мæ зæрдыл бадардзынæн…

Сæ хъуыдытæ дзурынц

Коммуникативон:

хи хъуыдытæ бæлвырд  кæнын

 

Бæрæггæнæнтæ сæвæры

Удгоймагон: 

æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын

Хæдзармæ куыст

Ныффыссын сочинени-тæрхон Тезисæн райсын æмбисæндтæй иу.



Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 5-æм къласы

Темæ: «Бирæгъыл мæгуыры бон куы акæны, уæд куыдзы бын дæр атулы».

(Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп» - мæ гæсгæ)

Ахуыргæнæджы куысты   нысантæ

Басняйы текстимæ базонгæ кæнын скъоладзауты.

Хи хъуыдытæ, æнкъарæнтæ æвдисыныл ахуыр кæнын скъоладзауты.

Ахуырдзауты  ныхасы рæзтыл æмæ сфæлдыстадон хъуыдыкæнынадыл бакусын.

Уацмыс ролтæм гæсгæ кæсыныл ахуыр кæнын.

 Скъоладзаутæн сæ гæнæнтæм гæсгæ хæслæвæрдтæ дæттын.

Урочы хуыз

Ног æрмæг амоныны  урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: басняйы тыххæй зонындзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын.

Басняйæн анализ скæнын, райхалын ын йæ зондамынд.

Метапредметон: хи хъуыдытæ æргом кæнын зонын, фæрстытæ æвæрын, быцæу кæнын зонын.

Удгоймагон:  зæрдæхæлар, фæмæнзæрдæ  уæвыны æнкъарæнтæ гуырын кæнын скъоладзаутæм.

Ахуырдзаутæм хорз цæстæнгас дарын урочы рæстæг, алкæмæ дæр дзы хицæн хъусдардыл архайын.

Хорз æвæзæрæй хицæн кæныныл ахуыр кæнын скъоладзауты.

 

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст,проектон куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ.

Урочы эпиграф:

Хорзæй хорз фæзæгъынц, æвзæрæй-æвзæр.

И.А.Крылов

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын, рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зæнындзинæдтæ)

Ног æрмæгыл куыст.

Басня æвзарын, текстыл æнцойгæнгæйæ.

Æрмæг бафидар кæнын

Рефлекси

Хæдзармæ куыст. 

Организацион хай.

  1. -Сывæллæттæ, абон  нæ урочы цы кусдзыстæм, уый сбæрæг кæндзыстæм ацы нысæнтты фæрцы.  

1. hello_html_m3776b5ea.png

  1. С –  
  2. hello_html_m25ee888.png-  
  3. ?-
  4.  hello_html_mf6018ea.jpg

6.hello_html_55f89f2f.png-

-Æмæ ма æз та бафтаудзынæн, урочы мидæг уæм  цы къуылымпыдзинæдтæ сæвзæрой, уыдон аиуварс кæныныл архайдзыстæм иумæ.

- Цæмæй базонæм, цавæр уацмыс  æвзардзыстæм, уый тыххæй сæххæст кæнæм ахæм хæслæвæрд:

Раст равæрын дамгьæтæ, цæмæй  сæ рауайа  дзырдтæ:

1.А, ХЪ, Т, Æ, З.

2. Х,Н, Л, О, А,  Æ,Æ,М,  С,А,У,В.Р.

3. А,С,Г  М, Æ,Æ   З,Н,Ы,Ы,У.

-Цы дзырдтæ уæм рауад, уыдон цæй нæмттæ сты?

-Уæдæ цæуыл дзурдзыстæм нæ абоны урочы?

-Раст зæгъут, сывæллæттæ.

- Бузныг , сывæллæттæ.  Уæдæ басняйы архайджыты та базондзыстут,  ацы  уыци-уыцитæ куы базонат, уæд.

  1. Фосмæ цыргъ йæ дæндаг дары,

У хъыхъхъаг æмæ фыд зыд,

Æппын нæ ауæрды  нæ мурыл,

Рагæй дæр  фыдгæнæг уыд.

2.Доны былты даргъ къæхтыл сабыргай цæуы,

Кæсæгтæ мæ хæфсыты агуры рæвдзæй.

Равдисы фæйнæгыл  урочы темæ.

Сбæрæг кæнын ахуырдзаутимæ  урочы нысантæ, стæй уыдон дæр равдисын интерактивон  фæйнæгыл.

-Басня æвзарыны размæ уал сбæрæг кæнæм нæ хæдзармæ куыст. Хъуыдис  синквейн саразын,  йæ темæ- басня. Хæслæвæрд  зын кæмæ фæкæса,  уый та хъуамæ йæ зæрдыл æрлæууын кодтаид, басня цы у, уый.

Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

-Уæдæ- ма зæгъæм, басня цы у.

-Сывæллæттæ, уырыссаг литературæйы дæр ис басня ахæм  сæргондимæ. Чи у йæ автор?

(Интерактивон фæйнæгыл равдисын)

Басняйы текст кæсы аив, æнæ комментаритæй

Дзырдуатон куыст  бакæнын:

Хърихъупп ( зырнæг)-журавль

Хæдмæл-истæй мард, падаль

Тугуарæн кодта-фыдбылыз кодта

Уæны стæг-лопаточная кость

Фæзæрдæлхæд-фæтæригъæд кодта

Дзæгъæлхæтæг-дзæгъæлцæуæг

Тыхтона – тыххæй исты исын, домын.

Къордты куыст.

 1-аг  къорды уæнгтæ  дзурынц  тексты мидисимæ  баст  хъуыдыйæдтæ (выражения),  иннæ къорды уæнгтæ та сæ тексты кæсынц:

1.Бирæгъ фыдбылызы бахауд.

2.Уый  мæлыны къахыл ныллæууыдис.

3. Уалынмæ гыццыл дарддæр ауыдта  хърихъуппы.

4. Бирæгъ  хърихъуппæй  куры æххуыс.

5.Хърихъупп фервæзын кодта бирæгъы.

6.Хърихъупп агуры хæрзиуæг.

7.Бирæгъ æртхъирæн кæны хърихъупмæ.

-Сывæллæттæ, зæгъут-ма,  цавæр проблемæтыл æрдзурæн ис ацы уацмысы?   Адæймаджы цавæр  æвзæр миниуджытыл  худы  Къоста?

  Къордты куыст.

- Нæ фыдæлтæм зыдгæнаг адæймаг  æгад кæй уыд, уымæн æвдисæн  таурæгъ «Нарты æмбырд». (Бакæсы скъуыддзаг таурæгъæй).

-Раст зæгъыс.  Бирæгъ  бирæгъ дæр уымæн хуыйны, æмæ алцыдæр аразы йæ тыхы æмæ æдзæсгомдзинады фæрцы.  Бирæгъ  йæхицæй тыхджындæр æмæ хуыздæр никæй æнхъæлы . Уый у тынг тæссаг низ.  Коцойты Арсен уыцы низы тыххæй афтæ фыста: « Царды бирæ хорз амæлттæ ис, æмæ сæ зонын хъæуы . Фæлмæн ныхасæй цы бакæнай, уый тызмæгæй нæ сараздзынæ . « Æз дæн » у æгъатыр низ , æмæ дзы уæхи бахизут».

Адæмы  хсæн, æцæгæйдæр,  ис ахæмтæ, æмæ сын цыфæнды хорз  куы саразай, уæддæр дæ нæ фæбузныг уыдзысты. Уыдон алкæмæй домынц сæхицæн лæггад,  сæхæдæг та  хорздзинад не скæндзысты

-Разы дæн уемæ дæр.  Искæмæн йæ тыхсты куы баххуыс кæнай, йæ зындзинад  ын дæ зæрдæмæ куы айсай,уæд ма нхъæлмæ кæс  хърихъуппау «мыздмæ».  Дæ хорздзинад  дæм искæд  Хуыцауы æххуысæй  фæстæмæ дывæрæй раздæхдзæн.

Скъоладзауты дзуаппытæн аргъ кæны

Аулæфт (физминутка)

Ранымайын адæймаджы æвæрццæг æмæ æппæрццæг миниуджытæ .Кæд ахуырдзауты зæрдæмæ цæуынц, уæд къухтæй  æмдзæгъдгæнгæйæ, сæ бынаты гæппытæ кæнынц. Кæд æмæ сæ зæрдæмæ нæ цæуынц, уæд та къухтæй цæсгом амбæрзгæйæ, дзуццæджы æрбадынц.

Хин, зыд, зæрдæхæлар, фæлмæнзæрдæ, цæстмæхъус, мæстыгæр, хæлæггæнаг, тыхджын, хъæбатыр, къæрных, хиуарзон, сайæгой, хæрзæгъдау, коммæгæс, зивæггæнаг.

Хæс.  Лæвæрд æмбисæндтæй кæцытæ хауынц: (интерактивон фæйнæгыл)

1. Зыдгæнаг адæймагмæ.

2.Хорздзинад  чи не мбары , ахæм адæймагмæ.

3. Йе `ххуысæн мызд чи агуры, ахæм адæймагмæ.

А. Гуыбыны коммæ куы кæсай, уæд дæ сæр худинаджы бын фæуыдзæн.

Æ. Гуыбын талынг  скъæт у.

Б. Хорз ма ракæн, æмæ фыд ма ссарай.

В. Хæрзгæнæг хорз никуы ссардта.

Г. Хорз  хъуыддаг  сарæзтай, уæд æй ферох кæн.

Эпиграф бакæсын кæны.

Хæс.

Лæвæрд иллюстрацитæ равæрын басняйы сюжетмæ гæсгæ. (интерактивон фæйнæгыл)

Скъоладзауты дзуаппытæн аргъ кæны

-Сывæлллæттæ, урочы райдианы цы хæстæ снысан кодтам, уыдон æххæстгонд æрцыдысты?

Бæрæггæнæнтæ сæвæры.

1.Басня найзусть сахуыр кæнын

(йæ бон кæмæн цал строфайы уа, уый бæрц).

2.Басняйы мидисмæ гæсгæ нывтæ скæнын.

Дзуапп дæттынц.

1.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæндзыстæм.

2.Синквейн сараздзыстæм,

3.Чиныджы кæсдзыстæм.

4.Фæрстытæн дзуапп дæтдзыстæм

5.Ролтæм гæсгæ кæсдзыстæм.

6.Бахъахъхъæндзыстæм проект.

Хъуыды кæнынц.

Дзуаппытæ дæттынц:

1.Хъазтæ.

2.Халон æмæ рувас.

3.Саг æмæ уызын.

Дзуапп:

-Хетæгкаты Къостайы басняты сæргæндтæ.

- Хетæгкаты Къостайы  басняйыл.

Дзуапп:

- Басняйы архайджытæ сты бирæгъ æмæ хърихъупп.

Лæмбынæг хъусынц,  дзуапп дæттынц.

Дзуаппытæ:

1.Басня.

Цыбыр, сатирикон.

Ахуыр кæны, худы, æххуыс кæны.

Басня ахуыр кæны хорзыл.

Зондамынд.

2.Басня.

Худæг, цыбыр.

Амоны, уайдзæф кæны,  хурмæ хæссы.

Басняйы вæййы  исты зондамынд.

Уацмыс.

Дзуапп:

-Басня у асæй чысыл таурæгъон  уацмыс, ис ын сатирикон мидис. Басняты архайджытæ вæййынц  фылдæр хатт  цæрæгойтæ, уыдоны  хуызы  æвдыст фæцæуынц  адæймæгты  хъæндзинæдтæ.

Дзуапп:

И.А.Крылов «Волк и журавль».

Дыккаг каст кæнынц.

Чиныгимæ кусынц, агурынц æрмæг

Цæттæ кæнынц дзуæппытæ.

1-аг къорд:

- Къоста  нын равдыста зыдгæнаг  бирæгъы.  Фыдбылызы дæр йе  нæфсисы тыххæй бахауд –уæны стæг йæ хурхы нынныхсти. Адæмы хсæн дæр   бирæ ис, зыд чи кæны, ахæмтæ. Уыдонæн нæй кад адæмы хсæн,  сæ ном у фидиссаг. Уыдон æгад кæнынц ирон лæджы  ном, нæ фыдæлты кадджын ном.

2-аг къорд:

-  Басняйы ма Къоста æнауæрдонæй  худы  бирæгъы иннæ миниуæгыл- хорз ын бæсты нæ цæуы. Лæгъстиаг цы хърихъуппæн уыд, уымæ, куы фервæзт мæлæтæй, уæд æртхъирæн кæны, фидистæ йын кæны. Уæдæ адæмы хсæн дæр гыццыл не сты ахæмтæ.

3-агкъорд:

-Хърихъупп, йæ цардæн тæссаг уæвгæйæ, бирæгъы мæлæтæй фервæзын кодта. Хъæбатыр разынд хърихъупп, нæ  зæрдæмæ  фæцыд, цалынмæ  йæ хорздзинадæн мызд не рцагуырдта, уæдмæ.  Мах афтæ хъуыды кæнæм, æмæ адæймаг хорз куы ракæна, уæд  хæрзиуæг хъуамæ ма агура.

Иумæйаг хатдзæг  скæны ахуырдзаутæй иу:

- Зыд ма кæн, бузныг дзурын зон, дæ хорздзинадæн мызд ма агур,зæгъгæ,  ахæм зонд нын амоны Къоста.

Ролтæм гæсгæ кæсынц басня.

Дзуаппытæ цæттæ кæнынц.

Кластеры  руаджы  сбæрæг кæнынц бирæгъ æмæ хърихъуппы  миниуджытæ.

 Сыфтыл фыссынц  бирæгъ æмæ хърихъуппы миниуджытæ æмæ сæ фæйнæгыл ныхасынц.

Бирæгъ- тыхгæнæг, зыд, мæстыгæр, фыдзонд, æдзæсгом, фидистæгæнаг.

Хърихъупп-фæлмæнзæрдæ, хæрзгæнæг, тæригъæдгæнаг,хъæбатыр, æдзæсгом, зыд.

Дзуаппытæ:

1 А Æ

2 Б В

3 Г

Йæ мидис ын æвзарынц., урочы темæимæ куыд баст у, уый бæрæг кæнынц.

Проектон куыстыл архайынц.

Дзуапп дæттынц.

- урочы æз базыдтон…

-зындæр хæс мын уыд…

-нæхимæ радзурдзынæн…

-æз архайдзынæн, цæмæй…

Нæдæр бирæгъ мæ зæрдæмæ фæцыд,нæдæр хърихъупп, уымæн æмæ…

Боныгты фыссынц хæдзармæ куыст.

Регулятивон:

ахуырадон нысан æвæрын

Зонадон:

Проблемæ сраст кæнын,æмбаргæ куыст кæнын

Зонадон:

Зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын

Коммуникативон:

Хи хъуыдытæ æргом кæнын.

Удгоймагон:

Æмбарын басняты ахадындзинад царды мидæг

Зонадон:

Хъæугæ информаци ссарын зонын

Зонадон:

Аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын.

Коммуникативон:

Хи хъуыдытæ логиконæгъдауæй равæрын

Удгоймагон:

Хорз æвзæрæй хицæн кæнын.

Удгоймагон:

ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын.



Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 6-æм-æм къласы

Темæ: «Ӕмбисӕндтӕ ӕмбарынц сывӕллӕттӕ ӕмӕ ас адӕм дӕр…

 (Кӕронбӕттӕн урок-хъазт  Хетӕгкаты Къостайы баснятӕм гӕсгӕ)

Ахуыргæнæджы куысты   нысантæ

1.Скъоладзауты  зонындзинӕдтӕ Къостайы басняты тыххӕй бафидар кӕнын.

2.Къостайы сфӕлдыстадмӕ цымыдисдзинад рӕзын кӕнын.

3.Ахуырдзауты хъуыдыкӕнынад ӕмӕ ныхасы хӕрзхъӕддзинад бӕрзонддӕр кӕнын.

4.Къордты кусыныл, хи хъуыдытӕ ӕргом кӕныныл ахуыр кӕнын  сывӕллӕтты.

5.Царды мидӕг ӕгъдауджын,рӕстзӕрдӕ уӕвыныл ахуыр кӕнын .

Урочы хуыз

Урок-хъазт

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон хъазты хуызы басняты архайджытæн аргъ кæнын

Метапредметон: Урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын ,хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын.

Удгоймагон:  æрдзурын адæймаджы æппæрццаг æмæ æвæрццаг миниуджытыл, рæзын кæнын удыхъæды фæзминаг миниуджытæ

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордгай куыст, хъазты метод.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, карточкæтæ, презентаци, чингуытæ.

Урочы эпиграф:

                                                                                                                                      Двойная в басне польза-возбуждает смех

                                                                                                                               И учит жить разумными советами.

                                                                                                                                                      Древнеримский баснописец Федр

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

Организацион хай. Сывӕллӕттӕ, уӕ хӕс у, уӕ разы фӕйнӕгыл цы центон ис, уый цавӕр ӕмдзӕвгӕты  рӕнхъытӕй  арӕзт у, уый базонын.

Фӕлӕ уал нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, центон цы у, уый.

Равдисын 1-аг слайд.

-Ацы терминмӕ уын уе’ргом дзӕгъӕлы нӕ аздӕхтон.Центон нын баххуыс уыдзӕн нӕ абоны урочы темӕ сбӕрӕг кӕнынӕн.

2слайд.Центоны текст.

Дӕ фыдӕлтӕ рухсаг,

Дӕхӕдӕг мын бӕзз!

Ныртӕккӕ уын диссаг

Ӕрхӕсдзынӕн ӕз.(Хъазтӕ)

Бирӕгъмӕ та раджы

Арс кӕмдӕр хӕцыд.(Уайдзӕф)

Диссаг ӕвналынмӕ

Цас ын ӕнтысти!

Уалынмӕ уоны стӕг

Хурхы нынныхсти.(Бирӕгъ ӕмӕ хърихъупп)

Уӕд дын ӕм рувас

Кӕцӕйдӕр рауад.

Мӕ хуры чысыл,

Куыд рӕсугъд дӕ,куы! (Халон ӕмӕ рувас)

Алкӕмӕ лӕбурыс...

Арӕхстджын дзыхӕй,  

Афтӕмӕй нӕ курыс,-

Архайыс тыхӕй!...(Уайдзӕф)

Рувас йӕ ныхас нӕма фӕци,

Афтӕ дын бирӕгъ йӕ цыппӕртӕ

Хърихъупмӕ тилы.(Бир.ӕмӕ хър-пп)

Ох-хай, цы кодтай,цы?(Рувас ӕмӕ зыгъарӕг)

Сырд ма кӕм дзуры!(Бир. Ӕмӕ хър-пп).

Равдисы фӕйнӕгыл урочы темӕ.

Дзуапп:

Центон-литературон термин.Латинаг дзырд,нысан кӕны  «ӕмпъызтытӕ хъӕццул». Центон у ӕмдзӕвгӕйы хуыз, кӕцы арӕзт у иу кӕнӕ цалдӕр поэты ӕдзӕвгӕты рӕнхъытӕй.

 

Дзуаппытӕ:

-Ацы центон конд уХетӕгкаты Къостайы басняты рӕнхъытӕй.

-Нæ абоны урочы темӕ баст у Къостайы баснятимӕ.        

.

Регулятивон:

ахуырадон нысан æвæрын

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

-Хорз сарӕхстыстут, сывӕллӕттӕ.  Уӕдӕ ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм,басня цы у.

- Къостайы баснятӕй кӕцытимӕ базонгӕ стут?

-Цавӕр уырыссаг баснятӕфыссӕгыл ахуыр кодта Къоста?

-Къоста ӕмӕ И.А. Крыловы баснятӕй сӕ сюжеттӕ иухуызон кӕцытӕн сты?

Дзуапп:

 Басня у асӕй чысыл уацмыс. Йӕ мидис у сатирикон,арӕхдӕр фыст вӕййы ӕмдзӕвгӕйы хуызы.Басняйы фӕсномыгӕй ӕвдыст ӕрцӕуынц адӕймаджы удыхъӕды миниуджытӕ,царды рафауинаг хъуыддӕгтӕ. Басняйӕн йӕ кӕроны,стӕм хатт йӕ райдайӕны вӕййы зондамонӕн ныхас-мораль.

Дзуапп дӕттынц.

-Дзуапп: И.А.Крыловыл.

-Дзуапп: «Халон ӕмӕ рувас»( «Ворона и лисица»), «Бирӕгъ ӕмӕ хърихъупп»( «Волк и журавль»), «Хъазтӕ» ( «Гуси»).

Зонадон: 

зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, классификаци.

Коммуникативон: 

хи хъуыдытæ æргом кæнын.

Удгоймагон: 

æнкъарын басняты ахадындзинад царды.

Ног æрмæгыл куыст.

 Хъазты хуызы

баснятæн анализ скæнын

-Уӕдӕ мах абон уазӕгуаты цӕуӕм Хетӕгкаты Къостайы басняты хъайтартӕм,семӕ иумӕ равзарӕм,цы у хорз ӕмӕ ӕвзӕр. Нӕ урок та ацӕудзӕн хъазты хуызы.

Аулæфт. Физминуткæ.

- Сывӕллӕттӕ, ацы ---хъусынгӕнинӕгтӕ гӕзеты бакастӕн.Цымӕ сӕ чи ныффыстаид?  (Алы къордӕн  дӕр  хъусынгӕнинӕгтӕ сӕ разы сыфтыл ӕрӕвӕрын)  

-Бузныг,сывæллæттӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Къоста йӕ басняты равдыста,стыр аргъ кӕй кӕны адӕймаджы бӕрзонд удыхъӕды миниуджытӕн. Ӕмӕ уӕдӕ худгӕ та цавӕр хъӕнтыл кӕны? Уӕ дзуӕппытӕ дӕнцӕгтӕй баххӕст кӕнут.

Урочы эпиграфыл ӕрдзурын.

Сыв-тӕ,Къостайы басняты ис зондамындтӕ-ӕмбисӕндтӕ.Ӕмӕ цымӕ нӕ абоны урочы зондамынд та цы у?

- Иттӕг хорз сарӕхстыстут, сывӕллӕттӕ, уӕ дзуаппытӕ ма рифмӕгонд  дӕр рауадысты. Бузныг уын.

Къордты куыст:

1-аг къорды хæслæвæрд

Къостайы кӕцы баснятӕм ахӕсгӕ сты ацы ӕмбисӕндтӕ?

      1) Хӕрзгӕнӕг хорз никуы ссардта. («Бирӕгъ ӕмӕ хърихъупп»)

2) Гӕды фиумӕ куы не ‘ххӕсса, уӕд ӕй мархо хоны.« Марходарӕг»)

3)  Искӕй кадӕй дӕхицӕн ном ма кӕн.«Хъазтӕ»)

4)  Цӕстмӕхъус ныхас дӕ сӕрмӕ ма хӕс. («Халон ӕмӕ рувас»)

5) Хивӕндмӕ уайдзӕф нӕ хъары. («Уайдзӕф»)

6)  Хиппӕлой Ирмӕ худинаг уыд. ( «Булкъ ӕмӕ мыд»)

 2-аг къорды хæслæвæрд

Къостайы басняты хъайтарты базон.

  1. Бирӕгъы дзыхӕй уоны стӕг сдавта .(Хърихъупп, « Бирӕгъ ӕмӕ хърихъупп»)
  2. Бӕласы цонгыл  цӕргӕсау сбадти.(Халон, «Халон ӕмӕ рувас»)
  3. Тар хъӕды йӕ егар сырдта.(Саг, «Саг ӕмӕ уызын»)
  4. Урссаджы хъӕстӕ рагӕй нал фӕци.(Гӕды, «Марходарӕг»)
  5. Лӕгӕн цы нӕ хӕринаг авӕрдзӕн йӕ разы. (Хорз ӕфсин, «Булкъ ӕмӕ мыд»)
  6. Иу бон йӕ хъазтӕ уӕймӕ фӕцӕйтардта. (Фӕрссаг лӕг дыгурон, «Хъазтӕ»)

3-аг къорды хæслæвæрд

Къостайы баснятӕй кӕцытӕй ист сты ацы ӕмбисӕндтӕ?

  1. Коммӕгӕсы ма цӕв,-

Мастӕн ӕй хӕсдзӕн.(«Уайдзӕф»)

2) Дӕ фыдӕлтӕ рухсаг,

Дӕхӕдӕг мын бӕзз! (« Хъазтӕ»)

3) Алчи зыдгӕнӕджы бирӕгъ фӕхоны.(«Бирӕгъ ӕмӕ хърихъупп»)

4)Цӕстмӕхъус ныхас фыдбылыз хӕссы.(«Халон ӕмӕ рувас»)

5)Ма худ аууонмӕ ӕвзӕрыл,

Хорз-иу йӕ цуры бафау!(«Булкъ ӕмӕ мыд»)

6)Лӕг кӕрдзынӕй дӕр ӕфсӕды

Гутоны фӕстӕ.(«Марходарӕг»)

Дзуаппытæ:

  1. Фесӕфт мӕ цыхт,цалынмӕ зарыдтӕн,уӕдмӕ.Уӕ хорзӕхӕй,чи йӕ ссара,уый мӕм ӕй фӕхӕццӕ кӕнӕд.(Халон, «Халон ӕмӕ рувас»)
  2. Агурӕм нӕхицӕн ӕмбал Ӕрджынарӕгмӕ цӕуынмӕ.Дыууӕйӕ нӕ ныфс нӕ хӕссӕм.(Рувас ӕмӕ зыгъарӕг , «Рувас ӕмӕ зыгъарӕг»)
  3. Абонӕй фӕстӕмӕ дарын мархо.Курын,ӕмӕ мӕм галы фиу мачи хатӕд.(Гӕды, «Марходарӕг»)
  4. Ис мӕм стӕг хъуырӕй фелвасыны фӕлтӕрддзинад. Табуафси, цӕттӕ дӕн ӕххуысмӕ.(Хърихъупп, «Бирӕгъ ӕмӕ хърихъупп»)
  5. Зӕххыл мӕхицӕй хӕрзаддӕр нӕй,уӕлдай диссаг та мыдимӕ дӕн.(Булкъ, «Булкъ ӕмӕ мыд»)
  6. Агурӕм нӕхицӕн ног хицау. Нӕ хицау нын нӕ фыдӕлты кад мурмӕ дӕр нӕ дары.(Хъазтӕ, «Хъазтӕ»)
  7. Хатыр курын мӕ сыхӕгтӕй,нал уӕ худинаг кӕндзынӕн ,фосмӕ нал лӕбурдзынӕн.(Бирӕгъ, «Уайдзӕф»)

Дзуаппытӕ.

1-аг къорд:

Махмӕ гӕсгӕ,Къоста йӕ басняты худы хин ӕмӕ фӕлывд адӕмыл,цӕстмӕхъус митӕ чи кӕны,ахӕмтыл.Ӕнӕзонд,козбау митӕ кӕй зӕрдӕмӕ цӕуынц,ахӕмтыл. «Рувас ӕмӕ зыгъарӕг», «Халон ӕмӕ рувас».

2-аг къорд:

Къоста йӕ басняты худы, йӕхӕдӕг ницы уӕвгӕйӕ, йӕ уӕздан фыдӕлтӕй чи ‘ппӕлы,уыдоныл. «Хъазтӕ»

Йӕ  басня  «Бирӕгъ ӕмӕ хърихъупп»- ы та ӕнауӕрдонӕй худы, хорздзинад чи не’мбары,ахӕмтыл.

3-аг къорд:

Басня «Уайдзӕф»-ы та Къоста худы хивӕнд,ӕгоммӕгӕс адӕмыл. Куыд фӕзӕгъынц, дзырд йӕ иу хъусы бахызт ӕмӕ иннӕмӕй рахызт,зӕгъгӕ.

Дзуаппытӕ:

-Мӕнмӕ гӕсгӕ, нӕ урокӕй райсӕн ис ахӕм зондамынд:  «Къостайы ӕмбисӕндтӕй пайда кӕнын зон, ӕмӕ дӕ царды нӕ уыдзӕн фӕсмон».

-Ӕз та афтӕ зӕгъдзынӕн: «Къостайы баснятӕ кӕсын-ирон литературӕйы хӕзнатӕй хайджын уӕвын».

Зонадон: 

хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци текстты ссарын æмæ радзурын зонын

Коммуникативон: 

хи хъуыдытæ æргом кæнын.

Удгоймагон: этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

Уӕдӕ уӕ бон зӕгъын у, сывӕллӕттӕ,ӕмӕ уӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ арвыстат нӕ урочы? Зӕгъут-ма уӕ хъуыдытӕ, уӕ хорзӕхӕй. «Рефлексивон экран» равдисын.

Дзуаппытæ:

Абон ӕз базыдтон...

Урок уыд цымыдисаг...

Зын мын уыдис ...

Урок мын феххуыс уыдзӕн царды...

Хӕдзары радзурдзынӕн...

                  Ӕз бамбӕрстон…

Зонадон: архæйдтытæ зæрдыл æрлæууын кæнын;

 аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын

Коммуникативон:

хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын

Удгоймагон:

хорз æмæ æвзæр æвзарын

Хатдзæгтæ скæнын.

-Цавæр хатдзæгтæ скæндзыстут абоны урокæй?

-Кӕд Къостайы уацмыстыл ӕнусӕй фылдӕр цӕуы, уӕддӕр абоны бон не’хсӕн цӕрынц Халон дӕр, Рувас дӕр, Бирӕгъ дӕр,Хъазтӕ дӕр ӕмӕ а.д. Ӕмӕ нӕ алчидӕр йӕхимӕ куы ‘ркӕса,уӕд ,ӕвӕццӕгӕн, Къостайы хъайтартимӕ цы хъӕнтыл худӕм абон,уыдонӕй искӕцытӕ нӕхимӕ ссардзыстӕм. Уымӕн ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст адӕм нӕй нӕ царды мидӕг,хъыгагӕн. Ӕмӕ мӕн фӕнды,цӕмӕй уын нӕ куырыхон Къостайы зондамындтӕ ӕвдадзы хосау  уой.Царды мидӕг ,фыццаджыдӕр, уӕхи хъӕндзинӕдтӕ уынынхъом ут,стӕй рӕдигӕ чи кӕны, уыдонӕн та  цӕстуарзон ӕххуысгӕнджытӕ ут. Нӕ фыдӕлтӕй нӕм баззад ӕмбисонд.Алы адӕймаг дӕр цӕргӕ-цӕрӕнбонты йе’уӕхскыл хӕссы хордзен. Раззаг дзӕкъулы  ӕвӕрд сты адӕмы хъӕнтӕ, фӕстаг дзӕкъулы та- йӕхи хъӕнтӕ.Ӕцӕг адӕймаг,дам,   уый у, ӕмӕ уал фыццаг фӕстаг дзӕкъулмӕ чи ныккӕсы..

Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

Дзуаппытæ.

Коммуникативон:

хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын.

Удгоймагон: æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын.

Хæдзармæ куыст

-Лӕвӕрд хӕслӕвӕрдтӕй иу равзарут:

1.Бафӕлварут  сымах дӕр центон саразын Къостайы басняты рӕнхъытӕй.

2.Къостайы баснятӕм гӕсгӕ кроссворд скӕнын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Методическая разработка: предполагаемый план проведения урока - При подготовке к уроку использовать как вспомпгательный ориентир для каждого этапа урока. Презентация отражает создание условий для учебных действий на уроке.

При подготовке к уроку использовать как вспомпгательный ориентир для каждого этапа урока.  Презентация отражает  создание условий для учебных действий на уроке....

Конспект открытого урока по технологии в 6 классе. Тема урока: Игровые технологии на уроках обслуживающего труда. Одежда и требование к ней. Снятие мерок для построения чертежа юбки. (Презентация к уроку)

Разработка урока с презентацией помогает учителю более доступно и понятно познакомить учащихся с историей юбки. На уроке используются игровые технологии, что помогают учащимся лучше усвоить материал у...

Урок изобразительного искусства в 5-ом классе.Тема урока: « Деревья как люди». Вид работы: рисование по представлению Тип урока: комбинированный, урок – сказка

Тема урока: « Деревья как люди».Вид работы:  рисование по представлениюТип урока:  комбинированный, урок – сказка Цель урока:ü Средствами   изобразительного языка   ...

Класс 9 Урок №24. Тема урока: Системы счисления. Перевод чисел Тип урока; Урок «построения » системы знания.

Урок для учащихся 9 класса по теме "Системы счисления. Перевод чисел". Урок в разделе программы по счету третий. Цель:Образовательная: систематизация и расширение знаний обучающихся о операциях п...

Урок обобщающего повторения по теме Южная Америка.Урок-игра.Особый колорит уроку придаёт просмотр ролика"Танго и футбол", вопрос от шеф повара с угощением мамалыгой и синквейн. Легенда рассказанная в начале урока настраивает ребят на работу.

Урок географии в 7-м классе по теме "Южная Америка". Подготовила и провела: учитель географии 1квалификационной категории Васильева Елена Тихоновна  в МБОУ СОШ №21 г. Коврова, в рамках подго...