Доклад «Мады фæлгонц Плиты Грисы сфæлдыстады».
статья (10 класс)

Поэт в своей поэме на примере одной семьи показал участие осетинского народа в ВОВ. 

Скачать:


Предварительный просмотр:

Доклад

«Мады фæлгонц Плиты Грисы сфæлдыстады».

Плиты Грис райгуырд 1913 азы Хуссар Иры Ручъы хъæуы. Мидхæсты заман Гришы бинонтæ ралыгъдысты Ирыстонмæ, æрцардысты Ногиры. Ам Грис фæци хъæууон скъола. Уый фæстæ ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны пед.техникумы. уый фæстæ ацыд Мæскуымæ, театралон институтмæ.

  Зæххыл æрцыд, историйы чи нæма уыд, ахæм хæст. Сыстад Германы бæстæй, ахæлиу Европæйыл, стæй анхъæвзта æгас дунейыл. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст.

Уыцы хæст уыд советон адæмæн æппæты егъаудæр фæлварæн.

Нæй басæттæн сæрибар адæмæн. Нацистты лидзын бахъуыдис Терк æмæ Идылы былтæй. Сырх æфсад басаста Вермахты фидар. Хæсты арт ахуыссыд, зынг кæцæй сирвæзт, уым- Берлины. Фæлæ хæст йæ фæстæ ныууагъта туджы фæдтæ, æнусон нуæстæ, сыгъд зæхх æмæ саст хъысмæттæ. Уыдон аивадæн лæвæрдтой, дæттынц æмæ дæтдзысты хъæздыг æрмæг.

Хæсты зилдухæны бахауд Ирыстон дæр, куыд Цæдисы иу къабаз, афтæ. Йæ фыццаг бонæй фæстæмæ ир бацыдысты хъазуатон хæсты. Равдыстой æмбисонды патриотизм, нæртон æхсар æмæ хъайтарон намыс.

Лæгæвзарæн тохмæ арвыстой ныййарджытæ са уарзон хъабулты. Хæстмæ цæуæг фæсивæдæй бирæтæн æнтысгᴂ дæр ницыма бакодта царды, афтæмæй бирæ цардбæллон лæппутæ нал сыздæхтысты Райгуырн бæстæмæ. Æфсæддон фыссæг Петр Павленко фыста: «Дзырд ирон фыдыбæстæйы хæсты æппæт фронтты дæр дзурынц буцæй, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ æнувыд хæстонтæй».

Уыцы хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй иу уыд Плиты Грис дæр. Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг бонты ацыд фронтмæ. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй райста цалдæр хорзæхы. Грис райдайæнæй кæронмæ уыд хæцæг æфсады, бавзæрста адæмы хъизæмар, æвдисæн уыд адæмы лæгдзинадæн. Æрмæстдæр хæсты цæхæр, хæсты уæззау уаргъ йæхи рагъыл чи бавзæрста, æрмæстдæр ахæм адæймаг фысдзæн афтæ арф, карз æмæ бæлвырд. Йæ лирикæ у алывæрсыг, фæлæ поэты сагъæсты сæр у Ирыстон – йæ историон хъысмæт, йæ фарн, йæ фидæн.

  Нæ уарзон бæстæмæ немыцаг фашистты æрдонг куы ’рбабырста æмæ куы стынг ис Фыдыбæстæйы хæст, уæд Плиты Гриш ныффыста цалдæр патриотон æмдзæвгæйы. Фæлæ Плийы-фырт канд æмдзæвгæтæ нæ фыста уыцы рæстæджы. Фыдыбæстæйы хæстæн йæ райдианы ацыди æмæ хæстон хотыхтæ йæ къухмæ райсгæйæ, хæцыди немыцаг лæбурджыты ныхмæ нæ райгуырæн бæстæйы сæрибары охыл. Гриш Фыдыбæстæйы хæсты йæхи равдыста хорз афицерæй æмæ патриотæй. Йæ арæхстдзинад æмæ иузæрдион архайды тыххæй хæсты быдыры Плиты Гришæн лæвæрд æрцыди цалдæр паддзахадон хæрзиуæджы. Уымæй уæлдай Плийы-фырт йæ фыссын нæ ныууагъта. Ныффыста бирæ уацмыстæ хæсты уæвгæйæ, кæцыты мидæг нæ советон адæммæ сидтис гитлеронты ныхмæ æнауæрдон тохмæ, цæмæй знаг тагъддæр дæрæнгонд æрцыдаид, æмæ та советон адæмтæ балæуыдаигкой сæ цард аразынмæ. Йе’мдзæвгæтæ мыхуыргонд уыдысты газетты æмæ журналты. Фæстагмæ Фыдыбæстæйы хæст куы банцад, уæд Гриш уыцы æмдзæвгæтæ рауагъта хицæн чиныгæй. Чиныгыл ном сæвæрдта – «Салдат». Чиныгæн йæ ном нæ хицæн кæны йæ мидисæй.

Хæст æмæ хæстон фыдæвзарæн систы Грисы сæйраг дзуринаг, хæсты быдырмæ куы бацыд, уæдæй суанг йæ царды фæстаг азтæм. Хæст у, Грисы нымадæй, «цардæй мæлæты 'хсæн цы ауæдз ис», ууыл цæуын. Хæст у æвирхъау фыдæвзарæн, хæцæны знаджы ныхмæ чи лæууы, уыдонæн дæр, стæй хæцæнæй дард ран фыдудæй чи мæлы, йæ хæстон хъæбултæм хæцæнмæ чи дзыназы, уыдонæн дæр.

Сᴂйрагдᴂр ᴂрлᴂудзынᴂн Плиты Грисы лирикæйыл, мады фæлгонц нывæфтыдгæнæг уацмыстыл, йе сфæлдыстады проблематикæйыл. Уæлдай тынгдæр хъус æрдарᴂм мады фæлгонц нывæфтыдгæнæг уацмыстæм, Грис дзы цы сæйраг фæрстытæ æмæ проблемæтæ рахицæн кодта, уыдоныл.

Ныййарæджы фæлгонц Плиты Грисы æмдзæвгæты.

 

Дзуццаты Хадзы-Мураты хъуыдымæ гæсгæ, хæст «хистæр фæлтæры поэттæн уыдис этапон (Нигер, Гулуты Андрей, Боциты Барон, Епхиты Тæтæри, Плиты Харитон), иннæтæн та поэтикон тыхджын стахты период (Плиты Грис, Гафез), аннæтæн та уыд сæ поэтикон райгуырды рæстæг (Джусойты Нафи, Мыртазты Барис, Асаты Реуаз, Баситы Дзамболат)» [4: 13]. Джусойты Нафи афтæ кæй дзуры: «Хæст у æвирхъау фыдæвзарæн, хæцæны знаджы ныхмæ чи лæууы, уыдонæн дæр, стæй, хæцæнæй дард ран фыдудæй чи мæлы, йæ хæстон хъæбултæм хæцæнмæ чи дзыназы, уыдонæн дæр,-уый нысан кæны, хæцæны чи ис, уыдонау æвдисын хъæуы, фæсчъылдымæй сын чи æххуыс кæны, чи сæм æнхъæлмæ кæсы, уыдон дæр.

Плиты Грисы лирикон сфæлдыстады сæйрагдæр апп у хæсты темæ. Грисы курдиат райхъал хæсты уынæрæй, бахсыст хæсты цæхæры, срухс и хæсты трагизмæй. Ирон хæстон поэзийы ис бæлвырд æнтыстытæ, фæлæ Нигеры фæстæ раст зæгъы Джусойты Нафи: «...поэзия Г. Плиева как бы воплотила в себе лучшие черты вæнной лирики и явилась ее вершинным достижением».

 Ацы хатдзæгмæ æрцæуынц иннæ литератортæ дæр. Джыккайты Шамил фыста, зæгъгæ, «хъæздыг у Грисы лирикæйы мидис. Алыхуызон у йæ тематикæ. Фæлæ цыфæнды поэтæн дæр вæййы, йæ лирикæ зæрдæмæ хæстæгдæр чи у, йæ курдиат парахатдæрæй кæм зыны, ахæм темæтæ. Грисæн ахæмтæ сты хæст æмæ аивад» 

Грисы хæстон æмдзæвгæтæй бирæтæ систы хрестоматион æмæ æцæг адæмон уацмыстæ. Уым фылдæр уыд тохмæ сидт, ныфсы ныхæстæ, ард æмæ сомытæ. Уым ныхæй-ныхмæ лæууынц хæрам æмæуарзт, тыхми æмæ сæрибар, тæппуд æмæ герой, æгад æмæ кад. Кадæг суыдзысты Грисы хæстон æмдзæвгæтæ иумæ, æмткæй.

Хæсты темæимæ æнгом бастæй цæуы ныййарæг мады трагедийы темæ дæр.Фыдыбæстæйы Стыр хæст нæ бæстæйы уыдис тæккæ уæззаудæр фæлварæн. Ирон сылгоймаг лæгæй - лæгмæ æрлæууыд цыфыддæр знаджы ныхмæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг хъайтардзинад, фæразондзинад æвдыста алы хуымæтæг ирон сылгоймаг дæр.  Ирдæй æвдыст æрцыд ацы темæ поэты бирæ æмдзæвгæты.  Зæгъæм, æмдзæвгæ «Мад» - ы  поэт æвдисы сидзæргæс мады катай:

«Сыстад дунейыл сидзæргæс мад,

Фарныл дзурæг, хæстæфхæрд ныййарæг, —

Ацыд хæцæнмæ уый лæг салдат,

Нал дзы раздæхти бинонты дарæг.

Мад иу къæсæрæй фæндагмæ каст,

Каст æдзынæг йæ саби дæр уырдæм:

Кæд фæзынид сæ дарæг æваст

Ӕмæ ’рбахæссид амонд йæ фыртæн.

Нæй, нæ фæзынд: йæ кой уа, йæ хъæр

Дард кæйдæр зæххыл бамыр зынгхуыстæй...

Мадæн сурс-урсид, митау, йæ сæр,

Астæу бандзыг, ныггуыбыр зын куыстæй.

Арæх цæстытæй тагъди йæ мæт,

Сыг æвæугæ цыди, цыма кулæй...

А дунейыл ма идæдзмæ каст…  

Ӕнамонд идæдз сылгоймагæн царды баззад иунæг удлæууæн – йæ хъæбул.  Хъарда ныййарæг йæхи йæ хъæбулы амондæн, куры:

«Ӕмæ сыстади дунейыл мад,

Къухтыл систа йæ иунæг бындары,

Зилы, агуры бæстыл рæстад,

Хæстæндзарæгæн йе стыр мæт хъары:

«Ма та, ма та ссудз дунейыл хæст!»

Мадæн рустыл йæ цæстысыг уайы… 

Хæстон фæндæгтæ-хуымæтæг фæндæгтæ нæ уыдысты поэтæн. Хæцын кæм хъуыди, уым - хæцгæ, уынаффæйы сæр кæм хъуыдис, уым æй агуырдтой йæ хистæртæ. Хъæбатыр, ныфсджын хæстон уыд, кад, намыс, уæлахиздзинад - уыдоныл хъуыдыгæнгæйæ, лæгæрста размæ.

Епхиты Тæтæри фыссы Грисы тыххæй: «Гришы зæрдæйы арф ныххызтысты тохы цæхæртæ, йæ æмдзæвгæты мидæг иу минут дæр рох нæ кæны, цы стыр хæс æвæрд ыл ис, уый, канд дзыхы ныхæстæй нæ, фæлæ хъару, зонындзинад æмæ æнæзæрдæхудт фæллойæ кæй рæзы ног цард, уый Гриш тынг хорз æмбары. Цард аразгæйæ бирæ зындзинæдтæ кæй ис фæндагыл, ног дуне саразын лæгъз фæндагыл азгъорыны хуызæн кæй нæу, уый поэт хаты».  

Таурæгъы бындурыл фыст у Грисы æмдзæвгæ «Æцæг мад». Ацы æмдзæвгæйы Грис равдыста ныййарæг мады æгæрон уарзт.

Ис рагон таурæгъ: иу фæливæг ус, дам,

Йæ мард хъæбулы аивта кæйдæр

Æгас лæппуйæ авдæны. Йæ хабар

Куы базыдта æгас лæппуйы мад,

Уæд бахъаст кодта паддзахмæ, йæ фырты

Цы мад аивта, ууыл, æмæ йæм

Фæсидти паддзах. Мадæлтæй йын алчи

Йæхи хуыдта æгас лæппуйы. Нæй,

Йæ бон нæ уыди базонын, æцæг мад

Ныййарджытæй кæцы уыди. Уæд дын

Ныхъхъуыды кодта паддзах æмæ загъта

Быцæугæнæг дыууæ мадæн: — Кæд ыл

Нæ фидаут, æгас лæппу кæй фырт у,

Нæ дзурут уый, уæд æй ныртæккæ æз

Дыууæ дихы фæкæндзынæн фæрæтæй,

Æмæ — хæсгæ уæ фæйнæ хайы. — Хорз!..

Мад ‒ æртæ дамгъæйæ арæзт дзырд. Фæлæ цас у йæ фарн, йæ уæз, йæ хъару царды, йæ уарзондзинад, йæ намыс, йæ кад… Чи йын фæуыдзæн нымад йæ хорздзинæдтæ?! Мад йæ хъæбулы сæрвæлтау, йæ цæрайæн ратдзæн йæ уд, йæ дзыхы уый разæй къæбæр нæ бакæндзæн, уымæн æмæ йæ сабимæ уарзондзинад йæ риуы æнæкæрон у. Алы адæймагæн дæр йæ царды рæсугъддæр æмæ адджындæр мысинæгтæ бает вæййынц ныййарæг мадимæ. Уымæй зынаргъдæр зæххыл ницы ис хъæбулæн.

Бæрзонд æмвæзадыл фыст у Грисы кадæг «Мады фæдзæхст» дæр.  Ацы æмдзæвгæйы поэт ссардта Ирыстоны номдзыд фырттæ инæлар Плиты Иссæ æмæ йе 'фсымæр Керымы ныййарæг Аминæты ном.  Ӕмдзæвгæ, авторы ныхæстæм гæсгæ, фыст раджы æрцыд, фæлæ мыхуыры фыццаг хатт рацыд Иссæйы мæлæты фæстæ.  Мад фыста Иссæмæ хсты быдырмæ, цæмæй хъахъхъæна йæ кæстæр æфсымæры:

«Стæй систа, бонраздæр йæ мадæй

Кæй райста, уыцы ног фыстæг,

Ӕмæ кæсы... Йæ мад фæдзæхста:

«Мæ хъæбул, курын та дæ æз:

Керыммæ ‒  де ’фсымæрмæ кæс,

Цæмæй йыл мацы ’рцæуа хæст…

 Иссæ фыстæг цы бон райста, уыцы бонæй гыццыл фæстæдæр цæттæ кодтой операци Днепыры фурды сæрты хид байсынæн.  Хъуамæ равзæрстаиккой командæгæнæг афицер.  Ӕмæ æрмæст уæд фембæлдысты дыууæ æфсымæры.  Керым ныллæгъзтæ кодта йæ фсымæрæн, цæмæй йæ ауадза уыцы зын хæс сæххæст кæнынмæ.  Иссæ бирæ лæгъзтæты фæстæ сразы.  Керым хъæбатыры мард акодта, фæлæ йæ й9æ мадæн не схъæр кодтой, загътой йын, æбæрæгæй фесæфт, зæгъгæ.  Уый æнхъæлмæ каст йæ хъæбулмæ фæлæ иу бон Грис йе 'мдзæвгæ бакаст радиойы, Аминæт æй æнæнхъæлæджы фехъуыста, æмæ бамбæрста йæ хъæбул мард кæй у. Фæлæ не смæсты, загъта:

«Фæкуыдта, йе ’мпылд рустыл сыг

Сæрфта йæ кæрдæны кæронæй

Ӕмæ дзырдта: — Ӕгъгъгед кæн хъыг,

Дæуæй æз тынг бузныг дæн, зон æй:

Исай æмæ ды дæр — дзырдтат,

Керым æнæбæрæгæ хæсты

Кæй фесæфти; æз та - йæ мад,

Ӕнхъæлдтон уæд, зæгъын, цы бæсты

Уыдзæни сæфт мыггагмæ? Кæд

Нæу мард, фæзындзæни уæд искæд,

Мæ зæрдæ нал кæндзæни ризгæ,

Мæ уд æрæнцайдзæни уæд...

 Уымæн фесæфтысты йæ сагъæстæ, йæ фырт æгадæй амынæты кæй нæ бахауд, уый тыххæй, йæ зæрдæ æрæнцад:

«Ныр хорз. Мæ зæрдæ нал æхсайы,

Ныр мын сæрыстыр уæвæн и…  

Ирон литературæйы дзæвгар æмдзæвгæты ардæуы салдаты мады ном.  Мады тыххæй æмдзæвгæтæн сæ сæйраг хъуыды æмæ сæ композицийæ сты кæрæдзийы æнгæс, фæлæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц сæ индивидуалон уынынадæй, хæдхуыз предметон детализацийæ.

Сидзæргæсы фæлгонц Грисы балладæты («Авд цухъхъайы». «Мад æмæ фырт» -ы).

 

Плиты Грисы хæстон темæйы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы балладæ «Авд цухъхъайы» (1965). Грисы балладæ фыст у Гæздæнты зынгхуыст авд æфсымæры кадæн. Историон æцæгдзинад æмæ сфæлдыстадон фантази дзы æддæг-мидæг ауадысты, æмæ сæ æмиуадæй райгуырди уацмысы психологион рæстдзинад, йæ зæрдæмæхъаргæ лиризм æмæ трагикон зæлынад.

Хуымæтæг ныхæстæй, ис ахаем хатдзæг скæнæн: балладæ у поэтикон уацмыс, йæ сюжеты ис диссаджы цау, йæ архайæджы хьысмæт у æмбисондаг, йæ эпикон зæлынадæн аивадон тых дагтты лирикон тæваг. Балладæйы уидæгтæ цæуынц адæмон сфæлдыстадæй, уымæ гæсгæ дзы ис фонтастикон цаутæ, алæмæтон фæзындтæ æмæ мæнгуырнынад (суеверие), Ӕппает цаутаем каст цæуы адæмы цæстæнгасæй, æппæт хъуыддаегтæн аргъгонд цæуы адæмы зондахастæй, адæмон гуманизмы барæнтæй. Уыйадыл ацы жанрæн ис егьау идейон-аивадон æмæ хъомыладон ахадындзинад, йæ нысаниуагг у уарзт, хорз æмæ рæстдзинад фидар кæнын. 

Поэтæн йæ зæрдæ тынг фæрыст Гæздæнты зынгхуыст авд æфсымæрыл, сæ ныййарæг мадыл. Сæ æвирхъау уавæр сын афтæ тынг банкъардта æмæ йе стыр курдиаты фæрцы, ирон æвзагæй арæхстджынæй пайдагæнгæйæ, сарæзта фæзминаг фæлгонцтæ. Шамиль фыста: «Грис арæхстджынæй пайда кæны хъайтарон зарæджы традицийæ дæр. Адæмон зарæджы арæх вæййы афтæ: цæф кæнæ мард бæгъатыр фæдзуры йæ мадимæ,  уый у ахъаззаг поэтикон фæрæз, уымæй фылдæр кæны зарæджы эмоцион тых. Грисы балладæйы архайд фæвазыгджындæр ис: мад удæгæстау ныхас кæны йæ мард  фырттимæ. Афтæмæй дывæр кæны балладæйы поэтикон хъару. Мады хъарæг æмæ цоты монологтæ бæрзонд сисынц уацмысы трагедион зæлынад. Баиу вæййынц лирикæ æмæ эпикæ, архайд змæлы æмæ рæзы арф æнкъарæнтæй.

Сфæлдыстадон хъомыс дзаумæтты скæны удджын, цухъатæ свæййынц сæ хицæутты цардæгас фæлгонцтæ, райсынц символон ахаст: уыдон сты æнусон мысинæгтæ, æвзæрын кæнынц цин æмæ хъыг, маст æмæ рыст. Цухъайы фæлгонц уавæр æмæ цауты трагизм йæ кульминацимæ сисы балладæйы финалы.

 Балладæйы Грис тынг ирдæй равдыста авд æдзард æфсымæры мады фæлгонц. Джусойты Нафи фыссы: «Нæ поэзийы æнустæм мысинагæй баззайдзысты дыууæ фæлгонцы, дыууæ мады бæрзонд трагикон сурæттæ: авд æфсымæры мад («Авд цухъхъайы») æмæ номдзыд инæлар æмæ йе ’дзард æфсымæры мад («Мады фæдзæст»).

Грис «Авд цухъхъайы» равдыста Гæздæнты авд æфсымæры хъæбатырдзинад, сæ кадджын мæлæт æмæ сæ ныййарæг мады æвирхъау уавæр хæсты рæстæг.

Мады фæлгонцы   балладæйы у символон. Иу ныййарæджы хъысмæты зыны æппæт ныййарджыты хъысмæт, афтæмæй æрцыд æвдыст хæсты трагеди. Зынаргъ у, адджын у цард. Бæлас акалдтой, уэгддæр уалдзыгон бон хуры хъармæ дидинæг ракалдта. Бæлас рæсугъд вæййы йæ къабæзтæй, адæймæ йæ цотæй. Уды рæсугъд дидинджытæ ракалдтой Гæздæнты авд æфсымæры дæр: сæ æгæрон уарзондзинад райгуырæн бæстæм, се скъуыхт дзинад.

Грисы «Авд цухъхъайы» кæронбæттæн фæлгонц у æнæбын айсбергау. «Уацмысы фæстаг аккордтæ мад æмæ цоты трагедийыл бафтауынц æндæр авд трагедийы, – фыссы Джыккайты Шамил. – Амонды аккаг чи уыд æмæ йæ амонд хæсты азарæй кæмæн басыгъд, уыцы чызджыты хъысмæт уæззау трагеди у. Уыдон баззадысты куырдуаты, нæ систы царддæттæг æмæ нæ бавзæрстой мады цин, нæ базыдтой хъæбулы ад. Уыдон сæ адæмыл нæ бафтыдтой рæсугъд кæстæртæ. Уымæй уæлдай сæркъулæй кæй лæууынц, уым ис ирон æгъдау, чызгон æфсарм. Афтæмæй ацы рæнхъытæй исæм бирæ тæлмæнтæ, æфтауынц нæ бирæ сагъæстыл. Кадавар дзырдтæ сты æрдзон, рæсугъд фидауынц сæ бынæтты, судзынц поэзийы рухсæй».

Нæмыг куы атæхы, уæд сæмбæлы, фыццаджыдæр, мады зæрдæйыл. Зæрдæйы хъæдгæмттæ та æрæгмæ дзæбæх кæнынц. Ныййарæгæн йæ хъæбул нæ мæлы, йæ фæстаг сулæфты онг дæр цæры йæ зæрдæйы. Æниу, æвæццæгæн, Гæздæнты авд æфсымæры мад Тасойæн йæ зæрдæ сау фæнык фестадаид, авд сау гæххæтты куы райстаид, уæд.   Хъысмæты афтæ бафæндыд æмæ Тасо амард хæсты размæ.Йæ авд сахъгуырд хъæбулы сæфты уæз æгасйдæр æрæнцад сæ фыд Асæхмæты уæхсчытыл.    Гæздæнты авд лæппуйæн сæ цæсты рухс ахуыссыд, фæлæ сæ ном æнустæм цæргæйæ баззад адæмы зæрдæты, зарджыты, æмдзæвгæты, æгомыг дурры. Скульптор Санахъоты Сергеймæ Я.Франкель æмæ Р.Гамзатовы зарæг «Журавли» сæвзæрын кодта сусæг хъуыды… Афтæ равзæрд Дзуары хъæуы Гæздæнты авд æфсымæры цырт.

   Хурæргомæй цы авд æфсымæры трагедитæ уынæм, уыдонæй стæм трагеди, – мады зæрдæйы рис, – ноджы стырдæр, абарæн дæр кæмæн ницæимæ ис, ахæм у. Балладæ æмткæй уыцы, стæм трагедийыл нывæст у. Афтид цухъхъатимæ йæ ныфсы хъæбулты быныл баззайæг рыстзæрдæ мады ныхас-хъарæг адæймаджы зæрдæйыл уымæн æмбæлы. Шамил загъта: «Иры зæххыл арф нуæстæй баззад авд æфсымæры мæлæт.

Мадæн йæ цæсгом рухс у йæ фырттæй. Уыдон сæ сæрмæ худинаг не рхастой, фæлæ сæ фыдыбæстæйы сæраппонд, сæрибарыл радтой сæ цард.

Сæ мад — Гæздæнты Тасо — амард æртыккаг æфсымæры мæлæты хабар райхъуысты фæстæ. Сæ райгуырæн хъæуы сын ис æвæрд цырт, цы ран æвдыст ис хъынцъымгæнæг мад æмæ авд хърихъуппы — йæ авд фырты.

Хъайтарты бинонты истори æвæрд у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историйыл иумæйагæй. Кæмæндæр хæст йæ иунæг сывæллоны ахаста, иуæй иу бинонты та фæмард сты сæ цот иууылдæр. Дзуарыхъæуккæгтæ-Гæздæнты авд æфсымæры ацыдысты фронтмæ æмæ сæ фæстæмæ иу дæр нал æрыздæхт. Махарбег фæмард 1941 азы, Мæскуы хъахъхъæнгæйæ. Мæхæмæт æмæ Хаджисмæл фæмард сты Севастополь хъахъхъæнгæйæ. Дзæрæхмæт фæмард Новороссийскы цур тохы. Созырыхъо йæ цардæй ахицæн кæмдæр Киевы цур. Се ′гасы кæстæр — Дзæрæхмæт та фесæфт 1941 азы сентябры Украинæйы. Уыдон уыдысты хуымæтæг сырхæфсæддонтæ. Фæлæ Шамиль та 1937 азæй уыд Сырх æфсады рæнхъыты æмæ ссис офицер. Службæ кодта æхсарджынæй. Ссис Сырх Стъалыйы дыууæ ордены æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дыууæ къæпхæны орденты кавалер.

Гвардийы лейтенант Гæздæнты Шамиль, 2-æм гвардеон æхсæн дивизийы 6-æм гвардеон æхсæн полчы минææхсæг ротæйы командир фæмард 1944 азы 23 ноябры. Фыццаг ныгæд уыд поселок Никрацейы цур, уый фæстæ йын йæ мард буары хæйттæ рахстой Скрунды районы хутор Лиекнийы цур мемориалмæ. Балладæйы стыр уаргъ хæссы ноджы ныхмæвæрды фæрæз. Дзуццаты Хадзы-Мурат антагонистон бастдзинад фиппайы суанг уацмысы ритмикон арæзт («рог хорейон стих») æмæ йæ уæззау трагикон мидисы æхсæн. Контраст уæлдай ирдæй зыны дыккаг лейтмотивон цыппаррæнхъоны – «…бæстыдзаг тæригъæды тыххæй» авторы цыбыр ныхасы:

Мад йæ уырзтæй цухъхъа дауы

Æмæ хусцæстæй лæууы.

Айнæг сау фæрчытæй хауы,

Арв цыхцырджытæй кæуы.

Саударæджы, æдде бакæсгæйæ, æнцой уаг («хусцæстæй лæууы») йæ æцæг уавæрæй цас дард у, уый æвдыстæуы æрдзы утæхсæн æмæ знæт маройæ. Афтæ зыны, цыма мадæн йæхи зæрдæ мастæй ныддур и, байсыстысты йæ судзгæ цæссыгтæ, фæлæ – нæ, сюжеты кæронмæ æввахс – «Мад æрхæндæгæй дзыназы.

Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста ирон сылгоймаг. Бирæ гуыргъахъ фæндæгтыл фæцыд. Хæххон æвадаты æрдз ын йе `ккойыл уæззау уаргъ æрæвæрдта. Бирæ хъизæмæрттæ бавзæрста. Йæ мæгуыры бонтæ тыдта. - йæ царды уавæртæ. Цыбыр - йæ æвналæнтæ.

Афтæмæй ирон салдат йæ уарзон сылгоймаг æмæ йæ мады фæлгонцы иугæндзон уыны Ирыстоны фæлгонц. Ирон салдæттæ йæм се ’ппæт нал æрыздæхтысты, бирæтæ дзы хæсты быдырты баззадысты, фæлæ дзы алчи дæр царди æмæ улæфыд йæ райгуырæн зæххы æнувыд уарзтæй, алчи дæр дзы кад скодта Ирыстонæн.

Ирон æмбисонд зæгъы, «мадæй зынаргъдæр ницы ис», зæгъгæ. Уый дæр нæ адæмон æмбисонд у, æмæ йæ хъуамæ нæ кæстæртæ зоной, аргъ ын кæной, æгады бынатмæ йæ ма хъуамæ æруадзой.  Хъуыды бафидар кæныны тыххæй Грис фыссы балладæ «Мад æмæ фырт».

Раст у поэты нымад: хæсты размæ царды æмæ зæрдæйы хъулæттæ куынæма зыдта, уæд йæ хъуыды, йе ' нкъарæнты æмæ цардæмбарынады цы хуымæтæг гармони уыди, уый фесæфт, уый ацыд уæларвон дунемæ æмæ йын ссарæн нал уыд. Ралæууыд фæсхæсты дуг, цард æмæ адæймæыл дзурыны дуг, сагъæс кæныны æмæ тæрхон кæныны рад.

Грис фыста салдаты хъизæмарыл дæр æмæ, салдатмæ чи 'нхъæлмæ каст, афтæмæй йæ мастæлгъæд бонтæ чи 'рвыста, уыдоны тыххæй дæр.Азæй-азмæ адæмæн æргомæй-æргомдæр кодта хæсты æвирхъау æцæгдзинад. Ивта йæ хуыз Грисы поэзи.

Фæци энтузиазмы рæстæг. Ныр поэты хъуыди цаутæм бæстондæр кæсын. Уыдта хæсты æууæлтæ æмæ сæ нывæфтыд кодта хæрзхъæд уацмысты. Иу хæстоны цардвæндаг иумæйаг у æппæт æфсадæн, йæ хъысмæты зыны æппæт адæмы хъысмæт, — афтæмæй къаннæг уацмысы æвдыст æрцыд стыр хæсты траге

Хæст цæгъды адæмы, халы хъæутæ æмæ горæттæ, судзы хуымтæ. Уымæй фылдæр та хæссы моралон зиантæ. Уæд сæ тыхы бацæуынц фыдæгъдæуттæ, тыхми, зыд, хæрам. Афтæ вæййы мидхæст æмæ стигъæн хæсты фæстæ. Æндæртæ уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстиуджытæ. Йæ цæхæрæй нæ адæм рацыдысты æхсыстæй, сыгъдæгæй, намысджынæй. Патриотон хæст æмæ уæлахиз адæмæн радтой ныфс, зæрдæты бауагътой цæрыны монц, стыхджын кодтой советон гуманизм.

Поэты лирикон хъайтар зæрдæйæ у хъæздыг æмæ рæсугъд адæймаг. Уымæн хæсты цæхæры дæр нæ мынæг кæны йе стыр уарзондзинад. Хæст нæ мары патриоты зæрдæ æмæ æнкъарæнтæ. Сæрибары хæстон райы царды цинæй, йæ райгуырæн зæхх у йæ сомыгæнæн:

«Мæ хорз, мæ уарзон лымæн, хъус-ма!

Ис Иры иу сыгъдæг бынат,

Æмæ дзы худгæ хуры рухсмæ

Бæрзонд йæ саумæры æнусмæ

Къоста фынæй кæны æнад:

Уый у мæ сомыгæнæн рагæй ‒

Къостайы ингæны сыджыт, ‒

Йæ ард мыл бафтыд, искуы знагæн

Куы раттон уый, фæуæд мыггагмæ

Мæ уд æнæбындар, æдзыт!».

Æмæ мад йæ фырты кæй мысы æмæ йын алы бон кæй фæкувы «уæлахизы æрвнæрдмæ», уый æрдзон хъуыддаг у. Уый цард йæхæдæг дæтты. Зындгонд балхъайраг поэт Хъайсын Кулиев уымæн дзырдта: «Первой пулей на войне любой поражает сердце матери.

Ныййарæг у царддæттæг, хæст – цардисæг. Никуы бафидаудзысты кæрæдзиимæ, фæлæ ныййарæджы уарзт, йæ куывд кæддæриддæр разынынц тыхджындæр хæсты удисæг тыхæй.

Мад алкæмæн дæр адджын кæй у, нæ уарзты æнкъарæнтæ фыццаг уымæ кæй фергом вæййынц æмæ нæ зæрдæйы къуымæй кæй никуыуал рафтынц, уымæн æвдисæн, поэт хæсты быдырæй йæ мады куыд мысыдис, уый.

Мады зæрдæ диссаг у! Уарзтæн-æгæрон, мастæн- фæразон, таурæгъты дзуринаг! Ӕвæдза, мадæн йæ хъæбул нæ мæлы. Ныййарæг йæ царды бонтæ æрвиты цæссыг згъалгæйæ, хъæбуллæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Мад цотæн у фидар мæсыг, уыцы мæсыджы дуар та æхгæд никуы вæййы. Мад йæ цотæн - æнæбайсысгæ суадон. Адæймæ уарзы йæ хойы, йе `фсымæры... Фæлæ зын сахаты æуры æхуысмæ йæ мады. Арвæй цы дур æрхауы, уый зæхх нæ уромы, фæлæ йæ бауромы мады зæрдæ.

Поэты бон у чысыл ахорæнтæй цæстуынгæ нывтæ кæнын: æгъуыссæг æхсæв, ныккæнд (акъопп), салдаты архайд — ацы нывтæ сты реалон æмæ хуызджын. Поэт йæ уавæр уыны мады зæрдæйы, мады сагъæсты фæрцы æргом кæны йæхи æнкъарæнтæ æмæ уымæй æмдзæвгæйæн дæтты поэтикон хуыз, эмоцион æндыгъд тæмæн æмæ аивадон хъомыс. Уацмысы фæстаг рæнхъыты зыны тох æмæ удхары нысан, рæстдзинад кæм ис, уым вæййы оптимизм дæр.

Плиты Грисы аив литературон куыст бирæкъабазджын у ‒ поэт, драматург, критик, тæлмацгæнæг.

Хæсты цæхæры йæхæдæг чи уыд, уыцы поэттæй иу у Плиты Грис ‒ Цæгат Ирыстоны адæмон поэт æмæ драматург, æфсæддон бастдинæдты инженер. Фыдыбæстæы Стыр хæсты райдианæй йæ фæудмæ уыдис афицерæй хæсты быдыры. Иæ хъæбатырдзинады тыххæй йæ Сæйраг Командæйад схорзæхджын кодта цалдæр орденæй æмæ майданæй. Бирæ тæссаг хæстыты удуæлдайæ кæй архайдта, уый тыххæй йын Уæлдæр Командæгæнæг радта цыппар хатты Арфæйы чингуытæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæ зынгæ бынат æрцахста Грисы сфæлдыстады. Поэт хæстон салдаты цард æмæ архайд арæхстджынæй бæтты рæзгæ фæлтæры цард, сæ хъуыдытæ, сæ бæллицтимæ. Поэты лирикон герой зæрдæйæ у хъæздыг æмæ рæсугъд адæймаг. Уымæн хæсты цæхæры дæр нæ мынæг кæны йе стыр уарзондзинад.

Салдат хæсты райдианæй йæ фæудмæ фæцыд хæцгæ туджы быдыртыл, æрцыд уæлахиздзауæй, дзуры адæмæн хæсты диссæгтæ, хъусы сæм саби, ныххудт æмæ йæ фыдæн зæгьы: ацы аргъауæй хуыздæр аргъау æз никуыма фехъуыстон.

Мады зæрдæ у диссæгты æвидигæ суадон. Мады рæвдыд у уалдзыгон хурау, йæ хъæлæс та Уæлахизы Тырысайы хуызæн, кæцы нын дæтты ныфс нæ царды фæндæгтыл цæугæйæ.   Алы адæймææн дæр йæ хæс у мадæн аргъ кæнын, лæггад кæнын. Алы ныййарæг мады сæйрæ бæллиц та у, цæмæй йæ хъæбул æнæнизæй, амондджынæй цæра хæст макуы бавзаргæйæ. Ирон сылгоймаджы намысы цæсгом ирдæй зыны Грисы уацмысты фæлгонцтæй.          

Ныййарæг мад – хъæбулты ныфс, сæ даргъ фæндæгты æмбæлццон. Зын сахат фесты арт, джебогъ, уарт. Базыртыгъ цæргæсау йæ царды кæронмæ хъахъæнæны йæ кæстæрты. Ныййарæг мад, дунейы маст, дунейы хъыгтæ, дунейы цинтæ йæ зæрдæйыл кæмæн цæуынц.

Мад, ныййарæг мад свæййы хъæбулы цардвæндаг рухсгæнæг стъалы. Уый номимæ баст сты не сгуыхтытæ, уый нæ ракæны зындзинæдтæй. Уымæн æвдисæн нæ адæмы хъæбатырдзинад Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Ныййарæг мад, ныййарæг зæххы сæрвæлтау нæ хæстонтæ цыдысты иу сгуыхтæй иннæмæ æмæ æвæрдтой сæ риутæ нæмыгмæ.

Грис арф æнкъардта ирон дзырды зæлынад, æмæ йе’мдзæвгæ   æдзухдæр вæййы сыгъдæг, хуымæтæг, фидарамад. Уыцы миниуæг цæуы классикты традицитæй. Ахъаззаг метод зæронд нæ кæны. Грис нæ быхсы æнæхсæст, пыхцыл æмæ гæлиртæ уацмыс, фæливæн метафорæтæ, уый архайы классикон аивады фæрæзтæй æмæ йæ уацмысæн ратты æцæг поэзийы сыгъдæг æмæ хуымæтæг хуыз. Йæ дзырдтæн сæ тых вæййы сæ раст æмæ æрдзон равæрды, йæ нывты композицион нывæст вæййы æнæлаз, рифмæтæ - зылангон, хъуыдытæ -ирд æмæ æххæст. Поэт цы æрмæг райсы, уый мидисæн ссары хуымæтæг, фæлæ аив формæ, афтæмæй йæ поэтикон ныхас рауайы мидисджын, рæстдзæвин æмæ зæрдæмæдзæугæ.

Грисы поэзи нæ дзырдаивады у стыр æмæ бæрзонд фæзынд. Йæ ном æмæ йæ аивад уыдзысты æнустæм мысинаг æмæ цæрдзысты, æнусон аивау, нæ ирон удварны дунейы.

 

 

 

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Плиты Грис. «Авд цухъайы». Мады рухс цаесгом.

Плиты Грис. «Авд цухъайы». Мады рухс цаесгом...

Литературон-музыкалон композици Темæ: «Ничи ферох, ницы ферох»(Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-мæ гæсгæ.)

Лиетаратурно-музыкальная композиция посвящена теме Великой Отечественной войны. Баллада Гриша Плиева "Семь черкесок"....

Ахуыргæнæгæн æххуысæн Картотекæ Плиты Гришы цард æмæ сфæлдыстад æвзарынæн.

Картотека.Материалы, которые находятся в данных источниках, будут способствовать более быстрому сбору необходимого материала по изучению жизни и творчества известного осетинского поэта Плиева Гриша....

Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут» Плиты Грисы балладœ «Авд цухъхъамœ» гœсгœ.

Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут»  Плиты Грисы балладœ  «Авд цухъ...

«Мады фæлгонц цардивæнты» (Цæгæраты Максимы радзырд «Фæстаг æхсæв»- мæ гæсгæ)

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 8 -æм къласы                    ...

« Уӕддӕр- Чермен! Кӕмдӕриддӕр- Чермен !» Плиты Грисы трагедимӕ гӕсгӕ.

Конспект урока по осетинской литературе в 10 классе....

Открытый урок - Хæсты æвирхъау фæстиуджытæ æмдзæвгæ «Мад» -ы. (Плиты Грисы æмдзæвгæ «Мад»-мæ гæсгæ).

Проблемы войны и мира, стабильности и взаимопонимания между народами сегодня особенно злободневны. Урок посвящен этой теме. Поэты верили и верят, что можно все конфликты и недоразумения разрешить мирн...