«Мады фæлгонц цардивæнты» (Цæгæраты Максимы радзырд «Фæстаг æхсæв»- мæ гæсгæ)
план-конспект урока (8 класс)

Джигкаева Людмила Федоровна

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 8 -æм къласы                      

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл mady_faelgonts_tsardivaenty.docx37.71 КБ
Файл urok_3_mady_faelgonts_tsardivaenty.rar2.91 МБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 8 -æм къласы                      (ФГОС-мæ гæсгæ)

Темæ: «Мады фæлгонц цардивæнты» (Цæгæраты Максимы радзырд «Фæстаг æхсæв»- мæ гæсгæ)

Урочы  нысантæ

1. Райхалын радзырды мидис æмæ йæ сæйраг идейæ

2. Æрдзурын хæстæфхæрд ныййарæг мады уæззау хъысмæтыл.

3. Бакусын ахуырдзауты ныхасы рæзтыл.                            

4. Уарзондзинад гуырын кæнын райгуырæн зæхмæ, хæстонтæм æмæ мадæлтæм.

Урочы хуыз

Урок- дискусси

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: : текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

 Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын.

 Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

Карточкæтæ, презентаци, интерактивон фæйнæг.

Урочы эпиграф:

Хурау худгæ чи кодта, стъалыйау- æрттивгæ…

Банцад хæст, ныссабыр ис йæ хъæр…

Ферох ысты хъæубæстæй сæ ристæ…

Фæлæ мад, ныййарæг мад уæддæр

 Не ууæнды йæ хъæбулты мæлæтыл…

А дунейыл раджы банцад хæст,

 Фæлæ мадæн хæст нырма нæ фæци…

  Гаджиты Геор

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

-Уæ бон хорз, мæ æрыгон хæлæрттæ, уырны мæ, абон кæрæдзи кæй бамбардзыстæм, уый.

-Цавæр хъуыдытæ уæм æвзæрын кæнынц ацы дыууæ нывы?  (Слайд 1)

-Бакæсут- ма нæ урочы эпигрæфтæ æмæ сæ кæрæдзийыл   абарут! Нывтимæ баст не сты? (Слайд 2)

-Цыма абон нæ ныхас цæуыл уыдзæн? Цы у нæ урочы темæ?

-Раст! Нæ урочы темæ…(Слайд 3)

-Цавæр хæстæ сæвæрдзыстæм нæ размæ?

(Слайд 4)

Салам дæттынц

Фæйнæгыл цы дыууæ сылгоймаджы нывы ис (иу- рæсугъд чындздзон чызг, иннæ- æдзард хæстонты мад) уыдон тыххæй сæ хъуыдытæ зæгъынц скъладзаутæ…

Дзуаппытæ дæттынц

Сæ хъуыдытæ зæгъынц.

Кæсынц темæ

Æвæрынц сæ размæ хæстæ

Регулятивон:

ахуырадон нысан æвæрын

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

-Цæгæраты Максимы цард æмæ сфæлдыстадæй уæ зæрдыл цавæр цымыдисаг хабæрттæ дарут?

-Кæм райгуырд?

-Кæмыты ахуыр кодта?

-Цавæр хæрзиуджытæй хорзæхджын æрцыд?

-Хæсты фæстæ кæмыты куыста?

-Цавæр бынат æрцахста Максим ирон литературæйы?

Ахуыргæнæг дзуры Максимы цардæй цымыдисаг хабæрттæ (Максимы чызг ахуыр кодта ЦИПУ-йы мемæ…)

-Цы у радзырд?

-Максимы сфæлдыстады сæйраг бынат ахсы сылгоймаджы, мады фæлгонц.

-Цавæр æмбисæндтæ зонут мады тыххæй?

-Мадимæ баст таурæгътæ нæ зонут?

Дзуаппытæ дæттынц…

(Фæйнæгыл æвдыст цæуынц слайдтæ 5-7)

-Максим уыд ирон фысджыты зынгæдæр æмæ номдзыддæртæй. Йæ курдиат уыд бирæвæрсыг. Куыста литературæйы алы жанрты: поэзии, прозæ, драмæ. Уыд дæсны сценарист. Йæ сценаритæм гæсгæ ист ис æртæ кинонывы: «Возвращение Коста», «Костры на башнях», «Сын Иристона».(Слайд 8)

Ахуырдзаутæ хъусынц…

-Фæлæ уæлдай ахадындзинад ис йа радзырд «Фæстаг æхсæв»-æн.

-Цыбыр прозаикон уацмыс, кæцыйы дзырд цæуы адæймаджы цардæй иу кæнæ цалдæр цауы тыххæй.

-Нæмыг куы атæхы. Уæд фыццаг мады зæрдæйыл сæмбæлы.

-Мады зæрдæ дур халы.

-Мады зæрдæ зонаг у.

-Мады ад- ныфсдæттæг. Мады уарзт- тыхдæттæг.

(Слайд 9)

Хæрз цыбыртæй дзурынц иу- дыууæ…

Зонадон: зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, классификаци,

 хи куыстæн пълан аразын

Коммуникативон: хи хъуыдытæ æргом кæнын

Удгоймагон: æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды

Ног æрмæгыл куыст.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

-Уæдæ рахизæм радзырд «Фæстаг æхсæв»-мæ.

Уырыссаг литературæ иртасджытæ куыд дзурынц, афтæмæй уацмысы сæргонд у «входная дверь в произведение»

-Цы нысан кæны сæргонд?

-Фæстаг æхсæв кæм ис, уым фыццаг дæр ис…Радзырды сæргонд æмбарын кæны дыууæ хай дзы кæй уыдзæн. Ис ма афтæ арæзт сæргонд?

-Цымæ куыд райдыдта уацмыс?

-Цæмæн ныууагътой сæ цæрæнбынттæ цæрджытæ ?

-Ам ныхмæвæрд цæуынц зæронд æмæ ног? Æви се ‘хcæн бастдзинад ис?

-Цæуылнæ ныууагътой Гайти æмæ Нуца сæ цæрæнуат?

-Зæронд хъæуы цард куыд цыд. Уый, уый равзарын. Къахвæндæгтæ цæмæн цыд Бæройтæм?

-Цавæр символон нысаниуæг ис суадонæн радзырды?

-Кæддæр Нуцайы дæр афтæ бакодтой суадоны размæ æмæ йыл кувæджы арфæ æрцыд: амонд йæ ног хæдзармæ æрхаста.

-Цавæр разынд Нуца?

-Амондджын уыдысты Гайти æмæ Нуца?

-Мады фæстаг æхсæв…

-Толстойы «После бала» …

-Зæронд хъæуы ма  баззад иунæг хæдзар.  Бæройты Нуцайы хæдзар.

-Хъæубæстæ ралыгъдысты, ныууагътой сæ цæрæнбынат, сæ зæронд уæлмæрдтæ.

-Фыдуаг хæххон дон бахуыскъ.

Дон сын нал фаг кодта.

Дзуапп дæттынц.

-Суадон сæм уыд…

-Суадон уыд сæ цæхæрадоны. (Слайд10)

-Суадон у царды гуырæн. И сын символон фæлгонц. Суадон –царды райдайæн.

-Куыстуарзон, бæркадкъух

-Уæздан, кадджын, уазæгуарзон, нымад, фæлмæн

-Амонд æмæ циндзинадæй байдзаг сты. Райгуырд сын дыууæ фаззоны,  лæппутæ.

Зонадон: хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын æмæ радзурын зонын

Коммуникативон: хи хъуыдытæ æргом кæнын

Удгоймагон: этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын

Чиныгимæ куыст

Къордты куыст

-Ссарут-ма чиныджы æмæ бакæсут, куыд рæзыдысты сæ цот?

-Цард цæджинагау фыхти Бæройты хæдзары.Амонд сæм худти…

-Фæлæ фæивта цард! Амондæн йæ хурхыл бахæцыд ХÆСТ. Ссарут-ма радзырды 2-аг хай. Цавæр дзырды фæрцы баис Максимæн рахизын ног архайдмæ?

-Цы ‘рцыдис Нуцайы бинонтыл? Бакæсут-ма уыцы ран.

-Абарут-ма Нуцайы Н.Гоголы «Тарас Бульбæ»- йы мады фæлгонцимæ.Цы сæм ис иудзинад?

-Куыд аивта Нуца? Бакæсут-ма чиныджы уыцы ран.

-Нуцайæн ныхмæвæрд фæлгонц ис?

-Нуцайы зæрдæ ма кæуыл лæууы?

-Сывæллæттæ ацæуынц æмæ та баззайы Нуца иунæгæй.

-Цавæр символон  фæлгонцтæ фæзыны уацмысы? Цы нысан кæнынц?

-«Цыппар дидинæджы хуызæн иу мады зæрдæйыл. Цыппар…

рæзыдысты»

-Стæй…

Кæсынц… Нуца фæндараст загъта…Куывта æмæ сæ фæдзæхста Лæгтыдзуарыл.

-Гогольмæ :мады къухы иконæ…йæ цоты фæстæ йæхи мары…зæххæй йæ чидæртæ систой , хæдзармæ йæ бахастой.

-Н.-хиуылхæцгæ, йæхи ныхъхъæбæр кодта. Адæмы ‘хсæн йæхи дары уæзданæй.

Кæсынц чиныджы.(Слайд 11)

-Хæст. (Слайд 12)

-Сывæллæттыл…Æрбахæссынц Ног хъæуæй циндзинад, сæ ныййарджыты уарзондзинад. Дидинджытæ сын ныссагъта суадоны раз.

Къорды уæнгтæ уынаффæ кæнынц, стæй алы къордæй дæр иу «сæрæндæр»дзуапп дæтты (символон фæлгонцтæ сты: суадон, æнгуз бæлас, зæронд кæрц, гæды бæлæстæ, дидинджытæ, фæткъуы бæлас, къæвда, æхсæв…)

-Æхсæв- Нуцайы царды хуызæн талынг ; къæвда- æрдз дæр кæуы Нуцайы тæригъæдæй; фæткъуы бæлас- «плавчевное одиночество»; бæлæсты къæс-къæс- удхæссæджы нæ уадзынц Нуцамæ…(Слайд13)

Радзырды кæрон сывæллæттæ æрбатахтысты Нуцамæ æмæ дзурынц: Дидинджытæ дидинæг ракалдтой. Уый дæр у символон фæлгонц. Нуца радта æнусты фæлтæрдзинад сывæллæттæн, сомбонæн.

-Нуцайы монолог скъоладзау дзуры.

Регулятивон : ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын

Коммуникативон: фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын

Удгоймагон: хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.

-Нуцайы хуызæн мадæлтæ ма бирæ уыд Ирыстоны?

-Алы ирон дæр уый хъуамæ зона!

-Цал æмæ цал хæдзарвæндаджы бацарæфтыд кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæст!

Цал æмæ цал ныййарæджы баззад зæрондæй æнæ дарæгæй!

Уастæн йæ кой фесæфæд фыдбоны хæстæн!

-100 000 адæймаджы бæрц ацыд Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ.

-7-гай фырты нал æрæздæхтысты 2 хæдзармæ(Гæздæнтæ, Кобегкатæ)

-6-гай фырттæ  - 3 хæдзармæ (Темыратæ, Хестантæ, Токатæ)

-5-гай фырттæ - 14  хæдзармæ(Хъалæгатæ, Бæройтæ,  Биастæ, Гуыриатæ, Тургитæ, Хъесатæ, Дзебойтæ, Дзоблатæ, Дыгуртæ, Хъесатæ, Уæзæгатæ, Басатæ, Тахохтæ, Сеойтæ)

-4-гай фырттæ – 52 хæдзармæ

(Слайд14)

Зонадон: хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын

Коммуникативон: æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æмгæрттимæ

Удгоймагон: мадæлон  æвзаджы аивдзинад;

Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

Къордты куыст «Чи тагъддæр»

.

-Ныффыссут дзырдтæ «мад» æмæ «хæст»-имæ синквейнтæ.

-Цæттæ куы уат, уæд сæ бакæсут.

Фыссынц.

Кæсынц:

Мад

Рæвдауæг, тыхдæттæг

Уарзы, хъомыл кæны, лæггад кæны

Мад сывæллонæн хур у!

Табуйаг.

Хæст

Цардисæг, æнæуынон

Адæмы цæгъды, дæрæн кæны, судзы

Йæ кой фесæфæд!

Удхор.

Кæнæ:

Мад

Царддæттæг, адджын

Хъомыл кæны, ауды, уарзы

Амондджын уæд!

Зæд.

Хæст

Æгъатыр, карз

Бæстæ судзы, пырх кæны, мары

Макуыуал уæд зæххыл

Æлгъыст

Кæнæ:

Мад

Фæлмæн, уæздан

Цард дæтты, хъахъхъæны, хъомыл кæны

Раст фæндагыл æвæры

Хъомылгæнæг.

Хæст

Фæздæгкалæн, æнæуынон

Æхсы, маары, судзы

Мадæлты знаг

Удхæссæг.

Зонадон: архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын, архайдтытæ алгоритмæ гæсгæ кæнын

Коммуникативон: хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын алыхуызон критеритæй пайда кæны; ахуырады æмгуыстдзинадæн фæтк аразын

Удгоймагон: æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын

Хатдзæгтæ скæнын.

-Цавæр хатдзæгтæ скæндзыстæм нæ урочы кæрон?

Æххæст кæны сывæллæтты дзуæппытæ.

-Мады фæлгонц уацмысы у символикон.

Цæгæраты Максим равдыста Нуцайы фæлгонцы æппæт хæстæфхæрд ныййарæг мадæлты уæззау хъысмæт. Нуцайы хуызæн мадæлтæ уыдысты мингæйттæ…

Ирыстоны фæсивæд æмгуыппæй аивылдысты знаджы ныхмæ тохмæ. Цал æмæ цал хæдзары баззад фыдбоны хæсты азарæй æвæстагæй! Цал æмæ рæзгæ уды ахаста знаджы нæмыг.

-Рухсаг уæнт… Нæ фæсивæды та ахæм æвирхъау хабæрттæй Хуыцау бахизæд!

Ирыстоныл æдзухдæр цъæх арвæй рухс хур кæсæд!

Ныр  та фæйнæгмæ уе ‘ргом раздахут æмæ алчидæр фразæ кæронмæ ахæццæ кæнæд. (Слайд15)

Абон æз базыдтон…

Уыди цымыдисаг…

Æз бамбæрстон уый,  æмæ…

Ныр мæ бон …

Мæн бафæндыди …

Тынг бадис кодтон…

Фæнды мæ  фылдæр базонын…

Скъоладзаутæ хатдзæгтæ кæнынц.

(Слайд15)

Хæдзармæ куыст

Дыууæ хæслæвæрдæй иу равзарын æмæ йæ бацæттæ кæнын иннæ урокмæ:

 1.Презентаци «Ме ‘ввахс æмæ дард хæстæджытæ    Фыдыбæстæйы Стыр хæсты»

 2.Ныффыссын фыстæг æдзард хæстоны мадмæ.

Дыууæ хæслæвæрдæй фæйнæ иу æвзарынц

                                                                                       Директор школы                                      Медоев А.Х.

По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект урока "Музей мадам Тюссо", презентация "музей мадам Тюссо"

Музей мадам Тюссо - один из самых известных музеев мира. Туристы, путешествуя по Лондону, никогда не дбходят его стороной....

Открытый урок в 7 кл. Гаглойты Рутен. Радзырд "Цард"

   Урок в 7 классе по рассказу Гаглоева Рутена "Цард"...

Темæ: «Адæмы сæфт иу лæджы сæфтау нæ хицæн кæны.» (Цæллыкаты Ахмæты радзырд «Фæстаг уыбыхаг» -мæ гæсгæ)

Темæ: «Адæмы сæфт иу лæджы сæфтау нæ хицæн кæны.»(Цæллыкаты Ахмæты радзырд  «Фæстаг уыбыхаг» -мæ гæсгæ)...

Доклад «Мады фæлгонц Плиты Грисы сфæлдыстады».

Поэт в своей поэме на примере одной семьи показал участие осетинского народа в ВОВ....