Къоста æмæ фæззæг.
материал (11 класс)

Битарова Вера Муратовна

               Сыгъзæрин фест, бæркадхæссæг фæззæг!

               Æз дæу æппындæр ницæимæ барын…

               Ды Ирæн радтæй зæдыхуызæн лæг…

               Нæртон хъæбул - ирон гени – Къостайы!

 

              Къостайы бон æрцу та нæм æгас

              Дæ комулæфтæй а дуне фæхъæстæ.

              Сыгъзæрин доны сæвдæлди нæ бæстæ

              Нæ хæхбæстæ налхъуыт æмæ налмас.

              Къостайы фарнæй байдзаг уæнт нæ бæстæ.

              Æгас нæм цу Къостайы хур, æгас!

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл literaturon_urok.docx829.61 КБ

Предварительный просмотр:

Литературон-музыкалон композици « Къоста æмæ фæззæг».

Сæрд фæци, мæ фæззæг мæнæ

Кæс нæ къæсæрмæ æрбахызт

Гом дуарæй нæм йæ улæфт

Уатмæ уылæнтæй æрбакалд

Æмæ апырх ис фæйнæрдæм.

 (Фæззыгон нывтæ фæйнæгыл, презентаци, æмдзæвгæтæ фæззæгыл).

          Фæззæг :   Уæ бон хорз уæнт, нæ зынаргъ адæм. Цард уæрдоны цалхау кæй зилы, уымæ гæсгæ уазæгуаты дæн æртæ мæйы æмæ сымахæн лæггадгæнæг. Иугæр уæм æрцыдтæн,уæд мæ хойы сæрды фæлыст раивын алыхуызон ахорæнтæй. Хъæды бæлæсты сыфтæртæ алыхуызон сæрттивын кæнын: иутæ хъайлайы хуызæн бур-бурид. Иннæтæ-сырхбын цъæх, аннæтæ фæлурс бур. Æмæ дзы цы хуызæттæ нæ уыдис.

                            Бон фæцыбырдæр кæнын. Фæлæ æнæивдæй баззайы нæзыты къох. Никæйы бон ын ницы у. Мæ гауыз æм нæ хæццæ кæны. Цæй ницы кæны. Алчи алцæмæй æххæст нæ вæййы. Райгонд уæ дæн уымæй, кæй   мæ хонут сыгъзæрин фæззæг, бæркадджын фæззæг,  фыссут  мæ  номыл æмдзæвгæтæ. Мæ  зæрдæмæ дзы тынгдæр цæуы мæнæ ацы æмдзæвгæ:

Æхсæлы ызгъæлы

Лæджирттæг фæбур

Мигъ бады цæгаты,-

Нæ йæ тавы хур…

Æркарстам, æрластам

Нæ хортæ, нæ хос…

Чи кусы йæ мусы

Чи лвыны йæ фос…

Хор бирæ, фос бирæ

Хуыцауы фæрцы

Нæ хæхбæсты бæркад,

Цы диссаг дæ, цы!..

Фæззæг: Кæй фыст у?

Сабитæ: Хетæгкаты Къостайы фыст æмдзæвгæ.

Фæззæг: Тынг раст. Уæдæ мæ кæд лæвæрттæ æмæ бæркæдтæ хæссæгыл нымайут, уæд стыр бæркад æрхастон Нары хъæуæн, æппæт Ирыстонæн.

 Зæгъут ма чи у?

Сабитæ амхъæлæсæй: Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста.

Фæззæг:  Уæдæ æвæццæгæн ирон адæм мæн фылдæр уымæн уарзынц.

Амонæг1:  Раст зæгъыс. Фæззæг, ды нæ зæрдæтæм хæстæгдæр уымæн дæ æмæ мах кадджын уавæры фæбæрæг кæнæм , йæ ном æгас дунейыл дæр кæмæн айхъуыст, нæ уыцы уарзон æмæ номдзыд поэт Хетæгкаты  Къостайы райгуырæн бон.

Сабитæ:  Æнус æмæ æрдæджы размæ

                 Хуыцауæй стыр лæвар æрцыд.

                 Нæ уыдис ахæм лæг йæ размæ,

                 Къоста нæм стъалыйау фæзынд!

               Сыгъзæрин фест, бæркадхæссæг фæззæг!

               Æз дæу æппындæр ницæимæ барын…

               Ды Ирæн радтæй зæдыхуызæн лæг…

               Нæртон хъæбул - ирон гени – Къостайы!

 

              Къостайы бон æрцу та нæм æгас

              Дæ комулæфтæй а дуне фæхъæстæ.

              Сыгъзæрин доны сæвдæлди нæ бæстæ

              Нæ хæхбæстæ налхъуыт æмæ налмас.

              Къостайы фарнæй байдзаг уæнт нæ бæстæ.

              Æгас нæм цу Къостайы хур, æгас!

Амонæг:   Уæ бон хорз уæнт нæ равдыстмæ кæсджытæ.  Абон ирон адæм бæрæг кæнынц Хетæгкаты  Къостайы райгуырæн бон. Ацы стыр бæрæгбонмæ мах дæр бахастам нæхи хай.

15 октябры 1859 –æм азы Нары бæрзонд айнæгыл Хуыцауы фæндонæй, Хуыцаумæ æнæзынгæ тæгтæй баст чи уыд, ахæм уд – Къоста, Хетæгкаты Леуаны хæдзары.

Дардæй мæ салам æрвитын æз Нарæн

Нарæн хæххон хъæуæн,

Амонды ранæн

Кувын мæ сæрæй æз уыцы хæдзарæн

Саби кæм райгуырди иухатт Леуанæн.

( Зарæг Къостайыл).

          Амонæг:   Алы адæмтæн дæр се хсæн ис курдиатджын, куырыхон, цытджын,    номдзыд, разагъды лæгтæ, кæцытæм, æвæццæгæн, хæццæ кæны  Хуыцауы комытæф. Уыдон æгæрон уарзтæй уарзынц сæ ныййарæг зæхх, сæ мадæлон æвзаг. Сæхи удыл нæ хъуыды кæнгæйæ сæ цард. Сæ архайд, сæ куыст – æппæтæй снывонд кæнынц сæ адæмы цардæн.

Уыцы хъуыддаджы Хуыцауæй арфæгонд фесты ирон адæм. Къостайы стъалытимæ дæр барæн нæй. Уыдон арвыл бирæ сты. Къоста та зæрин хурау у иу. Æмæ хур рæдауæй, фæлмæнæй куыд тавы дунейы, афтæ нæхи Къоста хъарм кæны , тавы æмæ рухс кæны адæмы зæрдæтæ, гуырын сæм кæны ныфс, сæрыстырдзинад, тырнындзинад бæллиццаг фидæнмæ.

Мæнæ Къостайы тыххæй куыд фыссы нæ ирон адæмæн сæ лæггадгæнджытæй иу –Цгъойты Хазби: «Къостайы лæггæдтæн бафидæн нæй, стæй сæ уый ирон адæмæн хæсæн нæ ныууагъта. Æрмæст ын хъæуы аккаг аргъ кæнын. Наци йæ хорз лæгтæн аргъ куыд кæна, афтæ цæры, тырны размæ».

Фæззæг: Цымæ ма куыд ис хуыздæр зæгъæн. Æз , Фæззæг дæн стыр сæрыстыр, ахæм стыр гени мæ афоны кæй райгуырд. Къоста нын у тынг зынаргъ. Къостайы поэзи у царды стъалы, цæмæй дæ рауайа æцæг адæймаг.

Амонæг: Уымæ гæсгæ Къостайы царды стыр бынат ахсынц сабитæ. Поэт йæ хъус тынг дардта сывæллæтты хъомыл кæныны хъуыддагмæ. Иры сывæллæттæн ныффыста сæрмагон чиныг «Зæрватыкк» æмæ хаст æрцыд йæ чиныг «Ирон фæндыр»-мæ. Къоста ацы чиныгæй ирон сывæллæтæн цæстуарзон лæвар скодта.

Цавæр æмдзæвгæтæ ныффыста Къоста сабитæн, чи нын дзы радзурдзæн.

Сабитæ кæсынц æмдзæвгæтæ:

Амонæг: Ацы фыст æмдзæвгæты дæр Къоста фидар хæцы реализмы принциптыл; æвдисы дзы хæххон тызмæг æмæ зын царды æцæгад. Къостайы  аивадон сфæлдыстад  фаг хуызы æвдыст не рцæудзæн , йе мбисæндтæм ын куынæ æркасæй, уæд. Къоста æмбисæндты бындурыл ныффыста диссаджы баснятæ.

Баснятæ фыссыныл Къоста ахуыр кодта зындгонд уырыссаг поэт – баснятæ фыссæг Крыловыл.

Къостайы баснятæ кæдфæнды дæр фæвæййынц, кæнæ та райдайынц исты зондамындæй. Фыссæджы хъуыдымæ гæсгæ, уый хъуамæ уыдаид цыбыр, рæстдзæф. Æнцонæмбарæн, арф хъуыдыджын.

Адæймаг дистыл фæвæййы Къостайы æмбисæндтæ кæсгæйæ. Æрмæст иунæг хатт семæ базонгæ у æмæ дæ никуыуал ферох уыдзысты. Æркæсæм ма сæм:

Амонæг3. Къоста худы хицæн адæймæгты æмæ æхсæнады хицæн социалон къордты сахъатдзинадыл, бæрзонд æвæры рæстдзинад, йæ æмбисæндты артæй судзы гæдыныхасгæгджыты æмæ фæлитойты.

«Марходарæг». «Рувас æмæ зыгъарæг».

Хиппæлойты, ницы уæвгæйæ йæхи хуыздæртимæ чи нымайы, уыдоны:

«Булкъ æмæ мыд», «Саг æмæ уызын».

Хорздзинад чи не мбары, бæсты кæмæн ницы цæуы.

«Бирæгъ æмæ хърихъупп».

Цæстмæхъус ныхасгæнджыты, дам-дум ныхæстæ æнцонæй кæй бауырнынц, ахæмты.

«Халон æмæ рувас».

Æвзæрдзинад кæнгæйæ уайдзæфтæм чин æ хъусы, йæ кæнон чин æ уадзы, уыдæтты.

«Уайдзæф».

Йæхæдæг чи ницы у. афтæмæй йæ фыдæлты кадæй чи ппæлы,ахæмтæ.

«Хъазтæ». ( Сценкæ).

Амонæг1. Мах ирон адæм амондджын стæм, Къостайы хуызæн номдзыд поэт нæ Иры зæххыл кæй райгуырд уымæй.

Сабитæ кæсынц æмдзæвгæтæ: «Къоста»

              «Къостайæн».  Зарæг «Къоста».

        

 

           


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ХЕТАГКАТЫ КЪОСТА. СФАЛДЫСТАД.

1. Чи уыд ирон авзагы бындуравараг:А. Мамсыраты ТемырболатÆ. Хетагкаты КъостаБ. Коцойты Арсен 2. Ка дама кам райгуырд Хетагкаты Къоста:А. 1855 азы Ганисы хъауыÆ. 1859 азы Нары хъауыБ. 1872 азы Дж...

Литературон – музыкалон композици. «Нæртон хъæбул –ирон гени – Къоста!»

Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ  æвзæрын  кæнын  цымыдис æмæ уарзондзинад.[[{"type":"media","view_mode":"media_large","fid":"7082448","attributes":{"alt":"","class":"media-imag...

"КЪОСТА - НЫВГÆНÆГ"

       Чысыл адæмтæ уæлдай амондджындæр æмæ тæхудиагдæр уæд вæййынц, æмæ се`хсæнæй куы рацæуынц номдзыд лæгтæ. Мах, ирон адæм , хайджын фестæм уыцы амондæй. Иры зæххыл райгу...

Къоста- нывгæнæг, « Дурсæтджытæ»-йæ æххæстдæр æмæ хуыздæр нывтæй иу.

Открытый урок по  осетинской литературе. Работа над картиной Коста  Левановича Хетагурова  « Дурсæтджытæ»...

Открытый урок по осетинской литературе в 5 классе на тему "Къоста -Ирыстоны хур"

Данный урок по осетинской литературе был проведен на День Рождение основоположника осетинской литературы К.Л.Хетагурова....

Къоста æмæ фæззæг.

Сыгъзæрин фест, бæркадхæссæг фæззæг!               Æз дæу æппындæр ницæимæ барын&helli...

Хетæгкаты Къоста.

Къоста.Рухс цард ратта уый æвзагæн,Кад æмæ намысыл дзырдта.Бирæ уарзын æз Къостайы,Уый æмдзæвгæтæ фыста....