Урочы темæ: Барахъты Гиныйы радзырд «Зæлимхан» Кæй бæрны бацыдтæ , ууы ауд. Антуан де Сент-Эккзюпери
материал (5 класс)

Лия Ильинична Хетагурова

В ходе проведения  групповой работы на уроке воспитывать у учашихся умение слушать  своего  товарища, чувство взаимопомощи и взаимоподдержки. Воспитывать любовь к животным. 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл tehn_karta.docx43.9 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ: Барахъты Гиныйы радзырд «Зæлимхан»  Кæй бæрны бацыдтæ , ууы ауд.  Антуан де Сент-Эккзюпери   5 кл.

Ахуыргæнæг: Хетæгкаты Лия Ильяйы  чызг

Урочы нысан:

  • Æрдзурын  радзырд «Зæлимхан»ыл, равзврын й идеон  мидис.
  • Скъоладзауты ахуыр кæнын хи хъуыдытæ , хи  хатдзæгтæ кæныныл,  ави,  бæлвырд  дзурыныл.
  • Скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын  уарзондзинад  сырдтæм æмæ цæрæгойткæнын  уарзондзинад  сырдтæм æмæ цæрæгойтм.

Техникон фæрæзтæ: ахуыргæнæн чиныг, интерактивон фæйнæг, ахуыргæнæджы презентаци, сюжетон  нывтæ

Педагогон фæрæзтæ: индивидуалон куыст, къордты куыст,.

Этапы нысан

Ахуыргæнæджы архайд

Ахуырдзауты архайд

Универсалон  ахуырадон архайдтытæ (фæстиуджытæ)

Скъоладзауты сразæнгард кæнын урок райдайынмæ

Уæ бон хорз!

Иумæ бацархайæм, цæмæй нæ урокæй  зæрдæрухсæй  ацæуæм, уый тыххæй. Уæхи æрцæттæ кæнут урокмæ.

           

Сывæлæттæ дæттынц кæрæдзийæн салам. Сæхи урочы райдианмæ бацæттæ кæнынц.

Коммуникативон: ныхасмæ хъусын, æмбарын æй

Цæттæдзинад ахуырадмæ, урочы кусынмæ

Мотивацион уавæр сæвзæрын кæнын урочы темæ  сбæрæг кæнынæн

Фæйнæгмæ ракæсут . Бакæсут  ацы  скъуыддзаг. Цавæр уацмысæй ист у?  Цæуыл дзуры?

                «Фæссихор куы   фæци, уæд рараст сты хъæдæй  æртæ суджы  уæрдоны.  Разæй цыди  Зæлимхан, тынг  уæззау  ласгæйæ.  Уæрдоны  сæрхъæдтæй  ма  Бимбол  уæлæмæ  суагъта  даргъ  лæдзджытæ.  Байдзаг  кодта  утæппæт бынат  ставдцонг  сугæй, æмæ хъазуат,  тухæнгæнгæ  ласы  йæ уæрдон Зæлимхан

 Уæдæ сывæллæттæ куыд уæм кæсы  обон нæ урочы  цæуыл  дзурдзыстæм?

Раст абон дзурдзыстæм  бæхыл.

Фæйнæгыл  бакæсут  абоны нæ абоны урочы темæ æмæ йæ ныффысут уæ тетрæдты.

Нæ урочы темæмæ ма фæстæдæр раздæхдзыстæм.

Дзуапп дæттынц фæрстытæн Кæсынц презентацимæ. Хъуыды кæнынц  фæрстытæн дзуапп  раттыныл.  Ацы рæнхъытæ ист у Барахъты Гиныйы радзырд «Зæлимхан»  

Коммуникативон: ныхасмæ хъусын, æмбарын æй; хи хъуыдытæ æргом кæнын ныхасы нысан æмæ уавæрмæ гæсгæ.Регулятивон: хи архæйдтыты фæтк хибарæй сбæлвырд кæнын; хъæугæ информаци ссарын æмæ рахицæн кæнын.

 Базонæн: Цæттæ кæнын ахуырдзауты ныхасы архайынмæ, ныхас кæнын, хатдзæгтæ кæнын зонын

Урочы нысан æмæ хæстæ сбæрæг кæнын, кæцытыл дзуапп лæвæрд æрцæудзæн урочы дæргъы

 Рацыд æрмæг зæрдыл æлæууын  кæнын

Ныр та фæрстытæ радзырдма гæсгæ.

1.Кæм уыди  Бимболæн бæх?  

2.Цæмæн æй хъуыди Бæх?  

3.Цавæр бæх уыд Зæлимхан? Ссарут тексты уыцы бынæттæ. (Æрфыст-описание)

Цавæр нысаниуæг ис мивдисджытæн ацы ран? Цæмæн хъæуынц мивдисджытæ?

Бимбол бæх Грознайы  балхæдта,

  (Домбай, бæрзонд мæсыг, фæтæн син, ставдкъабазджын, риу-фæтæн, сæфтæг-фидар…

Æдылы у æмæ мары йæ бæхы»-ахæм хатдзæгмæ æрцыд æмбæлттæй иу

Бæрæг кæнынц урочы хæстæ

Хи хъуыды дзурыны хъомад. Иумæйаг куысты архайыны хъомад. Коммуникативон арæхстдзинад.

Къордты куыст

- 1къорд.Цавæр фæзминаг миниуджытæ уыди  Бимболмæ?

(Хæдзардзин,  куысуарзаг, æмгаруарзон сæрæн æмæ хъæлдзæг, кафаг æмæ зараг.)

2.. Цавæр фауинаг  миниуджытæ уыди  Бимболмæ?

(Æгъатыр, хиппæлой, хиуарзон, искæй фæрцы йæхицæн кад кæнын)

Ахуыргæнæг:Рафыссут текстæй Зæлимханы архæйтытæ æвдисæг дзырдтæ. (слайдыл)   (с159)

Разæй цыди,ласы йæ уæрдон,ныггуыбыр кодта, ракодта хидызмæд, уæззау ласы, æмулæфт кæны, ахæцыди,  фесхъиута,  фæхъæбæр кодта йæхи,  къах скъуырдта,  зæххыл йæ тъæпп фæцыд, ныхъхъæрзыдта, лæгъстæгæнæгау   æм  ракæсы. Æруадзы йæ сæр, йæ сæр не схъил кæны,   не змæлы, Тухæнгæнгæ ласта йæ уæрдон, йæхи фæхъабытыр кодта,  , Амардис

Уæдæ куыд уынæм афтæмæй бæх  хайджын у бирæ  хорз миниуджытæй. Рафауинаг æм ницы ис.  Фауинаг у Бимбол.  

Цавæр  нысаниуæг ис мивдисджытæн  ацы ран? Цæмæн хъæуынц мивдисджытæ

Зæрдæйæ  чи  тæригъæд  кодта Зæлимханæн æмæ цæмæн? Куыд хонынц Бимболы?

Цавæр уайдзæф бакодтой Бимболæн йе мбæлттæ?  

Цавæр уайдзæф та йын бакодтаиккат смах?.

Сывæллæттæ,  куыд  уæм кæсы  цæмæ æахъæлмæ касти Зæлимхан йæ хицауæй?  Тексты.

 (Зæлимханы  уырныдта, йæ  хицау ын кæ фæтæригъæд кæндзæн.)

Мивдисджытæ нæ хъæуынц цæмæй нæ цæстытыл ирддæр ауайой  нывтæ

Бимболы æмбæлттæ æмбæрстой , бæх æфсæйнаг  кæй нæу ,уый  æм æмæ йын  йæ тыхы  бæрцзонын кæй хъæуы.

Фосæн тæригъæд кæнын хъæуы

 «Ныхъхъæрзыдта бæх… Лæгъстæгæнæгау æм  расæсы Залимхан дæр æмæ та  æруадзы  йæ сæр»,

Логикон хъуыдыкæнынады рæзт

Текстимæ куыст

Сюжетон нывтимæ кыст (радзырдмæ гæсгæ сæ сæвæрын æмæ радзурын) Алы къордæй дæр фæйнæ адæймаг фæйнæджы раз дзуапп дæтты

Кусынц текстыт æнцойгæнгæ. Нывтæ  æвæрынц раст фæткыл æмæ дзурынц хи ныхæстæй..

Хи хъуыды дзурыны хъомад. Иумæйаг куысты архайыны хъомад. Коммуникативон арæхстдзинад.

Хæслæвæрдтæ æххæст кæнын.

Радзырды проблемæйыл æрдзурын

Цæмæн æмæ  кæй  аххосæй амард  Зæлимхан?

Уæдæ Бимбол йæ рæдыд бамбæрста?  

Искуы ма афтæ Бакæндзæн?

Уæдæ, рæдыдыл  басæттын хорз миниуæг у æви æвзæр?

Дзуапп:

Цавæр æнкъарæнтæ  уæм сæвзæрд, радзырд бакæсгæйæ? 

Куыд аргъ кæнут сымах та фосæн, цæрæгойтæн? 

Зæгъут, радзырд сæйраг  хъуыды цавæр у?

(Æрдз нын балæвар кодта бирæ хæзнатæ. Уыдонимæ фос, цæрæгойтæ… Хъæуы сæм уарзон  цæстæнгасæй касын, зилын сæм…)

Куыд уæм кæсы  Бимбол  йæ рæдыд бамбæрста?

Уæдæ рæдыдыл  басæттын хорз миниуæу  æви æвзæр?

  Фарст,  Бæхты  тыххæй  цавæр цымыдисаг историтæ зонут?

     Байхъуыстам дыууæ цард цардй ист  хабармæ бхты тыхх бхты тыххй. Цæуыл дзы цЦæуыл дзы цуы ныхас?

 Цавæр бæхты нæмттæ зонут?.

рфæн у Нарты Уырызмæджы бæхы ном.  Буцефал Александп Македонскийы бах.)

Архайдтæ зæрдыл лæууын кæнынц. Архайды фæстиуджытæн аргъ дæттынц. Æрмæг систематизации кæнынц.

Дыууæ скъоладзауы фæйнæгыл архайынц

Иннæтæ та кусынц къордгай

«Бæхы мадзура цæссыгтæ»

«Хъантемыраты Алыбеджы бæх»

Зæлимхан уыди рæссугъд бæх уымæ гæсгæ йыл сæвæрдта ацы ном фыссæг

Алыхуызон хъуыдытæ нымайын æмæ афтæмæй æмгуыст кæнын. Иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын. Хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы

Зонындзинæдты актуализаци.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст

- Уæдæ сывæллæтæ зæгъут, бæхмæ куыд хъæуы зилын? Хорз зылди Бимбол йæ бæхмæ?  Бимболыл куы амбæликкат уæд ын бацамониккат куыд хъæуы бæхмæ зилын?  

Ахуыргæнæг: Нæ урочы равзарæм ма ахæм æмбисæндттæ  «Бæх армы  хъармæй рæзы», «Алцæмæн дæр бæрц и» «Хорзы алчидæр уарзы»  Кæстæрæн йæ хæс – хистæрмæ хъусын». Иу хатт ма йын йæ хъуыды зæгъæм. Куыд ис бабæттæн ацы æмбисондта  нæ радзырдимæ?

 Алы къорд дæр æвзыры иу æмбисонд æмæ йæ бæтты радзырдимæ

Раздæхæм нæ урочы темæмæ  «Кæй бæрны бацыдтæ, ууыл ауд». Цæуыл дзуры на урочы темæ?  Мах хъуамæ хъахъæнæм, аудæм нæ алыварс цы цæрæгойтæ  и уыдонæн.

 

Æрхъуыды кæнын радзырдæн кæрон

хатдзæгтæ

-

«Бæх армы  хъармæй рæзы», «Алцæмæн дæр бæрц

Текстæй хъæугæ æрмæг исын. Бæлвырд кæнын. Зындзинæдтæ хибарæй аиуварс кæнын. Искæй куысты рæдыдтæ сбæлвырд кæнын, аргъ скæнын.

Рефлекси

-Урочы райдайыны нæ размæ цавæр нысæнттæ сæвæрдтам?

-Сæххæст сæ кодтам?

-Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ …

-Ацы радзырд нæ ахуыр кæны…( цавæр цæстæй кæсын хъæуы кæсы цæрæгойтæм?)

Цы базыдтам ногæй нæ урочы? (цардæй ист хабар)

Кæй дзуапп уКæй дзуапп уæ зæрдæмæ тынгдæр фæцыд? Цæмæн?

Сæ куыстæн, сæ æмбæлтты куыстæн аргъ кæнынц, сæ размæ ног нысантæ æвæрынц

Ахуырадон архайды анализ. Удгоймагон арæхстдзинæдтæ. Коммуникативон арæхстдзинæдтæ.

Бæрæггæнæнтæ

Æвæры бæрæггæнæнтæ, цыбыр анализ ахуырдзауы куыстæн кæнгæйæ

Бæрæг кæнынц къордты куыстæн аргъ

Хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ОТКРЫТЫЙ УРОК ПО ЛИТЕРАТУРЕ. ТЕМА: «АНТУАН ДЕ СЕНТ-ЭКЗЮПЕРИ. СТРАНИЦЫ ЖИЗНИ»

 На  данном уроке используется технология развития критического мышления Цель урока:1. Изучить биографию писателя с использованием приёмов     технологии развития критического мышления (мозговая атака...

Антуан де Сент-Экзюпери

Биография писателя и история создания "Маленького принца"...

Урок по литературе Антуан де Сент – Экюпери "Маленький принц"

Сказку “Маленький принц” Экзюпери написал за несколько месяцев до смерти. Это произведение стало его писательским завещанием...

Маленький принц и Антуан де Сент-Экзюпери

«Ма́ленький принц» (фр. Le Petit Prince) — аллегорическая сказка, наиболее известное произведение Антуана де Сент-Экзюпери.Впервые опубликована 6 апреля 1943 года в Нью-Йорке.«Ведь все ...

Урочы темæ: « Сӕрибармӕ тырнындзинад Гӕдиаты Секьайы радзырд «Мад ӕмӕ фырт»-ы.»

Урочы  нысантæ  Урочы тип Радзырд«Мад ӕмӕ фырт»-ӕн анализ скӕнын,равзарын фӕлгонцтӕ.Равзарын темӕ,идейӕ сбӕрӕг кӕнын. Радзырды ӕвзаг.Ӕрдзы нывтӕ  радзырды,бакусын ...

Технологон картæ ирон литературæйы урокмӕ 10 –æм къласы. Темæ: «Цардфæлварæны уæлахиз тыхфæлварæныл" (Барахъты Гинойы радзырд «Цæр!» - мæ гæсгæ. )

Уацмысы тугисыны фарста куыд лыггонд цæуы, уый равзарын.Бакусын ахуырдзауты ныхасы разтыл, темæмæ цымыдисдзинад рæзын кæнын. Скьоладзаутæм хъомыл кӕнын раст цӕстӕнгас нæ ирон ӕгьдӕуттӕ ӕмæ тради...