Урочы темæ: «Ирон лæджы кады фæндаг» (Баситы Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ» – мæ гæсгæ).
план-конспект урока (5 класс)

Лариса Таймуразовна Баширова

План конспекта урока по осетинской литературе для 5 класса.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon gom_urochy_plan_iron_literaturaeyaep.i.doc76.5 КБ

Предварительный просмотр:

                           

                               Муниципалон бюджетон ахуырадон кусӕндон        

                     «Коцойты А. номыл Джызӕлы №1-ӕм астӕуккаг скъола».

                                                   Горӕтгӕрон район.

                   Урочы темæ:  «Ирон лæджы кады фæндаг»

(Баситы   Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ» – мæ гæсгæ).

                                                                     

                                     

                                                                 

                                                                   

                                                                                           

                                                                     

                             

                                               

                                                               

                                                                         

                    Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг

                                       Башираты  Ларисӕ

    Урочы нысантæ:  1. Базонгæ кæнын скъоладзауты Плиты Иссæйы цардвæндагимæ.

                                     2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын.

                                     3. Бæстæзонæн æрмæджы æххуысæй скъоладзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, ирон номдзыд адæммæ.

     Урочы фæлгонц:  презентативон æрмæг, дзырдуæттæ, нывтæ, къулыл газет «Инæлар Плиты Иссæ», докладтæ.

      Урочы эпиграф: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй».

                                                                                 

                                                                                      Петр Павленко

               

                                                 Урочы цыд.

  1. Скъоладзауты сразæнгард кæнын урочы архайынмæ.

 Ахуыргæнæг:  Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц

                           Йæ бинонтæ, йæ мад!

                           Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы

                           Йæ рæзгæ бонты цард!

                                                             ( «Фыдыбæстæ». Кочысаты М.)

   - Æцæгæйдæр, алы адæймагæн дæр зынаргъ сты йæ бинонтæ дæр, йæ мад дæр, йæ цард дæр. Фæлæ фыдгул ныййарæг зæхмæ куы æрбалæбуры, уæд адæймаджы æрбайрох вæййы йæ цард æмæ Райгуырæн бæстæ æмæ къæс бахъахъхъæныны тыххæй тохы бацæуы.

     Никуы ферох уыдзысты нæ бæстæйы адæм хæсты йы скъуыхтытæ равдыстой, зæххы къори фашизмæй куыд фервæзын кодтой, бирæ фæлтæрты цагъары къæлæтæй куыд бахызтой, уыдæттæ.

      Уæлахизы азфысты сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты Цæгат Ирыстоны сахъгуырдты нæмттæ дæр. Æмæ мах , абон, сæрыстыр стæм не сгуыхт æмбæстæгтæй, хæсты быдыры лæгдзинад чи равдыста, сæхицæн æмæ Ирыстонæн кад æмæ ном чи скодта, уыдонæй.

  1. Хæдзармæ лæвæрд æрмæг сбæрæг кæнын.

    - Абонмæ уæ хъуыди бацæттæ кæнын цыбыр проектон – иртасæн куыстытæ.

Дыууæ къордæн дæр лæвæрд уыд иумæйаг темæ: «Ирыстоны хъæбатыртыл нæ кæуынц, хъæбатыртыл нæм зарджытæ кæнынц».

    Фæлæ ма  уыцы иумæйаг темæйæ уæлдай, алы къорд дæр хъуамæ йæ проектон куыстæн йæхæдæг æрхъуыды кодтаид дæлбар темæ.

     Равзæрстам алы къордæн дæр разамонджытæ, æмæ ныхасы бар уыдонæн.

     Скъоладзау: Мах бацæттæ кодтам хъусынгæнинаг æмæ презентаци Доййаты Дауыты тыххæй. Нæ куысты темæ у : «Зæххыл цы стырдæр тох æрцыд, гъе уым ирон туг дæр ныккалд».   (Плиты Грис).

      Скъоладзау: Нæ ныхас нæ райдайын фæнды Кочысаты Мухарбеджы ныхæстæй.

                            «Кæйдæртау нæ фæлыгъдтæн тохæй,

                            Нæ бамбæхстон пыхсы мæ сæр.

                            Дæу хъахъхъæнæг сау айнæг хохау

                            Æрлæууыдтæн фидар æз дæр».

     ( Проекты æрмæг: хъусынгæнинаг, презентаци, зарæг).                                                  

    Ахуыргæнæг: Кæд уæ искæмæ фарстытæ ис? Кæд исты нæ бамбæрстат?

    Скъоладзау: Æз нæ бамбæрстон дзырд – æрдæгсакъадахы нысаниуæг.

    Скъоладзауы дзуапп. Æрдæгсакъадах – полуостров.

                                          Сакъадах – остров.

    Дыккаг къорды проектон куыст.

    Скъоладзау: Махæн та нæ проекты темæ у : «Ирон лæг, куыд бæрзонд у дæ кад».

    (Проекты æрмæг: хъусынгæнинаг, къулыл газет, презентаци, киноныв, зарæг «Плиты Иссæ»).

     Скъоладзауты фарстытæ.  Æз нæ бамбæрстон дзырд – балхонæджы  нысаниуæг.

     Скъоладзауы дзуапп. Дзырд балхонæг арæзт у дыууæ хайæ. Бал + хонæг = балхонæг.

Ома, къорд йæ фæстæ кæны.

      Ахуыргæнæг: Мæнмæ дæр ис фарст. Уæ ныхасы райдианы загътат, зæгъгæ, Плиты Иссæ райгуырдис Зæронд Бæтæхъойы хъæуы. Цымæ кæм ис уыцы хъæу?

     (Дзуапп).

  1. Проектыл куыст цас æнтыстджынæй рауад, уый сбæрæг кæнын.

  Ахуыргæнæг. Тынг хорз бацæттæ кодтат уæхи нæ урокмæ. Цы æрмæг æрæмбырд кодтат, уымæй раст спайда кодтат. Уæ хъусынгæнинæгты æмæ презентациты æрмæг кæрæдзийы фæдыл раст фæткыл равæрдтат. Фæлæ ма мын зæгъут, цы ис иумæйагæй Доййаты Дауыт æмæ Плиты Иссæмæ? Зæгъут  ма уæ хъуыдытæ.

  Скъоладзау: Дыууæйæ дæр сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Хъæбатыртæ.

  Скъоладзау: Дауыт дæр æмæ Иссæ дæр равдыстой стыр хъæбатырдзинæдтæ æмæ хæстон  зонындзинæдтæ тохы быдыры.

  Скъоладзау: Сæ нæмттæ хæссынц уынгтæ, скъолатæ. Æвæрд сын ис цыртдзæвæнтæ.

  Скъоладзау: Дауыт дæр æмæ Иссæ дæр æнæкæрон уарзтæй уарзтой Фыдыбæстæ.

  Скъоладзау: Дыууæйæ дæр тох кодтой Украинæйы. Фæлæ Дауыт æнусмæ баззад Керчы зæххыл. (Æрныхас кæнын Хъырым фæстæмæ Уæрæсейы кæй баци, ууыл ).

  Ахуыргæнæг: Куыд федтам, афтæмæй бацæттæ кодтат Плиты Иссæйыл къулыл газет, загътат, не скъолайы отряд йæ ном кæй хæссы, уый. Куыд базыдтам, афтæмæй йæ ном хæссынц уынгтæ, фæзуæттæ, скъолатæ, æвæрд ын ис цыртдзæвæнтæ бирæ рæтты.

Цымæ Иссæйы хуызæн лæгæн йæ мад æмæ йæ фыд та цавæр адæм уыдысты?   ( скъоладзауы ныхас Иссæйы бинонты тыххæй). (6,7,8,9,10 слайдтæ)

Ахуыргæнæг: Уæдæ куыд базыдтам, афтæмæй Иссæ ныгæд ис Хъæбатырты Аллейæйы. Иссæйы портреттæ нывгонд æрцыдысты Ирыстоны къæдзæхтыл дæр. Зæгъут – ма, кæм ма йын æвæрд æрцыд цыртдзæвæн (монумент).

 Скъоладзау: Плиты Иссæйы номыл фæзуаты.

Ахуыргæнæг: Йæ автортæ - скульптор  Тотиты Барис æмæ Ходты Микъала (1997 аз).

Презентацийы æрмæг.

( Цыбыр киноныв «Монумент»).

     Ахуыргæнæг: Цавæр æнкъарæнтæ уæм æвзæрын кæны монумент?

  • Куыд уæм кæсы, цымæ абон нæ урочы темæйы æрмæг кæимæ баст уыдзæн?

    (Дзуапп).

  1. Ног æрмæг.

   Нæ урочы темæ : «Ирон лæджы кады фæндаг (Баситы  Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ»-мæ гæсгæ). (12 слайд)

   - Нæ урочы эпиграфæн райстон Петр Павленкойы ныхæстæ: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй». (13 слайд)

  - Куыд æмбарут ацы ныхæстæ? Нæ урочы сæ кæй тыххæй ис зæгъæн?

  Скъоладзау: Нæ урочы сæ зæгъæн ис Доййаты Дауыт æмæ Плиты Иссæйы тыххæй. Уыдон нæ фæхудинаг кодтой ирон лæджы ном. Сæхи равдыстой намысджын хæстонтæй.

                                                                                                                                                       

   Ахуыргæнæг: Ахæм хæстонтæй кæй равдыстой сæхи, Хъæбатырты зарджытæ дæр сыл уый тыххæй скодтой адæм. Плиты Грис та Иссæйыл ныффыста æмдзæвгæ «Æртхутæгдон». (Радзурын скъоладзаутæн æмдзæвгæйы ныффысты истории).

 Хистæр кары скъоладзау кæсы æмдзæвгæ «Æртхутæгдон». 

  1. Дзырдуатон куыст: (14, 15 слайдтæ).

   Ахуыргæнæг: Ацы дзырдтыл фембæлдзыстут радзырды, æмæ сын кæд исчи зоны сæ нысаниуæг, тæлмац, синонимтæ.

            Надвæндаг – утрамбованная дорога

            Къæсхуыртæ арæзт – фыдхуыз, мæллæг

            Саулагъз – смуглый

            Тындзгæ цыд – тагъд

            Зæрдæргъæвд – одаренный, способный

   Хæс.  Баситы М. радзырд аивадон æрхъуыды æмæ æцæгдзинадыл арæзт кæй у, уый бамбарын кæнын скъоладзаутæн.

  Хæс. Бакæсын æмæ равзарын Баситы Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ».

  1. Ног æрмæг куыд бамбæрстой, уый сбæрæг кæнын. (16 слайд).

   Ахуыргæнæг: Цы зæгъы автор Плиты Иссæйы хæстон курдиаты тыххæй? (Чиныгимæ куыст).

   - Цавæр сгуыхтыты тыххæй радтой Иссæйæн Советон Цæдисы Хъæбатыры ном дыууæ хатты?

    (Дзуапп).

  - Иссæ ирон адæмæн, Ирыстонæн цавæр кад скодта?

    (Дзуапп).

  -  Хæххон цæргæс æй цæмæн хоны фыссæг?

    (Дзуапп).

  - Адæм Иссæйы ном кæй нæ рох кæнынц, уый цæмæй бæрæг у?

    (Дзуапп).

     Хæс. Радзурын Бекойты Солтаны мысинæгтæй. ( «Плиты Иссæ». Уалыты Т. 68-м ф. «Удварны хæзнатæ»).

     Ахуыргæнæг: афтæмæй Иссæйæн базонгæ стæм йæ царды хабæрттимæ, йе’ддаг сурæтимæ. Æмæ цымæ ахæм лæгæн та йæ хъæлæс, йæ ныхасыхъæд цавæр уыд? Куыд уæм кæсы?

     Скъоладзауты хъуыдытæ.

     (Хъуысы Иссæйы хъæлæс).

  1. Æрмæг бафидар кæныны куыст.

     Нæ абоны темæ куыд бамбæрстат, уый мæ сбæрæг кæнын фæнды синквейнты фæрцы.    

     Хæс. Алчидæр уæ саразæд иу синквейн номдар «Инæлар»-ыл. Æмæ йæ  уæ литературæйы тетрæдты ныффыссут.

      Ахуыргæнæгæн æххуыссæн.

                                             

  1. Инæлар.
  2. Хъæбатыр, фидардзаст.
  3. Тындзы, хæцы, тох кæны.
  4. Ирон кадджын лæг.
  5. Балхонæг.

  1. Инæлар.
  2. Хæрзæлвæст, бæрзонд.
  3. Уарзы, зоны, тох кæны.
  4. Советон Цæдисы Хъæбатыр.
  5. Командæгæнæг.                                                                        

   Хатдзæгтæ.

   Уæдæ куыд базыдтам, афтæмæй Плиты Иссæ ирон лæджы кадджын ном дæлæмæ не’руагъта нæ, фæлæ йæ бæрзонддæр къæпхæнмæ систа. Æмæ махæн та нæ хæс у, уыцы кад дæлæмæ ма руадзын. Æмæ цæмæй афтæ уа, уый тыххæй хъæуы æгъдауджын уæвын, хорз ахуыр кæнын, ныййарджытæм хъусын æмæ Райгуырæн бæстæйы патриот уæвын.

  1. Æрмæг куыд бамбæрстой, уый сбæрæг кæнын.

   Ахуыргæнæг: Нæ урочы ногæй цы базыдтат? Уæ зæрдæмæ дзы цы фæцыдис, кæнæ нæ фæцыдис? Зæгъут – ма уæ хъуыдытæ.

   Скъоладзауты дзуаппытæ:

  - Æз урочы базыдтон, Плиты Иссæйы номыл, нæ горæты музей кæй ис, уый.

  - Мæнæн та мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис,  музейы кусджытæ Иссæйы хиуæтты ингæнтæм кæй зилынц, уый.

  - Æз та базыдтон инæлары ном кæй хæссынц бирæ горæтты уынгтæ.

  - Мæнмæ та цымыдисаг фæкастис, куыд бацис йæ бон баиу кæнын бæхджын æфсад æмæ танкæтæ иумæ.

   Скъоладзаутæн бæрæггæнæнтæ сæвæрын. Арфæ сын ракæнын.

  1. Хæдзармæ куыст. 1.Бакæсын Баситы Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ». 2.Нывтæ скæнын уацмысы сюжетмæ гæсгæ.

 

   

     

     

     

     

                                                                             


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ....

Урочы темæ: « Сӕрибармӕ тырнындзинад Гӕдиаты Секьайы радзырд «Мад ӕмӕ фырт»-ы.»

Урочы  нысантæ  Урочы тип Радзырд«Мад ӕмӕ фырт»-ӕн анализ скӕнын,равзарын фӕлгонцтӕ.Равзарын темӕ,идейӕ сбӕрӕг кӕнын. Радзырды ӕвзаг.Ӕрдзы нывтӕ  радзырды,бакусын ...

Урочы темæ: Бирæ нын цæрат, нæ буц хистæртæ (зарæгæй) Грамматикон темæ: Ирон ныхасы стильтæ

План конспект урока в 9 классе. Грамматическая тема урока "Стили речи"....

Технологон картæ ирон литературӕйы урокмæ 7-æм къласы Темӕ: Тугъанты Батырбеджы радзырд «Бӕхдавӕг»

1 Сӕйраг хъайтары архайдӕн аргъ скӕнын.2.Скъоладзауты размӕ цы проблемон фарста  ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, уый алыг кӕнын базонын.3. Скъоладзауты сфӕлдыстадон потенциал сбӕрӕг кӕнын, рӕзын кӕнын.4 Логикон...

Урочы темæ: Барахъты Гиныйы радзырд «Зæлимхан» Кæй бæрны бацыдтæ , ууы ауд. Антуан де Сент-Эккзюпери

В ходе проведения  групповой работы на уроке воспитывать у учашихся умение слушать  своего  товарища, чувство взаимопомощи и взаимоподдержки. Воспитывать любовь к животным....

Технологон картæ ирон литературæйы урокмӕ 10 –æм къласы. Темæ: «Цардфæлварæны уæлахиз тыхфæлварæныл" (Барахъты Гинойы радзырд «Цæр!» - мæ гæсгæ. )

Уацмысы тугисыны фарста куыд лыггонд цæуы, уый равзарын.Бакусын ахуырдзауты ныхасы разтыл, темæмæ цымыдисдзинад рæзын кæнын. Скьоладзаутæм хъомыл кӕнын раст цӕстӕнгас нæ ирон ӕгьдӕуттӕ ӕмæ тради...

Технологон картæ ирон литературæйы урокмӕ 10 –æм къласы. Темæ: «Хъӕздыг цы нӕ кӕны, мӕгуыр цы нӕ бары" (Хъуылаты Созырыхъойы радзырд «Номылус» - мæ гæсгæ. )

Адæймаг рæсугъд цæмæй вæййы, уый равзарын. Скьоладзауты ахуыр кӕнын раст цӕстӕнгасӕй кӕсын ирон ӕгьдӕуттӕм,ӕмбарын сын сӕ актуалондзинад ныры царды. Зӕлийы фӕлгонц равзарын....