Технологон картæ ирон литературæйы урокмӕ 10 –æм къласы. Темæ: «Хъӕздыг цы нӕ кӕны, мӕгуыр цы нӕ бары" (Хъуылаты Созырыхъойы радзырд «Номылус» - мæ гæсгæ. )
учебно-методический материал (10 класс)

Адæймаг рæсугъд цæмæй вæййы, уый равзарын. Скьоладзауты ахуыр кӕнын раст цӕстӕнгасӕй кӕсын ирон ӕгьдӕуттӕм,ӕмбарын сын сӕ актуалондзинад ныры царды. Зӕлийы фӕлгонц равзарын.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл haezdyg_tsy_nae_kaeny_maeguyr_tsy_nae_bary_10_klas.docx36.77 КБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон литературæйы урокмӕ 10 –æм къласы.

Темæ: «Хъӕздыг цы нӕ кӕны, мӕгуыр цы  нӕ бары"

(Хъуылаты Созырыхъойы  радзырд «Номылус» - мæ гæсгæ. )

Урочы  нысантæ

Адæймаг рæсугъд цæмæй вæййы, уый равзарын. Скьоладзауты ахуыр кӕнын раст цӕстӕнгасӕй кӕсын ирон ӕгьдӕуттӕм,ӕмбарын сын сӕ актуалондзинад ныры  царды. Зӕлийы фӕлгонц равзарын.

Урочы хуыз

Урок-тӕрхон

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: Уацмысæн анализ скæнын.

Метапредметон: Скъоладзауты ахуыр кæнын хи хъуыдытæ раст дзурыныл, хатдзæгтæ кæныныл, аив дзурын æмæ кæсыныл.

Удгоймагон: Æрдзурын адæймаджы æппæрццаг æмæ æвæрццӕг миниуджытыл.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер,  чингуытæ, карточкатæ,ӕмбисӕндтӕ,сюжетон нывтӕ.

Урочы эпиграф:

 «Хъӕздыг цы нӕ кӕны, мӕгуыр цы  нӕ бары"

                Адæмон æмбисонд

                                               

                                             Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.) Проблемон фарст

- Уæ бон хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бон хорз, нæ зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты.

-Сывӕллӕттӕ!  Нӕ зӕрдыл ма  ӕрлӕууын кӕнӕм Хъуылаты Созырыхъойы сфӕлдыстад.

Мӕн фӕнды,цӕмӕй байхъусат  ӕмӕ

зӕгъут, кӕмӕ хауынц ацы ныхӕстӕ: «Хайджын-уæларвон рæсугъдзинадæй, йæ цæстытæ æнахуыр цырд æмæ хъæлдзæг, сæ мидæг, цыма, цырæгътæ сыгъди, уыйау. Цæрдæг,- цыфæнды хохы сæрты, зæрватыккау атахтаид… Нарæгастæу, нæзы талайау, кондджын.

-Сæгуыт, хæххон сæгуыт у…»

-Уæдæ абон цæуыл дзурдзыстæм?

 

 Нӕ урочы темӕ у «Адӕмы фарн бирӕ у». Нӕ урочы хӕс у Зӕлийы фӕлгонц бӕлвырдӕй равзарын. Радзырды бирӕ персонажтӕ ис, фӕлӕ мах бӕлвырддӕр ӕрдзурдзытӕм Зӕлийы фӕлгонцыл.

Cалам дæттынц ахуыргӕнӕгӕн ӕмӕ уазджытӕн дӕр.

Скъоладзаутæ скъуылдзагмæ гæсгæ сбæрæг кодтой, ныхас кæй цæуы Зæлийы тыххæй.

Сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг бӕрӕг

кӕнынц урочы темӕ.

-Адæймаг рæсугъд вæййы йæ хъуыддæгтæй, йе՚ гъдауæй

-Адæймагæн йе՚гъдауыл, йæ уды хъаруйыл

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),  

Актуализаци

-Нæ урокæн  эпиграфæн райстон адæмон æмбисонд:

«Адæмы фарн бирӕ  у».

- Куыд æмбарут ацы æмбисонд?

Адæймаг фыццаджыдæр хъуамæ уа æгъдауджын, æфсармджын, рæстзæрдæ.

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Удгоймагон:

(уды рæсугъддзинадыл æмбарын)

Ног æрмæгыл куыст.

Радзырдæн анализ скæнын, текстыл æнцойгæнгæйæ

-Ахæм адæймаг нын равдыста Хъуылаты Созырыхъо  йæ радзырд «Номылус»-ы.

 Цæмæн схуыдта автор йæ радзырд афтæ?

-Фæйнæгыл фыст ӕмбисӕндтӕ,уӕ хъус сӕм дарут.

-Чиныджы-ма ссарут, йæхæдæг та, автор, цы зæгъы адæймаджы тыххæй?

 «Мӕсыг хи дуррӕй хӕлы»

«Хъӕздыг цы нӕ кӕны, мӕгуыр цы нӕ бары»

«Мады гуыбынӕй дӕр алыхуызӕттӕ  рацӕуы»

-«Хъал чызг уыди Зӕли ӕмӕ хъынджылӕг кодта…» Хъал у йӕхицӕй,йӕ сӕрӕндзинадӕй,йӕ ӕрыгондзинадӕй.

      Фæлæ мæнæ иу уалдзыгон бон æрхызт йæ хъал бæхæй кæрты дуармæ уӕздан Хъауырбег.            

  Ссарут-ма чиныджы йæ ӕрфыст.

-Уӕ дзуӕппытӕ фидар кӕнут, куыд уӕм хуыздӕр кӕсы, афтӕ:чиныгӕй,кӕнӕ хи ныхӕстӕй текстмӕ хӕстӕг.

Дзырдуатон куыст: номылус

Фӕйнӕгыл фыст Зӕлийы удыхъӕды миниуджытӕ:    ӕмбаргӕ,сӕрӕн,куыстарӕхст,кьӕйных,адӕмуарзон.

_Зӕлийы портрет бакӕсын.

-Фарстатыл  куыст:

 1.Цӕмӕй хицӕн кодта Зӕли иннӕ мӕгуыр чызджытӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй?

2.Зӕлийы удыхъӕды миниуджытӕ сты, куыд равзӕрстам,афтӕмӕй:

Ацы миниуджытӕ йын царды мидӕг ӕххуыс кодтой ӕви хъыгдаргӕ?

3.Ахӕм хъал чызг уӕвгӕйӕ, цӕмӕн сразы номылусы хъысмӕтыл?

Уый йӕ тых у, ӕви йӕ састы нысан?

-Бузныг! Байхъуыстам уӕ хъуыдытӕм. Кӕд уӕ исчи йӕ цӕстӕнгас аивта мыййаг?

Цард у цалх.

-Кӕй хъуыдытимӕ стут разы,  уазджытӕ,табуафси, зӕгьут, хъусӕм уӕм!

_-Ахъуыды ма кӕнут ӕмӕ цыбыртӕй зӕгьут,  уӕ хъуыдытӕ радзырды кӕрон куыд уынут…

-Зӕли ахӕм характеримӕ бафӕрӕстаид Хъауырбеджы хӕдзары ӕви нӕ?

-Зӕли хорз сбӕззыдаид йӕ миниуджытимӕ абоны царды.

-Алцæмæй дæр уыди æххæст Зӕли.

«Хъуамӕ ракура Зӕлийы,стӕй номылусӕн…»

 

(Скъоладзаутæ æвзарынц.)

Чиныджы кæсынц:

«Ӕгӕр уӕздан арӕзтытӕ фӕци Зӕли,мӕгуыр лӕгыл афтӕ нӕ фидауы:мӕгуыр хъуамӕ уындӕй дӕр мӕгуыр уа…»-хъуыды кӕны Музук.

«Лӕджыхъӕдӕй Хъауырбегӕн ницы уыд.Чысыл дӕлӕсин,йӕ риу фӕтӕн,ӕнӕуый дӕр тьӕпӕнгомау,цӕсгомӕй-рӕсугьд»

Чиныджы кæсынц:

Фарс 256.

(-уӕззау цард нӕма баййӕфта;

-хъал уыд йӕ рӕсугьддзинадӕй)

-ӕмбаргӕ

-сӕрӕн,куыстарӕхст

-кьӕйных, налат

-уӕндон, ныфсхаст

-адӕмуарзон

Скъоладзаутæ дæттынц бæстон дзуæппытæ, текстыл æнцойгæнгæйæ.

Скъоладзаутæ дзурынц

Цӕмӕй хъал Хъауырбег йӕ маст хъӕубӕстӕйӕ мауал иса. Адӕмы фарн бирӕ у.Басаст мӕгуыр Зӕли.Сразы йӕ хъысмӕтыл ӕмӕ номылус сси адӕмы сӕрыл хъуыдыгӕнгӕйӕ.

Уазджытӕ дӕр сӕ хъуыдытӕ дзурынц.

Скьоладзаутӕ дзуапп дæттынц.

 Уыдон бӕлвырдӕй дзурынц,барынц

Зӕлийы абоны чызджыты цардимӕ.

Зонадон: (хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци текстты ссарын æмæ радзурын зонын, ног зонындзинæдæ райсын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Удгоймагон:

(адæймагæн аргъ кæнын зонын)

Ног зонындзинæдтæ фысгæйæ фидар кæнын.

Къордты куыст

Дих цæуынц сывæллæттæ дыууӕ къордыл.

Ахуыргæнæг дзуры «Зӕли-йӕ адӕмы ирвӕзынгӕнӕг»,-афтӕ чи хъуыды кӕны,уыдон иуырдыгӕй сбадӕнт.

Иннӕтӕ «Хъал Зӕли-ӕгад номылус (раст нӕ бакодта),уыдон иннӕрдыгӕй.

Цалдæр минуты кусынц, стæй сæ карточкӕтӕ ахуыргӕнӕгм ӕ дӕттынц.  

Зонадон:

(зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын ,иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

Удгоймагон:

(адæймаджы æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджæтæ зонын)

Хатдзæгтæ скæнын.

--- Куыд уæм кæсы, цæмæн бакуымдта Зӕли Хъауырбегӕн?

Æмæ фæстæмæ раздæхæм нæ эпиграфмæ:  

«Адæмы фарн бирӕ у».

Кӕд хъал чызг уыди Зӕли,уӕддӕр адӕмы сӕр хъуыдыгӕнгӕйӕ ,цӕмӕй хъал хъӕздыг лӕг йӕ маст мауал иса  йӕ уарзон хъӕубӕстӕйӕ,уый тыххӕй сразы  ис йӕ ӕнамонд хъысмӕтыл.

Скъоладзаутæ сæ хъуыдытæ дзурынц,пайда кӕнынц ахӕм дзырдтӕй «мӕнмӕ гӕсгӕ…ӕз та афтӕ хъуыды кӕнын…раст нӕ бакодта..раст бакодта…

Зонадон: (архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын)

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Удгоймагон:

(адæймаджы уды хъаруйæн аргъ кæнын)

Рефлекси.

-Абоны урок уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?

-Уæхицæн цавæр хатдзæгтæ скодтат?

Бузныг,нӕ урок кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны.

Уӕ хорзӕхӕй, алчи дӕр уӕ йӕхи кьордӕн дӕр ӕмӕ иннӕ кьордӕн дӕр аргь скӕнӕд йӕ куыстӕн.  Нӕ уазджытӕ,уӕ хорзӕхӕй,сымах дӕр уӕ хъуыдытӕ зӕгьут ӕмӕ кьордты куыстӕн аргь скӕнут. Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрут.

Стыр бузныг уе ппӕтӕн дӕр!

Тынг хорз бакуыстат! Уӕ хъуыдытӕ,уӕ цӕстангас афтӕ ӕргом кӕй дзырдтат, уый мын бынтон ӕхсызгон уыди!

Скъоладзаутæ сæ хъуыдытæ, сӕ цӕстӕнгас  дзурынц.

Скодтой ахӕм хатдзӕг: «Адӕймаг йӕ Райгуырӕн

бӕсты, йӕ уарзон адӕмы сӕраппонд цаттӕ хъуамӕ уа йӕ цард раттыныл.

Ахуырдзаутӕ аргь кӕнынц кьордты куыстӕн

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын )

Регулятивон: (æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын)

Хæдзармæ куыст

Фысгæ куыст ахæм темæйыл: «Цы у царды вазыгджындӕр: Мӕхи амонд ӕви адӕмы амонд?»

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Технологон картӕ ирон ӕвзаджы урокмӕ 8 -ӕм къласы . Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ.

Ныхасы темӕ: Ӕфсарм кӕм нӕй, уым ӕгъдау дӕр нӕй.Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы. Урочы темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.

Темӕ:   Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.Грамматикон темӕ:Кæронбæттæн урок номдар æмæ миногонæй....

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 10-æм кълассы

quot;Æз цард афтæ æмоарын..."(Мамсыраты Дæбейы радзырдтæ "Аууон" æмæ "Фæсмон"-мæ гæскæ)...

Технологон картæ ирон литературӕйы урокмæ 7-æм къласы Темӕ: Тугъанты Батырбеджы радзырд «Бӕхдавӕг»

1 Сӕйраг хъайтары архайдӕн аргъ скӕнын.2.Скъоладзауты размӕ цы проблемон фарста  ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, уый алыг кӕнын базонын.3. Скъоладзауты сфӕлдыстадон потенциал сбӕрӕг кӕнын, рӕзын кӕнын.4 Логикон...

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы Темæ: «Ирон адæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы».

Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; уацмысы бындурыл æрдзурын ирон адæмы царды ног социалон фæзындтыл; скъоладзауты ахуыр кæнын  аив дзурын æмæ кæсыныл....

Технологон картæ ирон литературæйы урокмӕ 10 –æм къласы. Темæ: «Цардфæлварæны уæлахиз тыхфæлварæныл" (Барахъты Гинойы радзырд «Цæр!» - мæ гæсгæ. )

Уацмысы тугисыны фарста куыд лыггонд цæуы, уый равзарын.Бакусын ахуырдзауты ныхасы разтыл, темæмæ цымыдисдзинад рæзын кæнын. Скьоладзаутæм хъомыл кӕнын раст цӕстӕнгас нæ ирон ӕгьдӕуттӕ ӕмæ тради...

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 11-æм къласы Урочы темæ: « Фæлææфсарм та, цæсгом та? » Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ.

1. Уацауы арф этикон проблематикæ равзарын.2. Бамбарын кæнын скъоладзаутæн, уацау куырыхондзинад æмæ удварны къæбиц кæй у.3. Ахуырдзауты фæцалх кæнын аивадон уацмысы комплексон анализыл.4. Адæймаг æмæ...