"Зонды фӕндаг даргъ у".
презентация к уроку (8 класс)

Презентация к уроку (8 класс)

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл "Зонды фӕндаг даргъ у".255.32 КБ

Предварительный просмотр:


Подписи к слайдам:

Слайд 5

ТЕСТ Ссар рӕдыд . Фадатон дзырдтӕ вӕййынц: 1.Афоны фадат 2.Бынаты фадат 3.Архайды хуызы фадат 4.Ныхмӕвӕрды фадат 5.Ӕфсоны фадат 6.Нысаны фадат

Слайд 6

Фадатон дзырдтӕ фӕрсдзырдтӕ куы вӕййынц, уӕд зӕгъинагимӕ баст вӕййынц: 1.Ӕмбасты фӕрцы 2.Ӕмарӕзты фӕрцы 3.Ӕфтыдады фӕрц

Слайд 7

Ссар раст хъуыды . Ӕфсоны фадат ӕвдисы, 1.архайд кӕм цӕуы , уый . 2 . архайд цӕмӕн, цы’фсонӕй цӕуы, уый . 3.архайд цӕмӕн , цы нысанӕн хъӕуы , уый . 4.архайд куыд фӕцӕуы , уый .

Слайд 8

Архайды хуызы фадат ӕвдисы, 1.архайдӕн йӕ афон . 2.архайд цӕмӕн , цы хъуыддаджы тыххӕй хъӕуы . 3.архайдӕн йӕ бынат . 4.архайд куыд фӕцӕуы .

Слайд 9

Быныты фадат дзуапп дӕтты фӕрстытӕн 1.кӕд? кӕдӕй? цас рӕстӕг? 2.куыд? куыдӕй? кӕйау? цӕйау? 3.цӕмӕн? цӕй тыххӕй? Цӕмӕй? 4.кӕм? кӕцӕй? кӕдӕм? кӕцырдыгӕй?

Слайд 10

Фӕрстытӕ. Цы хонӕм фадатон дзырдтӕ? Цавӕр хъуыдыйады уӕнг фембарын кӕнынц? Цавӕртӕ вӕййынц сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ фадатон дзырдтӕ? Ранымайын сӕ.

Слайд 11

Хъуыдыйады у ӕ нгт ӕ Ӕххӕстгӕнӕн Сӕ йрат Б ӕ р ӕ гг ӕ н ӕ н Фадатон дзырдт ӕ Бынаты фадат З ӕ гъинаг С ӕ йраг у ӕ нгт ӕ Архайды хуызы фадат Ф ӕ рссаг у ӕ нгт ӕ Афоны фадат Ӕфсоны фадат Нысаны фадат

Слайд 12

Урочы темӕ Зонды фӕндаг даргъ у Грамматикон темӕ Кӕронбӕттӕн урок хъуыдыйады уӕнгтӕй

Слайд 13

Ӕмбисӕндтӕ. Лӕгӕн зонд у фӕндагамонӕг . Адӕймаджы зонд йӕхъаруйӕ тыхджындӕр у. Тых уӕд фидар у, ӕмӕ зонд йӕ разӕй куы цӕуа . Зондджын зонд агуры , ӕдылы зонд амоны . Зондджын сӕр сӕдӕйы хӕссы, ӕдылы та йӕхи дӕр нӕ хӕссы . Искӕй зондӕй цӕрӕн нӕй. Зондыл куыст , ахуырай ӕфты. Ӕппӕтӕй тыхджындӕр зонд у.

Слайд 14

Урочы эпиграф Зондӕй хъӕздыг – удӕй хъӕздыг

Слайд 15

1 къорды текст Хӕрзтӕ дӕр ӕмхуызон нӕ вӕййынц. Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ йӕ хӕдзар цудын ницӕмӕй уадзы , архайы йӕ тыхтӕ, йӕ фадатмӕ гӕсгӕ, йӕхи хӕдзарӕн, йӕ бинонтӕн. Ӕндӕр дзы дарддӕр ницы ӕфсарм ис … Уый у хӕдзары лӕг , хӕдзары хорз лӕг , хӕдзардарӕг . Ис ӕндӕр хорз лӕг дӕр. Рох дзы нӕу йӕ хӕдзар уымӕй дӕр, фӕлӕ ма уый хӕдзарӕй дарддӕр стыр пайда у ӕгас хъӕуӕн дӕр , йӕ зонд, йе’фсарм ӕмӕ йе’хсарӕй. Уый у хъӕуы лӕг , хъӕуы хорз лӕг … Ӕгас комы дзыллӕмӕ йӕ зонд, йӕ фӕнд кӕмӕн ӕххӕссы, ӕгас комы рӕсугъд фӕндагыл чи арӕзта , фыдбылызӕй сӕ чи хъахъхъӕдта , уый у комы лӕг , уый у стыр лӕг йӕ дзыллӕйӕн .

Слайд 16

2 къорды текст Сӕ хъӕумӕ фӕндагыл дыууӕ сыхаджы баиу сты . Кӕрӕдзи афӕрстытӕ кодтой,чи дзы кӕцӕй цӕуы, уымӕй. Кӕстӕр цыд зианӕй,ӕмӕ йӕ хистӕр хынцфарст акодта : - Мард хӕдзары зиан уыд ӕви хъӕуы? - Уый та куыд ӕмбаргӕ у? - Хорз лӕг йӕ зонд, йе’гъдау ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй вӕййы хъӕуы лӕг, фыццаг ма ахӕмты хуыдтой комы лӕг дӕр , ныр та ис ӕнӕхъӕн Ирыстоны лӕгтӕ дӕр . Ӕмӕ ахӕм лӕгты зианмӕ ӕрцӕуы хъӕубӕстӕ, комбӕстӕ, кӕнӕ ӕппӕт Ирыстонӕй дӕр. Хӕдзары зиан та бавӕрынц хӕстӕг – хиуӕттӕ , сыхӕгтӕ . - Бамбӕрстон! Уӕдӕ ӕз кӕй зианы уыдтӕн, уый хъӕуы лӕг уыд ,- дзуапп радта кӕстӕр.

Слайд 17

Текстыл куыст 1 къорд 1.Раттын сӕргонд . 2.Тексты ссарын ӕмӕ бахахх кӕнын ӕххӕстгӕнӕнтӕ ӕмӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ . 3.Хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ равзарын : Ис ахӕмтӕ , ӕмӕ йӕ хӕдзар цудын ницӕмӕй уадзы,архайы йӕ тыхтӕ , йӕ фадатмӕ гӕсгӕ , йӕхи хӕдзарӕн , йӕ бинонтӕн . 4.Ссарын орфограммӕтӕ . 2 къорд 1.Раттын сӕргонд . 2.Ссарын сӕйраг уӕнгтӕ ӕмӕ фадатон дзырдтӕ . 3.Хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ равзарын : Хорз лӕг йӕ зонд,йе’гъдау ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй вӕййы хъӕуы лӕг , фыццаг ма ахӕмты хуыдтой комы лӕг дӕр . 4.Ссарын орфограммӕтӕ .

Слайд 18

Я счастья не знал, но я готов свободу, Которой я привык, как счастьем, дорожить, Отдать за шаг один, который бы народу Я мог когда-нибудь к свободе проложить. Я — осетин К. Хетагуров — художник, поэт и народный певец. Я никогда своим словом не торговал, никогда ни за одну свою строку ни от кого не получал денег. И пишу я не для того, чтобы писать и печататься, потому что и многие это делают. Нет! Ни лавры такого писания мне не нужны, ни выгоды от него. Я пишу то, что я уже не в силах бываю сдерживать в своем изболевшем сердце... Рагон н æ ртон л æ гау зарын куы зонин , Арвм æ куы хъуысид м æ ф æ ндыры хъазт ,- Дунеты се ' пп æ т м æ хим æ æ рхонин , Радзурин уыдон æ н з æ рд æ йы маст . Т æ худы, й æ дзылл æ йы раз Чи рак æ ны барджын ныхас , К æ й ф æ рсынц , к æ й равзарынц зонд æ й ! Т æ худы, й æ уарзондзинад , Й æ хорз ном, й æ фыд æ лты кад , Чи уадзы у æ л æ уыл з æ ронд æ й !.

Слайд 19

Ирыстоны лӕгтӕ Абайты Васо – профессор, филологон наукӕты дохтыр , дыууӕ хатты сси Хетӕгкаты Къостай премийы лауреат, зындгонд зонадон архайӕг Гуырдзы ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны . Ӕлборты Барысби – фыццаг ирон профессор, филологон наукӕты дохтыр . Бериты Георгий – генерал- мойор,авиаконструктор , Паддзахадон премийы лауреат сси дыууӕ хатты . Гӕбӕраты Никъала – профессор, филологон наукӕты дохтыр . Гуыриаты Тамерлан - профессор, филологон наукӕты дохтыр . Гуытиаты Тамерлан – зындгонд архитектор, профессор. Акоты Инал – биологон наукӕты дохтыр , Паддзахадон премийы лауреат. Берозты Темырболат – медицинон наукӕты академик. Кучиты Юрий – Советон Цӕдисы хъӕбатыр , атомон ихцъӕлгӕнӕн науты «Ленин» ӕмӕ «Арктика» - йы капитан. Туаты Ольга – фыццаг ирон сылгоймаг – профессор.

Слайд 20

Сбӕрӕг кӕнын - ногӕй цы базыдтон урочы ; - цавӕр куысты хуызтӕ фӕцыдысты мӕ зӕрдӕмӕ; - урочы мӕм цымыдисаг фӕкаст; - къордтӕй хуыздӕр бакуыста ; - къордты уӕнгтӕй хорз бӕрӕггӕнӕны аккаг у


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Ильякова Н.Е. Постановочные зонды в коррекции звукопроизношения.

Методический материал в помощь логопеду при работе с зондами....

: Зонд кӕм и, ӕрхъуыды дӕр уым и ( Кочысаты Розæйы пьесӕ "Гæды лæг, кæнæ Нæ пъырыстыф сæрра"-мӕ гӕсгӕ).

Темæ:  Зонд кӕм и, ӕрхъуыды дӕр уым и ( Кочысаты Розæйы пьесӕ "Гæды лæг, кæнæ Нæ пъырыстыф сæрра"-мӕ гӕсгӕ).Нысан:2.Уацмысы фольклорон бындурыл æрныхас кæнын.3.Пьесæйы идейон мидис ахуырдзау...

Презентация к открытому уроку "Зонд кœм и .... "

Презентация к открытому уроку "Зонд кœм и .... "...

Конспект урока "Уды хъизæмар рухсдзинадыл - фæндаг рæсугъд фидӕнмӕ"

План - конспек открытого урока  "Уды хъизæмар  рухсдзинадыл -  фæндаг рæсугъд фидӕнмӕ"...

Анализ урока "Уды хъизæмар рухсдзинадыл - фæндаг рæсугъд фидӕнмӕ"

Анализ урока " Уды хъизæмар  рухсдзинадыл -  фæндаг рæсугъд фидӕнмӕ"...