Агъдау - царды бындур.
план-конспект урока по теме

Туганова Таиса Астемировна

Урок во втором классе .Тема "Хистар ама кастар"(По стихотворению М.Дзасохова) Конспект урока и презентация.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл конспект30.56 КБ

Предварительный просмотр:

Ныхасы темӕ  :   Ӕгъдау – царды бындур.

Урочы темӕ:  Дзасохты   Музаферы  ӕмдзӕвгӕ  «Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр».

Урочы хӕстӕ:  1  Бакусын ног лексикӕйыл, бацӕттӕ кӕнын сывӕллӕтты ӕмдзӕвгӕ кӕсынмӕ.

2   Ӕрдзурын хистӕр ӕмӕ кӕстӕры ӕгъдауыл.

3   Бакусын ныхасы рӕзтыл.

        Урочы цыд

I.Бацӕттӕгӕнӕн  рӕстӕг

--- салам раттын

---радгӕсимӕ куыст

--- боныхъӕдыл ӕрдзурын.

Сбӕрӕг кӕнын  урокмӕ цӕттӕдзинад.

Фӕрстытӕ:

  • Цал афӕдзы афоны зонут?
  • Цавӕр афӕдзы афонтӕ сты нывыл?
  • Цавӕр ӕууӕлттӕ ис уалдзӕгӕн?

II.Фонетикон куыст.    Мыртӕ  гъ.къ, хъ, пъ  ӕмӕ дзырдтӕ семӕ.

        Кърандас, бирӕгъ  зыгъарӕг ,тӕрхъус, хъуг ,къаба, хъаз .

III.Лексикӕйыл куыст

а) чингуытӕ бакӕнут  х\к уын цы  уыди уым.

б) кӕцӕй сты ацы дзырдтӕ.  Ратӕлмац сӕ кӕн:

  • Мы устали.
  • Мальчики близнецы.

  • Учились в школе.
  • Целый год.
  • Читали сказки.
  • Читали по осетински.

IV    Х\К сбӕрӕг кӕнын.

1)     Бакусын текстыл  Дадайы хуртӕ»

а)Текст бакӕсын  кӕронмӕ;

б)ӕвзаргӕ каст.

  • Цавӕр дзуапп  радта Алан дадайӕн?
  • Сослан та цы загъта ?
  • Чи цын амыдта иронау дзурын?
  • Цы загъта дада?

2)      Бакӕсын  ӕмдзӕвгӕ «Мадӕлон ӕвзаг»

V.          Аудирование.

Ахуыргӕнӕг кӕсы текст.

-----  Ӕз уын бакӕсдзынӕн текст, ӕмӕ йӕм байхъусут.

-----Бакӕсут фӕрстатӕм  фӕйнӕгыл ӕмӕ  сын дзуапп ратут.

                  Текст.

Дзырд «ӕгъдау» чи нӕ зоны ,ахӕм нӕй. Ӕгъдау  алы ран дӕр хъӕуы, уынджы дӕр, скъолайы дӕр хӕдзары дӕр. Ӕгъдауджын  адӕймаг алы адӕммӕ дӕр каджын у.  Йӕхи дарын чи нӕ зоны, ахуыр чи нӕ кӕны, уыдон ӕгад вӕййынц. Ирон  адӕммӕ ис хорз  ӕгъдау: Хистӕримӕ хи куыд дарын хъӕуы.  (бакӕсын текст 2 хатты)

 VI   Фӕрстытӕ:

  • Кӕм хъӕуы ӕгъдау?
  • Цавӕр адӕймаг у кадджын алы адӕммӕ дӕр?
  • Цавӕр ӕгъдау ис  ирон адӕммӕ дӕр?

Раст   радзырдтат.  Ныр та аулӕфӕм.

YII  Физминуткӕ.

VIII  Ног темӕйыл бакусын.  

1)   Дзырдуатон куыст.       ӕгъдау – обычай,  традиция, уважение, воспитанность,   ничи – никто,  фау хӕссын---  осуждать, порицать ,

зонд –ум,знание,  фӕрӕдийын –ошибаться , сонт –глупый.

2)Ӕмдзӕвгӕ кӕсы ахуыргӕнӕг.

3)Текстыл куыст:

а) ӕмдзӕвгӕ тӕлмац  кӕнын  сывӕллӕтты ӕхуысӕй

ӕ) кӕсынц сывӕллӕттӕ иугай иумӕ.

Фӕрстытӕ:

  • Цӕуыл цӕуы дзырд ацы ӕмдзӕвгӕйы?
  • Цавӕр хатдзӕгтӕ  дзы скодтат?  ---Кӕстӕртӕ хъуамӕ кад кӕной хистӕртӕн ӕмӕ цӕм хъусой.

IХ.   Раст загътат.Ныр  та бакӕсӕм ӕмбисӕндтӕ (поговорки) ӕгъдауы тыххӕй.

Х  Къухфыстытимӕ куыст. Ӕмбисӕндтӕ ныфыссут уӕ къухфыстыты.

Кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнут ӕмбисӕндтӕ :

1)Ӕгъдауджын адӕймаг  алы  ………(адӕммӕ дӕр кадджын  у).

2) Хистӕрмӕ хъус , ӕмӕ   ……………..                         ( ма фӕрӕдийайх

ХI Урочы кӕрон.  1)Х\К сбӕрӕг кӕнын,

        2)Хатдзӕгтӕ  скӕнын,  боныгимӕ  куыст.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Хетæгкаты Къостайы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг

Не верь, что я забыл родные наши горы,Густой, безоблачный, глубокий небосвод, Твои задумчиво-мечтательные взорыИ бедный наш аул, и бедный наш народ.Нет, друг мой, никогда! Чем тягостней изгнанье,Чем д...

Ныхасы темӕ : Ӕгъдау – царды фидар бындур.

Урочы темӕ: «Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр»....

Ныхасы темӕ : Ӕгъдау – царды фидар бындур.

Урочы темӕ: «Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр»....

Темæ: «Халоны сæдæ азы цардæй цæргæсы цыбыр цард хуыздæр у!

Эпигрæф урокмæ:Цæргæ дæр лæгау, мæлгæ дæр лæгау!Цæрæгойы цард нæ, адæймаджы цард!Нафи...

Архайды технологийы метод-куыд универсалон ахуырадон зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдты ахъаззаг бындур

laquo;Настоящий  учитель показывает  своему ученику не готовое задание, над которым положены тысячелетия труда, он ведет его  к  разрабатыванию  строительного материала,...

Ныхасы темӕ : Ӕгъдау – царды фидар бындур.

Ныхасы темӕ : Ӕгъдау – царды фидар бындур.Урочы темӕ: «Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр». Урочы хӕстӕ: 1 Бакусын ног лексикӕйыл, бацӕттӕ кӕнын сывӕллӕтты ӕмдзӕвгӕ кӕсынмӕ.2 Ӕрдзурын хистӕр ӕмӕ...