Викторина по осетинскому языку "Адамон сфалдыстады хазнадонай"
план-конспект занятия (6 класс) на тему

Викторина для 6-7 классов по осетинскому языку.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл viktorina_po_yazyku.docx24.66 КБ

Предварительный просмотр:

Викторинæ «Адæмон сфæлдыстады хæзнадонæй»

Хъуысы ирон музыкæ, командæтæ хицæнтæй бадынц залы.

1-аг амонæг: Зынаргъ æмбæлттæ! Алы боны `гас нæм цæут!

2-аг амонæг: Хистæрæй, кæстæрæй! Дунейы фарн уыл узæлæд æмæ уе `ппæты дæр нæ бæрæгбоны хорзæх уæд!

1-аг амонæг: Абон хуымæтæджы нæ фембæлдыстæм!

2-аг амонæг: Кæй зæгъын æй хъæуы! Уымæн æмæ абоны викторинæ арæзт æрцыд нæ мадæлон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн.

1-аг амонæг: Нæ зынаргъ, хæлæрттæ! Абон сымах равдисдзыстут уæ зонындзинæдтæ æмæ уæ арæхстдзинад!

2-аг амонæг: Абоны хъазты архайынц 4 къласы командæтæ: «Зондабитæ» - 6а, «Хуры тынтæ» - 6б, «Æмбæлттæ» - 6в, «Митын стайтæ» - 6г кълас

2-аг амонæг: Абон мах дзурæм нæ мадæлон æвзагыл, йæ номыл аразæм хъазт, зондæвзарæн хъазт. Цымæ уæ чи хуыздæр зоны адæмон  сфæлдыстад, чи у арæхстджындæр, æрхъуыдыджындæр? Уый сбæрæг уыдзæн абон.

1-аг амонæг: Уæдæ райдайæм нæ хъазт. Арæзт нын у 3 хайæ: сбæрæг кæндзыстæм, куыд зонут уæ бæстæ, равдисдзыстут уæ зонындзинæдтæ адæмон сфæлдыстад æмæ ирон æвзагæй.

Алы стъолыл дæр ис дзæнгæрæг. Цæттæ чи уа,уый ныццæгъдздзæн.  Афтæмæй базондзыстæм чи у цæттæ дзуапп раттынмæ. Алы раст дзуаппæн лæвæрд цæудзæн «фондз»(равдисын сын æй)

2-аг амонæг: уæдæ райдыдтам нæ хъазт: Лæмбынæг хъусæм æмæ дзуапп дæттæм. Цæттæ стут?! Райдыдтам!

1-аг амонæг: Цæмæй хъæздыг сты Ирыстоны хæхтæ?

2-аг амонæг: Ирыстоны хæхтæй кæцы у бæрзонддæр æмæ цас у йæ бæрзæнд?

1-аг амонæг:  Цал горæты ис Цæгат Ирыстоны? Ранымайут сæ.

2-аг амонæг:  Цавæр цæугæдæттæ нымад сты стырдæртыл Цæгат Ирыстоны?

1-аг амонæг:  Цæгат Ирыстоны хъæутæй цалдæрæн ис зайæгойты нæмттæ. Цавæртæ сты?

2-аг амонæг: Нæ республикæйæн ис бирæ сыхæгтæ. Цымæ, ныгуылæнырдыгæй та чи сты нæ сыхæгтæ?

1-аг амонæг:  Цал районы ис Цæгат Ирыстоны? Кæцы у æппæты стырдæр район?

2-аг амонæг: Ирыстон кæддæриддæр хъуыстгонд уыд йæ фæлладуадзæн бынæттæй. Абон та дзы кæцыты уадзынц сæ фæллад?

1-аг амонæг: Цавæр цæрæгой нывгонд ис Ирыстоны гербыл?

2-аг амонæг: Ранымайут Ирыстоны кæмтты нæмттæ.

Уæ бæстæ хорз зонут. Цымæ уæ æвзаг та куыд хъæздыг у?

Цымæ чи уæ фылдæр дзырдтæ æрхъуыды кæндзæн?

1-аг амонæг: Уыйадыл нæ фыццаг хай фæци. Рæстæг æрцыд уæ зонындзинæдтæ адæмон сфæлдыстадæй равдисын. Куыд зонæм, афтæмæй фольклоры зынгæ хай ахсынц таурæгътæ.

2-аг амонæг:  Сбæрæг ма кæнæм, куыд лæмбынæг кастыстут, цы таурæгътимæ базонгæ стут, уыдон.

1-аг амонæг:

1. Уыдоны сфæлдыста Хуыцау. Иу дзы хъуамæ уыдаид арвыл боныгон, иннæ та – æхсæвы. Сæ дыууæйы дæр фæндыд боны цырагъ уæвын. Сæ хъаст бахастой Хуыцаумæ, æмæ сын быцæу бацайдагъ. («Хур æмæ мæй»)

2- аг амонæг: 2. Иубон уыдон амбæлдысты горæты æмæ райдыдтой ныхас кæнын. Сæ иумæ уыдис джебогъ лæдзæг, æмæ ныхас кæнгæйæ лæдзæг сарæзтæ иннæйы къахы уæлфадмæ æмæ йыл дæлæмæ-дæлæмæ хæцы. Джебогъы бырынкъ уымæн йæ къахы иннæрдæм ахызти. («Чермен æмæ сомихаг»)

1-аг амонæг:  3. Ацы хабар уыд тынг раджы. Уыцы цæрæгой ныббырста иу паддзахадмæ. Адæм мæт кодтой, куыд дзы фервæзой. Паддзахы рæсугъд чызг йæхи баппæрста знаджы хъæлæсы. Уыцы бынаты цыдæр февзæрд. («Мады хох»)

2-аг амонæг:  4. Уый ралыгъд Кæсæгæй йе фсымæртæй. Йæ бон лидзын куы нал уыд, уæд æрхауд æмæ Хуыцаумæ скуывта. Гыццыл фалдæр дзы цы хъæу уыд, уымæй иу хай сыстад æмæ йыл æрæнцад. Уым ис кувæндон. («Хетæджы къох»)

1-аг амонæг: Адæмы цыргъзонддзинад æвдисынц уыци-уыцитæ. Сымах та сæ куыд зонут?

1. Тагъд кæны цары ахстон сбийыныл, баныхасыныл. Цавæр цъиу у уый? (зæрватыкк)

2. Нæ бæрзонд царыл

Æвзист тæбæгъ.

Æхсæв нæм дары

Цырагъ дзæбæх. (мæй)

3. Æрхауы – агæпп кæны, ныццæв æй – не скæуы. (пурти)

4. Уырызмæгыл фондзыссæдз хæдоны. (къабуска)

5. Бон дæр цæуы æхсæв дæр;

Быдыры дæр, хохы дæр,

Æппын йæ цыдæй не `нцайы. (дон)

6. Даргъ – йæ хъустæ,

даргъ – йæ рихи.

къуыпп – йæ рустæ,

куырд йæ къæдзил. (тæрхъус)

7. Бæласæн йæ быны къуыбылой фæзыны,

Къуыбылой æгас у, йæ судзинтæй тас у. (уызын)

8. Сбадт налаты ном мæныл,

Иууыл дæн сырх-сырхид.

Цъус мыл андзæвыд дæ был –

Акæлдзæн дæ сур хих. (цывзы)

9. У йæ бацæуæн хæдзарæн,

Кæртæн, уатæн æмæ царæн

Куы æхгæд вæййы, куы – гом.

Базон-ма йын ды йæ ном. (дуар)

10. Ис дыууæ стыр хъусы сæрæн,

Джунгли, Африкæ – йæ цæрæн,

Сырддоны йын фенæн ис:

Даргъ фындзыл фæкæнæм дис! (пыл)

2-аг амонæг: Ныр та лæмбынæг! Цымæ æмбисæндтæ та куыд зонут? Уæ разы фæйнæгыл ребустæ. Уæ хæс: базонут-ма, цавæр æмбисæндтæ дзы æмбæхст æрцыдысты.

1-аг амонæг:  Æмбисæндтæ – адæмы зонды суадон сты. Цас фылдæр дзы зондзыстæм, уыйбæрц хуыздæр. Ракæсут-ма фæйнæгмæ. Хъæуы уæ дзырдтæй æмбисæндтæ саразын.

2-аг амонæг: Ацы хæслæвæрды та уæ хъæуы æмбисæндтæ сæ райдиан æмæ кæрон баиу кæнын.

Иуæй-иу дзырдтæ та сырхæй бæрæггонд цæмæн сты?

1-аг амонæг: Фæйнæгыл тагъддзуринæгтæ. Уæ размæ æвæрд ис хæс: раст æмæ тагъд сæ зæгъын.

2-аг амонæг: Уыйадыл нæ ерысы дыккаг хай фæци, æмæ бахæццæ стæм 3-аг, фæстаг раундмæ.

1-аг амонæг:  Ацы хайы пантомимæйæ равдисдзыстут дыгай æмбисæндтæ. Командæтæ та сæ хъуамæ базоной.

Жюри аргъ кæнынц

1-аг амонæг: Нæ хъазт кæронмæ æрхæццæ.

2-аг амонæг:  «Кад æмæ лæджыхъæд зæххыл сты, æргуыбыр сæм кæн æмæ сæ сис»,- зæгъы ирон æмбисонд.    Фæдзæхсы нын  фæллой уарзын,  ахуырмæ, зонды бæрзæндтæм тырнын.

1-аг амонæг:  Кадыл нымад у,  нæ кæстæртæ,  намысджын æмæ цытджын мыггагæй уæвын.  Фæлæ уæ зæрдыл бадарут – уæлдай ахадгæдæр уаид, алчидæр йæ мыггаг æмæ йæ адæмы йæхæдæг кадджындæр куы кæнид, уый.

Азтæ тагъд тæхынц æмæ аргъ кæнут рæстæгæн. Цы бон аивгъуыдта, уый хуыздæр у абоны бонæй. Уый уæ зæрдыл дарут æмæ уæ ныййарджыты, уæ ахуыргæнджыты, уæ Райгуырæн бæстæйы фæндиагæй тырнут стъалытæм, ахуыры бæрзæндтæм.

2-аг амонæг: Ныхасы бар дæттæм жюрийæн! (командæтæ хорзæхгонд цæуынц )


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ХЕТАГКАТЫ КЪОСТА. СФАЛДЫСТАД.

1. Чи уыд ирон авзагы бындуравараг:А. Мамсыраты ТемырболатÆ. Хетагкаты КъостаБ. Коцойты Арсен 2. Ка дама кам райгуырд Хетагкаты Къоста:А. 1855 азы Ганисы хъауыÆ. 1859 азы Нары хъауыБ. 1872 азы Дж...

Социализация ученика через изучение осетинского языка и осетинской литературы.

Социализация ученика через изучение осетинского языка   и осетинской литературы....

Урок - викторина в 8 класс по осетинской литературе Йӕхӕдӕг чи нӕ судзы , уый иннӕйы дӕр не ссудзын кӕндзӕн.» (Брытъиаты Е. цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл афӕлгӕст)

Урочы хӕстӕ :  1)    Сбӕрӕг  кӕнын  ахуырдзауты зонындзинӕдтӕ Брытъиаты Елбыздыхъойы цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕй; 2)    Сывӕллӕтты  ахуыр кӕнын раст ха...

викторина по осетинской литературе

брейн ринг по осетинской литературе. Жизнь и творчества Коста Хетагурова...

Викторины по осетинской литературе

Литературная викторина - это эффективный приём формирования читательской компетенции....

Открытый урок по осетинскому для девятого класса "Первая осетинская школа"

Открытый урок по осетинскому языку для девятого класса в не владеющих группах...