Викторины по осетинской литературе
материал (9, 10 класс)

Бедоева Таира Артемовна

Литературная викторина - это эффективный приём формирования читательской компетенции. 

Скачать:


Предварительный просмотр:

Викторинæ

Плиты Грисы цард æмæ сфæлдыстад

  1. Кӕд ӕмӕ кӕм райгуырд Плиты Грис?

  1. Цавӕр ахуыры фӕндӕгтыл ацыд Плиты Грис?

  1. ...Цухъхъа ризгӕ къухты змӕлы,

Ингӕнау ныссабыр къӕс,

Ӕмӕ мады хъусты зӕлы

Дардӕй хистӕры хъӕлӕс...

Грисы цавӕр уацмысӕй ист сты ацы рӕнхъытӕ?

  1. Кӕй ном ссардта Грис йӕ балладӕ  «7 цухъхъайы» ?

  1. ...Уӕд дын ноджы лӕмбынӕгдӕр  ныхъхъуыстон ӕмӕ мын ӕй цы базонын хъуыд: Гришӕйы кабинетӕй хъуыст зӕронд усы дзыназын.

 Кӕй мысинӕгтӕй ист сты ацы рӕнхъытӕ, ӕмӕ  Грисы цавӕр  уацмысыл цӕуы дзырд?  

  1. Кӕм ис цыртдзӕвӕн Гӕздӕнты авд ӕфсымӕрӕн, чи у йӕ скульптор, ӕмӕ ӕфсымӕрты фӕлгонцтӕ хърихъуппыты хуызы цӕмӕн равдыста?

  1. ...Зӕй нӕ ракалди уӕлвӕзтӕй,

Уымӕй не змӕлы а бӕстӕ,-

Уый фӕхоны йӕ цӕргӕстӕ

Иры инӕлар сау хӕстмӕ ...

Плиты Грисы цавӕр ӕмдзӕвгӕйӕ ист сты ацы рӕнхъытӕ, ӕмӕ дзы кӕй ном ссардта автор?

  1. Цавӕр у ӕмдзӕвгӕйы ныффысты истори?

  1. Плиты Грис кӕцы аз сыздӕхт хӕсты быдырӕй, цавӕр цины ӕмӕ цавӕр хӕрзиуджытимӕ?

  1.  Плиты Грис хӕсты темӕйыл цы уацмыстӕ ныффыста, уыдонӕн нӕ литературон критиктӕ цы стыр аргъ скодтой, уымӕн ӕвдисӕн ацы ныхӕстӕ: « Грисы ӕмдзӕвгӕты ирдӕй зынынц  хӕстон лирикӕйы  хуыздӕр ӕууӕлтӕ, уыдон сты йӕ бӕрзонддӕр ӕнтыстытӕ». Чи у ацы рӕнхъыты автор?

  1.  Плиты Грисы  тӕлмацӕй  ирон ӕвзагыл сдзырдтой дунейы стырдӕр поэттӕ. Зӕгъут дзы цалдӕры нӕмттӕ.

  1.  Грисы лирикӕ у ахадгӕ. Фӕлӕ поэты курдиат хъомысджындӕр разынд драмон сфӕлдыстады. Бацамонут дзы цалдӕры.

  1.   Фыссӕгӕн йе сфӕлдыстадон ӕнтыстдзинӕдты тыххӕй цавӕр хӕрзиуӕг ӕмӕ премитӕ лӕвӕрд ӕрцыд?

  1.   Абон  Плиты Грисы ном Цӕгат Ирыстоны цавӕр  ӕхсӕнадон уагдӕттӕ хӕссынц?  


Предварительный просмотр:

Викторинæ

Брытъиаты Елбыздыхъо-ирон театры бындурæвæрæг

1.Кæм райгуырд Брытъиаты Елбыздыхъо?

 ( Куырттаты комы, Дæллагхъæуы.)

2. Йæ цавæр уацмысы фæдисхъæр кæны Елбыздыхъо, нæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнæм, зæгъгæ?

( Комеди «Уæрæседзау»-ы)

3. Комеди « Уæрæседзау»-ы персонаж Муссæ кæй прототип у?

( Драматург Муссæйы прототипæн равзæрста, Уæрæсейы Елбыздыхъойæн цы фыдыфсымæр куыста, уый ).

4. 1906-æм азы Елбыздыхъойы цæй тыххæй сбадын кодтой  Дзæуджыхъæуы зылды ахæстоны?

( Йæ революцион куысты тыххæй ).

5. Цавæр драмæ ныффыста Елбыздыхъо Назраны фидары?

( « Дыууæ хойы»).

6.  …Цæмæн, цæмæн? Ирон уæвгæйæ фыстæг уырыссагау цæмæн фыссын? Æви мæ уарзондзинадæн фаг дзырдтæ ирон æвзаджы нæй? Æви ме взаг зæгъинæгты нæ кæрды? Цæмæй хъуаг дæн? Æххæст алцæмæй дæр…

Кæмæ фыста ацы рæнхъытæ Елбыздыхъо?

(Йæ суинаг бинойнаг Хъазыбегты Ольгæмæ).

7.  … Уый равзæрста Елбыздыхъо йе нусон уарзонæн æмæ йын лæггад кодта йæ царды фæстаг бонтæм…

Кæй равзæрста Елбыздыхъо йе нусон уарзонæн?

( Ирон драмон театр)

8.  Трагеди «Хазби»-йы Елбыздыхъо ирон адæмы цавæр миниуæг раргом кодта?

Ирон адæмæн сæрибарæй зынаргъдæр ницы уыд, сæ сæрмæ нæ хастой хъалон фидын, се фхæрæгæн нæ барстой.

9. Йæ кæцы уацмысы равдыста Елбыздыхъо сылгоймаджы тох йæ бартыл, тох  патриархалон æгъдæутты ныхмæ.

( Драмæ «Дыууæ хойы»).

10. Чи схуыдта Елбыздыхъойы «рæсугъд адæймаг» ?

( зындгонд ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбег).

11.  Инæлар Абхазовы æфсæдтæ Хъобаныл арт куы бафтыдтой, уæд цæрджытæ тард кæдæм æрцыдысты?

( Æрыдоны хутормæ, цардысты дзы хъазахъхъ).

12.  Елбыздыхъо йæ трагеди «Хазби»-йы Хазбийы дзыхæй цæмæ сиды ирон адæммæ?

( Иудзинадмæ).

13. …Æз амардтон лæг-уырыссаг пъырыстыфы. Бафхæрдта мæ, мæ сæр мын ныссæста, æмæ йын мæхинымæр стæрхон кодтон мæлæт…

Цавæр уацмысæй ист сты ацы ныхæстæ æмæ сæ чи загъта?

(Драмæ  «Худинаджы бæсты мæлæт»-æй, Хъырым).

14. Кæддæр Жуковский фыста , зæгъгæ,  æцæг поэт йæ идеалтæй судзы. Елбыздыхъойы идеалтæ та чи уыдысты?

( Бесæ , Хазби. Йе сфæлдыстадон бынтимæ цы 16 фыстæджы баззадис , уыдонæн сæ асты бынмæ бафыста «Хазби»).

15. Елбыздыхъойы пьесæтæ  «Уæрæседзау» æмæ « Худинаджы бæсты – мæлæт» фыццаг хатт кæм æрцыдысты æвæрд?

( Елбыздыхъойы райгуырæн хъæуы скъолайы агъуысты 1904-æм азы ).

16. Драмæ  « Дыууæ хойы »- фыццаг хатт Елбыздыхъо сценæйыл æрæвæрдта 1909-æм азы. Чи ахъазыд дыууæ хойы ролты ?

( Хъазыбегты Ольгæ æмæ йе фсымæры чызг Хъазыбегты Тамарæ).

17. Цавæр журнал, кæм æмæ кæцы аз рауагъта Елбыздыхъо?

( « Хуры тын»,  Бетъырбухы 1912-æм азы).

 



Предварительный просмотр:

Викторинæ

Зынгхуыст фысджыты сфæлдыстад

  1. Калоты Хазби цавæр хæстон скъола каст  фæци æмæ  цавæр офицеры цин райста?

(1941 азы августæй  1942-æм азы сентябры онг  ахуыр кодта горæт Камышины танкистты скъолайы. Радтой йын кæстæр лейтенанты цин.)

 

  1. Кæм  æмæ кæцы аз фæмард Хазби?

    (1943-æм азы Курскы Сырхзынг къæлæты хæсты танчы басыгъдис).

  1. Танкистты скъолайы ахуыргæнгæйæ, Хазби йæ æмдзæвгæ « Идыл рæдзæ-мæдзæ кæны»-йы фыста:

…Идыл, фæлас-ма мæ, цæй, демæ,

Дæ цины цæстысыг мыл тау…

Куыд хуыйны абон,  Хазби цы донмæ сиды , уый, æмæ йæ цæмæн хоны уыцы номæй?

( Волгæ, нæ рагфыдæлтæ йæ хуыдтой Идыл).

4.Зынгхуыст поэт Елехъоты Мурат йæ иу æмдзæвгæ схуыдта « Дыууæ дзырды». Цавæр дыууæ дзырдæн афтæ стыр аргъ кодта Мурат?

( « …Æз ацы дзырдтæ хъулон уарзтæй уарзын:

Сæ иу у Лæг, у иннæ дзырд та Цард»).

  1. Поэт Кочысаты Мухарбег кæд æмæ кæм фæмард?

    (1944 азы украинаг горæт Ямполы бынмæ).

  1. Кочысаты Мухарбег йæ иу фыстæджы хæсты быдырæй  Нигермæ фыста: « Мæ зæрдиаг саламтæ ратт, уым ма дæ цуры чи баззад, уыдонæн- Тæтæрийæн, Созырыхъойæн, Хадзыбатырæн, Хъазыбегæн æмæ иннæтæн. Зæрдæбынæй дын аргъ чи кæны , уыцы Кочысаты Мухарбег». Чи сты, Мухарбег кæй кой кæны, уыдон?

( Епхиты Т., Брытъиаты С., Ардасенты Х., Хъазыбегты Хъ.).

  1. Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Мæ хæс» фæвæййы ахæм рæнхъытæй:

…Гъе уый тыххæй абон Ирыстон,

Дæ разы мæ цæсгом у рухс.

Гъе уымæн дæн афтæ сæрыстыр,

Гъе уымæн дæн афтæ хъал æз.

Цæмæн у афтæ хъал йæхицæй Мухарбег?

(… Кæйдæртау нæ фæлыгътæн тохæй,

Нæ бамбæхстон пыхсы мæ сæр,

Дæ хъахъхъæнæг сау айнæг хохау

Æрлæууыдтæн фидар æз дæр.)

  1. Мухарбеджы æмдзæвгæ «Хъæмæ»- йыл музыкæ чи ныффыста, æмæ йæ фыццаг зарæггæнæг чи уыд?

(музыкæ у адæмон, йæ фыццаг зарæггæнæг та у Баллаты Валодя).

  1. Калоты Хазбийы йе мбæлттæ хъазгæйæ хуыдтой «Дьякич», цымæ цæмæн?

( Хазбийы фыд Алыксандр Æрыдоны духовон семинар каст куы фæци, уæд диакъонæй акуыста, æмæ уымæн).

  1. « Нæ урс хæхтæ, нæ тар хъæдтæ,

Нæ хъал дæтты хъæлæс,

Нæ зад хуымтæ, нæ быдыртæ,

Нæ дидинæгджын фæз,

Кæм хъазыдтæн æз сабийæ,

Кæм рæзыдтæн æдас,

Мыггагмæ дæр сымахимæ

Мæ зæрдæ баст у баст.»

Цавæр æмдзæвгæйæ ист сты ацы рæнхъытæ, чи у сæ автор, æмæ куыд хуыйны, кæм рæзыдис, уыцы хъæу?

          (  Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ « Фыдыбæстæ», хъæуы ном хуыйны      Ольгинскæ).

  1.  Зынгхуыст поэттæй йæхи « хæларзæрдæ демон» чи хуыдта?

(Калоты Хазби).

          12.Зынгхуыст поэттæй дыууæ уыдысты æфсымæртæ . Чи сты , кæм цардысты?

 (Баситы Дзаххотт æмæ Дзамболат, цардысты Салыгæрдæны).

13. Тæхуды, дæ дзыллæйы кадæн

Фæндиаг ыссар ныр хъæлæс,

Йæ тæмæн сæрибардзинадæн,

Цæхæркалгæ фидæнмæ хæсс…

 Чи у ацы рæнхъыты автор?

( Баситы  Дзаххотт , « Тæхуды»).

 



Предварительный просмотр:

Викторинæ

Куыд зоныс Коцойты Арсены цард æмæ сфæлдыстад

1.   Кæм райгуырд Коцойты Арсен?

          (Джызæлы)

2. Арсен Æрыдоны дины семинармæ ахуыр кæнынмæ цал     аздзыдæй бацыд?

    (15)

3. Арсены цавæр дыууæ радзырды сты автобиографион?

 ( «Æнæном радзырд»,  «24 боны»)

4. Цæй тыххæй афтыд Коцойты Арсен Хуссар Ирыстонмæ?

(1902-æм азы Джызæлы зæхкусджыты растады амидингæнæгыл æй банымадта паддзахы хицауад, Ирыстоны цæрыны бар ын нал уыд)

5. Джыккайты Шамил Арсены куыд рахуыдта?

( Ирон прозæйы зæрингуырд)

6. Арсены псевдонимтæ æмæ криптонимтæ ранымайын.

( Габойты Габо, Ботас, Хабос, Иунæг, Гизельдонов, Арсен Дарьялский, А.К., А.Гизельдонский )

7. Цавæр журналы редактор уыд Арсен, Калачы цæргæйæ?

( « Æфсир»)

8. Дæргъæвсы кусгæйæ, Арсены царды æрцыд дыууæ  æнæферохгæнгæ цауы. Цавæртæ сты?

( Арсен  Куырттаты комы , Дæллагхъæуы ,уазæгуаты уæвгæйæ, базонгæ Брытъиаты Елбыздыхъоимæ ; 1898 азы Дзæуджыхъæуы ахуыргæнджыты съездмæ сусæгæй ссыди Къоста. Сапицкий  будкæйы йын скодтой банкет, Арсен дыккаг хатт фембæлд уым Къостаимæ).

9. Арсен у фыссæджы аргъуыды ном, куыд у йе цæг ном Арсенæн?

(Габоци)

10. 1939-æм азы цæмæй хорзæхгонд æрцыд Арсен йæ æхсæнадон æмæ сфæлдыстадон- рухсадон куысты тыххæй?

(орден « Кады нысан»-æй)

11. … Уыцы хуызæнæй дыууæ зæрондмæ ног хъуыдытæ, ног мæт, ног цин фæзынди.

Арсены цавæр уацмысæй ист сты ацы рæнхъытæ?

( радзырд « Цуанонтæ»)

12. Радзырд «Цуанонтæ»-йы æмбæлы дзырдбаст « Лечъы бæстæ». Цы амоны ацы дзырдбаст?

(Ирон адæм раздæр афтæ хуыдтой Дагъистан)

13. Арсен йæ царды фæстаг азты хæларæй цавæр уырыссаг композиторимæ фæцарди?

( Е.А. Колесниковимæ)

14.  Цæимæ абарста Арсен дæсны Биганоны йæ радзырд «Дадолты мæт»-ы?

( Беслæныхъæуы цы фæззыгон бур настæ ис, уыдонæй иу хосы мæкъуылы сæр куы æрæвæрай, уæд уыимæ)

15.  Цавæр нозт уарзынц Къамады цæрджытæ?

( «Тутыры нозт». Бæзджын къуымæл æмæ арахъ хæццæйæ къуырийы бæрц куы фенхъизой, уæд уый у Тутыры  нозт)

16. «Афицер дæ Хуыцау скæнæд!»- арæх ацы арфæтæ Арсены кæцы радзырды хъайтар хъуыста раздæр ?

( «Æнæном радзырд»-ы хъайтар Тего)

17.  Радзырд « Æнхъæл нæ уыдысты»-йы цавæр паддзах æппæрст æрцыд йæ бынатæй?

( паддзах Никъала 2-аг)

18.  Кæцы радзырды  æвдисы Арсен  ныййарæг мады зын уавæр?

(«Саломи»-йы)

19. …Цæуы хуры скасты размæ, «æнæ фæстæмæ фæкæсгæйæ, дарддæр æмæ бæрзонддæр, дарддæр æмæ бæрзонддæр…». Цавæр уацмысы рæнхъытæ сты ,æмæ кæй кой кæны автор?

( «Цæукъа æмæ фыркъа», Цæукъайы кой)

20.  Арсены кæцы радзырды архайæджы æгас облæсты дæр зонынц йæ хорз бæхы фæрцы?

( радзырд «Хæлæрттæ», пъырыстыф Иван Кузьмич Топтыгойы)

21. Кæм ныгæд  æрцыд  Коцойты Арсен?

( Къостайы номыл ирон литературæйы музейы кæрты)


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Осетинская литература

Краткий обзор осетинской литературы...

Урок осетинской литературы в 6 классе

Урок – дискусси            Урочы темæ: Царды бæрзонддæр нысан Гæдиаты Цомахъы аргъау «Дыууæ дидинæджы»-мæ гæсгæ....

Викторина по осетинскому языку "Адамон сфалдыстады хазнадонай"

Викторина для 6-7 классов по осетинскому языку....

Социализация ученика через изучение осетинского языка и осетинской литературы.

Социализация ученика через изучение осетинского языка   и осетинской литературы....

Урок - викторина в 8 класс по осетинской литературе Йӕхӕдӕг чи нӕ судзы , уый иннӕйы дӕр не ссудзын кӕндзӕн.» (Брытъиаты Е. цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл афӕлгӕст)

Урочы хӕстӕ :  1)    Сбӕрӕг  кӕнын  ахуырдзауты зонындзинӕдтӕ Брытъиаты Елбыздыхъойы цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕй; 2)    Сывӕллӕтты  ахуыр кӕнын раст ха...

викторина по осетинской литературе

брейн ринг по осетинской литературе. Жизнь и творчества Коста Хетагурова...

Доклад по теме "Песни Темирболата Мамсурова в осетинской литературе"(на осетинском и английском языках)

Доклад по теме "Песни Темирболата Мамсурова в Осетинской литературе".Доклад на осетинском и английском языках....