Урок ХОХ
план-конспект урока (9 класс) на тему
Предварительный просмотр:
Темӕ: Тлатты Хох «Фын». Ивгъуыд ӕмӕ фидӕны цардарӕзты нывтӕ
Уацмысы.
Нысан:утопион уацмысы тыххӕй ӕмбарынадимӕ ӕмӕ Тлатты Хохы
сфӕлдыстадимӕ базонгӕ кӕнын скъоладзауты;
радзырд «Фын»-ы авторы рӕстӕджы ӕмӕ фидӕны ӕхсӕнадон
цардарӕзты нывтӕ равзарын;
скъоладзауты зӕрдӕты гуырын кӕнын цымыдисдзинад Тлатты Хохы
цард ӕмӕ сфӕлдыстадмӕ, бафтауын сӕ хъуыдытыл.
Ӕрмӕг: ахуыргӕнӕн чингуытӕ, тетрӕдтӕ, компьютер, слайдтӕ, таблицӕ.
Эпиграф: Кӕсын, Сӕрӕби, алырдӕм дунемӕ,
Мӕ бӕстӕй, мӕ адӕмӕй мӕ зӕрдӕ нӕ кӕны рухс.
Цы цӕрын, уый цӕрын ӕрмӕст мӕ фыны,
Фӕлӕ фынтыл дӕр ӕууӕнк нӕй- уайтагъд та фехъал вӕййын.
У Р О Ч Ы Ц Ы Д :
I.Организацион хай.
-Уӕ бон хорз, мӕ чысыл хуртӕ! У хозӕхӕй, «ӕгасцуай» зӕгъут нӕ зынаргъ уазджытӕн дӕр, ӕмӕ уый фӕстӕ нӕ куыст зӕрдӕрухсӕй райдайӕм. /Скъоладзаутӕ разылдысты уазджытӕм, сӕ сӕртӕй сын акуывтой,иу лӕппу та сын арфӕ кӕны/.
-Амӕй размӕ урочы фыстам нывӕцӕн Коцойты Арсены сфӕлдыстадӕй. Къласы тыхджындӕр ахуырдзаутӕй цалдӕрӕн бахӕс кодтон абоны урокмӕ бацӕттӕ кӕнын цыбыр хъусынгӕнинӕгтӕ. Табуафси, байхъусут сӕм. /Скъоладзаутӕ кӕсынц Платон ӕмӕ Томас Моры тыххӕй хъусынгӕнинӕгтӕ/.
?- Иу хатт ма мын зӕгъут, кӕй кой кодтой уе ′мбӕлттӕ?
?- Ныр ма, уӕ хорзӕхӕй, ахъуыды кӕнут ӕмӕ мын зӕгъут, цымӕ цӕмӕн райдыдтам нӕ урок ацы хъусынгӕнинӕгтӕй? /Байхъусын скъоладзауты дзуаппытӕм/.
- Нӕ абоны урокӕн эпиграфӕн та райстон мӕнӕ ацы рӕнхъытӕ:
Кӕсын, Сӕрӕби, алырдӕм дунемӕ,
Мӕ бӕстӕй, мӕ адӕмӕй мӕ зӕрдӕ нӕ кӕны рухс.
Цы цӕрын, уый цӕрын ӕрмӕст мӕ фыны,
Фӕлӕ фынтыл дӕр ӕууӕнк нӕй- уайтагъд та фехъал вӕййын.
?- Нӕ урочы эпиграфмӕ ма раздӕхдзыстӕм фӕстӕдӕр, фӕлӕ уӕм куыд кӕсы, цӕмӕн равзӕрстон ацы рӕнхъытӕ та эпиграфӕн? /Байхъусын ахуырдзауты дзуаппытӕм/.
- Тынг хорз, мӕ хуртӕ. Уӕдӕ уын байгом кӕнон нӕ урочы темӕ ӕмӕ йемӕ базонгӕ уӕм. /Иу скъоладзауӕн бакӕсын кӕнын урочы темӕ/.
- Уӕдӕ абон нӕ урочы мах хъуамӕ базонгӕ уӕм литературон теорийӕ чысыл, фӕлӕ хъӕугӕ зонындзинӕдтимӕ, базонгӕ уӕм ирон фыссӕг Тлатты Елмырзӕйы/йӕ литературон псевдоним «Хох»/ цард ӕмӕ сфӕлдыстадимӕ. Лӕмбынӕг та ӕрлӕудзыстӕм йӕ утопион радзырд «Фын»-ы цы нывтӕ равдыста автор, цы йӕ фӕндыдис чиныгкӕсджытӕн ацы уацмысӕй зӕгъын, ууыл. Фыццаджыдӕр уал мӕ фӕнды куы базониккат, цы у фантастикон литературӕ, цавӕр уацмыстӕ хонӕм утопион, уый. Уӕ хорзӕхӕй, уӕ тетрӕдты афыссут, цыбыр зонындзинӕдтӕ ӕмӕ сыл ӕрдзурӕм./Скъодадзаутӕ фыссынц литературон теорийӕ ӕрмӕг сӕ тетрӕдты/.
?-Скъолайы ирон литературӕйӕ уӕлдай ахуыр кӕнут уырыссаг литературӕ дӕр. Уырыссаг литературӕйы урокты фантастикон, утопион уацмыстимӕ никӕд базонгӕ стут?Цавӕр уацмыстӕ, чи сты сӕ автортӕ? /Скъоладзаутӕ дзуапп дӕттынц фарстытӕн/.
- Ирон литературӕйы та фыццаг фыссӕг- утопистыл нымад у Тлатты Хох. Хохы цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй цыбыр хъусынгӕнинаг бацӕттӕ кӕнын бахӕс кодтон Дудайты Зӕлинӕйӕн. Зӕлинӕ ма йӕ хъусынгӕнинагмӕ бацӕттӕ кодта презентаци дӕр./Байхъусын /.
- Махмӕ Тлатты Хохы уацмыстӕй ӕрхӕццӕ ис ӕрмӕстдӕр дыууӕ. Таурӕгъ «Кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастис нӕртон рӕсугд» ӕмӕ йӕ утопион радзырд «Фын». «Фын» арӕзт у ӕртӕ хайӕ: цыбыр разныхас ӕмӕ фӕсныхасӕй ӕмӕ сӕйраг хайӕ, кӕцыйы ӕвдыст цӕуынц радзырды сӕйраг архайд ӕмӕ мидис. Йӕ сюжет у ахӕм: мӕгуыр ирон лӕппу- студент, ӕххормагӕй сфӕлмӕцгӕйӕ, бафынӕй ӕмӕ йӕ йӕ фыны цавӕрдӕр ӕнахуыр Дунейы Тых ахаста уӕлдӕфон науыл ахӕм бӕстӕмӕ, кӕцыйы адӕм цӕрынц амондджын ӕмӕ хъӕздыг цардӕй. Ахӕм цард сӕ къухты куыдӕй бафтыд, уый та мӕгур лӕппуйӕн ӕмбарын кӕны фысым- зӕронд лӕг. Ацы радзырды чиныгкӕсӕг уыны, автор ирон адӕмӕн цавӕр фидӕн фенынмӕ бӕллы, уый. Автор реалон царды цӕмӕ бӕллы, уыцы хорздзинӕдтӕ фӕрдгуыты халау, кӕрӕдзиуыл ӕнгом бастӕй уацмысы ӕвдыст сты фидӕны царды. Уацмыс фыст у ӕнцонӕмбарӕн, хуымӕтӕг ӕвзагӕй, фӕлӕ дзы уӕддӕр ис цалдӕр, арӕх, кӕнӕ та бынтондӕр кӕмӕй нӕ пайда кӕнӕм ахӕм дзырдтӕ. Рафыссут сӕ уӕ тетрӕдтӕм. /Дзырдуатон куыст бакӕнын/.
- Хох йӕ уацмысы лӕмбынӕг ӕрлӕууыд ӕхсӕнадон царды фараст ахсджиаг фарстыл.Равдыста йӕ дуджы хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ фыны цы бӕстӕм бахауд, уыцы ӕхсӕнады идеалон цардыуаг. Ацы фараст фарстӕн ӕз скодтон таблицӕ, кӕцымӕ гӕсгӕ хъӕуы уацмыс равзарын. /Таблицӕ интерактивон фӕйнӕгыл равдисын, скъоладзаутимӕ йӕ равзарын, абоны бонимӕ йӕ абарын/. Скъоладзаутӕ ӕртӕ къордыл дихӕй ӕххӕст кӕнынц хӕслӕвӕрд. Алы къорд дӕр дзы ӕххӕст кӕны таблицӕйӕ йӕхи хай.
№№ | Сӕйраг фарстытӕ | Студенты дуг | Алӕмӕты бӕстӕ | Абоны ӕхсӕнад | |
1. | Уарзондзинад ӕмӕ куыст | ||||
2. | Адӕймаджы удыхъӕды мӕгуырау миниуджытӕ | ||||
3. | Адӕмы бартӕ хъахъхъӕнын | ||||
4. | Адӕмы цардыуаг | ||||
5. | Адӕмы ӕнӕниздзинад | ||||
6. | Фӕсивӕды уавӕр | ||||
7. | Сылгоймаджы уавӕр,йӕ бартӕ | ||||
8. | Зӕхх ӕмӕ зӕхмӕ зылд | ||||
9. | Ног бӕрӕгбӕттӕ аразын | ||||
/Таблицӕ интерактивон фӕйнӕгыл равдисын, скъоладзаутимӕ йӕ равзарын, абоны бонимӕ йӕ абарын/.
III. Ӕрмӕг ныффидар кӕнын фарстыты руаджы.
?- Тлатты Хох цы ӕхсӕнад сныв кодта йӕ уацмысы, уый утопион цӕмӕн у?/Ам ма эпиграфмӕ иу хатт рахизын, куыд баст у уацмысимӕ…/.
?- Куыд уӕм кӕсы, цавӕр идейӕтӕ фӕзындысты Хохы уацмысыл?
?- Дунейы тых лӕппуйы уыцы алӕмӕты бӕстӕйы цӕуылнӕ ныууагъта, ахъуыды ма кӕнут ӕмӕ дзуапп раттут ацы фарстӕн.
?- Абон цы мӕй ӕмӕ бон сты, ӕрбайрох мӕ ис, мӕ зӕрдыл ма мын сӕ ӕрлӕууын кӕнут.
Ныр та мӕ ӕрдиагӕй фӕнды, цӕмӕй байхъусат аудиофыстмӕ. /Байхъусын Юрий Гагарины хъӕлӕсмӕ/.
?- Чи мын зӕгъдзӕн, кӕй хъӕлӕс у ай, чи цӕуы ӕмӕ кӕдӕм?
?- Цы скодта хорздзинадӕй Юрий Гагарин йӕ райгуырӕн бӕстӕ, йӕ адӕмӕн?
?- Кӕд ӕрцыдис уыцы хабар, уӕ зӕрдыл ма йӕ ӕрлӕууын кӕнут.
IV. Хатдзӕгтӕ скӕнын.
-Ныр та ма мын зӕгъут, абоны урочы уӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцыдис, кӕннод та дзы цы нӕ фӕцыдис, уый дӕр зӕгъут.
Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын комментаритимӕ.
V. Хӕдзармӕ куыст:
1. Лӕвӕрд таблицӕ баххӕст кӕнын;
2. Литературӕйы тетрӕдты ныффыссын нывӕцӕн-тӕрхӕттӕ: «Ӕз куы уаин президент, уӕд цы саразин мӕ адӕмӕн хорзӕй». /Скъоладзауты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын сочинении-тӕрхӕттӕйы сӕйттӕ: тезис, аргументтӕ, хатдзӕгтӕ/.
Таблицӕ баххӕст кӕн:
Сӕйраг фарстытӕ | Студенты дуг | Алӕмӕты бӕстӕ | Абоны ӕхсӕнад |
Уарзондзинад ӕмӕ куыст | |||
Адӕймаджы удыхъӕды мӕгуырау миниуджытӕ | |||
Адӕмӕ бартӕ хъахъхъӕнын | |||
Адӕмы цардыуаг | |||
Адӕмы ӕнӕниздзинад | |||
Фӕсивӕды уавӕр | |||
Сылгоймаджы уавӕр, йӕ бартӕ | |||
Зӕхх ӕмӕ зӕхмӕ зылд | |||
Ног бӕрӕгбӕттӕ аразын |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Методическая разработка: предполагаемый план проведения урока - При подготовке к уроку использовать как вспомпгательный ориентир для каждого этапа урока. Презентация отражает создание условий для учебных действий на уроке.
При подготовке к уроку использовать как вспомпгательный ориентир для каждого этапа урока. Презентация отражает создание условий для учебных действий на уроке....

Методическая разработка урока литературы по теме «Творчество Сергея Есенина»(11 класс). Тема урока - «Голубая Русь» Сергея Есенина. Тип урока –урок-исследование.
Знакомство со стихотворениями С.Есенина, посвящёнными теме родины, с творческим методом поэта....

Конспект открытого урока по технологии в 6 классе. Тема урока: Игровые технологии на уроках обслуживающего труда. Одежда и требование к ней. Снятие мерок для построения чертежа юбки. (Презентация к уроку)
Разработка урока с презентацией помогает учителю более доступно и понятно познакомить учащихся с историей юбки. На уроке используются игровые технологии, что помогают учащимся лучше усвоить материал у...

Урок изобразительного искусства в 5-ом классе.Тема урока: « Деревья как люди». Вид работы: рисование по представлению Тип урока: комбинированный, урок – сказка
Тема урока: « Деревья как люди».Вид работы: рисование по представлениюТип урока: комбинированный, урок – сказка Цель урока:ü Средствами изобразительного языка ...

Класс 9 Урок №24. Тема урока: Системы счисления. Перевод чисел Тип урока; Урок «построения » системы знания.
Урок для учащихся 9 класса по теме "Системы счисления. Перевод чисел". Урок в разделе программы по счету третий. Цель:Образовательная: систематизация и расширение знаний обучающихся о операциях п...

Урок обобщающего повторения по теме Южная Америка.Урок-игра.Особый колорит уроку придаёт просмотр ролика"Танго и футбол", вопрос от шеф повара с угощением мамалыгой и синквейн. Легенда рассказанная в начале урока настраивает ребят на работу.
Урок географии в 7-м классе по теме "Южная Америка". Подготовила и провела: учитель географии 1квалификационной категории Васильева Елена Тихоновна в МБОУ СОШ №21 г. Коврова, в рамках подго...

Сходства и различия уроков с метапредметным подходом с интегрированными уроками и уроками с межпредметными связями (на примере уроков русского языка в 8 классе) Метапредметный подход на уроке русского языка в 8 классе
Сходства и различия уроков с интегрированными уроками и уроками с межпредметными связями (на примере уроков русского языка в 8 классе)...
