Фарсдзырд
план-конспект урока (7 класс)

Дреева Тамара Сергеевна

Урок

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon Фарсдзырд46.5 КБ

Предварительный просмотр:

     Темæ: «Фæрсдзырд»

Нысан:   Фæрсдзырдæй цы æрмæг рацыдысты, уый сфæлхат кæнын æмæ ныффидар кæнын.

Xъомыладон хæс: Скъоладзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад ныййарæг мадмæ, тырнын мадæн йæ фыдæбæттæ бафидынмæ.

Урочы æрмæг:

Ǽмдзœвгœ "Мад".

Зæххыл ис иунæг хæзна царды,

Æмæ уый Мад у, мæ хур,Мад.

Йæ рæвдыд сау дуртæм дæр хъары,

Фæсуры зæрдæйы фæллад.

О,мад,сыгъзæрин мад,дæ хæрзтæй,

Ды кæныс кæстæрты æнгом.

Тæхуды, зарæджы ныхæстæй,

Æнусон чи скæны дæ ном.

Цы хорз у, чи сбуц кодта мады,

Æмæ йын чи радта æгъдау.

Зæххыл уый дзыллæты нымады,

Йæ фарнæй батавдзæн Хуыцау.

Урочы цыд

l. Axургæнæджы ныхас.

          Мад.. Ныййарœг мад…Цы ис ацы зœххыл дœуœй адджындœр œмœ зынаргъдœр?

Зœгъут- ма , сывœллœттœ , уœдœ кœй номимœ баст уыдзœн нœ урочы ныхасы темœ?

- Мадимœ.

Урок у тематикон. Баст у адæймагæн æппæтæй зынаргьдæр чи у, стæй канд адæймагæн нæ, фæлæ аппæт цæрæгойтæн дæр, уый номимæ - мадимæ.

   Мад... Мады тыххæй зын дзурæн у, йемæ æнус куы фæцæрæй, уæддæр. Уымæн æмæ зæрдæйы арфы æмбæхст хьуыдытæ, сагъæстæ, цин æмæ рыст æппæтæй зæгъын никæй бон бауыдзæн. Уымæн уæвæн дæр нæй.

Мад... Куыд фæлмæн æнцонздзурæн мыртæй арæзт у ацы дзырд.

Мад! Цымæ цавæр рæсугъд, зæрдæмæхъаргæ ныхæстæй ссарæн ис дæ ном!

Уæ мадæлтæн  аргъ кæнут, уарзут сæ, ныллæг сын уæ сæрæй кувут! "Ныййарæгæй амонд, цæй диссаг дæ цæ!"

2. Хæдзармæ уын уыдис:

а)        ссарын æмæ сахуыр кæнын мады тыххæй æмдзæвгæтæ;

б)        ныффыссын æмбисæндтæ мады тыххæй;

в)         зæгьын, Ирыстоны нывгæнджытæй чи равдыста йæ куыстыты мады сурæт

г)        Куыд хуыйнынц уыцы уацмыстæ.

д)        Кæй æмдзæвгæтæ систы зарджытæ

е)        фæрсдзырды тыххæй рацыд æрмæг сфæлхат кæнын.

Табуафси ( Сывæллæттæ бакастысты æмдзæвгæтæ, æмбисæндтæ, ранымадтой  фыссæджыты уацмыстæ, равдыстой мады фæлгонц)...

Фыссæм абоны нымæц æмæ темæ:

Фæрстытæ рацыд æрмæгæй.

1. – Цы хонæм фæрсдзырд?

2. – Хъуыдыйады мидæг цавæр уæнг у?

3. – Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ цал къордыл дих кæнынц? Цы вдисынц?

4. – Фæрсдзырдтæ cæ арæзтмæ гæсгæ цавæртæ сты?

5.– цавæр ныхасы хæйттæй арæзт сты?

1.        Фæййнæгыл ис текст мады тыххæй.

Сымах хъуамæ текст бакæсат æмæ дзы ссарат фæрсдзырдтæ. Рафыссут сæ уæ тетрæдтæм æмæ зæгъут, сæ нысаниуæгмæ гæсгæ цавæр фæрсдзырдтæ сты.

Текст

          Мад.... Зæххыл тæккæ уæздандæр æмæ кадджындæр ном. Æрдзæн дæр æхцон у мады сыгъдæг ном хъусын.

Зæгъ изæрæй мады ном, æмæ арвыл стъалытæ тыбар - тыбур сисынц. Мæй та сыл уарзонæй йæ цæст фæхæссы.

Зæгъ боныгон, æмæ зæххон дидинджытæ сæ уæздан сæртæ буц æмæ сæрыстырæй сивазынц хурмæ. Уый та сæ æхцонæй сбуц кæны йæ фæлмæн хъарм тынтæй.

Мад зæгь, æмæ рог уддзæф рæвдаугæ атыхсы бæлæстыл. Сыфтæртæ райдайынц æнахуыр сыбар сыбур. Хæххон сыгьдæг дæттæ сæ цыд фæсындæгдæр кæнынц, мады царддæттæг ном фехъусгæйæ.

О, фырбуцæн  ын  æрдз уымæй лæггад кæны.  Цæрæд  бирæ  мадæн лæггадгæнæг хъæбул.

(Зæххыл, алæфон, изæрæй, арвыл, уарзонæй, боныгон, буц æмæ сæрыстырæй, фырбуцæй, бирæ)

  1. Зæгьут-ма, фæрсдзырдтæ зæххыл æмæ алæфон цавæр ныхасы хæйттæй арæзт цæуынц?
  2. 4хъ æмæ 5хъ равзарут синтаксион æгьдауæй

Зæгъ изæрæй мады ном æмæ арвыл стъалытаг тыбар - тыбур сисынц. . Мæй та сыл уарзонæй йæ цæст фæхæссы.

  1. Равзарут ма фæрсдзырдтæ уарзонæй æмæ æхцонæй.

- Цал бæрцбарæны ис фæрсдзырдтæн?

Уарзонæй - у фæрсдзырд, арх. х.ф., бындурон бæрц -Цавæр ныхасы хайæ арæзт у?

(Миногон æмæ Ирт х. кæронæй)

Æнцонæй - у фæрсздырд, арг. х . ор. бынд. бæрцы.

(Миногон æмæ Ирт. х кæронæй)

5.        6 хъ-д. Синтаксисон æгъдауай равзарут

Зæгъ боныгон, æмæ зæххон дидинджытæ сæ уаздан сæртæ буц æмæ сæрыстырæй сивазынц хурмæ.

  1. Фæрсдзырдтæ уарзонæй æмæ сæрыстырæй дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут
  2. Фæрсдзырдтæ фырбуцæй æмæ бирæ куыд арæзт сты?

а)        миногон æмæ Дæт. х. кæронæй

б)        Бирæ - сæрмагонд фæрсдзырд.

8.        Фыссæм фæрсдзырдтæ зæххыл, алæфон, боныгон. Сæвæрут сыл цавд.

  1. Уæнгон - мырон анализ скæнут номдар Мадæн, Мады
  2. Мадæн - ма – дæн                                       Мады -    ма- ды

М [м] - зыл.æмхъ.                                       м (м) -зыл.œмхъœл.

А [а] - тых. Хъæлæс.                                  а - (а)- тых. хъœл.

Д [д] - зыл. Æмхъæл                                  д (д)- зыл.œмхъ.

Æ [æ] - лæмæгъ хъ                                     ы ( ы)- лœм.хъœл.

Н [н] – зыл., сон., æмхъ.

  1.  Лæвæрд фæрсдзырдтæм ссарут сæ антонимтæ Арвыл - зæххыл

Боныгон - æхсæвыгон Сæрыстырæй - сæркъулæй Бирæ — цъус, гыццыл 11 .Фыссут хъуыдыйæдтæ:

1. Макуы ракæс тарæрфыгæй мадмæ

  1. Мады хæстæ никуы ничи бафыста.
  2. Кæддæриддæр дæ мадæн аргъ кæн
  1. Æрæджиау бамбæрстон мæ мады сагьæстæ.
  2. Фæлæ мæм мæ мад æнхъæлмæ кæсы.

Хайыгтæ ма, ни, ис, дæр, дæриддæр амонæн номивæг а, фæсæвæрдтæ ардæм, ардыгæй куыд фыссын хъæуы фæрсдзырдтимæ? (æмхæстæй)

  • Фæрсдзырдтæ фале, Дæле, уæле, фæсте, куыд фыссын хъæуы (е)
  • Фæрсдзырдтæ æрæджиау, дæлиау, уæлиау, фæстиау, куыд фыссын хъæуы? (хайыг - ау-ы разæй фыссæм хъæлæсон и )

      Чиныгимœ куыст.

Ф.2.

Ф.4

 1 къорд. Равзарын синтаксисон œгъдауœй 4 хъуыд.

 2 къорд.Равзарын синтаксисон œгъдауœй 5 хъуыд.

Зœгъ  изœрœй  мады ном œмœ арвыл стъалытœ тыбар- тыбур сисынц.

Мœй та сыл уарзонœй йœ цœст фœхœссы.

 Хатдзœг.

 Уæдæ цы базыдтам фæрсдзырдтæй?

  1. Цы хонæм фæрсдзырд?
  2. Цал къордыл дих кæнынц?
  3. Цавæр ныхасы хæйттæй арæзт сты?
  4. Цал бæрцбарæны йын ис?
  5. Куыд фыссæм фæрсдзырдтæ?

Дæле, уале, фæсте

На урочы темæ кæй номимæ баст уыд? (мады)

Уæдæ цавæр хæтдзæг скæнæн ис? (мады хъæуы уарзын, аргъ кæнын ын хъæуы, коммæ кæсын æм хъæуы, тырнын хъæуы уымæ, цæмæй йын йæ фыдæбæттæ бафида алчидæр)

Мадæн мæлæты бон нæй

Мадæн йæ рухс ном - нæ мæсыг

Нæ астæу цæрдзæни фæрнæй

(Тыбылты Сослан)

Рефлекси.

Кæронбæттæн.

  1. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын комментаритимæ .

Хæдзармæ куыст .П.16.ф.5..Ныффыссы цыбыр нывæцæн « Мады фæлмæн къухтæ»

                   


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Тема:"Фарсдзырд"

Тема:"Халардзинад".Грамматикон тема:"Фарсдзырд".Текстыл куыст.Къордгай куыст...