Хистæр кæмæн нæй, уый æнамонд у, кæстæр кæмæн нæй –æлгъыст. Беджызаты Ч. «Æлбегаты Батай ǽмǽ Барсǽгаты чындз»-мǽ гǽсгǽ.
план-конспект занятия (8 класс)

Закъæттæ сты хæлуарæджы здыхт тынтæ, бахауынц  дзы лæмæгъдæртæ, тыхджындæртæ та сæ аскъуынынц. 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл batay_2020.docx23.08 КБ

Предварительный просмотр:

            Фыдæлты зæхх-Ирыстоны зæрдæ

    Иу бæлас базæронд æмæ загъта: «О, адæм! Æз зæххыл хæцынæй бафæлладтæн æмæ фæлдæхын, фæлæ-иу мæ æгады æппæрст ма акæнут, мæ аууоны уæ æз бирæ куы фæдардтон».           Бæлас хаугæ - хауын дæр йæ кады мæт кодта. Адæймаг дæр уыцы бæласау хъуамæ кæддæриддæр йæ кады мæт кæна. Бæласæн йæ къалиутæ цас бæрзонддæр цæуой, уый бæрц тынгдæр хæцы йæ уидæгтыл. Æмæ цымæ адæм дæр афтæ сты?    Адæймаг дæр хъуамæ фидар хæца йæ уидæгтыл: йæ райгуырæн зæххыл, фыдæлты хорз æгъдæуттыл, йæ мадæлон æвзагыл, йæ адæмы сфæлдыстадыл. Адæмы хъæздыгдзинад мулкæй баргæ нæу. Мулк у адæймаджы царды рæстæгмæйы ныфс æмæ разæнгарддзинады хос, фæлæ æнусон нæу.

    Æнусон сты æрмæстдæр, нæ адæм йæ зæрдæйы рæсугъддзинадæй цы сфæлдыста, уыцы фæрныг æгъдæуттæ, зарджытæ, таурæгътæ æмæ нæ фыдæлты зæхх!

Уымæ гæсгæ нын фæдзæхстой нæ кадджын фыдæлтæ: «Зон, гуыбынæй сæр бæрзонддæр у!» кæнæ «Æнусон цардæй æнусон кад —хуыздæр!»

-Фæцыд уæ зæрдæмæ?

-Куыд уæм кæсы, абон цæуыл дзурдзыстæм урочы?

(Фыдæлты æгъдæуттæ æмæ кадыл) 

Темæ. Хистæр кæмæн нæй, уый æнамонд у, кæстæр кæмæн нæй –æлгъыст. Беджызаты Ч. «Æлбегаты Батай ǽмǽ Барсǽгаты чындз»-мǽ гǽсгǽ.

Нысантæ.

(Скъоладзауты адих кæнын дыууæ къордыл: этнографтæ æмæ археологтыл)

Урочы цыд.

Эпиграф. Закъæттæ сты хæлуарæджы здыхт тынтæ, бахауынц  дзы лæмæгъдæртæ, тыхджындæртæ та сæ аскъуынынц. ( Анахарсис Vl æнусы нæ дуджы агъоммæ)

-Хæдзары хъуамæ бакастаиккат Беджызаты Чермены уацмыс «Æлбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз» æмæ йæ ныр æвзардзыстæм. Уацмыс нæ ахаста нæ фыдæлты рæстæгмæ- Мæсгуыты бæстæм. Уыцы дуджы фæсивæдæн сæ бæллиц уыд кард æмæ уарт, хорз бæх, хорз чызг, æхсары ном æмæ кад.

—Зæгъут-ма, цæмæй барстой нæ фыдæлтæ мыггаджы æхсар? (Лæгнымæцæй)

Раст, лæг цух цы мыггаг уыди, уый ныфс цух дæр уыди æмæ цард цух дæр.

—Хъæздыгдзинад та цæмæй барстой? Кæй-иу нымадтой бонджын мыггагыл? (Зæхх фылдæр кæмæ уыд, уыдоны)

Хæхты зæхх гыццыл уыд æмæ бирæ зæхх кæмæ уыд, уыдон сæхи исджыныл нымадтой.

—Лæг бæрæггæнæг та сæм цы уыди? (Æгъдау)

Æгъдауыл мард уыдысты нæ фыдæлтæ.

—Сæрибар адæм уыдысты, нæ сæм уыд нæ паддзах, нæ æлдар. Кæй нымадтой хицауыл, кæмæ хъуыстой, кæй фарстой?

( Мыггаджы хистæры)

—Ныртæккæ нæм цы закъонтæ ис, уыдоны бæсты та сæм цы уыд? (Æгъдæуттæ)

—Цавæр мыггæгтимæ базонгæ стут? Раттæм ма сын характеристикæ.

СЛАЙД:(Æлбегатæ: тыхджын, лæг ифтонг, гæрзифтонг, алцæмæй фагджын, бон сын куывдæн уыд, æхсæв-чындзæхсæвæн.

Слайд .Барсæгатæ: тыхджындæр, ныфсджындæр, æхсарджын, æнæбасæттон, исджын, æнæфсис, фыдуаг, æнæбарон, хъал, æнæрцæф, сæ исбон фылдæр кодтой тыхмийæ æмæ æхсарæй, сæ сæрты маргъ атæхын нæ уæндыд)

—Цæмæн æрæмбырд æнæхъæн Мæсгуыты бæстæ Мæсгуыты хъæумæ?( Мæсгуыты бæстæйы фæсивæд-иу æрæмбырд Тутыры хъæзтытæм)

СЛАЙД. Тутыр. Этногрæфтæ дзурынц Тутыры тыххæй. 

Тутыр у бирæгъты бардуаг. Йæ бæрæгбон вæййы афæдз дыууæ хатты:фæззæджы æмæ уалдзæджы. Тутыры фыццаг æртæ боны уыдысты æмгъуыды бонтæ.Туг исын не 'мбæлд, туджджын-иу тугисæджы цур дæр абадтаид. Уыцы бонты арæзтой кусæнгæрзтæ, сывæллæтты хæдæттыл рахизæрдыгæй кодтой сырх æндахæй дзуары хуызæн сынчытæ, цæмæй хызт уой фыдбылызæй.

Тутыр адæмы хъахъхъæны алы низтæй, фылдæр сын кæны сæ фос. Фæлæ сæ  кæмæ смæсты вæййы, уымæн йæ фос бирæгъты амæттаг бакæны. Бирæгътæм куы смæсты уа, уæд та сын цуанæттæй фервæзæн нал ис.  

Бæрæгбон ныр дæр адæмæй рох нæу.

—Куыд цыдысты Тутыры хъæзтытæ? (Фæсивæд-иу кæрæдзиимæ сæ тых, арæхстдзинад, æхсар æвдыстой. Фæлæ Барсæгатæ сæ сæрмæ нæ хастой æндæр мыггæгтимæ ерыс кæнын æмæ æрмæст сæхæдæг хъазыдысты)

—Чи   бахаста йæ ныфс Барсæгаты хъæзтытæм? (Æлбегаты Сæлдженыхъ)

-Цы зæгъы фыссæг Сæлдженыхъы тыххæй?

 СЛАЙД. ( «Сæлдженыхъ уыд æрдхæрæны барæг, иууыл æрдхæрæн та уыд йæ сау араппаг æмæ дзы уыд ныфсджын».)

—Цавæр хъæзтыты архайдта Сæлдженыхъ?

СЛАЙД.

—дугъы уайын;

—тæхгæ бæхыл нысан æхсын;

—бæхыл хъазын арæхсын;

—уæлбæх хъазт;

—уырдыджы дæлæмæ уайын, цæмæй ма фесхъиуай.

—Ахæм ерыстæн ныфс дæр хъуыд æмæ хъару дæр.  

Чиныг:   «Домбай уыдысты адæм, арæхстджын уыдысты алцæмæ дæр, хæстон хъуыддагмæ æмæ æхсар равдисынмæ та æрдхæрæн. Ахæм чи нæ уыдаид, уый фæсивæд сæ рæнхъы дæр нæ уагътой, чызджыты 'хсæнмæ йæ тардтой се'хсæнæй, лæгæн бæзгæ нæ дæ, зæгъгæ. Чызг дæр ыл æнæрвæссонтæ кодта , былысчъилтæ æмæ сар йæ сæр кодта, æвзæры ном ыл-иу сбадти пъæззыйау. Æвзæры ном та йæ сæрмæ ничи хаста æмæ уый адыл алчи архайдта рæгъы цæуын, æвзæры номы бæсты мæлæт æвзæрста фæлтау».

—Чи фæуæлахиз ис?

Ацы ерысты фæуæлахиз ис Æлбеджы-фырт. Кæй зæгъын æй хъæуы, Барсæгатæн уый уыд карды цæфау. Хъал мыггаг афтæ ахуыр уыд æмæ хорзæй цы ис, уый , æнæмæнг, хъуамæ уыдонмæ уа-«æхсарæй сын цы не ‘нтыст, уый истой тыхæй».

—Цæмæн фæбыцæу Дадай Сæлдженыхъимæ?

(Дадай йын йæ бæх куырдта, фæлæ йын æй Сæлдженыхъ нæ радта, уымæн æмæ «мæстыгомауæй» дзырдта.)

СЛАЙД

—Цавæр адæймаг уыд Дадай?

(  Дадай уыд æнæгъдау, æдзæсгом, хуыцауылгъыст лæг.)

-Дадай маст бахаста йæ зæрдæмæ. Кæй æхуыссæй хъавы йæ маст райсын?

( Йæ маст иста Сæлдженыхъы æфсымæр Кудзаны руаджы.)

-Радтæм ма характеристикæ Кудзанæн.

СЛАЙД

-Сæрхъæн

-Рæуæг

-Къуыдипп

-Магуса

-Кусгæ нæ кодта

-Зылд куывдтыл, чындзæхсæвтыл, бæрæгбæттыл.

— Сæлдженыхъы зæрдæмæ бæргæ нæ цыд йе ‘фсымæры цард, уайдзæфтæ дæр ын-иу кодта, фæлæ йæм кæм хъуыста.

Куыд ардыдта Дадай Кудзаны?

( Хибарæй-иу ын дзырдта , зæгъгæ, дæ «афтид армæй æмæ гом риуæй рарвитдзæн», «æдылыйæ дæ тоны».

Адæмы æхсæн та- «Æлбегаты уæлдайаг», «иу боны гæлæбу», «æнæхайвæндаг».)

—Ахæм ардыдтыты фæстæ чи не смæсты уыдаид? Цавæр æбуалгъ ми бакодта Кудзан?

( Кудзан йе ‘фсымæры амардта расыгæй.)

—Сæлдженыхъ ын «йæ масты артыл æдзух сугтæ калдта». Зæгъут-ма, Кудзан уыцы изæр афтæ тынг цæуыл смæсты?

( Фынæйæ сæ баййæфта: йе ‘фсымæры дæр, чындзы дæр. «Чындз æд гæрзтæ йæхи æруагъта»)

Этногрæфтæ: Чындз хъуамæ банхъæлмæ кастаид …

—Цы ‘рцыд Æлбегаты мыггагыл уый фæстæ?

( «Сæфты къахыл ныллæууыдысты», «цыдæр рын Гуырдзыстонæй æрбахастой», «хохы дзуæрттæ сыл рахатыдысты».)

—Адæм лигъдонуæттæм ацыдысты. Æввахс сæм ничи цыд. Тарстысты, сæ мыггагмæ низ куы ‘рбахæссой, уымæй. Цæмæй базыдтой адæм, Æлбегатæ иууылдæр фæцагъды сты, уый?

( Кæуын дæр сæ нал райхъуыст, стæй фæздæг дæр нал скалд сæ хæдзæрттæй.)

—Исчи ма баззад Æлбегатæй? (Æрмæстдæр ма сæ баззад Батай. Уый  МÆСЫДЖЫ сæрæй радзырдта.)  

СЛАЙД .АРХЕОЛОГТÆ: МÆСЫГ. Мæсгуытæ дих кодтой  хъаггæнæн æмæ хæстонтыл. Хæстон мæсгуытæ амадтой æвзаргæ дурæй фидар, аив æмæ бæрзонд. Уыдис дзы фондз, авд æмæ фараст уæладзыгонтæ. Хæстон мæсыгмæ бахизынæн дардтой асин. Æхстой æмæ хъавыдысты уæллаг хатæнты сæрмагонд арæзт рæдæнтæй.

Хъаггæнæн мæсгуытæ-иу арæзт цыдысты тæккæ рындзтыл, зынæндæр бынæтты. Уыцы мæсгуыты фæрцы комбæсты фæдисы хабæрттæ хъусын кодтой рухсыты – æртыты руаджы.

—Цы куры Батай адæмæй? (Цæмæй йæм фæкæсой, йæ мыггаджы  зæппадзы бавæрой)

СЛАЙД. АРХЕОЛОГТÆ. ЗÆППАДЗ. Зæппадзтæ сты дыууæ хуызы. Иутæ уыдысты зæххы бын æмбæхст, иумæйаг зæппадзтæ. Иннæтæ та æддæгуæлæ зæппадзтæ. Зæппадзты амадæн уыдис йæхи дæсныйад сусæгдзинæдтимæ. Уæды заманты чъырызмæст хæццæ кодтой айчы урс æмæ стуры тугимæ. Уыдон бурæмæдзау (клей) уыдысты æндадзаг æмæ фæразон хурæн æмæ къæвдайæн.

- Цы æрымысыд Батай?

( Батай сфæнд кодта йæ мыггагæн скæнын хæрнæг. Хисты фæстæ Батай балæвар кодта Барсæгатæн Æлбегаты зæххытæ. Йæхæдæг та сæ мыггаджы зæппадзмæ бацыд æмæ йæ дурæй рахгæдта.)

—Адæм æй цæуылнæ баурæдтой?

( Батайы ныхæсты уыд æлгъыст.)

—Куы дардтой адæм сæхи?

Чиныгимæ куыст.

—Æппынфæстаг ма цы æрхъуыды кодтой, цæмæй Батай рахиза?

( Барсæгаты чындз Цæрæхонимæ рагæй уарзтой кæрæдзийы æмæ, дам, æм уый куы бацæуид, уæд кæд рахизид зæппадзæй.)

СЛАЙД

—Нæ уæндыдысты зæронд дзырддзæугæ лæгтæ ахæм ныхасимæ бацæуын æнæбарон, æнæрцæф, фыдуаг Барсæгатæм. Уæдæ Батайы дæр афтæ куыд ныууагътаиккой æмæ хъуыддаг бамбарын кодтой Барсæгаты мыггаджы хистæр Бæтæгæн.

Цавæр дзуапп сын радта Бæтæг?

Чиныгимæ куыст( «Уæ ныхас мæ хъустæй бахызти, кадджын зæрæдтæ, сæрыл сæмбæлдзæн æви зæрдæйыл—зонды фæдыл ацæудзæн æви зæрдæйы, уымæй уын нырма ницы зæгъинаг дæн, фæлæ уал мæ кæстæрты фенон».)

—Бакæсæм ма , цавæр дзуапп сын радта Бæтæг?

Чиныгимæ куыст.

СЛАЙД

 Слайд. ЭТНОГРАФТÆ. Иронвæндаг: Иронвæндаг у зианы кæуын æмæ хъарæг кæныны æгъдауы хуыз. Зианджыны кæртмæ бахизгæйæ –иу æрзоныгыл кодтой  æмæ, цыппæргæйттæй сæ зонгуытыл цæугæйæ ,хъарæггæнгæйæ сæ цæсгæмттæ цавтой, сæ уæрджытæ хостой.

 

Æрæмбырд сты Мæсгуыты бæстæйы сылгоймæгтæ æмæ иронвæндаггæнгæ ацыдысты Æлбегаты зæппадзмæ.

Сæ разæй та тыхджын Барсæгаты мыггаджы уайсадæг чындз-Цæрæхон.

СЛАЙД. ЭТНОГРАФТÆ. УАЙСАДЫН.

 Адæмы Батай ферох Цæрæхоны хъарджытæм хъусгæйæ æмæ иууылдæр куыдтой Барсæгаты чындзы тæригъæддзинадыл.

—Цæуыл хъарджытæ кодта Цæрæхон? (Цæрæхон хъарæг кодта йæ æнамонддзинадыл, æнамонд уарзондзинадыл, йæ худинаджы фæдыл æм цы уазал фидæн кæсы,ууыл.)

—Цы 'рцыд дарддæр? (Батай куы фехъуыста йæ уарзон сылгоймаджы хъæлæс, уæд ратыдта зæппадзы дуар æмæ кæугæйæ йæ разы æрхауд. Адæм æй йæ хæдзармæ акодтой.)

— Кæй зæгъын æй хъæуы, Барсæгаты фыдуаг , æнæбарон мыггаг арвы цæфау фесты ахæм æфхæрдæй æмæ та дыккаг хатт æмбырд кæнынц мыггаджы хистæры хæдзары. Куыд нын æй æвдисы фыссæг? (Бæтæг бады уæлейæ, æнæзмæлгæйæ, æнæдзургæйæ, цыма дурæй амад у.)

—Мыггаг тæ сæхи куыд дарынц? (Æнæдзургæйæ цæуынц, алчи йæ КАРМÆ гæсгæ йæ бынат ссары йе бадæгты 'хсæн, йе лæууæгты. Ницы дзурынц, цыма дзы удæгасæй ницы ис.)

—Фæсивæдæн сæ «къухтæ хъаматы сæртыл»- уый цæуыл дзурæг у? (Æнхъæлмæ кæсынц Бæтæджы уынаффæмæ, цæмæ се 'фхæрд райсой).

—Бакæсæм ма чиныджы Бæтæджы раныхас

—Цæуыл сагъæс кæны? (Кæй фæхудинаг сты, сæ ном,  сæ цæсгом кæй баныгæдтой. Ахæм худинаджы фæстæ сын сæ къæбæр дæр кæй нал бахæрдзысты, уазæг дæр сæм нал бацæудзæн. Худинаджы зарджытæ сыл скæндзысты.)

—Æнæ ном, æнæ цæсгом  уæды тызмæг рæстæджы цæрæн нæ уыд. Нæ фыдæлтæ мæлæтæй нæ тарстысты, фæлæ тарстысты æрмæстдæр ХУДИНАГÆЙ, худинаджы зарджытæй. Зарæгæн нæй фесæфæн, æнусты цæры.

«Уой, Сугъарты Хуысинæ, дам,

Авд дæлдзæхх ныххауа.

Уой, йæ фынæй æфсымæрты, дам,

Уо-уой, хъыбылтау фæцагъта…»

 —Цы курынц фæсивæд Бæтæгæй? (Чиныгимæ куыст.)

«Ракалут Æлбегаты мæрдты»- Скифæгтæ-Дарий

«…Рахæссут сын сæ рæхыстæ…»

 СЛАЙД.ЭТНОГРАФТÆ.. . Рæхыс- къонайы рæхыс . Йæ бардуаг у Сафа. Фыдæлтыккон ирон хæдзары æнæмæнг чи хъуыдис æмæ уыдис, ахæм дзаума. Рæхыс аудыдта бинонты иудзинадыл , фарныл. Къонайы рæхыс адавын кæнæ йæ дуармæ раппарын нымад цыдис стыр æфхæрдыл æрмæст бинонтæн нæ, фæлæ æгас мыггагæн дæр. Ахæм хъуыддаг-иу туг расайдта

М.М.Ковалевский: «В письменных жалобах, еще недавно подаваемых осетинами в горский суд, можно было встретить выражение следующего рода: «Он не только убил моего сына, но даже цепь швырнул за дверь…»

—Цавæр фæнд рахаста Барсæгаты куырыхон хистæр Бæтæг?

(Цæрæхоны радтын чындзы Æлбегаты Батайæн)

«Æнæдзургæйæ, æнæкъæрццæй, сабыр, æнцад-æнцойæ рацыдысты мыггаджы хистæры хадзарæй Барсæгатæ…»

ЭПИГРАФ: Закъæттæ сты хæлуарæджы здыхт тынтæ, бахауынц  дзы лæмæгъдæртæ, тыхджындæртæ та сæ аскъуынынц.

Барсæгатæ сты тыхджын мыггаг, æгъдау фехæлдой сæхи КАДÆН. Æгъдауы сæрты кæй ахызтысты, уый фыдбылыз никæмæн æрхаста, æвзæрæй ницы ракодтой. Нæ бауагътой фесæфын  Æлбегаты мыггаджы.

-Тызмæг уыдысты фыдæлты æгъдæуттæ, фæлæ маст æмæ фыдæхыл фæуæлахиз вæййынц ЗОНД æмæ УАРЗОНДЗИНАД. МÆЛÆТЫ басæтты ЦАРД.

—Бæтæг у нæртон лæг. Уый адæмыл АУДЫ, мыггагæн УЫНАФФÆ кæны, кæстæрты РАСТ ФÆНДАГЫЛ аразы.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темᴂ: «Хистᴂрᴂн кᴂстᴂр куы дᴂтта ᴂгъдау…» (миногми фᴂлхатын)

Урочы хᴂстᴂ:          1. Скъоладзауты базонгᴂ кᴂнын таурᴂгъ « Дада» - имᴂ. (А.Н.Толстоймᴂ гᴂсгᴂ), бакусын аив кастыл.2. Текстмᴂ гᴂсгᴂ сфᴂлхат кᴂнын миногми...

Доклад: «Драмон уацмыс ахуыр кæныны методикæ хистæр кълæсты».

15- æм астæуккаг скъола                                Ситохаты З.Б....

БЕДЖЫЗАТЫ ЧЕРМЕН

БЕДЖЫЗАТЫ  ЧЕРМЕН...

Урочы темæ: «Хистӕрӕн кæстӕр куы дӕтта ӕгьдау…»

Урочы  нысантæ  Урочы типНыхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; миногмиты  тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Скьоладзауты базонгӕ кӕнын таурӕгь «Дада»-имӕ(А.Л.Толстоймӕ...