Хетагкаты Къоста "Дзабидырдзуан".
план-конспект урока (6 класс)

Хетæгкаты Къоста ;"Дзæбидырдзуан"

Бамбарын кæнын ахуырдзаутæн хæххон адæм куыд мæгуыр цард кодтой,уæлдайдæр та хæхбæсты фæллойгæнджытæ.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл hetagkaty_kosta_dzabidyrdzuan.docx21.36 КБ

Предварительный просмотр:

,Темæ: Хетæгкаты Къоста «Дзæбидырдзуан»

Урочы тип:  Ног æрмæг æвзарын

Урочы цыд

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

Ахуыргæнæг ахуырдзауты здахы чиныджы мидисмæ Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадæй фæрстытæ раттын.

Зæрдыл æрлæууын кæнын, цы хонæм радзырд?

Къоста йæ радзырд иронау ныффыста æви уырыссагау?

 Чи йæ ратæлмац кодта ирон æвзагмæ?

Ахуырдзаутæ  дзурынц, Къостайы  сфæлдыстадай скъуыддзæгтæ ,сæ презентацитæ æвдисынц, хатдзæгтæ кæнынц .

Ахуырдзаутæ дзуапп дæттынц ахуыргæнæджы фæрстытæн.

Зонындзинæдты  актуализаци

-Скъоладзаутæн агурын  кæнын радзырды  æмбисæндтæ:

А) Фыдбылыз къæхты бынæй дæр фæзыны.

Æ)Амонд æмæ фыдбылыз фæрсæй – фæрстæм цæуынц.

Б) Кæмæ цы амонд кæсы, уый чи зоны.

Агурынц æмæ кæсынц æмбисæндтæ. Сæ лексикон нысаниуджытæ сын амонынц.  Алчи йæ хъуыдытæ дзуры.Ахуыргæнæджы фæрстытæн дзуапп дæттынц.

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды арæзт

Ахуыргæнæг тексты зынæмбарæн дзырдты нысаниуджытæй фæрсы ахуырдзауты:

Ӕрчъи  -    ?                      

Нымдгӕнгӕйӕ   ӕрбадт  - ?

Цӕссыгӕмхӕццӕ  хъӕлӕсӕй  -?

Сӕрсӕфӕны сӕрмӕ ӕрдзедзыкка  -?

Автор пейзажæй пайда кæны æви нæ? Кæцы бынæтты?

Равзарын уацмыс фарстæтæм гæсгæ:

1.Зебаты хъæу куыдæй æвдыст цæуы? Уæ цæстытыл куыд ауайы?

2,Чи цард уыцы хъæуы æмæ куыд цардысты?

3. Мæгуыр кæй цардысты. Уый цæмæй бæрæг у?

4.Чи у радзырды сæйраг архайæг? Кæимæ цæры Тедо?

5. Тедойы хæдзар уæ цæстытыл куыдæй ауайы?

6.Цавæр адæймаг  уæм фæкаст Зураб та? Лæгдзинадмæ цы цæстæй кæсы?Цæуылнæ уал цæуы цуаны?

7. Цавæр адæймаг уæм фæкаст Зæлинæ та? Ранымайут – ма  йын йæ миниуджытæ.

Цæуылнæ уадзы йæ мойы цуаны?

Физминуткæ скæнын

Слайды равдыст.(нывтæм гæсгæ ссарын архайды бынат)

Ныр та æркæсæм æмæ зæгъæм , цавæр миниуджытæй уыдис  æххæст Тедо?

,Интерактивон  фæйнæгыл тест  цалдæр фарстаимæ

Скæнын синквейн. Дзырд «Цуанон»

             

Ахуырдзаутæ  дзуаппытæ дæттынц:

 чабуры (лапти)

 почтительно  сел

 со слезами в голосе

 качался над бездной  пропасти

Ахуырдзаутæ дзурынц, цы у пейзаж, фыссæг кæцы бынæтты пайда кæны пейзажæй, уыдон кæсынц.

Ахуырдзаутæ дзуаппытæ дæттынц , лæмбынæг архайынц æмæ кусынц чиныгимæ.

Сывæллæттæ активонæй кусынц.

Тедо уыд ныфсхаст, тыхджын,фæлтæрдджын,бинонты дарæг,хистæртæн аргъгæнæг.хорз хъомылгæнæг.арæхстджын цуанон, æмгæртты уарзаг…

Ахуырдзаутæ сæхæдæг сæхицæн  аргъ  кæнынц.

Цуанон Тыхджын , ныфсхаст, æгъдауджжын Хистæртæн аргъ кæны,бинонты дары, хъомыл æныАдæмы хсæн номхæссæн фæци.

Фæзминаг.

Хатдзӕгтӕ скӕнын

- Ахуырадон архайды фӕстиуджытыл аразы афӕлгӕст: фӕрсы – сӕ размӕ ӕвӕрд хӕстӕ ӕххӕстгонд ӕрцыдысты ӕви нӕ, цавӕр зындзинӕдтыл фембӕлдысты, цавӕр ӕнтыстытӕ сӕ къухы бафтыд. ӕнтыстытӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕн цавӕр аххосӕгтӕ уыд.

- Цы ногдзинӕдтӕ базыдтой, уыдонӕн хатдзӕгтӕ кӕнынц. Ахуырадон хӕстӕ куыд сӕххӕст кодтой, уый бӕрӕг кӕнынц. Дзурынц, зын сын цы уыд сӕ сӕххӕст кӕнынмӕ, уый. Се 'нтыстдзинӕдтӕ кӕрӕдзийӕн не'вгъау кӕнынц.

Хӕслӕвӕрд: радзырды ссарын æмæ рафыссын тетрæдтæм, абарстытæ кæм ис, ахæм хъуыдыйæдтæ; æмбисæндтæ; радзырды мидис хи ныхæстæй дзурын зонын.

Рефлекси

Абон æз базыдтон..

Мæ зæрдæмæ фæцыд…

Хи куысты анализ

Ӕнтыстдзинӕдтӕ

Зындзинӕдтӕ

Фӕндон


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Дзабидырдзуан

Конспект урокаИрон литературæйы урок 6-æм къласы Урочы темæ: « Маамæлайы къæбæр – лæгдзинад» ( Хетæгкаты Къостайы « Дзæбидырдзуан –мæ гæсгæ.) Урочы эпиграф: Кæд рухс нæ баййафы йæ цардæй, Йæ бон кæд а...

ХЕТАГКАТЫ КЪОСТА. СФАЛДЫСТАД.

1. Чи уыд ирон авзагы бындуравараг:А. Мамсыраты ТемырболатÆ. Хетагкаты КъостаБ. Коцойты Арсен 2. Ка дама кам райгуырд Хетагкаты Къоста:А. 1855 азы Ганисы хъауыÆ. 1859 азы Нары хъауыБ. 1872 азы Дж...

Литературон – музыкалон композици. «Нæртон хъæбул –ирон гени – Къоста!»

Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ  æвзæрын  кæнын  цымыдис æмæ уарзондзинад.[[{"type":"media","view_mode":"media_large","fid":"7082448","attributes":{"alt":"","class":"media-imag...

"КЪОСТА - НЫВГÆНÆГ"

       Чысыл адæмтæ уæлдай амондджындæр æмæ тæхудиагдæр уæд вæййынц, æмæ се`хсæнæй куы рацæуынц номдзыд лæгтæ. Мах, ирон адæм , хайджын фестæм уыцы амондæй. Иры зæххыл райгу...

Къоста- нывгæнæг, « Дурсæтджытæ»-йæ æххæстдæр æмæ хуыздæр нывтæй иу.

Открытый урок по  осетинской литературе. Работа над картиной Коста  Левановича Хетагурова  « Дурсæтджытæ»...

Открытый урок по осетинской литературе в 5 классе на тему "Къоста -Ирыстоны хур"

Данный урок по осетинской литературе был проведен на День Рождение основоположника осетинской литературы К.Л.Хетагурова....

Къоста æмæ фæззæг.

Сыгъзæрин фест, бæркадхæссæг фæззæг!               Æз дæу æппындæр ницæимæ барын&helli...