Дзырдбаст (рацыд æрмæг ныффидар кæнын). «Мадæлон æвзаг».
план-конспект урока (5 класс)

Открытый урок в классе.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_5klass_fgos_teh.karta_.docx44.42 КБ

Предварительный просмотр:

Æлборты Зæринæ

36-æм астæуккаг скъолайы

ирон æвзаг æмæ литературæйы

ахуыргæнæг

                                                           Ирон æвзаджы урок

                                                                 5-æм кълас

Грамматикон темæ:  Дзырдбаст (рацыд æрмæг ныффидар кæнын).

Ныхасы темæ: «Мадæлон æвзаг».

Урочы  нысантæ:

  1. Дзырдбастæй рацыд  æрмæг бафидар кæнын.

2.Ныхасы рӕзтыл бакусын.

3. Мадӕлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын.

Урочы хуыз:

ног зонындзинæдтæ райсыны урок

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ:

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын.

Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын,ахуыр – рухс фидæнмæ фæндаг кæй у, уый æмбарын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ:

Иртасæн метод, индивидуалон, къордты куыст, информацион технологитӕ, франталон фарст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ:

 Презентацитæ, интерактивон фæйнæг,дидактикон æрмæг.

                                                                                                         Эпиграф:

                                                             Ирон ӕвзаг! Мӕ зынджы хай,мӕ арт!

Ӕрттив, ӕхсид ӕнусбонтӕм ӕдасӕй.

Дӕ цӕрайӕ, дӕ рухс ӕмӕ дӕ тавсӕй

Цӕрдзынӕн ӕз ӕмӕ хӕрдзынӕн ард.

                                                                                                                                                                       

                                                                                                                                                                            (Къадзаты С.)).

Урочы структурæ

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

Мотиваци:

(ахуыргæнæг дæтты, ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у, ахæм æрмæг.)

Ахуыргӕнӕджы раныхас:

Саби фыццаг зарӕг цы взагыл фехъусы, йӕ фыццаг къахдзӕфтимӕ цы дзырдтӕ фӕзӕгъы, уыдон вӕййынц мадӕлон ӕвзагыл.

  Цымӕ цы ис зынаргъдӕр, намысджындæр ирон ӕвзагӕй. Ирон  ӕвзаг, нӕ фыдӕлты хӕзна, у тынг рагон ӕмӕ хъӕздыг, бирӕвӕрсыг ӕмӕ  къабазджын. Ахсджиаг у мадалон ӕвзаг, хъуамӕ алы ирон адӕймаг дӕр зона йӕ мадӕлон ӕвзаг.

     Сидын уӕм, махмӕ кӕсы нӕ Иры сомбон, махмӕ кӕсы не взаджы хъысмӕт! Ма йӕ бауадзӕм фӕцудын, скӕнӕм ын аккаг аргъ.

 

- Уӕдӕ нӕ урочы ныхасы сӕр цӕимӕ баст уыдзӕн?

                   Текст

Хъесаты Валодямӕ гӕсгӕ.

Цы ис зынаргъдӕр, адджындӕр мады хъӕлӕсӕй, мады ӕвзагӕй? Уыдон адӕймагӕн йӕ райгуырӕн бонӕй суанг йӕ царды кӕронмӕ ӕнӕсцухӕй йемӕ вӕййынц, йӕ туджы, йӕ сӕры магъзы, йӕ дадзинты фидар ӕвӕрд сты, фӕхицӕнгӕнӕн сын нӕй.

Мады фӕлмӕн къухты ӕвнӕлдимӕ, йӕ былты фӕхудтимӕ фехъусӕм ӕмӕ бамбарӕм не взагӕн йӕ фыццаг ныхӕстӕ дӕр.

Адӕймаг йӕ цины, йӕ зыны сахат фыццагдӕр йӕ мадмӕ бадзуры. Мады зӕрдӕ,мады дзыхы ныхас, ӕвзаг ӕвдадзы хос вӕййынц йӕ хъӕбулӕн. Раттынц ын ныфс, хъару, зонд.Ӕрбайсафынц ын йӕ фӕллад, рыст. Мады ӕвзаг хъусгӕйӕ, мады ӕвзаг зонгӕйӕ кӕстӕртӕ амондджын вӕййынц.

Фарст:- Сывӕллӕттӕ, сымахӕн та уӕ мадӕлон ӕвзаг цавӕр у?

- Цӕмӕн у адӕймагӕн афтӕ зынаргъ йӕ мадӕлон ӕвзаг?

-Сымахӕн дӕр зынаргъ у уӕ мадӕлон ӕвзаг?

- Куыд бахъахъхъӕнӕм не взаг?

-Сымах размӕ та цавӕр хӕстӕ ис,цӕмӕй уӕ мадӕлон ӕвзаг мӕ рох кӕнат, хуыздӕр ӕй зонат.  

Ахуыргӕнӕг: -Мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй цы ӕмдзӕвгӕтӕ базыдтам, уыдонӕй иу-цалдӕр нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.

-Уӕдӕ куыд бамбӕрстам, афтӕмӕй не взаг у нӕ хӕзна. Адӕймаг куы райгуыры ӕмӕ йӕм цы ӕвзагыл сдзурынц, уый вӕййы йӕ мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнӕм цысты гагуыйау.

Ахуыргӕнӕг: Тексты мидӕг ма ссарут дзырдбӕстытæ.

 Ахуыргæнæджы раныхасмæ хъусынц.

Дзуапп дæттынц: Мадӕлон ӕвзагимӕ.

Скъоладзаутæ дзуаппытæ дæттынц.

Æмдзӕвгӕтӕ дзурынц.  

Скъоладзауты дзуæппытæ: дзыхы ныхас, мады ӕвзаг, ӕвдадзы хос…

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),  

удгоймагон

(иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)

Актуализаци:

(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)

 

-  Раст, абоны урок  хуымæтæджы урок нæу: ныффидар кæндзыстæм дзырдбасты  тыххæй  цы базыдтам,  уый;  бакусдзыстæм ныхасы рæзтыл, æмæ куыд бамбæрстат, афтæмæй ма нæ урок баст уыдзӕн мадæлон æвзагимæ дæр

- Цавӕр терминтӕй пайда кӕнӕм дзыдбастыл куы фӕдзурӕм, уӕд? (Синтаксис, сӕйраг ӕмӕ дӕлбар дзырд, грамматикон ӕгъдауӕй, хъуыдымӕ гӕсгӕ).

 

-Ацы   терминтӕ цӕй фӕрсы базыдтам?

 Хӕдзармӕ куыст презентаци Зындгонд ахуыргӕндтӕ кӕцытӕ бакуыстой ирон ӕвзагыл.

(Шегрен, Багаты Н. Абайты В. Миллер)

Дзуапп дæттынц:

Мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ дзырдбастыл.

Дзуапп дæттынц: Синтаксис, сӕйраг ӕмӕ дӕлбар дзырд, грамматикон ӕгъдауӕй, хъуыдымӕ гӕсгӕ.

Скъоладзауты презентацитæ.

Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзи-нæдтæ иумæйаг кæнын, класифи-каци; проблемон фарст æвæрын, æнкъарын ирон æвзаджы ахадын-дзинад нæ адæмы царды)

коммуникативон

(алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координаци кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын)

Ног æрмæгыл куыст:

Къордтимӕ куыст.

 

Дзырдуатон куыст:

Чиныгимæ куыст:

Аулӕфт:

Хъазт:

Карточкӕтимӕ куыст:

Сфӕлдыстадон куыст:

Цы хонӕм дзырдбаст?

-Цӕмӕй арӕзт у дзырдбаст?

-Цы хонӕм дӕлбар дзырд ӕмӕ сӕйраг дзырд?

-Куыд сбӕрӕг кӕнӕм сӕйраг дзырд ӕмӕ дӕлбар дзырд?

 Хӕс: Морфемон ӕвзӕрст дзырд Дзырдбаст.

 Хӕс: Фонетикон ӕвзӕрст дзырд Дзырдбаст.

Слайдыл равдисын дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ, иу къорд фыссынц дзырдтӕ, иннӕ къорд дзырдбӕстытӕ. (ирон ӕвзаг, рӕсугъд чызг,чиныг,   мӕдӕлон ӕвзаг, фарн, ӕгъдау,  райгуырӕн бӕстӕ, ирон адӕм,  ирон  хӕдзар, ӕгъдауджын лӕг).

-Дзырд ӕгъдау та куыд ӕмбарут?

-Дзырд ӕгъдауимӕ ӕрхъуыды кӕнут дзырдбӕстытӕ.

-Цавӕр ӕмбисӕндтӕ зонут ӕгъдауы тыххӕй?

  Ахуыргӕнӕг:

 - Лӕг йе гъдау йӕ мады гуыбынӕй рахӕссы, афтӕ фӕзӕгъынц. Ӕмӕ уый ӕцӕгӕйдӕр раст у.

Æркӕсӕм Абайты В. Этимологон дзырдуатмӕ дзырд «ӕгъдау» мӕ.

Дзырдуатон куыст:

 Курдиатджын фыссӕг-

 Ирыстоны хъӕбул-

 Поэты юбилей-

Хӕс: Равзарын сӕ. Сбӕрӕг кӕнын сӕйраг ӕмӕ дӕлбар дзырдтӕ, фӕбӕрӕг кӕнын цавӕр ныхасы хӕйттӕй загъд ӕрцыдысты.

Хӕс: Бакӕсын текст. Сбӕрӕг кӕнын йӕ сӕйраг хъуыды.Ссарын тексты дзырдбӕстытӕ. Рафыссын сӕ тетрадмӕ. Сбӕрӕг кӕнын сӕйраг ӕмӕ дӕлбар дзырдтӕ.  

- Цӕмӕй у мадӕлон ӕвзаг ахсджиаг?

 

Физминутка.

-Ӕрӕджы кӕй юбилей сбӕрӕг кодтам?

Ахуыргӕнӕг: -Къоста ӕнӕкӕрон уарзтӕй уарзта йӕ мадӕлон ӕвзаг, йӕ ирон адӕм. Йӕ уацмыстӕ фыста ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзагыл. Ирыстоны ахӕм адӕймаг нӕй, ӕмӕ Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ чи нӕ зоны.Сымах куыд зонут, афтӕмӕй Къоста ӕрмӕст ӕмдзӕвгӕтӕ нӕ фыста, фӕлӕ ныв дӕр кодта.

Ахуыргӕнӕг:

-Ныртӕккӕ сбӕрӕг кӕндзыстӕм, куыд сӕ зонут, уый.

Хӕс:Кӕмӕ цы ныв ӕрхауа, уымӕ гӕсгӕ саразын дзырдбӕстытӕ. Иу дзы фӕйнӕгыл ныффыссын ӕмӕ йын схемӕ скӕнын.

1.къордӕн нывтӕ.  (аразынц дзырдбӕстытӕ).

2.къордӕн дзырдбӕстытӕ. (семӕ хъуыды кӕнынц хъуыдыйӕдтӕ).

3.къорд дзырдтӕй арӕзынц дзырдбӕстытӕ.

Синтаксисон æвзæрст.

Ахуыргӕнӕг

-Зӕгъут ма, нӕ республикӕйы цавӕр газеттӕ ӕмӕ журналтӕ цӕуы мыхуыры ирон ӕвзагыл?

-Уӕ хӕдзӕртты дзы цавӕртӕ кӕсынц?

-Сывӕллӕттӕн та нӕм цавӕртӕ ис?

Сымах дзы фӕкӕсут?

Хӕс: «Ногдзау»-ы фарсыл текстæй скъуддзаг бакӕсын. Уырыссаг ӕвзагмӕ йӕ ратӕлмац кӕнын.

Дуапп дæттынц.

Хæслæвæрд æххæст кæнынц

Скъоладзауты дзуæппытæ:фынджы ӕгъдау, ӕгъдауджын лӕг,  марды ӕгъдау…

Дзуапп дæттынц:

 Адӕймаг йе гъдауӕй фидауы.

 Лӕг йе гъдауӕй лӕг у.

 Ӕгъдауӕн фехалӕн нӕй.

Иртасæн куыст.

Æвзарынц æмæ сæ тæлмац.

Дзуапп дæттынц текстæй пайдагæнгæйæ.

Дзуапп: Хетагкаты Къостайы.

Ахуыргæнæджы раныхасмæ хъусынц.

Скъоладзаутæ архайынц.

Дзуапп дæттынц.

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын)

удгоймагон

(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын).

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

Хатдзӕгтӕ:

             

Иу хатт чидӕр Санаты Семы бафарста:

-Сем, зӕгъ-ма, ӕппӕты зындӕр хъаймӕт кӕд вӕййы? Уӕд Сем дзуапп радта:

-Адӕм се гъдауыл ӕмӕ се взагыл сӕ къух куы сисой, уӕд.

Æвдисынц æмæ дзурынц сæ презентациты æрмæг.

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

(æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ),

удгоймагон

(мадæлон  æвзаджы аивдзинад;

Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын)

Рефлекси:

Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын:

Уæдæ урочы чи куыд бакуыста, уый сбæрæг кæнæм.

1). Æз урочы куыстон… хорз/æвзæр.

2). Урок мæм фæкаст… цыбыр/даргъ.

4) Урочы ногæй базыдтон…/ нæ базыдтон.

Сывæллæттæ сæ кæрæдзийæн мæйдантæ сæ риутыл кæнынц (сырх, цъæх,бур.

дзуапп дæттынц

Аргъ кæнынц сæ куыстæн

Зонадон

(анализ,алыхуызон хъуыдытæ ныма-йын æмæ афтæ-мæй æмгуыст кæнын),

коммуникативон

(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаф-фæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

удгоймагон

(хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын)

Хæдзармæ куыст.

Мини-сочинени « Мæ мадӕлон ӕвзаг».

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темæ: Номдар. Рацыд æрмæг фæлхатын.

Дунетыл нæй мæнæй фылдæр, Цæрын æмбæлттимæ æнгом. Ныхасы хæйттæн дæн сæ сæр, Хæссын æз предметæн йæ ном.(Номдар)....

Фонетикӕ (рацыд ӕрмӕг ныффидар кӕнын)

Урочы нысантӕ: Ӕрдзурын фонетикӕйы сусӕгдзинӕдтыл.Скъоладзаутӕм рӕзын кӕнын цымыдисдзинад ӕмӕ тырнындзинад  спортмӕ.Ныхасы рӕзтыл куыст.Урочы фӕлгонц: ахуыргӕнӕн чингуытӕ, текст, интерактивон фӕй...

Номдары тыххæй рацыд æрмæг бафидар кæнын.«Мад- царддæтæг»

Грамматикон темæ: Номдары тыххæй  рацыд  æрмæг  бафидар кæнын.Урочы  нысантæ: 1.Номдарæй  рацыд  æрмæг  бафидар  кæнын....

Фонетикӕ (рацыд ӕрмӕг ныффидар кӕнын

Фонетикӕ (рацыд ӕрмӕг ныффидар кӕнын...

«Ныууагътой мын нǽ фыдǽлтǽ ǽвзаг.Рацыд ǽрмǽг фǽлхат кǽнын.Номивджытǽ» открытый урок

Технологон картæ ирон æвзаджы  урокмæ 9-æм къласы (дифф.къорды)12.05.2022г.Темæ: «Ныууагътой мын нǽ фыдǽлтǽ ǽвзаг.Рацыд ǽрмǽг фǽлхат кǽнын.Номивджытǽ» Урочы  нысантæСфæлхат ...