урок в 6 классе Темæ: Боны фæтк." Нымæцон"Технологон картæ ирон ӕвзаджы урокмæ. Гом урок "Нымацон". Закрепление пройденной темы.Повторение имени числительного.
план-конспект урока (6 класс)

Туаева Анжелика Каурбековна

 Гом урок "Нымацон". Закрепление пройденной темы.Повторение имени числительного.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл tehnologon_kartae_iron_aevzadzhy_urokmae_1.docx30.46 КБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон ӕвзаджы урокмæ.

Темæ: Боны фæтк. Нымæцон

.Нымæц:13.12.2020, 6 кълас

Ахуыргæнæджы куысты нысантæ

Бацæттæ кæнын сывæллæтты æрмæг æмбарынмæ, информацийæ пайда кæнын зонынмæ

Урочы тип

Ног æрмæг ахуыр кæнын

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: Нымацон цы у, уый базонын; Нымæцонтæй пайдагæнгæйæ рæстæг раст бæрæг кæнын; Боны фæткы арӕзтимӕ базонгæ кæнын

Метапредметон: Урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын; Хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын.

Удгоймагон: Фæзминаг миниуджытæ удыхъæды рæзын кæныныл архайын

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Къордты архайды метод, иртасæн метод, проектон метод

Æххуысгæнæг фæрæзтæ (ресурстæ):

карточкæтæ, алыхуызон сахаттæ, дзырдуæттæ.

Техникон фæрæзтæ

Компьютер, проектор

Цæстуынгæ æрмæг

Анаграммӕ фӕйнӕгыл

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

Зонындзинæдты актуализаци

(слайд 1) Мотивацион уавæрыл бакусыны тыххæй ахуыргæнæджы раныхас.

Уæ мидбылты кæрæдзимæ бахудут æмæ хорз зæрдæйы уагимæ кусын райдайæм.

Нæ урокæн ис ФÆТК æмæ йæ ма халæм. Алы хатт дæр райдайæм фонетикон ифтыгъдæй.

(слайл 2) Дæтты фæйнæгыл кавказаг дамгъæтæ:

А — Æ — Ы

ГЪ — КЪ — ХЪ

ПЪ — ТЪ

ЦЪ — ЧЪ

С — Ц — Ш

Фæйнæгыл дæтты анаграммæ . Сывæллæтты фарсы: Цы хъæуы бакæнын, цæмæй лæвæрд дамгъæтæй дзырдтæ рауайа?

Бафæлварут ацы анаграммæ сæххæст кæнын.

(3 слайд) ОНБЫ ÆКФТ

Аххуыс кæны сывæллæттæн.

Ахуыргæнæг дзуры: Дзæгъæлы не ´рхастон ацы дзырдбаст урочы райдиан. Къласмæ куы æрбахызтæн, уæд фæйнæгыл федтон кæугæ смайлик.

(4 СЛАЙД)

Куыд рабæрæг, афтæмæй йæ ном хуыйны Хихи. Тынг уарзы рæстæг хъæлдзæгæй арвитын,фæлæ абон у æнкъард. Райсомæй раджы райхъал 11 -ыл. Æддæмæ тезгъо кæнынмæ ауад. Бирæ куы фæхъазыд, уæд схормаг ис. Æрбацыдис, бахордта, уый фæстæ йæхи ахсадта. Йæ зæрдыл æвиппайды æрлæууыдис, скъоламæ цæуын æй кæй хъæуы. Хызынмæ фæлæбурдта æмæ тæхгæ.

Урокмæ йын байрæджы ис æмæ йын ахуыргæнæг бауайдзæф кодта: «Ау, æппын боны фæтк цы у, уый нæ зоныс?»

Хихийæн йæ бон дзуапп нæ бацис... Куыд уæм кæсы, цауыннæ?

Сымахæй та чи зоны, цы у боны фæтк?

(5 слайд) Фæрстытæ дæтты.

Куыд арæзт вæййы боны фæтк?

Цæмæй рæстæг раст сбæрæг кæнæм, уый тыххæй та нын цавæр ныхасы хай баххуыс кæндзæнис?

(6 слайд) Уæдæ сбæрæг кæнæм урочы темæ.

Тетрæдты йæ ныффыссут.

Æххуыс кæны архайды пълан саразын.

Цæмæй Хихийæн баххуыс кæнæм, уый тыххæй нæ размæ цавæр нысантæ сæвæрдзыстæм?

(7слайд)

Разæнгард кæны сывæллæтты ног дзырдты нысаниуджытæ сбæрæг кæнынмæ.

(8 слайд)Мах дæр нæ куысты фæтк ма халæм, ног дзырдтимæ базонгæ уæм.

1.ФАТÆГ — СТРЕЛКА

2.АХОДÆН — ЗАВТРАК

3.СИХОР — ОБЕД

4.АФОЙНАДЫЛ — ВО ВРЕМЯ

5.ÆНАФОНЫ — ПОЗДНО

САХАТ — ЧАСЫ, ЧАС

6.КЪУЫРИЙЫ БОНТÆ — ДНИ НЕДЕЛИ

Дæтты лæмæгъ скъоладзаутæн хибарæй кусынæн хæслæвæрд:

лӕвӕрд дзырдтӕ ратӕлмац кӕнут дзырдуаты ӕххуысӕй, семӕ дзырдбӕстытӕ ныффыссут (сахат, бон, райсом, нымӕц, скъолазау, аходӕн)

Къуырийы бонтæн дæр ма ис сæхи фæтк.

Нæ фыццаг хæслæвæрд дæр семæ баст у. Равдисæм Хихийæн къуырийы бонты фæткæвæрд.

Дæтты скъоладзаутæн къуырийы бонтæ хæццæйæ.

(9 СЛАЙД)

Цавæр нымæцонимæ баст сты къуырийы бонтæ. Цæмæн?

Дзуры, рæстæгæн цы стыр нысаниуæг ис уый тыххæй.

Куыд фехъуыстам, афтæмæй Хихи рæстæг дæр нæ иртасы. Рæстæг æнæзонгæйæ та боны фæткæн рауайæн най. Рæстæг нын амоны сахат. Цавæр вæййынц, уый тыххæй та мын уæхæдæг радзурдзыстут.

(10 СЛАЙД)

Зæгъут-ма, рæстæг уæ базонын куы фæнда, уæд цавæр фарст ратдзыстут?

Дзуапп та куыд хъæуы раттын?

Цавæр ныхасы хай та нын аххуыс кæндзæнис рæстæг сбæрæг кæнынмæ?

Амоны, куыд хъæуы рæстæг раст бæрæг кæнын.

(11 СЛАЙД)

Слайдтыл æвдисы.

Чысыл фатæг амоны сахат (сахатнымайæг), стырдæр та амоны минуттæ (минуттæнымайæг). Гыццыл фатæг астыл куы уа, стыр фатæг та æртæйыл, уæд уыдзæнис аст сахат æмæ фынддæс минуты.

(12 слайд)

Слайдмæ гæсгæ амоны.

Иу нымæцонæй иннæмæ ис фондз минуты. Уыдон кæрæдзимæ афтаугæйæ бæрæг кæнæм рæстæг.

(13 СЛАЙД)

Бафæлварут кæрæдзийы бафæрсын, рæстæг цас у, уымæй.

(14 СЛАЙД)

Къордты куыст Ныффыссут цыбыр диалог рæстæджы кой кæм ракæндзыстут.

Фарст дæтты.

Боны фæткы, рæстæджы æмæ æнæниздзинады тыххæй ис бирæ æмбисæндттæ .

(15 СЛАЙД)

Фæйнæгыл уынут иу æмбисонды эквиваленттæ. Бакæсут ма сæ. Ныффыссут сæ тетрæдты.

Æрхæсут-ма сымах дæр æмбисæндтæ боны фæткы, рæстæджы æмæ æнæниздзинады тыххæй алыхуызон æндæр æвзæгтæй.

Хи куыд дарын хъæуы, уый канд æмбисæндты æвдыст нæ цæуы. Хетæгкаты Къоста ныффыста уый тыххæй тынг хорз æмдзæвгæ.

(16 СЛАЙД)

Фæнды мæ, цæмæй сымах дæр Къостайы æмдзæвгæйы хъайтары хуызæн æцæг лæгтæ уат. Уый та нæ хъазтæй сбæрæг кæндзыстæм.

(17 СЛАЙД)

Хъазт «Разы стæм»

Иуæндæс сахатыл сыстын …

Ифтыгъд райсомæй скæнын …

Аходæнæн каш бахæрын...

Скъоламæ хъæлдзæгæй уайын...

Фондзтæ исын скъолайы...

Уæд дыууæтæ исыныл та? ...

Раст пайда кæнын рæстæгæй...

Фидæны лæгæн сбæззын...

Хъусынц мыртæм

Дамгъæтæ кæсынц. Семæ хъуыды кæнынц дзырдтæ

Дзуапп дæттынц: - Дамгъæтæ хъæуы сæвæрын бæлвырд уагыл.

Дыууæ скъоладзауы æххæст кæнынц анаграммæ фæйнæгыл.

БОНЫ Ф ÆТК

Хъусынц ахуыргæнæджы ныхасмæ.

Дзуапп даттынц: «Уый на зоны, цы у боны фæтк»

Боны фæтк — распорядок дня.

Дзуапп дæттынц.

Боны фæтк арæзт вæййы рæстæгмæ гæсгæ.

Рæстæг сбæрæг кæнынмæ нын баххуыс уыдзæнис нымæцон.

Темæ бæрæг кынынц: «Боны фæтк. Нымæцон»

Темæ фыссынц тетрæдты.

1.Базонгæ кæнын Хихийы боны фæткимæ

2. Базонын рæстæг бæрæг кæнын

3. Нымæцоны нысаниуæг равзарын

Кæсынц дзырдтæ, сæ тæлмац сын бæрæг кæнынц.

Дзырдуаты сæ фыссынц.

Дзырдуаты æххуысæй хæслæвæрд æххæст кæнынц карточкæтыл.

КУСЫНЦ КЪОРДГАЙ

Хæслæвæрд æххæст кæнынц.

Хъæрæй кæсынц сæ дзуæппытæ.

1.Къуырисæр

2.Дыццæг

3.æртыццæг

4.Цыппæрæм

5.Майрæмбон

6.Сабат

7.Хуыцаубон

Къуырийы бонтæ сты баст нымæцон авдимæ, уымæн æмæ сты авд.

Сывæллæттæ дзурынц артæ сахаты тыххæй уырыссаг æвзагыл.

Фæрстытæн дзуапп дæттынц.

Цас у рæстæг?

Рæстæг у...

Ныртæккæ у...

Нымæцон нын аххуыс кæндзæн рæстæг сбæрæг кæнын.

Слайдмæ гæсгæ рæстæг бæрæг кæнынц.

Дзуапп дæттынц.

Кæрæдзийы фæрсынц, дзуапп дæттынц фæрстытæн.

Кæсынц сæ диалогтæ

Кæсынц æмбисæндтæ.

1. Алцæмæн дæр ис йæхи рæстæг.

2. Всему своё время.

3.Everything is good in its season.

Кæсынц æмбисæндтæ. Фыссынц сæ тетрæдты.

Дзурынц æмбисæндтæ

Скъоладзаутæй иу дзуры Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Лæгау»

Дзуапп дæттынц, разы сты аххуыргæнæджы ныхæстимæ, æви нæ.

Зонадон: æрмæгæй хъæугæ информаци исын зонын

Коммуникативон: арæхсын æрмæгæй пайда кæнынмæ урочы темæ æргомгæнгæйæ

Удгоймагон: фæзминаг миниуджытæ иртасынмæ арæхсын

Зонындзинæдтæй пайда кæныны этап

Проектон куыст

Скъоладзау презентацийы бацæттæ кодта йæхи боны фæтк.

Зонадон: зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын

Коммуникативон:

арæхсын хъуыдытæ кæрæдзиуыл бабæттынмæ

сбæрæг кæнынмæ

Удгоймагон: æвæрццæг миниуджытæ удыхъæды рæзын кæнын

Урочы хатдзæгтæ

Ахуырадон архайды фæстиуджытыл аразы афæлгæст:

- хæстæ æххæстгонд æрцыдысты æви нæ;

- цавæр зонындзинæдтæ райстой;

- цавæр зындзинæдтыл сæмбæлдысты;

- цавæр аххосæгтæ уыд æнтыстдзинæдтæ æмæ зындзинæдтæн.

Хатдзæгтæ кæны урокæн

(18 СЛАЙД)

Кæсут-ма, Хихи схъæлдзæг ис.

Абон бирæ ногдзинæдтæ базыдта æмæ йын баххуыс кæнæм уыдон зæгъын.

1. Абон базыдтон, цы у … æмæ …

2. Мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис …

3. Фæнды ма мæ базонын...

4. Ацы зонындзинæдтæ мæ бахъæудзысты, цæмæй...

(19 СЛАЙД)

Хихи бынтон схъæлдзæг ис, кæсут-ма, куыд кафы, байхъусæм ма, цæуыл зары?

Ногдзинæдтæн хатдзæгтæ кæнынц:

- ахуырадон хæстæ куыд сæххæст кодтой;

- зындзинæдтæ цæй мидæг бафиппайдтой;

- къуылымпыдзинæдтæ аиуварс кæнынæн цы куыст бакодтой, бакæнын хъæуы.

Æххæст кæнынц хъуыдыйæдтæ кæронмæ

Кæсынц, æххæст кæнынц цухгонд бынæттæ хъæугæ дзырдтæй.

Хæдзармæ куыст.

(20 СЛАЙД) Саразут уӕхи боны фӕтк

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

Анализ урока №

Дата проведения

Класс

Предмет

Количество учащихся

13.12.2020

6

Осетинский язык

по списку

присутствовало

Тема урока

Боны фæтк. Нымæцон.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Технологон картӕ ирон ӕвзаджы урокмӕ 8 -ӕм къласы . Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ.

Ныхасы темӕ: Ӕфсарм кӕм нӕй, уым ӕгъдау дӕр нӕй.Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы. Урочы темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.

Темӕ:   Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.Грамматикон темӕ:Кæронбæттæн урок номдар æмæ миногонæй....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 7-æм кълассы

Темæ: Мивдисæг.Фæлхат кæныны урок.Ныхасы темæ: "Дуне нæ алыварс"....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Темæ: «Æххæстгæнæн»

Хъуыдыйады уæнгтæ сфæлхат кæнын;  æххæстгæнæн зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ йыл бæстон бакусын. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.     Предметон:  фæарфдæр кæнын хъуыдыйады фæрсс...

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 8-æм къласы Урочы темæ: « Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ»

Рацыд æрмæг хъуыдыйады уæнгтæй зæрдыл æрлæууын кæнын; хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ныхасы рæстыл бакусын.Уарзондзинады æнкъарæнтæ взæрын кæнын Райгуырæн бæстæмæ, ирон...

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Урочы темæ: «Номдар куыд сæмагонд ныхасы хай»

Ныхасы хæйттæзæрдыл æрлæууын кæнын; номдары тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ацы ныхасы хайæ парахатæй пайда кæныны арæхстдзинад рæзын кæнынНомдары , куыд ныхасы хай, æмбарыныл бакусын....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы (дифф.къорды)

Темæ: «Бæллицтæ. Чи цæмæ бæллы. Номдарты тасындзæг.» Урочы  нысантæЦыбыр тексты  руаджы сфæлхат кæнын  зонындзинӕдтӕ;   зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ  бæстон...