Номдарты дзырдарæзт дзырдтæ (бындуртæ)кæрæдзимæ æфтауыны руаджы.
учебно-методический материал (6 класс)

Открытый урок.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл iron_aevzadzhy_urok_6_klasy_elza.docx24.46 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ: «Адæмы ныхмæ къæдзæх дæр нæ фæлæудзæн».

Грамматикон темæ: Номдарты дзырдарæзт дзырдтæ (бындуртæ)кæрæдзимæ æфтауыны руаджы.

Урочы нысæнттæ:

1.Проблемон уавæртæ аразгæйæ, скъолодзауты хибарæй архайын кæнын; дзырдарæзты æмбарынадимæ базонгæ кæнын.

2.Æфтауын хъуыды кæныныл, хибарæй кусыныл, хи хъуыдытæ æргом кæныныл.

3.Ахуырдзутœн Райгуырœн бœстœмœ гуырын кœнын уарзондзинад; хъомыл кœнын иудзинадмœ œнкъарœнтœ.

Урочы хуыз:  ног æрмæг амоныны урок.

Урочы эпиграф:

БАЛЦЫ ЗАРÆГ

Цæйут, æфсымæртау,

Радтæм нæ къухтæ

Абон кæрæдзимæ,

Иры лæппутæ!..

       Скæнæм нæ тырыса

Дзыллæйы номæй.

Рухсмæ æнæзивæг

Цомут æнгомæй!..

Растдзинад уарзынæй

Скæнæм нæ фæндаг...

Гъе, мардзæ, магуса!

Фесæф, нæуæндаг!.

      Урочы цыд:

  • Бацæттæгæнæн рæстæг.
  • Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

 -Цæмæй на зонындзинæдтæ æрхъуыды кæнæм, уый тыххæй ма байхъусут этюд «Дзырды уд»-мæ. Цымæ базондзыстут, дзырды уд цавæр хæйттæй арæзт у, уый.

1."Дзырд, мæнмæ гæсæ, у удæгас уæвæг. Уымæн йæ бон у кусын, мæсты кæнын, цин кæнын,  адæймагау. Дзырд, гæнæн ис аива йæ бакаст.Уымæн ис зæрдæ-уый дæн Æз"- афтæ дзуры иу дзырды хай.

  - Куыд уæм кæсы, кæцы дзырды хай хоны йæхи «Дзырды зæрдæ»?(уидаг)

 2.  Иннæ дзырды хай дзуры: «Æз дæн дзырды сæр! Æз æппынæдзух хъуыды кæнын, куыд баххуыс кæнон дзырды зæрдæйæн, цæмæй йæ хъуыды раст дзырдæй зæгъа. Зын у зæрдæйæн æнæ сæрæй. Фæлæ разæй куы слæууон Æз, уæд алцыдæр æмбæрстгонд уыдзæн:  Уый та дын дзырдтæ сæримæ».

 -Кæцы дзырды хай хоны йæхи «Дзырды сæр»? (разæфтуан)

 3. «Æз та дæн дзырды къухтæ! О, алæмæты къухтæ! Мæнæн мæ бон у алцы! Аивын дзырдæн йæ ас, бæрц!

    -Кæцы дзырды хай хоны йæхи «Дзырды къухтæ»? (фæсæфтуан)

  4. Фæстаг дзырды хай æнкъардæй сдзырдта: «Уæдæ æз та? Хъуыды нæ ивын, æвæццæгæн, æз та дæн дзырды дарæс? Куыдфæнды йæ куы саразон, уæддæр ын уыдзæн уыцы иу нысан».

 -Ды та дзырдтæ хъуыдыйады мидæг бæттыс.

  -Кæцы хайæн ис схонæн «Дзырды дарæс»? (кæрон)

  -Мах базыдтам дзырды уд-ы конд.

    Мотивацион уавæр.

 Абоны урочы эпиграфæн райстон ирон номдзыд фыссæджы æмдзæвгæ.

1.  Чи ныффыста ацы æмдзæвгæ ?

 2. Куыд уæм кæсы, цæй кой кæны Къоста?

 Зæгъут-ма, дзырд «иудзинад» цавæр синонимтæй баивæн ис?

иудзинад- æмзонд,  хæлардзинад

Къордты куыст:

Дзырды хæйттæм гæсгæ равзарæм ацы дзырдтæ тетрæдты.

1 къорд: иудзинад

2 къорд: æмзонд

3 къорд: хæлардзинад

      Ног æрмæгмæ рахызт.

Фæйнæгыл цы дзырдтæ ис,уыдон ма адих кæнут дзырды хæйттыл .

 Хæрзæгъдау-хæрз+æгъдау

 Киноныв-кино+ныв

 Сауæрфыг-сау+æрфыг

Зæгъут-ма,цал дзырдæй(бындурæй)арæзт æрцыдысты?

Уæдæ ма номдартæ арæзт фæцæуынц бындуртæ кæрæдзимæ æфтауыны руаджы æмæ дзы рауайы ног дзырд.

Дыууæ бындурæй арæзт номдартæ хуыйнынц вазыгджын.

Уæдæ нæ урочы темæ абон хуыйны" Номдарты дзырдарæзт дзырдтæ (бындуртæ)кæрæдзимæ æфтауыны руаджы".

Чиныгимæ куыст:фæлт.равзарын æмæ йæ тетрæдты ныффыссын,фæйнæгыл равзарын 3 дзырды дзырды хæйттæм гæсгæ:

чындзæхсæв,уæздандзинад,къахвæндаг.

Саразын семæ дзырдбæстытæ:

хъæлдзæг чындзæхсæв,адæймаджы уæздандзинад,нарæг къахвæндаг.

Хæслæвæрд( ног проблемон уавæр)

Лæвæрд дзырдтæй раст  саразут номдартæ:  

НЫФС УАРЗОН

ХÆРЗ БЫНДЗ

ЦÆСТ ÆГЪДАУ

 МЫДЫ   ХАСТ

  Хæслæвæрд( ног проблемон уавæр)

Карточкæтимæ куыст(райуарын)

IV. Хъомыладон куыст.

Къоста хорз æмбæрста ,адæмы тых,  адæмы хъару иудзинады кæй ис, уый, æмæ йæ фæстаг фæдзæхст дæр уымæн уыдис: «Ме фсымæртæ, кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут!»

 V.Урочы хатдзæгтæ.

-Цы нын радзурид йæхи тыххæй дзырдарæзт?

(Фæстæмæ нæ проблемон фарстаæм рахызтыстæм)

Æз ахуыр кæнын дзырдты арæзты фæрæзтæ.

Мæн саразæн ис морфемæтæ бафтауыны руаджы.

Мœн саразæн ис дзырдты бындуртæ кæрæдзимæ æфтауыны руаджы.

Рефлекси.

-Урочы чи куыд архайдта, уымæн аргъ скæнут уæхæдæг æмбисæндты æххуысæй.

  • Кæд урок хорз бамбæрстат, кæнæ йæхимæ гæсгæ хорз чи бакуыста, уый равзарæт ахæм æмбисонд: «Цы куыстмæ бавналон, æмæ цы нæ сараздзынæн»
  • Йæхимæ гæсгæ йæ зонындзинæдтæ фаг кæмæн не сты, дзырдарæзты тыххæй æппæт æрмæг нæ бамбæрстон, афтæ чи хъуыды кæны, уый та райсæд æмбисонд: «Кæнинаг кæнын хъæуы»

VI.Урочы кæрон.

Нæ урочы кæрон мæ фæнды фæуын нæ уарзон  Къостайы ныхæстæй: «Ме фсымæртæ, кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут!»


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урочы темӕ: Æрдз - нæ дарæг Грамматикон темӕ: Архайды хуызы фадатон дзырдтӕ.

Объяснение нового материала. Второстепенные члены предложения- обстоятельство  действия....

Урок осетинского языка в 8 классе. "Хахта". Иуварсыг хъуыдыйадта, сиданта, баварга дзырдта.

Урок тематический, посвящен  горам. Обучающиеся повторяют  односоставные предложения, обращения, вводные слова....

Дзырдты комкоммæ ама ахасга нысаниуджыта.

Нысан:  1.Зардыл арлаууын канын иунысанон  ама биранысанон дзырдта.                2. Бараг канын дзырдан йа комком...

Номдартай арæзт фæрсдзырдтæ.

Урочы нысан: Фӕрсдзырдӕй цы ӕрмӕг рацыдысты, уый сфӕлхат кӕнын ӕмӕ ныффидар кӕнын.     Бацамонын куыд аразт цауынц фарсдзырдта номдарай.     Скъоладзаутӕм...

Урок - хъазт 6 къласы Ныхасы темæ: «Афæдзы афонтæ. Зымæг.» Грамматикон темæ: «Номдарты тасындзæг бирæон нымæцы.»

Урок-викторина по осетинскому языку для учащихся 6 класса, не владеющих осетинским языком. Урок предусматривает групповую форму работы и проходит в виде игры КВН...

План-конспект открытого урока в 6 классе «Миногонты дзырдарæзт фалхат кæныны урок.»

laquo;Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæдæр у Мад!»                                         ...