Темæ: «Вазыгджын дзырдтæ»
учебно-методический материал (6 класс)

Методическая разработка: ирон æвзаджы урок 6-æм къласы.

Скачать:


Предварительный просмотр:

Темæ: «Дзырдарӕзт.Вазыгджын дзырдтæ»

                   

Урочы нысантæ:1.Базонгæ кæнын вазыгджын дзырдты арæзтимæ

                            2.Бакусын дзургæ ныхасы рæзтыл

                             3.Ахуыр кæнын царды уавæрты  зондæй архайыныл,                           æгъдауджын уæвыныл.

Урочы цыд: 

I.Бацæттæгæнæн рæстæг

Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

1.Мотивацион уавæр

                       

  III.Ног æрмæгыл куыст

Ахуыргæнæг: текст бакæсын

 

           Аргъæутты бæстæйы хохрæбын Дæллаг дзырдты хъæуæй Уæллаг дзырдты хъæуы астæу калдис  абухгæ дон. Хъæуты цæрджытæ кæрæдзимæ уазæгуаты  цыдысты нарæг хиды сæрты. Хидыл ахизæн уыдис æрмæст иу адæймагæн. Иуахæмы Дæллаг дзырдты хъæуæй иу лæг, йæ ном Цард,  фæцæйцыд  Уæллаг дзырдты хъæумæ. Хиды  раз  амбæлд  Уæллаг дзырдты хъæуæй иу лæгыл. Йæ ном хуынд Фæндаг. Алкæй дæр сæ  фæндыд фыццаг  ахизын:

- Ауадз мæн, Фæндаг, тагъд  кæнын, нæ мæ ’вдæлы!

- Æмæ  æз ардæм  тезгъо  кæнынмæ  æрбауадтæн, æнахуыр цыдæр.

- Æз Цард дæн! Кæд  хуымæтæг дæн, уæддæр æнæ мæн зæхх фесæфдзæн!

-Æз та Фæндаг дæн! Кæд уый бæрц ахадгæ нæ дæн, уæддæр æнæ мæн кæдæм фæцæудзынæ?!

         Дардæй сæм касти   Ныхасы хистæр  Æгъдау æмæ сæм дзуры:

- Афтæ фыдуындæй  хи’вдисын  уæ  иуы  дæр  аив  нæ  кæны, мæ хæлæрттæ.Тыхæй зонд  хуыздæр у! Хыл æмæ загъд ницы сты. Уыдон, Цард,  дæу мæгуыр кæнынц, Фæндаг, дæу та афтид кæнынц. Фæлтау  равзарут  иудзинад, хæлардзинад æмæ  уын нарæг  хид  алкæддæр  уæрæх  фæндаг  уыдзæн.

          Фефсæрмы сты хистæры уайдзæфæй Цард æмæ Фæндаг. Сæ къухтæ кæрæдзимæ радтой æмæ балымæн сты. Дыууæ 'мбалæй рауад иу, хонын æй райдыдтой Цардвæндаг. Афтæ дыууæ хуымæтæг дзырдæй- цард æмæ фæндаг-æй рауад иу (вазыгджын )дзырд –Цардвæндаг.

          Ахуыргæнæг:

        Тексты арæзтыл куыст.

-Цæмæй арæзт у нæ текст? (Хъуыдыйæдтæй)

-Хъуыдыйæдтæ цæмæй арæзт сты? (Дзырдбæстытæй)

-Дзырдбаст та цæмæй арæзт вæййы? (Дзырдтæй)

Ног дзырдтæ та цæй руаджы  арæзт ӕрцӕуынц?(Дзырды хӕйттӕ ӕмӕ дзырдтӕ кӕрӕдзимӕ ӕфтауыны фӕрцы)

                       

-Цавӕр   дзырдтӕй ӕмӕ цал дзырдӕй  арӕзт у цардвæндаг?

-Йæ арæзтмæ гæсгæ ацы дзырд хуымæтæг у æви вазыгджын? Цæмæн уæм афтæ кæсы? (Вазыгджын, уымæн æмæ арæзт у дыууæ дзырдæй)

 -Абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм ?

                         (Вазыгджын дзырдтыл)

 -Куыд хъуыды кæнут, цавæр дзырдтæ  сты вазыгджын? (Дыууæ кæнæ фылдæр дзырдтæй арæзт дзырдтæ)

Чиныгимæ  куыст  (6-æм къласы ахуыргæнæн чиныг).

Интерактивон фæйнæгыл куыст

         кæрдæгхуыз

        хохрæбын

       зæрдæхъæлдзæгæй

       цардвæндаг

Ахуыргæнæг: Ацы хуымæтæг дзырдтæй саразут взыгджын дзырдтæ     æмæ сæ ныффыссут уæ тетрæдты:

   

 1 къорд

хӕд                 уарзаг

хи                    зӕрдӕ

хӕлар              сæрфæн

бæрæг              тӕхӕг

куыст               бон

       

     2 къорд

         кæсаг             мæрзæн,

 къух               ахсæг

 Дзæуджы       исæг

          хъæд             хъӕу

          къам                хой.

       

Æмбисæндтæ:

«Дæ рæдыдыл куы нæ сæттай, уæд дыууæ рæдыды кæныс».

«Хæрз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы».

«Зонды тæлмац æвзаг у».

«Хистæры зонд бирæ ахсы, йæ цæст та дардмæ уыны».

«Зонд тыхы абырста».

         Вазыгджын дзырдтæ тексты ссарын.

 Кæмдæр, бæрзонд хæхты хъæбысы райгуырд  рæсугъд, зæрдæхæлар  дидинæг. Уый кодта диссаджы хæрздæф тæф. Хуры тынтæ йæ алыварс  кафыдысты  Нæртон симдæй. Сивæзта  дидинæг хурмæ йæ иу сыф , сивæзта иннæ сыф  æмæ арвыста хурæн æмæ æппæт дунейæн хæлардзинад æмæ  циндзинады салам.

     1.Зондамонæгмæ хъус,
      Цы зæгъа, уый-иу кæн,
      Зæрдæхъæлдзæгæй кус,
      Æмæ бæззай лæгæн!..(«Лæгау»)

2.Рагон мастæн — тад;
Загъдкъахæгæн — над. («Кæмæн цы…»)

3.О, уасæг, уасæг,
Сызгъæрин къоппа!
О, уасæг, уасæг,
Сырхзæлдаг боцъо! («Уасæг»)

Æмбисæндтæ:

«Дæ рæдыдыл куы нæ сæттай, уæд дыууæ рæдыды кæныс».

«Хæрз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы».

«Зонды тæлмац æвзаг у».

«Хистæры зонд бирæ ахсы, йæ цæст та дардмæ уыны».

«Зонд тыхы абырста».

III. Урочы хатдзæгтæ (Рефлекси)

Беседæ:

-Цæуыл дзырдтам абон урочы?

-Чи уæ цы базыдта ногæй?

-Цы уæм фæкаст цымыдисаг урочы?

Кæй куыст фæцыд уæ зæрдæмæ?

IV.Хæдзармæ куыст:

  1. Сахуыр кæнын чиныджы раиртæст.
  2. Дзырдуатæй рафыссын 10 вазыгджын дзырды, семæ хъуыдыйæдтæ саразын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урочы темӕ: Æрдз - нæ дарæг Грамматикон темӕ: Архайды хуызы фадатон дзырдтӕ.

Объяснение нового материала. Второстепенные члены предложения- обстоятельство  действия....

Тема: Хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæ.

Открытый урок на тему: " Хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæ"....

Зœгъинаджы арœзт. Хуымœтœг œмœ вазыгджын зœгъинœгтœ.

Темœ: Зœгъинаджы арœзт. Хуымœтœг œмœ вазыгджын зœгъинœгтœ.Урочы нысантœ:·         Скъоладзауты хуымœтœг œмœ вазыгджын зœгъинœгтимœ базонгœ кœнын;·...

Урок осетинского языка в 8 классе. "Хахта". Иуварсыг хъуыдыйадта, сиданта, баварга дзырдта.

Урок тематический, посвящен  горам. Обучающиеся повторяют  односоставные предложения, обращения, вводные слова....

Дзырдты комкоммæ ама ахасга нысаниуджыта.

Нысан:  1.Зардыл арлаууын канын иунысанон  ама биранысанон дзырдта.                2. Бараг канын дзырдан йа комком...