М. Зощенкойы радзырд « Сайын нӕ хъӕуы». Кӕронбӕттӕны урок.
план-конспект урока

Калабекова Альбина Анатольевна

Урок во 2 классе. По теме: М. Зощенкойы радзырд « Сайын нӕ хъӕуы».

                      Кӕронбӕттӕны урок.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon fevral_vtornik_2017.doc277.5 КБ

Предварительный просмотр:

М. Зощенкӕйы радзырд « Сайын нӕ хъӕуы».

                      Кӕронбӕттӕны урок.

 Рӕстдзинадӕн сӕфӕн нӕй.

                                     Урочы цыд: 

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ахуыргæнæг. Уӕ бон хорз. -  (Ӕгас цу) 

 - Хъусут, дзæнгæрæг цæгъды, цымæ нын  афтæ зæгъы: «Уæ урок тагъддæр райдайут». Сæххæст ын кæнæм йæ фæндон?

- О!

 - Хорз, уæдæ! Райдайæм! - Сывæллæттæ, абон нæм уаздджытæ кæй уыдзæн, уый зыдтат. Æвæццæгæн, уæ хæдзæрттæй хъæлдзæгæй рацыдыстут?

- О, хъæлдзæгæй!

- Скъоламæ дæр  хъæлдзæгæй æрбацыдыстут? Уæдæ уæд кæрæдзимæ дæр, нæ уазджытæм дæр  æмæ æгас дунемæ дæр бахудæм, цæмæй нæ куыст  хъæлдзæгдæрæй,  рæсугъддæрæй æмæ рæвдздæрæй ацæуа.

- Боныхъæдыл  æрдзурын.

- Зœгъут ма мын сабитӕ:

- Цавœр афœдзы афон у ныр?  

-Зымӕджы разœй та цавœр афœдзы афон уыди?                                                                                          

-Зымœджы фœстœ та цавœр афœдзы  афон уыдзœн?

-Цал сты афœдзы афонтœ?

 

-Къуырийы бонтœй та абон цы у?    

-Знон та цавœр къуырийы бон уыди?

-Райсом та цавœр къуырийы бон уыдзœн?

- Уœдœ къуырийы цал боны ис?

- Чи ранымайдзӕн къуырийы бонтӕ?

  1. Фонетикон куыст.

Къаппа-къоппа-  къӕбӕлдзыг,

Къаппа-къоппа-  хӕтӕлдзыд,

Къаппа-къоппа - уӕлвӕзы,

Къаппа-къоппа - дӕлвӕзы.

  1. Хœдзармœ куыст сбœрœг кœнœм.

ӕдзармӕ куыст уын лӕвӕрд уыд: цы уацмысимӕ базонгӕ стӕм    аив бакӕсын ӕмӕ проектон куыст уасмысмӕ гӕсгӕ: ома нывтӕ саразын.

- Фӕйнӕгыл уӕ куыстытӕ.

- Чи райдайдзӕн дзурын ?( дзурынц 2-3сыв.)

- Уӕ ныхас хъуамӕ райдайа ахӕм ныхӕстӕй .

* Ацы ныв у …. (М.Зощенкӕйы радзырдмӕ гӕсгӕ)

* Ам ӕвдыст цӕуы…( сӕ куыстыл дзурынц)

- Сабитӕ , тынг рӕсугъд нывтӕ бацӕттӕ кодтат.

- Мӕнмӕ  дӕр ис нывтӕ. Ракӕсут ма фӕйнӕгмӕ ӕмӕ ма зӕгъут ацы нывтӕ баст сты нӕ радзырдимӕ ( - О)

ӕ зӕрдыл ӕрлӕуын кӕнӕм уацмысы мидис нывтӕм гӕсгӕ.

        Описание: http://detskiychas.ru/files/pics/2016/05/zosh_ne_nado_vrat.jpg         

           Описание: http://cdn01.ru/files/users/images/cb/4c/cb4cf25bb02aea8f8d00294adfc4772d.jpg                 

   Цавӕр ныв ӕвдисы радзырды райдиан ?Цӕмӕй райдайы нӕ радзырд?  Спайда кӕн текстӕй.  ( Нӕ радзырд райдайы ахӕм ныххӕстӕй : « Иубон нын ахуыргӕнӕг бахӕс кодта ӕмдзӕвгӕ зӕрдывӕрдӕй сахуыр кӕнын.

      Ӕз ӕмдзӕвгӕ нӕ сахуыр кодтон: ахуыргӕнӕг хӕдзармӕ куыст куы лӕвӕрдта, уӕд мӕ хъыгдартой, мӕ фӕстӕ цы лӕппутӕ бадт,уыдон – чи мын мӕкъӕбут чиныгӕй цавта, чи та мын мӕ сӕры хъуынтӕ ивӕзта. Афтӕмӕй, ахуыргӕнӕг цы дзырдта, уый нӕ фехъуыстон.)

◄    Дыккаг ныв…

(Дыккаг бон мӕ, раст цыма фыдӕнӕн, ахуыргӕнӕг ӕмдзӕвгӕй бафарста.

         Ӕз ӕмдзӕвгӕ кӕй нӕ зыдтон, ууыл басӕттын дӕр нӕ уӕндыдтӕн ӕмӕ мӕ партӕйы цур хъусӕй лӕууыдтӕн. Уӕд мӕм лӕппутӕ сӕ бынӕттӕй сусӕгӕй дзурын байдыдтой ӕмдзӕвгӕйы ныхӕстӕ. Фыццаг дыууӕ рӕнхъы куыддӕртӕй бӕргӕ радзырдтон, фӕлӕ ӕртыккаг рӕнхъмӕ куы бахӕццӕ дӕн, уӕд ныкъкъуыхцытӕ дӕн.

         Ахуыргӕнӕг хъуыддаг бамбӕрста ӕмӕ загъта:

 - Ӕри – ма дӕ боныг! Ӕз дын «иу» сӕвӕрон. )

◄  Ӕртыккаг ныв…

(Ацы нывы та ӕвдыст цӕуы: «Парчы бандоныл Минькӕ бады ӕмӕ йӕ ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕгыл хъуыды кӕны».)

◄  Цыппӕрӕм ныв…

(Минькӕ хӕдзармӕ ӕрбацыд ӕмӕ йӕ фыдӕн загъта йӕ боныг кӕй фесӕфта.)

◄  Фӕндзӕм ныв…

(Дыккаг бон ахуыргӕнӕг базыдта, мӕ боныг кӕй фесӕфт, уый ӕмӕ мын ног радта.  Ӕз бацин кодтон, ныр мӕ «иу» - ӕй фервӕзтӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ боныг куы байгом кодтон, уӕд дзы ноджы дынджындӕр «иу» федтон. Фырмӕстӕй боныг чингуыты скъаппы фӕстӕмӕ баппӕрстон.

Ӕхсӕзӕм ныв…

(Изӕры мӕм баба фӕдзырдта:

- А –ма, дӕ боныг мӕм равдис! Ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ дын дзы, мыййаг, нӕй?

   Мӕ фыд боныгмӕ ӕркаст, фӕлӕ сыфтӕ ныхӕст кӕй уыдысты, уый нӕ базыдта. Уыцы рӕстӕг нӕм чидӕр дуар ӕрбахоста. Ӕнӕзонгӕ сылгоймаг мидӕмӕ ӕрбахызт ӕмӕ афтӕ:

- Ӕрӕджы, парчы тезгъогӕнгӕйӕ, бандоныл ацы боныг ссардтон. Мыггагмӕ гӕсгӕ уын уӕ адрис базыдтон ӕмӕ йӕ мӕнӕ ӕрбахастон. Кӕд мыййаг, дӕ фырты боныг у….

   Мӕ фыд боныгмӕ ӕркаст ӕмӕ, ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕн куы федта, уӕд хъуыддаг бамбӕрста.)

           

  1. Физминуткӕ.

(Сывӕллӕттӕ кӕфынц ирон кафт)

  1. Беседӕ (фӕрстытӕм  гӕсгӕ).

-Ауылӕфыдӕстӕм ныр дарддӕр кусӕм.

-Ныр аныхас кӕнӕм .

  • Радзырды ныхас авторы номœй цœуы œви сӕйраг архайӕджы номӕй?

( Радзырды ныхас цœуы  сӕйраг архайӕджы номœй)

  • Литературон уацмысы сœйраг архайœг чи у? (- Минькœ у литературон  сœйраг архайœг)
  • Таблицӕ: Минькӕ цавӕр лӕппу у? Сымахмӕ куыд кӕсы? (Минькӕ у ӕмбаргӕ, уӕздан ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ.)

            Минькӕ

Ӕмбаргӕ                           

Сайӕг

Уӕздан                          

Хинӕйдзаг

Сыгъдӕгзӕрдӕ

  • Цавӕр вазыгджын ныхӕстӕ загъта лӕппуйы фыд? Ссар уыцы хъуыдыйœдтœ тексты  œмœ сœ бакœс. (- Сайгœ чи кœны, уыцы адœймœгтыл худгœ фœкœнынц, уымœн œмœ сœ гœды митœ алы хатт дœр рабœрœг вœййынц, басусœг кœнœн сын нœй.)

  •  Уӕдӕ ацы радзырды сӕйраг хъуыды цӕй мидӕг ис ? Уацмысы кӕрон куыд баххӕст кодта фыссӕг?(«Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕхицӕн дзырд радтон, сайгӕ кӕй никуыуал кӕндзынӕн, уый тыххӕй.)
  • Сайœгойыл алы хатт дœр цы œрцœуы? ( Адœм сыл худынц, сœ ныхœстыл цын нœл фœуœндынц)

Хатдзӕг: - Уӕдӕ ма мын зӕгъут сайдӕн бамбӕхсӕн ис? (- Нӕй)

                 -  Сайдӕн бамбӕхсӕн нӕй.

                  - Сайӕн хорз миниуӕг у. ( - Нӕу)

Цӕмӕн: уымӕн ӕмӕ сайгӕ чи фӕкӕны уый йӕхи сайы, ахӕм адӕмыл худгӕ фӕкӕнынц, сӕ ныхӕстыл цын нал фӕуӕндынц…

                  - Сымах дӕр асайут уӕ ныййарджыты ( - Нӕ)

Раст кӕнут сабитӕ, сайӕн хорз нӕу. Уый у ӕвзӕр миниуӕг.

- Байхъусут ма, зындгонд фыссджытӕ та куыд зӕгъынц:

     Унижает человека именно ложь.

                О. Бальзак.

Я всегда повторял и буду повторять, что обманщик в конечном счёте обманывает самого себя.

                 М. Ганди.

  1. Уӕ боныгтӕ байгом кӕнут ӕмӕ хӕдзармӕ куыст фӕбӕрӕг кӕнут.

-Нӕ радзырд нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам, йӕ мидис йын ӕрхъуыды кодтам.

1.Радзырд хи ныхӕстӕй дзурын.

2. Йӕ бон кӕмӕн нӕу, уый  цӕттӕ кӕны йӕ зӕрдӕмӕ цы скъуыдзаг фӕцыд уый.

VII. Къорты куыст. (хъуысы зарӕг, цалмӕ сабитӕ цӕттӕ кӕнынц сӕ дзуӕппытӕ)

- Ныр та къордгай акусӕм . Алы къордӕн дӕр йӕ цуры ӕвӕрд ис

 къонвертӕ йӕ хӕс лӕвӕрдимӕ.

- Байгом сӕ кӕнут ӕмӕ райдайут кусын.

Дзуапп.

- Чи у цӕттӕ?

- Райдайӕм нӕ куыст.

- Бакӕсма дӕ хӕслӕвӕрд.

  1. Фыццаг къорд .(кӕсы аив рольтӕм гӕсгӕ.)

♣.        – Лёля, ӕркӕс – ма, ай цыу?   

  - Минькӕ, уый тынг ӕвзӕр у! Ахуыргӕнӕг дын уырыссаг            

ӕвзагӕй «иу» сӕвӕрдта. Уый афтӕ ӕвзӕр у, ӕмӕ ма дын баба дӕ гуырӕнбонмӕ къамисӕн балхӕна, уый мӕ нал уырны.

                 - Уӕдӕ куыд кӕнон?

 - Ме’мбал чызджытӕй дӕр иуӕн йӕ боныджы «иу» сӕвӕрдтой. Уый бавдӕлд, ӕмӕ уыцы сыф иннӕуыл баныхӕста. Изӕрӕй йын йӕ фыд йӕ боныгмӕ куы каст, уӕд ын йӕ хин ми ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта.

 - Лёля, ныййарджыты сайын хорз нӕу!

2.  Дыккаг  къорд . (пъланы  хъуыдыйӕдтӕ раст  вӕрынц.)

Пълан: 

  • « Иу бон нын ахуыргӕнӕг бахӕс кодта ӕмдзӕвгӕ зӕрдывӕрдӕй (наизусть) сахуыр кӕнын».
  • Ӕз скуыдтон, уымӕн ӕмӕ уый уыдис мӕ фыццаг ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕн».
  • « Ме’мбал чызджытӕй дӕр иуӕн йӕ боныджы иу сӕвӕрдтой»?
  • « Парчы бирӕ фӕбадтӕн».
  • « Фыр мӕстӕй боныг чингуыты скъаппы фӕстӕмӕ баппӕрстон».
  • « Дыууӕ боны фӕстӕ та ахуыргӕнӕг базыдта…»
  • « Боныджы дыууӕ сыфы кӕрӕдзиуыл баныхӕстам…»
  • « Сайгӕ чи кӕны, ахӕм адӕймагыл худгӕ фӕкӕнынц».
  • «…Ӕмӕ дын уый тыххӕй хуызисӕн балӕвар кӕндзынӕн».

3- 4.Ӕртыккаг  ӕмӕ цыппӕрӕм  къорд .

- Ӕмбисӕндтӕ ӕрымбырд кӕн ӕмӕ радзырдӕн йӕ сӕйраг хъуыды зӕгъ. Тексты мидисмӕ кӕцы ӕмбисонд хауы.(Йœ рœдыдыл чи нœ сœтты, уый дыккаг хатт дœр рœдийы, Искӕй чи сайы, уый йӕхи дӕр сайы)

  • Йœ рœдыдыл чи нœ сœтты, уый дыккаг хатт дœр рœдийы.
  • Йӕ райгуырӕн бӕстӕйы чи нӕ цӕры, уый царды ад нӕ зоны.

  •  Рӕстдзинадӕн    сӕфӕн нӕй.
  • Йœ рœдыдыл чи нœ сœтты,  уый дыккаг хатт дœр рœдийы.                           
  • Йœ райгуырœн бœстœйы чи нœ цœры, уый царды ад нœ зоны.       
  • Мады хъӕбыс    авдӕн у. 
  • Искœй чи сайы, уый йœхи дœр сайы.
  • Хистӕр – зондамонӕг, кӕстӕр – ӕгъдаухӕссӕг.

  1. Кӕронбӕттӕн. (Кусӕм тестытимӕ.)

-Бакусӕм тестыл. Мӕнӕ фӕйнӕгыл  нӕ тест. Уӕ цуры сыфтӕ. --Зонут куыд кусын хъӕуы уый (-О)

-Алчи дӕр йӕ хӕс лӕвӕрд бамбӕрста . (-О)

Уӕдӕма райсут уӕ сыфтӕ ӕмӕ дзуаппытӕ ныффыссут.

- Фестут куыст.

- Нырта сбӕрӕг кӕнӕм нӕ куыстытӕ.

- Уӕ куыстытӕ бӕрӕг кӕндзыстут уӕхӕдӕг , фӕйнӕг та уын ӕххуыс кӕндзӕн.

Тест : -Хатдзӕгтӕ скӕнӕм тесты руаджы.

  1. Радзырд «Сайын нӕ хъӕуы» ныффыста:

а) Михаил Зощенко .

ӕ) Тъехты Амыран.

  1. Ахуыргӕнӕг радта хӕслӕвӕрд:

          а) ӕмдзӕвгӕ сахуыр кӕнын

         ӕ) радзырд бакӕсын

  1. Минькӕ йӕ хӕдзармӕ куыстӕн райста бӕрӕггӕнӕн:

          а) «фондз»

         ӕ) «иу»

  1. Ахуыргӕнӕг бафӕдзӕхста Минькӕйӕн:

а) Боныг йӕ фыдмӕ равдисын.

ӕ) Боныг йӕ хойӕн равдисын.

  1.  Минькӕйы сайд рахъӕр:

а) Ӕнӕзонгӕ сылгоймаджы руаджы.

ӕ) Йӕ хойы руаджы.

  1. Лӕппуйы фыд мӕт кодта:

а) Кафын куы райдайӕ.

ӕ) Сайын куы райдайӕ.

  1. Ӕмбисӕндтӕй радзырды хъуыды хуыздӕр  ӕвдисы:

а) Рӕстдзинадӕн сӕфӕн нӕй.

ӕ)Хурӕй тыхджындӕр ницы ис.

  1. Радзырд  ахуыр кӕны:

а) Сайын.

ӕ) Растдзинад дзурын.

IX. Рефлекси.

-Ууыл нӕ урок фӕци.

-Хорз бакуыстат.

Сывӕллӕттӕ, алы фарстӕн раттут дзуапп.

Мӕ куыстӕй дӕн

Разы дӕн                 □

Нӕ дӕн                     

Урок  мӕм фӕкаст

Цыбыр                    

Даргъ                       

Урочы ӕз

Нӕ бафӕлладтӕн  

 Бафӕлладтӕн       

Мӕхи ӕнкъардтон

Хорз                        

Ӕвзӕр                      

Урочы ӕрмӕг уыд

Ӕмбаргӕ                

Ӕнӕмбаргӕ            

Ӕнцон                       

 Зын                          

Нӕ урочы хӕстӕ

Ӕххӕстгонд ӕрцыдысты  

Ӕххӕстгонд не’рцыдысты


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ГОМ УРОК «Сæрибармæ тырнындзинад Гæдиаты Секъайы радзырд «Мад æмæ фырт» - ы

Темæ:«Сæрибармæ тырнындзинад Гæдиаты Секайы радзырд ...

Открытый урок в 7 кл. Гаглойты Рутен. Радзырд "Цард"

   Урок в 7 классе по рассказу Гаглоева Рутена "Цард"...

Гом урок Адӕймаг ӕмӕ ӕрдзы удхӕстӕгдзинад Коцойты Арсены радзыд «Хъусой» -ы . Кӕронбӕттӕны урок.

Урок во 2 классе. Тема урока :  Адӕймаг  ӕмӕ ӕрдзы удхӕстӕгдзинад Коцойты Арсены радзыд «Хъусой» -ы .     Кӕронбӕттӕны урок....

Конспект урока "Кӕронбӕттӕн урок хъуыдыйады уӕнгтӕй"

План - конспект открытого урока "Кӕронбӕттӕн урок хъуыдыйады уӕнгтӕй"...

Анализ урока" Кӕронбӕттӕн урок хъуыдыйады уӕнгтӕй"

Анализ урока "Кӕронбӕттӕн урок хъуыдыйады уӕнгтӕй"...