Урок семинар
презентация к уроку (8 класс) на тему

Цаликова Дзерасса Хазбиевна

  

 

 

Урочы темӕ:

 

Байрай, бурзачъе фӕззӕг!

 

Грамматикон темӕ:

 

Бӕрӕггӕнӕн.

 

 

 

 

 


 

Эпиграф.

 

Фӕззӕг ӕрцыди Ирыстонмӕ.

Бакӕсут- ма йын йӕ исбонмӕ.

Рӕйсут-ма лӕппутӕ, чыргъӕдтӕ.

Афснайӕм тагъддӕр нӕ дыргъдӕттӕ.

Нысан

 

1)    Фӕхъӕздыгдӕр кӕнын бӕрӕггӕнӕны тыххӕй зонындзинадтӕ

2)    Скъоладзауты разӕнгард кӕнын ӕрдзмӕ хъус дарын, хатдзӕгтӕ кӕнын.

 

Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг

 

Мотивацион уавӕр саразыныл

Дуарӕй ӕрбахоста радон фӕбӕрӕг кӕндзӕн чи нӕй урочы, уыдон.

Хонӕг дӕр ма дӕн: Ӕхсартӕггаты Уырызмӕг уӕ хоны бӕркадджын фӕззыгон куывдмӕ. Хуыздар чи бакуса, уый рабӕрӕг уыдзӕн ӕмӕ ацӕудзӕн куывдмӕ.

 

 

1 Грамматикон аргъау.

Ӕвзагзонынады бӕстӕйы цардис синтаксис. Йӕ хъӕбул Хъуыдыйадӕн бирӕ сывӕллӕттӕ уыди. Дыууӕ фаззон хистӕры хуындысты Сӕйрат ӕмӕ Зӕгъинаг. Тынг ӕнӕвдӕлон уыдысты ацы фаззӕттӕ. Сӕ ныййарӕг сӕ хуыдта хӕдзары бындур.

Фӕлӕ цоты кӕстӕртӕ ӕртӕйӕ: Ӕххӕстгӕнӕн, Бӕрӕггӕнӕн, Фадатон дзырд – ӕвдӕлондӕр уыдысты. Куы-иу сӕ иуы хъуыди аххуыс кӕнын сӕ хистӕртӕн, куы - сӕ иннӕйы. Афтӕ дӕр- иу рауад, ӕмӕ- иу се'ртӕйы дӕр бахъуыд кусын.

Ӕртӕ кӕстӕрӕн-иу уӕгъд рӕстӕг куы уыди, уӕд-иу арӕх быцӕу кодтой, чи сӕ фылдӕр ӕххуыс кӕны сӕ хистӕртӕн, ууыл.

Ӕххӕстгӕнӕн хӕларӕй царди фӕрссаг хауӕнтӕй кӕцыдӕртимӕ: Гуырынон, дӕттынон, арӕзтон, иртӕстон, ӕддагбынатон, цӕдисонимӕ.

Тынг хорз царди Зӕгъинагимӕ дӕр. Иу кӕцыдӕр бон Ӕххӕстгӕнӕны нал ардтой ӕмӕ фӕфӕдис сты Зӕгъинагмӕ. Зӕгъинаг ӕй уайтагъд ссардта. Уӕдӕй нырмӕ, Ӕххӕстгӕнӕны куы фӕагурынц, уӕд фыццаг Зӕгъинагӕй райдайынц.

 

2 Фаинӕгыл хицан дзырдтӕ ӕмӕ дзы саразын хъӕуы хъуыдыйӕдтӕ

Ӕнусон сызгъӕрин уадындз Ацӕйӕн радта Ӕфсати. Ганойӕн йӕ сырх уадултӕ уагъылыйы дидинӕгау, йӕ цӕстытӕ – сау фӕрдгуытӕ,йӕ сау дзыкку – ӕмбисонды даргъ. (Дзырдтӕй саразын хъуыдыӕдтӕ, ссарын дзы бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ зӕгъын, кӕцӕй ист сты ацы ныхастӕ?)

– Уӕдӕ абон нӕ армӕг цоты кӕстӕртӕй дыккаг – бӕрӕггӕнӕн.

Къорды уӕнгтӕ дзурынц теоретикон ӕрмӕг ӕххӕстгӕнӕны тыххӕй.

Текст.

А Фӕззӕг у афӕдзы афонтӕй иу. Сойджын ӕмӕ бӕркадджын, бурзачъе ӕмӕ сызгъӕрин. Ӕмӕ йӕ цы буц номӕй не схонынц адӕм! Алыхуызон ахорӕнтӕй снывӕфтыд кӕны ӕрдз йӕ хуыз. Хъӕды къохтӕ дардмӕ зынынц бур, морӕ, цъӕх хуызтӕй.

Къӕдзӕхты фӕрстыл ирд бур кӕрдӕг зӕлдагау ӕрттивы, арв бон цалдӕр ивды акӕны йӕ хуыз. Мӕргъты зарын нал хъуысы - атахтысты хъарм бӕстӕм . Фӕлӕ нӕ къӕбицтӕ дзаг сты, фӕрнджын. Цин кӕнынц адӕм, бӕрӕгбонтӕ сарӕх вӕййынц фӕззӕджы. Уыдонӕй ӕппӕты ӕхсызгондӕр у Джеоргуыбаты къуыри. (Фыццаг къорды хӕс: ссарын тексты ӕххӕстгӕнӕнтӕ, бакӕсын чиныгӕй теоретикон ӕрмӕг.)

Дыккаг къорды хӕс: ссарын тексты бӕрӕгганантӕ, бакӕсын чиныгӕй теоретикон ӕрмӕг.

 

Фӕззыгон нывтӕ

Ӕ Фӕззӕг йемӕ райста иууыл рӕсугъддӕр ӕмӕ хуызджындӕр ахорӕнтӕ ӕмӕ ацыдис хъӕдмӕ. Ныв кӕнын райдыдта. Бӕрзыты ӕмӕ тӕгӕрбӕлӕсты сахуырста бур ахорӕнӕй. Сырхфарс фӕткъуыйау ссырх кодта гӕдыбӕласы сыфтӕртӕ. Гӕдыбӕлӕсты къохыл цыма арт бандзӕрстӕуыд, уыйау сырх хъулон систы.

Бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕрты иууылдӕр сахуырста фӕззӕг. Кӕуыл бур фӕлыст скодта, кӕуыл та сырх. Ӕрмӕст нӕ бавнӕлдта наз ӕмӕ нӕзымӕ. Уыдон сӕ цъӕх фӕлысты баззадысты.

Уый фӕстӕ фӕззӕг арастис быдырмӕ ӕмӕ уыгӕрдӕнтам. Бафснайдта сыгъзӕрин ӕфсирты.

Ацы тексты ссарын бӕрӕггӕнӕнтӕ.

Дзырдуат: гӕдыбӕлас, тӕгарбӕлас.

Махмӕ та афтӕ кӕсы, ӕмӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ цард ӕнкъард, фӕлурс.

Ӕркӕсут мА мӕнӕ ацы нывтӕм бӕрӕггӕнӕны руаджы фӕлурс, ӕгъуыз ныв ацы ахорӕнтӕй сӕрттыва, йӕ хуыз скалдта.

Чиныгимӕ бакуыст. Фӕлтӕрӕн 69

 

3         Фыццаг къорд. Ахъазын лексикон хъазт «Сгарӕг»- ӕй.

Хӕс. Басгарын дзырд- ӕххӕстгӕнӕн- ӕххӕст, хӕст,хӕс,гӕн, стгӕ.

 

4         Дыккаг къорд. Ахъазын лексикон хъазт «Сгарӕг»- ӕй.

Басгарын дзырд – бӕрӕггӕнӕн.

Бӕрӕггӕнӕн – бӕрӕг, гӕн, гӕнӕн, ӕнӕ.

Хатдзӕгтӕ:

– Мах мӕгӕсгӕ бӕрӕггӕнӕнты руаджы адӕм базонын

ц «мӕн у», «дӕу у»,ома предмет кӕй у, кӕнӕ цӕй хай у.

 

5         Релаксаци.

Бакӕсдзыстӕм къласмӕ улӕфты рӕстӕджы.

Чи у дзырдарӕхстдӕр ӕмӕ цыргъзонддӕр

Ахӕццӕ кӕнын ӕмбисӕндтӕ кӕронмӕ.

Уалдзӕг цы байтауай, уый фӕззӕг ӕркарддзынӕ.

Уалдзӕг рӕсугъд у дидинӕгӕй, фӕззӕг та дыргътӕй Фӕззӕджы бӕркад афӕдз хӕссы.

Афӕдзы хъару фӕззӕг у.

 

6 Синквеин.

Скӕнын дзырд фӕззӕгимӕ.

-Уӕдӕ нӕ быцӕуӕн кӕрон скӕнӕм: кӕцы ахсджиагдӕр у бӕрӕггӕнӕн ӕви ӕххӕстгӕнӕн.

- Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

-Хӕдзармӕ куыст:

Ныффыссын нывӕцӕн куыст: «Бӕркадджын фӕззӕг».

 

Иу хъуыдыйад равзардзыстӕм хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ. Мах сызгъӕрин гауызыл нӕ фӕллад уагътам .

 

 

Хатдзӕгтӕ:

– Абон ногӕй цы базыдтат?

– Уӕ зӕрдӕмӕ дзы цы фӕцыд?


 

А Фӕззӕг у афӕдзы афонтӕй иу. Сойджын ӕмӕ бӕркадджын, бурзачъе ӕмӕ сызгъӕрин. Ӕмӕ йӕ цы буц номӕй не схонынц адӕм! Алыхуызон ахорӕнтӕй снывӕфтыд кӕны ӕрдз йӕ хуыз. Хъӕды къохтӕ дардмӕ зынынц бур, морӕ, цъӕх хуызтӕй. Къӕдзӕхты фӕрстыл ирд бур кӕрдӕг зӕлдагау ӕрттивы, арв бон цалдӕр ивды акӕны йӕ хуыз. Мӕргъты зарын нал хъуысы - атахтысты хъарм бӕстӕм . Фӕлӕ нӕ къӕбицтӕ дзаг сты, фӕрнджын. Цин кӕнынц адӕм, бӕрӕгбонтӕ сарӕх вӕййынц фӕззӕджы. Уыдонӕй ӕппӕты ӕхсызгондӕр у Джеоргуыбаты къуыри.

 

 

 

 

Ӕ. Фӕззӕг йемӕ райста иууыл рӕсугъдцӕр ӕмӕ хуызджындӕр ахорӕнтӕ ӕмӕ ацыдис хъӕдмӕ. Ныв кӕнын райдыдта. Бӕрзыты ӕмӕ тӕгӕрбӕлӕсты сахуырста бур ахорӕнӕй. Сырхфарс фӕткуыйау ссырх кодта гӕдыбӕласы сыфтӕртӕ. Гӕдыбӕлӕсты къохыл цыма арт бандзӕрстӕуыд, уыйау сырх хъулон систы.

Бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕрты иууылдӕр сахуырста фӕззӕг. Кӕуыл бур фӕлыст скодта, кӕуыл та сырх. Ӕрмӕст нӕ бавнӕлдта наз ӕмӕ нӕзымӕ. Уыдон сӕ цъӕх фӕлысты баззадысты.

Уый фӕстӕ фӕззӕг арастис быдырмӕ ӕмӕ уыгӕрдӕнтӕм. Бафснайдта сыгъзӕрин ӕфсирты.

По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Итоговый урок. Взаимосвязь между системами счисления. (урок семинар)

Такие уроки позволяют повысить интерес к предметам....

Урок-семинар"Мысль народная" и воля истории в романе Л.Н.Толстого "Война и мир".

Урок-семинар проводится после изучения романа Л.Н.Толстого"Война и мир". Цели: обобщить знания учащихся по роману" Война и мир".Учащиеся должны знать содержание романа, понимать проблему национального...

Урок-семинар по наречию

Урок-семинар по теме «Наречие»  I.                Вопросы (вывешиваются за 7-10 дней).1.   Какие в ...

Тема урока: «Пути постижения духовной истины в литературе» (урок-семинар по литературе в 10 классе, рассчитанный на 2 урока)

Урок проводится как урок- обобщение после изучения творчества А.С.Пушкина, Л.Н.Толстого, Ф.М.Достоевского, И.А.Бунина. Мы с учащимися знакомимся с теми периодами жизни писателей, которые раскрыв...

Урок-семинар как активная форма урока литературы.

Методика проведения урока - семинара может быть различной. В этой статье вы найдёте один из вариантов с конкретными советами....

Модель урока Урок-семинар «Сны: невозможное возможно»

Тема данного урока выбрана в рамках авторской программы «Человек и природа», составленной авторами этого урока. В рамках повторения русской литературы  XIX века и курса биологии «Человек» нами ра...

Урок – семинар, разработанный на основе технологии СДО, как инструмент формирования функциональной грамотности на уроках обществознания

Отличительная особенность семинаров, разработанных в системе   СДО – структура, которая обеспечивает наивысшую степень самостоятельности обучаемых при подготовке к нему и реализацию кр...