КУЫД АРÆЗТ ÆРЦЫДИ КЪОСТАЙЫ ЗАРÆГ
статья на тему

КУЫД АРÆЗТ ÆРЦЫДИ  КЪОСТАЙЫ ЗАРÆГ

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл kuyd_araezt_aertsydi_kostayy_zaraeg.docx15.54 КБ

Предварительный просмотр:

КУЫД АРÆЗТ ÆРЦЫДИ  КЪОСТАЙЫ ЗАРÆГ

НОГЪАТЫ ТЕБОЙЫ МЫСИНÆГТÆМ ГÆСГÆ

1900-æм азы фæззæджырдæм фембæлдтæн Дзæуджыхъæуы тменыхъæуккаг Царахаты Хъайтыхъойыл æмæ санибайаг Дзиуаты Гæвдийыл.

- Мæнæ дардмæ кæй агуырдтам, уый хæстæгмæ ссардтам! – бацин кодтой.

- Цы хабар у? – фæрсын сæ.

- Мах сфæнд кодтам Хетæгкаты Къостайыл кады зарæг скæнын, - загътой мын. – Æгайтма дæуыл фембæлдыстæм, ныр æй нал æргъæвдзыстæм!

Мæнæн мæ скрипкæ мемæ. Æрфысым кодтам Царахаты Хъайтыхъома. Хъæуы фæсивæдхабар куы базыдтой, уæд нæм иугай-дыгай байдыдтой. Хъайтыхъо загъта ныхас Хетæгкаты Къостайы цæрæнбоны тыххæй. Рæгъ куы ахицæн, уæд бавналдтæм мотив хъуыды кæнынмæ. Алчи дæр хъуыды кодта æмæ-иу йæ мотив сындæг азарыдис. Æз-иу скрипкæйæ афæлтæрæн кодтой, æппынфæстæг иу мотивырдæм адæм тынгдæр здæхын байдыдтой. Иу базары, иннæтæ хъырынц. Æз дæр æй хæссын скрипкæйæ. Афтæмæй мотив фидар кæнын куй байдыдта, уæд бавнæлдтам дзырдтæ хъуыды кæнынмæ.

Царахаты Хъайтыхъо загъта:

- Дæргъæвсы цæры Токатæй Бига, - Иттаг дæсны у уый зарынмæ æмæ зарæг кæнынмæ. Арвитæм æм ныртæккæ, тагъд нæм куыд фæзына, афта.

Уайтагъд хонæг абадти бæхыл æмæ афæндараст ис.

Дыккаг бон нæм аходæн афон фæзынди Токаты Бига. Уый хъуыста мотивмæ зæрдиагæй. Йæ зæрдæмæ фæцыди, фæлæ дзы иу фæзылд чысыл фендæрхуызон кодта. Тменыхъæуы фæсивæд нæ разæй цух нæ кодтой, зæрдиагæй ахуыр кодтой ног зарæг.

Иуъорд боны фæстæ, ныр æй хорз куы базыдтой æмæ йæ хъæутæм дæр хæссын фæраздзысты, зæгъгæ, уæд мах цыппарæй Хъайтыхъо, Гæвди, Бига æмæ æз араст стæм Дæргъæвсмæ. Уым æрфысым кодтам Токаты Бигайы хæдзары. Дыууæ боны фестæм Бигайы хæдзары, алы хæрд-нозт нæ разæй цух нæ кодтой. Дæргъавсы цæрджытæ зарæг адæмыл нымад сты. Ныр ам дæр та зарæг фаг хорз базыдтой зæгъгæ, уæд рараст стæм цыппарæй Быдыры Хъахъæдурмæ. Мæ фæндмæ гæсгæ уым æрфысым кодтам Дыгуры Иласмæ. Адæм æмбырд кæнын байдыдтой Иласы хæдзармæ. Уынгтæ дæр байдзагысты адæмæй. Бирæ фæзарыдыстæм уым дæр. Ам дæр та зарæг фаг зындгонд куы фæцис адæмæн, уæд араст стæм Æрыдонмæ. Иу уæздæнзæгъæг нын нæ фæцис Æрыдоны, ничи йæ хъус æрдардта хъуыддагмæ. Æрыдоны царди булкъон Хоранты Созырыхъо, зарæджы ты уыдис уымæн хъыг ныхæстæ, Къостайæн йæхи `æмдзæвгæтæм гæсгæ. Æвæццæгæн чи зæрдæхудтæй тарсти, чи та æфхæрынæй æмæ нæ балцы сæр куы бамбæрстой, уæд нæм уымæ гæсгæ `мгæрон ничи `рцыдис. Хъыгзæрдæйæ адардтам нæ фæндаг дарддæр Пысылмонхъæумæ (Ногхъæу). Уым æрлаууыдыстæм Хъайттаты Тæтæрхъанмæ. Уый ныл хорз бацин кодта.

Ацыдыстæм уырдыгæй Салыгæрдæнмæ. Ам нæ хъуыддаг афтæ хорз нæ ацыд. Тынг уазал цæстæй ракастысты адæм нæ хъуыддагмæ.

Бацыдыстæм Бирæгъзæнгмæ. Æрфысым кодтам Гæбуты стыр хæдзары. Хорз нæ суазæг кодтой. Фæзарыдыстæм дзы æгас бон. Бызы дæр ныл хорз бацин кодтой. Дыууæ боны дзы фестæм. Уый фæстæ – Уынал. Нæ фысым уыди Цæллагтæм. Фæзарыдыстæм уым дæр. Араст стæм дарддæр – Мызурмæ, Садонмæ. Нæ зæрды уыди суанг Нармæ – Къостайы райгуыр хъæумæ бацæуын. Мызурмæ куыддæр схæццæ стæм, афтæ пъæлицæ уым балæууыди. Пъæлицæйы барвыста Салыгæрдæны пъырыстыф. Æрцахстой нæ, ракодтой нæ Уыналмæ æмæ нæ уым ахæстоны сбадын кодтой. Нал уæндыдыстæм зарын мах цыппарæй, фæлæ ма хъæуты  адæмы чи баурæдтаид! Къостайы ном хъуамæ ныллæууæн бынат ма ссара, хъуамæ цæуы размæ æмæ цæра, цалынмæ ирон взагыл дзурæг уа уалынмæ.

Афтæ райгуырд Къостайы тыххæй адæмон зарæг.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Батрадз нарты гуыппырсарты куыд фервæзын кодта».

Уарзут райгуырæн Батрадзау, Арæхстæй куыд уат Ацæмæз, Намыс, хъомысæй –Уырызмæг,Ут хъæбатыр сымах Сосланау....

«Куыд ӕхсадта чызг сӕ рудзынгӕмбӕрзӕн»

Как девочка помогает в домашних делах своей маме...

Куыд зонын Ирыстон

интеллектуальная игра по краеведению...

Урок. Сæрибар æмæ намыс куыд зоны хъахъхъæнын ИРОН". (Фæрнион Къостайы очерк "Хъæбатыр цæргæсмæ гæсгæ).

1918-1922 азты Уæрæсейы цыдис мидхæст, революци фæуæлахиз, кусæг адæм сæ бартæ сæхимæ райстой. Уыцы хæсты кусджытæ рахæцыдысты, сæрибар цард сын чи радта, уыцы коммунистты партийы фарс, æмæ знæгтæ дæр...

Стандартмæ гæсгæ арæзт ирон литературæйы урок куыд ахуырадон фæрæз.

Урок  цы у, ууыл бирæ чингуытæ, бирæ æрмæг фыст æрцыд. Ивд цæуынц ахуырадæн йæ нысантæ æмæ йæ мидис, фæзынынц ног технологитæ, фæлæ цавæрфæнды реформæтæ дæр куы æрцæуа арæзт скъолаты  , уæдд...

Архайды технологийы метод-куыд универсалон ахуырадон зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдты ахъаззаг бындур

laquo;Настоящий  учитель показывает  своему ученику не готовое задание, над которым положены тысячелетия труда, он ведет его  к  разрабатыванию  строительного материала,...

Урочы темæ: «Мæсыг куыд амадтой». (Бæлвырд изложени фыссынмæ цæттæгæнæн куыст ).

Конспект урока по развитию речи. Подготовка к написанию сжатого изложения в 9 классе....