Хуымæтæг хъуыдыйад.
план-конспект урока (8 класс) на тему

Габуева Марина Хасановна

Урок- обобщение

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urochy_temae.docx918.59 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ: Æрхæцæн нысæнттæ хуымæтæг хъуыдыйады.

Габуты М.Х.

 29.04.2014

I. Урочы нысан:

  1. 1.Ныффидар кæнын æрхæцæн нысæнттæ   æвæрыны                  æгъдæуттæ  хуымæтæг хъуыдыйады
  2. Сфæлхат кæнын  хъуыд.æмх уæнгтæ,иуг.дз.,сид, бав.дз.,ирт.у.
  3. Гуырын кæнын цымыдисдзинад мадæлон æвзаджы хъæздыгдзинадмæ..

Урочы фæлгонц: интеракт. фæйнæг,схемæтæ,таблицæ,пультытæ.

Урочы цыд:

1.Организацион хай.

  • Боныгтæ,чингуытæ,тетрæдтæ,блокноттæ.
  • .Чи нæй, уый сбæрæг кæнын.

II Фæлхат :

  1. Раст у раст нæу:  
  • Морфологи- æвзагзонынады хай, ахуыр кæны дзырды  хæйттæ.
  • Морфемикæ - æвзагзонынады хай, ахуыр кæны мыртæ æмæ сæ дих,цавды æгъдæуттæ
  • Лексикæ-   æвзаджы æппæт дзырдтæ
  • Пунктуаци-   æвзагзонынады хай, ахуыр кæны растдзурыны   æгъдæуттæ.
  • Лескикологи - æвзагзонынады хай, ахуыр кæны æвзаджы æппæт дзырдтæ .
  • Синтаксис-  æрхæцæн  нысæнтæ æвæрыны æгъдæуттæ

    2. .  -  Æвзагзонынадæн цавæр хай ахуыр кæнæм мах 8-æм къласы?

  - Синтакисæн кæцы хай?

  - Цы хонæм хуымæтæг хъуыдыйад ?

(фæйнæгыл дыууæ хъуыдыйады, кæцы у хуымæтæг, кæцы нæу,цæмæн?

 Грисы  сатирæ     у рæстдзæвин.

     Поэтикон драмæтæ фыстой бирæтæ, фæлæ  аивады ацы хуыз ног           къæпхæнмæ   систа Плиты  Грис.

                 3. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм хуымæтæг хъуыдыйады хуызтæ:

 ЗНГ                 ИНТ г

 Сæйраг у  дыууæ дæр сты

 Фæрссаг уæнгтæ дзы ис æви нæй

  Æххæст   у  æви  нæу

 

     III .Ног æрмæг:

1.Бакæсут ма нæ абоны темæмæ,ахъуыды  кæнут æмæ мын зæгъут:

  --  Цæуыл уыдзæн нæ ныхас?

  -   Цы нæ хъæуы æрлæууы н кæнын нæ зæрдыл æмæ ныффидар кæнын:

    хъуыд. æмх.у

    иугæнæг дз.

    сидæнтæ

    бавæргæ дзырдтæ

    хъуыд.иртæстгонд уæнгтæ

 - Цæмæн?(уыдон хъуыдыйады  хицæн кæнæм æрхæцæн нысæнттæй)

2.   Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм :

Раиртæстытæ   дзурынц,  бæрæг цæуынц   фæйнæгыл.

IV.Къордгай куыст :   Алы рæнхъ æвзары  хицæн хъуыдыйад

                                        цавæр æрхæцæн нысан дзы сæвæрдтат , цæмæн

                                        хъуыдыйæдтæ иугай хаст цæуынц фæйнæгмæ  

1.Уæ  мæ рогбазыр цæргæстæ,æз уæ ныййарæг куы дæн.

2.О   нæ мад , æрхуымæй ма кæс,  а уынгæг бон фидар лæуу.

3. Зар,  зæгъгæ- иу  мауал бахат.

(Цавæр сидæн у,кæм лæууы,хайыг,бавæргæ дзырд,къорд, нæ дыккаг къæдзыг цæуылнæ сæвæрдтам)

Хъудыйæдты схемæтæ саразын  :

1.

2.

3.

Б. -Цавæр уацмысæй ист сты ацы хъуыдыйæдтæ?

    Чи у йæ автор?

    Йæ сæйраг хъуыды цæй мидæг ис?

    Цавæр стыр бæрæгбон   æрбахæццæ кæны?

    Цы у нæ бон махæн скæнын йæ цард чи нæ бавгъау кодта раттынæн

     æмæ ма абон   не хсæн чи ис, уыцы  хæстонтæн?

(Цы сабырдзинадыл тох кодтой,уый хъахъхъæнын æмæ сын лæггад кæнын)

В.  Иумæйаг æвзæрст

   Ныр та фæйнæгмæ ракæсæм, лæвæрд цæуынц хъуыдыйæдтæ.

  1. Грис ссар..та ирд ныхæстæ,Фыдыбæстæйы сæраппонд сæ цард чи радта, уыдоны хъæбатырдзинад æрымысынæн.2) Балладæ «Авд цухъхъайы» у ирон поэзийы хæзнатæй иу. 3) Поэт, арф æнкъарæнтæ æргомгæнгæйæ ,  равдыста  мадыæгæрон  хъыг  æмæ  æфсымæрты сгуыхтдзинæ..тыны..тæ. 

  2. Хæслæвæрдтæ:

  • ссарын  æмæ рафыссын хуымæтæг вазыгджынгонд хъуыдыйад, бамбарын кæнын орфограммæтæ æмæ æрхæцæн нысæнттæ.
  • равзарын хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.(3 –аг хъ-д)
  • равзарын дз-б (æгæрон хъыг,  мады хъыг,  равдыста нывтæ)
  • дзырды хæйттæм гæсгæ: сгуыхтдзинæдтæ
  • морфологон æвзæрст :  равдыста
  •  скæнын  æххæст  æвзæрст :(3-аг  хъ-д)

V.Хатдзæг:

Цы хъуыдыйæдтæ ныффыстам ,уыдонмæ гæсгæ:

Хуымæтæг хъуыдыйад æрцæуы вазыгджндгонд

С.,æмх.у,бав.дз, ирт.у…..

Уыдон фысгæйæ хицæн кæнæм къæдз.

 Къæдзыг не вæрæм

 Бав .дз + ма иу та цæсгомон ном.цыбыр форм.

          VI.Хæдзармæ куыст : параграф 32-35,фарс 99,фæлт.264 (1-аг хъ-д æххæст     æвзæрст)

             VII.Рефлекси  :      

 1.пультытæ

Тест :  1.Хуымæтæг хъуыдыйад арæзт у:

                     2 кæнæ фылдæр ГБ

                     1 ГБ

2.Хъуыдыйады   хъусынгæнинаг куы уа , уæд у:

       А. таурæгъон

       Æ. разæнгардгæнæн

3.Кæмæ дзурæм ,уый æвдисæг дзырд у:

            А.  бавæргæ  дзырд

           Æ.   сидæн

4.Дзурæджы ахаст, цы дзуры  уымæ, æвдисынц:

          А .бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ

          Æ. хъуыдыйады иртæстгонд уæнгтæ

5.Хъуыдыйады уæнгтæ нæ вæййынц:

                         А. хъуыдыйады иртæстгонд уæнгтæ

                         Æ. сидæнтæ æмæ  бавæргæ дзырдтæ    

6.  Иртæстгонд  цæуынц хъуыдыйады уæнгтæ:  

          А.  сæйрат,зæгъинаг

         Æ.  бæрæггæнæнтæ, æмхасæнтæ,  фадатон  дзырдтæ

7.  Фæрссагмион здæхт аразы:

          А.фæрссагми  æнæ   дæлбар дзырдтæ

          Æ.фæрссагми    дæлбар  дзырдтим

2.Куыд бакуыстат  уæхимæ гæсгæ(таблицæ баххæст кæнæм)  

Урочы базыдтон

Фæнды ма мæ базонын

Ацы урочы

зонындзинæдтæй мын пайда уыдзæн

Урочы куыд куыстон , уымæй

разы дæн,  уымæн æмæ………

бынтон разы  нæ дæн, уымæн æмæ………..

разы нæ дæн, уымæн æмæ…………………

   Бæрæггæнæнтæ.            

Раст у – раст нæу:    

  1. Морфологи- æвзагзонынады хай, ахуыр кæны дзырды  хæйттæ.
  2. Морфемикæ - æвзагзонынады хай, ахуыр кæны мыртæ æмæ сæ дих,цавды æгъдæуттæ
  3. Лексикæ-   æвзаджы æппæт дзырдтæ
  4. Пунктуаци-   æвзагзонынады хай, ахуыр кæны растдзурыны   æгъдæуттæ.
  5. Лескикологи - æвзагзонынады хай, ахуыр кæны æвзаджы æппæт дзырдтæ .
  6. Синтаксис -  æвзагзонынады хай, ахуыр кæны æрхæцæн  нысæнтæ æвæрыны æгъдæуттæ


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Тема: Хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæ.

Открытый урок на тему: " Хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæ"....

Зœгъинаджы арœзт. Хуымœтœг œмœ вазыгджын зœгъинœгтœ.

Темœ: Зœгъинаджы арœзт. Хуымœтœг œмœ вазыгджын зœгъинœгтœ.Урочы нысантœ:·         Скъоладзауты хуымœтœг œмœ вазыгджын зœгъинœгтимœ базонгœ кœнын;·...

Хъуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысан æмæ интонацимæ гæсгæ(открытый урок)

Хъуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысан æмæ интонацимæ гæсгæ(открытый урок)...

Тема урока "Хъуыдыйад.Мадæлон æвзаг - æвзæгты сæр "

Конспект урока по осетинскому языку...

Архацан нысантта хуыматаг хъуыдыйады.

1.Ныффидар канын архацан нысантта аварыны агъдаутта хуыматаг хъуыдыйады.2.Сфалхат канын хъуыдыйады амхуызон уангта,иуганаг дзырдта,баварга дзырдта,сиданта.3.Гуырын канын цымыдисдзинад мадалон авзаджы ...

Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ, æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйады æмхуызон уæнгтимæ.

Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ, æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйады æмхуызон уæнгтимæ....