Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ, æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйады æмхуызон уæнгтимæ.
план-конспект урока (5 класс)

Томаева Виктория Феликсовна
Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ, æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйады æмхуызон уæнгтимæ.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon urok_huyd.amh_.uangta.doc528 КБ

Предварительный просмотр:

Гом урок ирон æвзагæй 5 «Г» къласы

Урочы темæ: Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ, æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйады æмхуызон уæнгтимæ.

Ныхасы темæ:«  «Фыдыбæстæ…дæуæй зынаргъдæр, адджындæр нæ уыдис æмæ нæй…» (Кочысаты Мухарбег)

         Урочы нысан:

1.Ǽмхуызон уæнгты тыххæй æмбарынад раттын.

2.Рæзын кæнын сфæлдыстадон гæнæнтæ. Хибарæй куыстмæ арæхсын. Къордтыл куыстмæ арæхстдзинадыл бакусын. Ныхасы рæзтыл бакусын.

3.Универсалон ахуырадон архæйдтытæ:къордтыл куыст,презентацитыл куыст,сфæлдыстадон куыст,хибарæй куыст.

4. Райгуырæн бæстæм уарзондзинад гуырын кæнын.

Урочы фæлгонц:

Чиныг,тетрад,алыхуызон техникон фæрæзтæ(презентаци)

Урочы цыд:

Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ахуыргæнæджы ныхас:Байхъусут аргъаумæ. Уый уын феххуыс уыдзæн,  абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм, уый сбæрæг  кæнынæн.

         Иу хохаг хъæуы цардис лæппу, йæ ном – Хъазбег. Алы райсом дæр-иу бацин кодта хуры рухсыл, цъиуты цъыбар-цъыбурыл, дымгæйы фæлмæн уддзæф ын-иу алæгъз кодта йæ сæрыхъуынтæ. Фæлæ иу хатт фæкомкоммæ дымгæйы митæм, йæ цæст сыл ахаста, æмæ бамбæрста,  дымгæ  удæгас адæймаджы хуызæн кæй у. Ацы хъуыды йæ иу ран нал уагъта, æмæ дымгæйыл ныффыста æмдзæвгæ. Бакæсæм ма йæ.

Иу скъоладзау хъарай касы æмдзæвгæ.(Слайд)

 

Дымгæ хъазы, дымгæ ниуы,

Дымгæ футтытæ кæны.

Дымгæ тъизы хохы риуыл,

Тар, æрхæндæгæй кæуы.

Урс дзæнхъа дуртæ лæхуры,

Дымгæ хæдзæрттæм лæбуры.

Дымгæ дуæрттæ сæтты,

Хъæдты, арф кæмтты хæты.

                       Хъороты Хъ.

- Æмдзæвгæ уæ зæрдæмæ фæцыдис?  Цæмæй?

(Æмдзæвгæйы дымгæ у адæймаджы хуызæн. Тæлфаг, иу ран бадын нæ зоны, кæнæ та  у тынг мæсты  адæймаджы хуызæн.  Мæнæ ахæм.

У тыхджын, куы смæсты вæййы, уæд адæмæн фыд митæ дæр бакæны. Сæ хæдзæртты сæртæ сын ахæссы, дуæрттæ басæтты).(Слайд)

       - Цавæр ныхасы хай феххуыс поэт Хъороты Хъазбегæн дымгæйы хъазт æмæ тызмæгдзинад равдисынæн?

         (МИВДИСÆГ)

         - Æмдзæвгæйæ рафыссæм, дзырд дымгæ-имæ баст мивдисджытæ.

Дымгæ:  хъазы,  ниуы, футтытæ кæны, тъизы,   кæуы,  лæхуры, лæбуры,  сæтты,  хæты.

- Дзырдтæй кæцыты нисаниуджытæ нæ зонут?

(лæхуры,    хæты. Лæхурын – лыстæг ныммур кæнын, хæтын – цæуын, тезгъо кæнын).)

        - Цавæр фарстæн дзуапп дæттынц  мивдисджытæ?

            ( Иу фарстæн -  ЦЫ МИ КÆНЫ?)

         - Цавæр дзырдимæ баст сты æмдзæвгæйы  мивдисджытæ?

(Иу дзырдимæ – ДЫМГÆ, хъуыдыйады у сæйрат) (Слайд)

- Кæцы афоны æвæрд сты мивдисджытæ?

(НЫРЫККОН)

- Кæцы цæсгомы мивдисджытæ сты?

(3-АГ ЦÆСГОМЫ)

- Кæцы нымæцы сты?

(ИУУОН НЫМÆЦЫ)

        - Мивдисæг кæуы цавæр мивдисджытæй ивд цæуы æмдзæвгæйы?

(КÆУЫ - НИУЫ, ТЪИЗЫ)  

         - Куыд хонæм ахæм дзырдтæ?

(СИНОНИМТÆ)

          -Мивдисджыты сæ арæзтмæ гæсгæ цавæр дыууæ къордыл дих кæнæм?

(ХУЫМАТАГ АМА ВАЗЫГДЖЫН)

   -Ацы мивдисджытæ кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнæм?

(КЪАДЗЫГАЙ)

 Ахуыргæнæг: Поэт æмдзæвгæйы цы мивдисджытæй пайда кæны, уыдон кæрæдзийы нæ хъыг дарынц, тынг хæстæг сты сæ хъуыдымæ гæсгæ. Кæрæдзийæн æххуыс кæнынц дымгæйы архæйдтытæ ранымайынæн. Ацы мивдисджытæ цæрынц хæларæй, æмбарын кæнынц уыцы иу дзырд – дымгæ. хъуыдыйады хæларæй кæй цæрынц, уый тыххæй сæ хонынц  ……… хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ.  Цы дзырд фембарын канынц,уый та у иугæнæг дзырд. Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ кæрæдзиимæ баст æрцæуынц кæнæ æрмæстдæр хъæлæсы уагæй, кæнæ хъæлæсы уагæй æмæ бæттæгтæй æмæ,фæлæ,дæр—æй.

 

 СЛАЙД.

--Уæдæ,сывæллæттæ,нæ урочы темæ у:

Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ.

Æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйады æмхуызон уæнгтимæ.

-  Цы хъуамæ базонæм хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй?

(Цы сты æмхуызон уæнгтæ?

Цавæр   миниуджытæ сын ис)

- Хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй куы базонæм, уæд цæмæ хъуамæ арæхсæм?

1).Тексты æмхуызон уæнгтæ ссарынмæ.

2). Æмхуызон уæнгтæ кæм ис, уыцы хъуыдыйады æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрынмæ.

3). Æмхуызон уæнгтæй ныхасы пайда кæнынмæ.

      -Кæд мæм лæмбынæг байхъуыстат, уæд хъуамæ ранымайат  æмхуызон уæнгты æууæлтæ.

(СЛАЙД)

          Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ:

1.  Дзуапп дæттынц иу фарстæн

2.  Загъд вæййынц иу нахасы хайæ

3. Вæййынц иу хъуыдыйады уæнг

4. Дзурæм сæ ранымады интонацийæ

5. Хъуыдыйады баст вæййынц иу дзырдимæ

58 фарс.Текстыл куыст.  Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнын æмхуызон уæнгтæй.

  Текст бакæсут. Стъæлфыты бæсты бавæрут хъуыдыйæдтæ кæрæдзиуыл бæттæг дзырдтæ-фæлхатæнтæ кæнæ номивджытæ.

Теркмæ кæлы бирæ цæугæдæттæ: … .  … се ппæты стырдæр у Æрыдоны дон. … рауадис цыппар донæй. … баиу вæййынц Зæрæмæгмæ хæстæг. Æрыдоны дон Къасарагомы йæхицæн алæгæрста фæндаг. Æрра сырдау къæдзæхы къултыл йæхи хойы, ниуы. Дзæгъæлы йæ нæ хонынц Æрыдон, ома æрра дон.

- Нысангонд хъуыдыйæдтæ баххæст кæнут æмхуызон уæнгтæй.

             Теркмæ кæлы бирæ цæугæдæттæ: Джызæлдон, Æрыдоны дон,  Æрæфы дон,  Малка (Кæсæг-Балхъары) æмæ цæугæдон  Сунжæ.

              Цæугæдæттæн се ’ппæты стырдæр у Æрыдоны дон. Уый рауадис цыппар донæй: Баддон, Нардон, Мамысондон,   Цъæйдон.

-Цавæр орфограммæтæ ис ацы тексты?

1.Сармагонд номдартæ

2.Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ

3.Вазыгджын дзырдтæ.

Хæслæвæрдтæ:

1) Æмхуызон уæнгтæ цы хъуыдыйæдты ис, уыдоныл æрдзурын:

- Цавæр æмхуызон уæнгтæ сты?

- Цæмæй загъд æрцыдысты?

- Куыд фыссæм сæрмагонд номдартæ?

- Цавæр сæрмагонд номдартæ ма ис тексты?

--Дзырд КЪАСАРАГОМ дзырды хæйттæм гæсгæ равзарын.

Аулæфты рæстæг.

Ахуыргæнæг:-Ахъуыды-ма кæнут æмæ зæгъут,цæугæдон Æрыдон-æй уæлдай ма ном Æрыдон-имæ баст цы у? (О,тынг раст,сываллатта.На чысыл райгуыран баста-горат Æрыдон)

-Уада махан на абоны урок баст у на горат Æрыдон-има.

(слайд) Урочы эпигрæф:

«Лæгæн дунейыл адджындæрæн цы баззад?»-«Мад,хæдзар.райгуырæн бæстæ».

    Иу скъоладзау дзуры æмдзæвгæ «Æрыдон»

Æрыдоны тыххæй чысыл презентаци бацæттæ кæнын хъуыд хæдзары. Ам ыл æрдзурын. (сывæллæтты къорд бацæттæ кодтой ацы куыст. Иу æй амоны.(Слайд)

Хъуамæ дзы уа хъуыдыйæдтæ æмхуызон уæнгтимæ.

«Горат Æрыдон раздæр уыд хъæу.Горæты ном ын раттой 1964 азы. Йæ ном баст у цæугæдон Æрыдон-имæ.

Æрыдоны кусы ахæм заводтæ:æхсыры,спъирты,консервты,асфальты æмæ хойрæгты.

Ис нæм æртæ скъолайы,интернат,культурæйы галуан,дуканитæ,базартæ.

Нæ горæт у райдзаст æмæ сыгъдæг.

Æрыдоны цæрынц ирæттæ,уырыссæгтæ,сомихæгтæ,гуырдзиæгтæ.

Æрыдоны районы зайы нартхор,мæнæу,хъæбæрхор æмæ алыхуызон халсартæ.

Нæ цæхæрадæтты зайы фаткъуы,кæрдо,чылауи,бал,æхсынцъы æмæ бирæ æндæр дыргъбæлæстæ.»

-  Цавæр æмхуызон уæнгтæ ис уæ текстты? Иу хъуыдыйад ныффыссын, равзарын хъуыдыйады уангтам гæсгæ.

- Схемæтæ баххæст кæнут æрхæцæн нысæнттæй(слайд) Дзургæ куыст.

- Дзырдтæ ныхасы хæйттæм гæсгæ къордтыл адих кæнæм.

Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ  сæ баиу кæнут æмхуызон уæнгты хуызы.

Семæ хъуыдыйæдтæ саразут.

Цавæр  хъуыдыйады уæнгтæ уыдзысты æмхуызон уæнгтæ?

(Дзырдтæ æрдзы тыххæй,  кæнæ Æрыдоны тыххæй, кæнæ скъолайы тыххæй

Зæгъæм: дидинæг  калын, парктæ, аив, дидинджытæ,  уынгтæ, бæлæстæ, хæрзæфснайд.    

        Рауайдзæн сæ хъуыдыйадта:  

        Уалдзæджы Æрыдоны уынгты æмæ паркты ракалынц дидинджытæ æмæ бæлæстæ. Хæрзæфснайд æмæ аив  уынгтæ   адæмы зæрдæтæ барухс кæнынц.

    -Чиныгимæ куыст. 72 фарс. Къордтæй куыст.  

Хæслæвæрд:Лæвæрд райдайæн æмæ кæронмæ гæсгæ текст баххæст кæнын.

Дзырдтæ спайда кæнынæн:арс,хуыкком,æнæхъæн зымæг;радзырдта,æхсæртæ,мæра;уызын,хуынкъ,зокъотæ,дыргътæ;тæрхъус йæ хъус аныхта,хъуын ивын,миты хуызæн урс,ничи фендзæн.

 -Скъоладзаутæ дзурынц æмбисæндтæ райгуырæн бæстæйы тыххæй.

1-аг скъоладзау. Йæ райгуырæн бæстæйы чи нæ уарзы,уый царды ад нæ зоны.

2-аг скъоладзау. Дæттæ иууылдæр радзырдта,Æрыдон та ферох кодта.

3-аг скъоладзау.Райгуырæн бæстæ адджын у.

4-ам скъоладзау.Хи хуыккомы мыст дæр хъæбатыр у.

Сæ мидисыл æрдзурын.

Сбæттын сæ чысыл райгуырæн бæстæ – Æрыдонимæ (Ахуыргæнæг).  

         -Уыци-уыци бакæсæм. Ссарæм дзы хъуыдыйад  æмхуызон уæнгтимæ. Æрхæцæн нысæнттæ раст сæвæрут.

Ахуырганаг:-Уæдæ,сывæллæттæ,алы адæймагæн дæр ис йæхи райгуырæн бæстæ.Сымахæн уæ чысыл райгуырæн бæстæ у  горат  Æрыдон. Уарзут æмæ йæ хъахъхъæнут!

-Тестытыл куыст.

-Синквеинта  кæнын.

1-аг вариант  æвзары дзырд ДЫМГǼ

1.Фæлмæн,тыхджын.

2.Хъазы,дымы,ниуы.

3.Уд дæтты кæцыдæр дидинджытæн.

4.Цард.

2-аг вариант æвзары дзырдбаст  ЦǼУГǼДОН  ÆРЫДОН

1.Абухгæ,сыгъдæг.

2.Кæлы,æвзары,гуыры.

3.Цæугæдон ис Цагат Ирыстоны.

4.Кæсæгтæ.

Хатдзæгтæ кæнын.

-Цы базыдтам абоны урочы?

-Нæ ныхасы мидаг нæ цæмæн хъæуынц хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ?

-Куысты хуызтæй уæ зæрдæмæ тынгдæр кæцы фæцыд? Цæмæй?

-Цы уыд иумæйагæй уыцы куыстыты?

Скъоладзаутæ сæ куыстæн бæрæггæнæнтæ æвæрынц.

Хæдзæрмæ куыст раттын. Æрхъуыды кæнын æмæ ныффыссын фондз хъуыдыйады æмхуызон уæнгтимæ.

 

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Хъуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысан æмæ интонацимæ гæсгæ(открытый урок)

Хъуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысан æмæ интонацимæ гæсгæ(открытый урок)...

Хуымæтæг хъуыдыйад.

Урок- обобщение...

Тема урока "Хъуыдыйад.Мадæлон æвзаг - æвзæгты сæр "

Конспект урока по осетинскому языку...

Архацан нысантта хуыматаг хъуыдыйады.

1.Ныффидар канын архацан нысантта аварыны агъдаутта хуыматаг хъуыдыйады.2.Сфалхат канын хъуыдыйады амхуызон уангта,иуганаг дзырдта,баварга дзырдта,сиданта.3.Гуырын канын цымыдисдзинад мадалон авзаджы ...

Конспект урока "Кӕронбӕттӕн урок хъуыдыйады уӕнгтӕй"

План - конспект открытого урока "Кӕронбӕттӕн урок хъуыдыйады уӕнгтӕй"...

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 8-æм къласы Урочы темæ: « Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ»

Рацыд æрмæг хъуыдыйады уæнгтæй зæрдыл æрлæууын кæнын; хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ныхасы рæстыл бакусын.Уарзондзинады æнкъарæнтæ взæрын кæнын Райгуырæн бæстæмæ, ирон...