"Волк и журавль" К.Хетагуров 5 класс
учебно-методический материал (5 класс)
План - конспект открытого урока. Тема: "Жадность". По мотивам басни Коста Хетагурова "Волк и журавль".
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
birag_ama_hrihupp.docx | 23.05 КБ |
birag_ama_hrihupp.pptx | 1.35 МБ |
Предварительный просмотр:
Урочы темæ: «Зыд лæг æмæ зыд бирæгъæй уæлдай нæй».
(Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп» - мæ гæсгæ)
Урочы нысантæ:
- Басняйы тыххæй зонындзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын.
- Къостайы царды сæйрагдæр хабæрттæ сфæлхат кæнын.
- Басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп» равзарын, райхалын ын йæ зондамынд.
- Æрдзурын адæймадж æппæрццаг æмæ æвæрццаг миниуджытыл.
- Скъоладзауты ахуыр кæнын хи хъуыдытæ раст дзурыныл, хатдзæгтæ кæныныл, аив дзурын æмæ кæсыныл.
Урочы фæлгонц: компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, 6 алыхуызон худы.
Урочы хуыз: Ног æрмæг бафидар кæныны урок.
Урочы цыд:
① Бацæттæгæнæн рæстæг.
② Хæдзармæ куыст бафæрсын
③ Мотиваци. Урочы темæйыл куыст.
( Фæйнæгыл Эзоп, Лафантен æмæ Крыловы портреттæ)
---Чи сты ацы адæм? Цы сæм ис иудзинадæй?
( Фыстой баснятæ)
---Уæдæ абон цæуыл дзурдзыстæм?
(Басняйыл)
--- Цы у басня?
(Фæсномыг мидис кæмæн ис, ахæм къаннæг прозæйæ кæнæ æмдзæвгæтæй фыст уацмыс)
---Чи вæййынц басняйы архайджытæ?
( фылдæр хатт цæрæгойтæ, æнæуд предметтæ дæр вæййы)
--- Баснятæ фыст цæуынц адæмон сфæлдыстады бындурыл, æмбисæндты бындурыл, æмæ уымæ гæсгæ сты æнцонæмбарæн æмæ зæрдæмæдзæугæ. Крылов дæр уымæн загъта:
«Æмбисæндтæ æмбарынц сывæллæттæ дæр æмæ ас адæймæгтæ дæр».
--- Ирон литературæмæ фыццаг чи бахаста басняйы жанр?
(Хетæгкаты Къоста)
---Зæрдыл æрлæууын кæнæм Къостайы царды хабæрттæ:
1.Кæд æмæ кæм райгуырд?
2.Кæмыты ахуыр кодта?
3.Йæ сæйраг чиныг куыд хуыйны?
4.Кæм ныгæд у æмæ кæд нысан кæнæм Къостайы мысæн бон?
---Басняйы вæййы мораль. Уый та цы у?
(зондамынд)
---Басняйы кæм вæййы?
(Йæ райдайæны кæнæ йæ кæрон)
---Уæдæ ма мын зæгъут, басня «Бирæгъ æмæ хърихъуппы» зондамынд кæм ис?
(райдайæны)
«Алчи зыдгæнæджы бирæгъ фæхоны».
--- Куыд æй æмбарут?
--- Цавæр æмбисæндтæ ма зонут зыды тыххæй?
«Зыд лæг æмæ зыд бирæгъæй уæлдай нæй».
«Зыд лæг алцæуыл дæр зыд кæны».
«Зыд лæгæн зыд лæвæрд ис».
«Зыд лæгæн йæ комдзаг йæ хъуыры бадаг у».
④ Басняйæн анализ скæнын, текстыл æнцойгæнгæйæ.
--- Ныр та сбæрæг кæнæм, басня куыд бамбæрстат, уый. Бакусæм къордты.
(Метод «6 худы». Кълас дих цæуы 6 къордыл. Алкæцы къорд дæр æвзары иу худ , ахуыргæнæг сæ уары, кæнæ хæлттæ æппарынц. Худты алы хуызæн дæр ис йæхи хæс
Урс –иууыл нейтралон. Ацы къорды уæнгтæ архайынц æрмæстдæр фæкттæй.
Бур – хъæлдзæг, позитивон. Ацы къорды архайджытæ агурынц æрмæстдæр хорздзинад.
Сау – негативон, агурынц æппæрццаг бынæттæ
Сырх – эмоцитæ, хъуыдытæ, æнкъарæнтæ. Ацы къорд дзуры æрмæстдæр, цавæр æнкъарæнтæ æвзæрын кæны фарста, æнæ хатдзæгтæй.
Кæрдæгхуыз – сфæлдыстадон, креативон. Ацы къорд проблемайы аскъуыдздзаг кæнынæн ног фæндæгтæ агуры.
Цъæх - уый дæр нейтралон, хатдзæгтæ, аргъ кæнын.
Сывæллæттæ сæ худты хуызмæ гæсгæ сæхи æрцæттæ кæнынц уыцы хаххыл хъуыды кæнынмæ.)
Ахуыргæнæг айуæрста худтæ æмæ сын радта хæслæвæрдтæ:
Урс - рольтæм гæсгæ бакæсын басня
Бур – радзурын, хорзæй цы ис басняйы
Сау - радзурын, æвзæрæй цы ис басняйы
Сырх – цавæ æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта басня? Уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?
Кæрдæгхуыз – абон актуалон у ацы басня æвæ нæ?
Цъæх – цавæр зондамынд ис басняйы?
(алы къорд дæр дзуапп дæтты)
---Басняйæн анализ скодтам, ныр та равзарæм бирæгъ æмæ хърихъуппы фæлгæнцтæ.
(къордтæ сæ худтæ ивынц æмæ сын ахуыргæнæг дæтты ног хæслæвæрдтæ)
Урс – сыфыл дзырдтæ фыст (зыд, фæлмæнзæрдæ, сæрæн, æдзæсгом, уæздан, тугдзых, æнæгъдау). Ссарын бирæгъ æмæ хърихъуппы миниуджытæ æмæ сæ хицæн къордтæй ныффыссын.
Бур - ссарын хорз миниуджытæ бирæгъмæ.
Сау – ссарын æвзæр миниуджытæ хърихъуппмæ.
Сырх – цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодтой бирæгъ æмæ хърихъупп?
Кæрдæгхуыз – рацаразын басня, æндæр кæрон ын æрхъуыды кæнын.
Цъæх – жюри, аргъ кæнынц къордты дзуæппытæн.
⑤ Рефлекси.
--- Цавæр хатдзæгтæ скодтат уæхицæн ацы урочы?
--- Уæ зæрдæмæ фæцыд урок? Цæмæй?
⑥ Хæдзармæ куыст.
Хетæгкаты Къостайы баснятæ «Хъазтæ», «Халон æмæ рувас», «Булкъ æмæ мыд» бакæсын.
Предварительный просмотр:
Подписи к слайдам:
Эзоп Жан де Лафонтен И. А. Крылов
Басня у , фæсномыг мидис кæм ис , ахæм прозæйæ кæнæ æмдзæвгæйæ фыст къаннæг уацмыс .
Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста Ирон аив литературæйы бындурæвæрæг
Хетæгкаты Къоста басня „ Бирæгъ æмæ хърихъупп “ „Алчи зыдгæнæджы бирæгъ фæхоны ”.
Æмбисæндтæ зыды тыххæй . „ Бирæйæ бирæгъ дæр не ´ фсæды ”. „ Зыд лæгæй зыд куыдз хуыздæр у”. „ Зыд лæг æмæ зыд бирæгъæй уæлдай нæй ”. „ Зыд лæгæн йæ комдзаг йæ хъуыры бадаг у”.
„ Худ – хъуыды æргомгæнæг . ” Ацы методы автор у зындгонд психолог æмæ фыссæг Эдвард де Боно . Факттæ Æвæрццаг Æппæрццаг Æнкъарæнтæ Ногдзинад Хатдзæгтæ
1. Урс – рольтæм гæсгæ бакæсын басня . 2. Бур – з æ гъын , хорзæй цы ис басняйы . 3. Сау – з æ гъын , æ пп æ рццаг æ й цы ис басняйы . 4. Сырх – цавæр æнкъарæнтæ у æ м сæвзæрын кодта басня, уæ зæрдæмæ фæцыд ? Цæмæй ? 5. Кæрдæгхуыз – абон актуалон у ацы басня æвæ нæ ? 6. Цъæх – цавæр зондамынд дзы ис ?
Урс – сыфыл дзырдтæ фыст ( зыд , фæлмæнзæрдæ , сæрæн , æдзæсгом , тугдзых …) . Ссарын бирæгъ æмæ хърихъуппы миниуджытæ æ вдис æ г дзырдт æ . 2. Бур – ссарын хорз миниуджытæ бирæгъмæ . 3. Сау – ссарын фауинаг миниуджытæ хърихъуппмæ . 4. Сырх – цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодтой бирæгъ æмæ хърихъупп ? 5. Кæрдæгхуыз – рацаразын басня, æндæр кæрон ын æрхъуыды кæнын . 6. Цъæх – жюри, аргъ скæнын алы къорды дзуаппæн дæр .
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Методическая разработка урока литературы в 5 классе по теме «Басни. И. А Крылов: "Звери мои за меня говорят". Басня "Волк на псарне"».
Урок литературы в 5 классе по программе Г.И. Беленького.Тема урока: «Басни. И. А Крылов. "Звери мои за меня говорят". Басня "Волк на псарне"».Цели: познакомить с биографией И. Крылова,...
Пеннак "Глаз волка" (Урок внеклассного чтения в 6 классе)
Урок внеклассного чтения...
План-конспект урока по литературе" Басни И.А.Крылова" Волк и ягнёнок"и "Волк на псарне".
План-конспект урока по литературе " Басни И.А.Крылова " Волк и ягнёнок" и " Волк на псарне"....
И. А Крылов "Волк и Ягненок", "Волк на псарне".
Урок по литературе в 5 классе не первый в серии уроков по творчеству Крылова. На первом уроке дети познакомились с жизнью и творчеством великого баснописца. Узнали, что такое басня, мораль, аллегория....
Презентация к уроку литературы "Отражение исторических событий 1812 года в басне И. А. Крылова "Волк на псарне" 5 класс
Заключительный урок в 5 классе побасням И. А. Крылова. Включает в себя викторину по изученным ранее басням...
урок литературы в 5 классе "Басни И.А. Крылова «Волк и Ягненок», «Волк на псарне»
урок разработан в рамках курсов "Проектирование современного урока русского языка и литературы в аспекте требований ФГОС: цели, задачи и критерии оценки» ...