Къоста æмæ нывкæнынад.
план-конспект урока (7 класс)

1) Къоста-нывгæнæджы тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын;

2) сывæллæтты сфæлдыстадон куысты æмæ хъуыдыкæнынады райрæзтыл бакусын;

3) ныхасы рæзтыл бакусын: ивгъуыд афоны мивдисджыты цæсгомон формæтæй раст пайда кæнын;

4) аивадмæ, нывкæнынадмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл konkursnyy_urok.docx24.85 КБ
Файл kosta-hudozhnik.pptx1.49 МБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ: Къоста æмæ нывкæнынад.

Урочы нысан: 1) Къоста-нывгæнæджы тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын;

2) сывæллæтты сфæлдыстадон куысты æмæ хъуыдыкæнынады райрæзтыл бакусын;

3) ныхасы рæзтыл бакусын: ивгъуыд афоны мивдисджыты цæсгомон формæтæй раст пайда кæнын;

4) аивадмæ, нывкæнынадмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын.

Урочы æрмæг: презентаци, пазлтæ, пульттæ, карточкæтæ.

Урочы цыд:

1. Мотивацион уавæр.

(Скъоладзауты раз стъолыл ис сыфтæ, кърандæстæ, алыхуызон мелта)

- Æркæсут-ма уæ разы цы предметтæ ис, уыдонмæ æмæ зæгъут, абон нæ урочы темæ цæимæ баст уыдзæн.

(Нывкæнынадимæ)

-  Раст зæгъут. Æмæ- ма æвзалыйы къæрттытæ цæмæ ис нæ стъолтыл? Куыд баст сты нывкæнынадимæ? (-Къоста сывæллонæй ныв кодта æвзалыйæ дуртыл). -Тынг раст. Уæдæ абон мах сараздзыстæм Къостайы нывтыл афæлгæст.

2. Лексикон зарядкæ.

Фæйнæгыл ис хъуыдыйадты райдиан, сæ кæрæттæ та сæмхæццæ сты. Ссарæм-ма сæ.

1. Къоста сабийæ…

…Къостамæ нывгæнæджы курдиат раргом кодта йæ ахуыргæнæг В.И. Смирнов.

2. 1871 азы ахуыр кодта…

…Бетъырбухы Аивæдты академийы.

3. Стъараполы гимназы…

…дуртыл кодта цæрæгойты нывтæ.

4. 1881 азы Къоста ахуыр кæнын райдыдта…

… адæмы мысинæгтæм гæсгæ.

5. Къоста йæ мады ныв скодта…

…Стъараполы гимназы.

Хорз бакуыстат. Ныр та-ма базонут, цавæр нывы кой кæндзынæн

  • Ацы ныв фыст кæд æрцыд, уый бæлвырд нæу.
  • Уым æвдыст æрцыд хæххон сылгоймаджы уæззау куыст.
  • Нывы ис пейзаж дæр æмæ фæлгонцтæ дæр.
  • Ам нывгæнæг равдыста сылгоймаг- мады сурæт, сабидуджы мысинæгтæ.
  • Ныртæккæ ныв ис Тугъанты Махарбеджы номыл аивæдты музейы.

-Базыдтат цавæр нывы кой кæнын? Тынг раст! Уый у йæ ныв «Дон хæссынмæ».

-Чи зоны, Къоста доны был бадгæйæ, дуртыл нывтæ аразгæйæ, арæх уыдта, дон хæссынмæ чи цыди, уыцы сылгоймæгты дæр, уæд йæ зæрдæ агуырдта мады хъæбысы хъарм, мады рæвдыд æмæ узæлд.

Уыцы нывтæй иу у «Дон хæссынмæ»

3. Текстыл куыст.

Мæнæ-ма фæйнæгмæ бакæсут. Ам ис текст, фæлæ дзы цухгонд æрцыдысты мивдисджытæ. Баххæст-ма йæ кæнæм. Ис нын æрмæг спайда кæнынæн.

Къостамæ нывгæнæджы курдиат сбæрæг кодта Стъараполы гимназы В.И. Смирнов. 1881 азы Къоста бацыд Бетъырбухы Аивæдты академимæ. Ам ахуыр кодтой Серов æмæ Врубель дæр. Къоста арæх цыди Эрмитажмæ, ахуыр кодта дунейы зындгонд нывгæнджыты куыстытыл.

Зæгъут-ма, цавæр жанрты ныв кодта Къоста? ( портретон, цардыуагон, пейзажон, станкон, фрескон, декоративон æмæ аивгæнæн жанрты).

Ныр-та иучысыл нæ фæллад дæр суадзæм.

Уæ разы стъолыл ис хуызджын конверттæ. Фенут-ма, сæ мидæг та цы ис, цымæ. Уæдæ-ма  сæ сæмбырд кæнут æмæ зæгъут,  цы уын дзы рауад.

Къостайы нывтæ:

1. «Дурсæттæг сабитæ»

2. «Зикъарайы æфцæг»

3. «Æрдзон хид»

4. «Цæлыккаты Аннæйы портрет»

5. « Аннæ Поповæйы портрет»

6. «Хъыггæнæг зæд»

Мæнæ ацы къам та ам цымæ цæмæ гæсгæ ис? (Алагиры аргъуан)

Нæ зæрдыл æрлæууын кодтам Къостайы конд нывтæ. Нырта къæйттæй бакусæм. Кæмæ цы ныв æрхауд, уый дзурдзæн пъланмæ гæсгæ йæ нывы тыххæй :

Пълан.

1. Сæргонд.

2. Жанр.

3. Нывы темæ, фæлгонцтæ.

4. Тест.

-Тынг хорз бакуыстат! Ныр-та сбæрæг кæнæм нæ зонындзинæдтæ тесты руаджы. Æххуыс та нын кæндзысты нæ пульттæ. Уæ разы фæйнæгыл хицæн слайдыл æвдисдзынæн фæрстытæ, сымах та хъуамæ раст дзуапп равзарат.

Райсут уæ пульттæ æмæ райдайæм.

1. Къоста уыди:

А) ахуыргæнæг, рухстауæг

Б) поэт, нывгæнæг

В) актер, режиссер

2. 1881 азы Къоста ахуыр кодта:

А) Дзæуджыхъæуы прогимназийы

Б) Стъараполы гимназы

В) Бетъырбухы аивæдты академийы

3. Къостамæ нывгæнæджы курдиат раргом кодта:

А) В.И. Смирнов

Б) Я.М. Неверов

В) йæ фыд

 4. Профессионалон станкон хуызфыссынады жанрмæ хауы ныв:

А) «Дон хæссынмæ»

Б) «Дурсæттæг сабитæ»

В) «Зикъарайы æфцæг»

5. Ныртæккæ Къостайы нывты оригиналтæ сты:

А)  Нары хъæуы музейы

Б)  Дзæуджыхъæуы Къостайы хæдзар-музейы

В) Тугъанты Махарбеджы номыл аивæдты музейы

Тынг хорз сарæхстыстут тестимæ. Иууылдæр раст дзуæппытæ раттат.

Къоста курдиатджын нывгæнæг уæвгæйæ, равдыста йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ, йæ миддуне йæ аивадон фæлгонцты руаджы. Йæ нывкæнынад хуымæтæг адæмæн æхцондзинадхæссæг куыд у, афтæ у скъола æрыгон фæлтæрты нывгæнджытæн. Байхъусæм-ма, уыцы фæлтæрты минæвæрттæй иу – нырыккон ирон нывгæнæг Айларты Владимиры фæдзæхстмæ.

(Видеоæрмæг)

Тынг хорз ныхæстæ загъта Владимир.

5. Рефлекси.

Мæсыг саразын.

6. Хæдзармæ куыст: проект саразын.


Предварительный просмотр:


Подписи к слайдам:

Слайд 2

1. Къоста сабийæ … … Къостамæ нывгæнæджы курдиат раргом кодта йæ ахуыргæнæг В.И. Смирнов. 2. 1871 азы ахуыр кодта… … Бетъырбухы Аивæдты академийы . 3. Стъараполы гимназы… … дуртыл кодта цæрæгойты нывтæ . 4. 1881 азы Къоста ахуыр кæнын райдыдта… … адæмы мысинæгтæм гæсгæ . 5. Къоста йæ мады ныв скодта… … Стъараполы гимназы .

Слайд 3

«Дон хæссынмæ »

Слайд 4

Къостамæ нывгæнæджы курдиат _________ Стъараполы гимназы В.И. Смирнов. 1881 азы Къоста ______ Бетъырбухы Аивæдты академимæ . Ам __________ Серов æмæ Врубель дæр . Къоста арæх _____ Эрмитажмæ , _______ дунейы зындгонд нывгæнджыты куыстытыл . цыди , сб æ рæг кодта , ахуыр кодтой , бацыд , ахуыр кодта

Слайд 12

1. Къоста уыди : А) ахуыргæнæг , рухстауæг Æ ) поэт, нывгæнæг Б) актер, режиссер 2. 1881 азы Къоста ахуыр кодта : А) Дзæуджыхъæуы прогимназийы Æ ) Стъараполы гимназы Б) Бетъырбухы аивæдты академийы

Слайд 13

3. Къостамæ нывгæнæджы курдиат раргом кодта : А) В.И. Смирнов Æ ) Я.М. Неверов Б ) йæ фыд 4. Профессионалон станкон хуызфыссынады жанрмæ хауы ныв: А) «Дон хæссынмæ » Æ ) « Дурсæттæг сабитæ » Б) « Зикъарайы æфцæг »

Слайд 14

5. Ныртæккæ Къостайы нывты оригиналтæ сты : А) Нары хъæуы музейы Æ ) Дзæуджыхъæуы Къостайы хæдзар-музейы Б) Тугъанты Махарбеджы номыл аивæдты музейы

Слайд 15

Хæдзармæ куыст : проект саразын .


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ХЕТАГКАТЫ КЪОСТА. СФАЛДЫСТАД.

1. Чи уыд ирон авзагы бындуравараг:А. Мамсыраты ТемырболатÆ. Хетагкаты КъостаБ. Коцойты Арсен 2. Ка дама кам райгуырд Хетагкаты Къоста:А. 1855 азы Ганисы хъауыÆ. 1859 азы Нары хъауыБ. 1872 азы Дж...

Литературон – музыкалон композици. «Нæртон хъæбул –ирон гени – Къоста!»

Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ  æвзæрын  кæнын  цымыдис æмæ уарзондзинад.[[{"type":"media","view_mode":"media_large","fid":"7082448","attributes":{"alt":"","class":"media-imag...

"КЪОСТА - НЫВГÆНÆГ"

       Чысыл адæмтæ уæлдай амондджындæр æмæ тæхудиагдæр уæд вæййынц, æмæ се`хсæнæй куы рацæуынц номдзыд лæгтæ. Мах, ирон адæм , хайджын фестæм уыцы амондæй. Иры зæххыл райгу...

Къоста- нывгæнæг, « Дурсæтджытæ»-йæ æххæстдæр æмæ хуыздæр нывтæй иу.

Открытый урок по  осетинской литературе. Работа над картиной Коста  Левановича Хетагурова  « Дурсæтджытæ»...

Открытый урок по осетинской литературе в 5 классе на тему "Къоста -Ирыстоны хур"

Данный урок по осетинской литературе был проведен на День Рождение основоположника осетинской литературы К.Л.Хетагурова....

Балц нывкæнынады дунемæ.

Технологическая карта урока в 5 классе дифференцированных групп....

Темæ: Нырыккон нывкæнынад.

Урочы  нысантæ.1. Мырты растдзурынадыл куыст.2.  Æнæзонгæ  дзырдты  мидис  хъуыдыйæдты  мидæг  бæрæг кæныныл фæлтæрын.3.  Текстмæ байхъусыны фæстæ йын йæ мидисæ...