Темæ: «Зондджын сæрæй архайы, æдылы та- тыхæй».(Хетæгкаты Къостайы аргъау «Лæскъдзæрæн»-мæ гæсгæ).
план-конспект урока (5 класс)

Лариса Таймуразовна Баширова

План урока по сказке Коста Хетагурова.

Скачать:


Предварительный просмотр:

                                       Технологон  картæ ирон литературæйы  урокмæ 5-æм къласы

Темæ«Зондджын сæрæй архайы, æдылы та- тыхæй».(Хетæгкаты Къостайы аргъау «Лæскъдзæрæн»-мæ гæсгæ).

Ахуыргæнæг: Башираты Ларисæ Таймуразы чызг.

Урочы  нысантæ

Скъоладзауты базонгæ кæнын Хетæгкаты Къостайы уацмысимæ; Къоста адæмон сфæлдыстадмæ цы цæстæй каст, ууыл æрдзурын; скъоладзауты ахуыр кæнын аив дзурын æмæ кæсыныл; фыссæджы сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын.

Урочы хуыз

Ног æрмæгыл кусыны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: аргъæутты тыххæй зонындзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын; аргъауæн анализ скæнын, сбæрæг кæнын уацмысы сæйраг хъуыды. Метапредметон: уацмысы персонажты архайдæн æмæ ныхасæн аргъ кæнын; хи хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын.

Удгоймагон: æрдзурын адæймаджы æппæрццаг æмæ æвæрццаг миниуджытыл.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон æмæ къордты куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер,  презентацион æрмæг, чингуытæ, тетрæдтæ,карточкатæ, дзырдуæттæ.

                                                                           

                                                                                                                                             Урчы эпиграф:

                                                                                                          «Де ’взаг дæ хъама куы уа, дæ мæсыг – дæ сæр,

                                                                                                           дæ бæркад – дæ къухтæ, уæд ма цæмæй  мæгуыр дæ?!»

                                                                                                                                                                Быгъуылты  Къола

                                                                  Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Организацион хай

- Уæ бонтæ хорз, мæ зынаргъ хæлæрттæ. Мæ зæрдæ дарын, абон кæрæдзийы кæй бамбардзыстæм, ууыл.

Cалам дæттынц.

Удгоймагон:

(æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ)

Мотиваци.

-Æрбакæсут ма фæйнæгмæ æмæ зæгъут, кæй уынут нывы?

- Уæдæ абон нæ урочы темæ цавæр персонажтимæ баст уыдзæн?

- Нæ урочы темæ у: «Зондджын сӕрӕй архайы, ӕдылы та – тыхӕй».   (Хетӕгкаты Къостайы аргъау  «Лӕскъдзӕрӕн»-мӕ гӕсгӕ)

-Уæйыг æмæ фыййауы.

(скъоладзауты конд нывтæ)

-Уæйыг æмæ фыййауимæ.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын)

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

-Абоны урокмӕ уын уыдис хӕслӕвӕрд, адӕмон сфӕлдыстады уӕйыгыл хуымӕтӕг адӕм кӕм фӕуӕлахиз вӕййынц зондӕй, ахӕм уацмыстӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кæнын.

   - Куыд ӕвдыст цӕуы ацы уацмысты уӕйыг?

- Цӕй ‘руаджы  йыл  фӕуӕлахиз вӕййынц иннӕ хъайтартӕ?

- Куыд уӕм кӕсы, царды дӕр зонд тыхыл фӕуӕлахиз вӕййы?

- Зæрдыл æрлæууын кæнæм Къостайы царды хабæрттæ:  (слайд)

1. Кæд æмæ кæм райгуырд  Къоста?

2. Чи йæ схаста, уыцы сылгоймаг цы хуындис?

3. Йæ сæйраг чиныг куыд хуыйны?

4.Цы бæрæг кæны ацы нысан 01.04.1906 аз.

- Хетӕгкаты Къоста стыр аргъ кодта

адӕмон сфӕлдыстадӕн.

Фольклоры мотивтӕ ӕмӕ сюжеттӕм

гӕсгӕ ныффыста диссаджы

уацмыстӕ: «Фсати», «Уӕлмӕрдты»,

«Хетӕг». Ирон адӕмон сфӕлдыстады

бындурыл фыст у «Лӕскъдзӕрӕн»

дӕр. Ардасенты Х. фыста:  «Къоста

ирон аргъӕутты хуыздӕр хъуыдытӕ

йӕ поэтикон куыройы ӕрыссадта

ӕмӕ сын сӕ цъӕмӕл асыгъдӕг кодта,

сӕ хъаймагъ сын райста.

«Лӕскъдзӕрӕн» рауадис диссаджы

уацмыс, дунейы хуыздӕр поэтикон

уацмыстимӕ ӕрӕвӕрӕн кӕмӕн ис,

ахӕм».

-Цавӕр у йӕ жанрмӕ гӕсгӕ уацмыс?

-«Ӕртӕ ‘фсымӕры иунӕг хо», «Батрадз æмæ сохъхъыр уæйыг Æфсæроны фырт Алæф», «Батрадз æмæ Хъулонзачъе уæйыг»…

-Гуымиры, ӕнӕзонд, фыдынд

-Зонды 'руаджы.

-Царды дӕр зондджын адӕймаг фӕуӕлахиз вӕййы тыхджындӕрыл йӕ зонды фӕрцы.

Скъоладзаута дæттынц дзуапп.

-Литературон аргъау, уымӕн ӕмӕ йӕ автор бӕрӕг у.

Зонадон:

(рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын; зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ)

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Ног æрмæгыл куыст.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

 Уацмыс бакӕсыны размӕ ӕмбӕлы

дзырдуатон – фразеологион куыст

бакӕнын.(Презентацион

ӕрмӕг)

Лӕскъдзӕрӕн – ӕххуырст фыййау.

Дзырд «лӕскъ» амоны лыстӕг фос.

Лӕскъдзӕрӕн фыййауӕн – иу йӕ

мыздмӕ лӕвӕрдтой, цы фос хызта,

уыдонӕй хай.            

Нывыл – куыд ӕмбӕлы, афтӕ.             

Ахӕтын – ам: балцы, стӕры цӕуын.               

Кӕфой – лыстӕг уистӕй быд

хӕдзары дзаума.             

Терк-Турчы бӕстӕ – ӕнӕбӕрӕг

бӕстӕ адӕмон сфӕлдыстады.                             

Ме 'ртӕлӕт – мӕ пайда, мӕ фосы

конд.

Сӕ сӕр мӕ дзырдтӕн – сӕ

райдайӕн, сӕ нысан.           

Загъдӕмхаст – йӕ маст тыхӕй чи уыромы, ахӕм адӕймаг.

Дзырд кӕддӕриддӕр дзырд сайы –

дзырд къахы.

 (Аив бакӕсын уацмысы текст ӕнӕхъӕнӕй. Кӕсгӕ –кӕсын хъӕлӕсы уагӕй бӕрӕг кӕны лӕскъдзӕрӕг ӕмӕ уӕйыджы ныхӕстӕ. Касты фӕстӕ сбӕрӕг кӕнын, скъоладзаутӕ аргъауы мидис куыд бамбӕрстой, уый).

 Беседæ.

   - Цӕмӕн схуыдта Къоста йӕ уацмыс аргъау?

(слайд)

Адӕмон аргъӕутты райдайӕн.

Къостайы аргъауы райдайӕн

Адӕмон аргъӕутты кӕрон

 Къостайы  аргъӕуы кӕрон:

  (Абарӕн ма сӕ ис, уырыссаг адӕмон аргъӕуттимӕ).

- Чи сты Къостайы аргъауы сæйраг архайджытæ?

- Цавæр домӕнтӕ ӕрӕвӕрдта уӕйыг лӕскъдзӕрӕджы раз, цӕмӕй йӕ ма ауадза, уый тыххӕй?

 - Куыд ӕмӕ цавӕр уавӕрты царди лӕскъдзӕрӕг уӕйыгмӕ?

       - Цавӕр ӕмбисӕндтӕ зонут зонды тыххӕй? (Равзарын урочы темӕ ӕмӕ эпиграф). (слайд)

(Диолог цы у, уый зæрдыл æрлæууын кæнын).

- Уӕйыджы фӕрстытӕ, ирон адӕмон сфӕлдыстады цавӕр хуызмӕ хауынц?

Скъоладзаутæ  æмбарын кæнынц, цы дзырдты нысаниуджытæ зонынц, уыдон. Фыссынц сæ сæ дзырдуæтты.

 

  -Къоста йæ уацмыс «Лӕскъдзӕрӕн» схуыдта аргъау уымӕн, ӕмӕ дзы ис, аргъӕутты арӕх чи ӕмбӕлы, ахӕм персонаж-уӕйыг. Йӕ райдайӕн ӕмӕ кӕрон дӕр сты адӕмон аргъӕутты традицион хуызы.

-  Раджыма – раджыма цардис лӕг ӕмӕ ус…

 -  Раджы уӕйыгмӕ лӕскъдзӕрӕн

Иу мӕгуыр лӕг цард.

 - Уыдоны ӕрцыдмӕ дзӕбӕх ӕмӕ ӕнӕнизӕй цӕрут.

- Уымӕй ӕз куыд дӕн ӕнӕ хай,

Афтӕ мын ды дӕр

Адӕмы хӕрзтӕй хуыздӕрӕй  Се ‘рцыдмӕ фӕцӕр!

-Лæскъдзæрæн æмæ уæйыг.

Скъоладзауты дзуаппытæ.

Скъоладзаутæ кæсынц уæйыг æмæ лæскъдзæрæджы диолог.

-Уыци –уыцитӕ.

Зонадон:

( ног зонындзинæдтæ райсын; хъæугæ информаци тексты ссарын; хи хъуыдытæ раст фæткыл равæрын)

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Удгоймагон:

(æнкъарын  адæмон сфæлдыстады ахадындзинад ирон литературæйы )

Метопредметон:

(уырыссаг адæмон аргъæуттæй дæнцæгтæ æрхæссын.

Улæфæн рæстæг

Ацы схемæйы  нымӕцтӕ алфавитмӕ гӕсгӕ дамгъӕтӕй баив. (слайд)

30

10

26

2

5

16

1

26

39

17

21

25

26

1

Хъазт:«Чи тагъддæр».

Удгоймагон:

(баулæфын)

Ног зонындзинæдтæ  фидар кæнын.

   Абаргӕ характеристикӕтӕ саразын.

Чиныгимӕ куыст.

-Ныр та бакусæм къордты.

(Æртæ къордыл дих кæны ахуыргæнæг скъоладзауты.  Дæтты сæм карточкатæ хæслæвæрдимæ. Сбæрæг кæнын , куыд бамбæрстой тексты бæлвырд бынæттæ) (слайд)

          1-аг къорд.

  1. «Хорз фыййау дзӕгъӕл нӕ уагъта

  Иу дӕ  нӕл фыстӕй».

  1. « - Кӕд цыппар фырты

          Афӕдзӕн йӕ куыст ӕрвитынц,-

           Базон – ма сӕ ды!»

           2-аг къорд.

  1. «- Фондз фырты мӕн дӕр

Хизынц хин ӕмӕ кӕлӕнӕй,-

Чи сӕ у хуыздӕр?»

  1. «Мысты уӕныл ма ӕрлӕууыд

Даредзанты хъӕу!»

3-аг къорд. (Лӕмӕгъдӕр скъоладзаутӕн)

Ӕрхъуыды кӕнын дзырдтӕ: аргъау, фыййау, уӕйыг –имӕ хъуыдыйӕдтӕ.

(Уӕйыг ӕмӕ лӕскъдзӕрӕджы фӕлгонцтӕ равзарынӕн, скъоладзаутӕн феххуыс уыдзысты Джыккайты Мураты  конд иллюстрацитӕ).

Дыууӕ цӕджындзӕй ныффыссын уӕйыг ӕмӕ лӕскъдзӕрӕджы абаргӕ характеристикӕтӕ.

- Цы хуызы ӕвдыст цӕуы уӕйыг уацмысы?

(Тексты ссарын ӕмӕ бакӕсын уӕйыджы портреты ӕрфыст. Сурӕт.)

- Лӕскъдзӕрӕджы та нын куыд равдыста автор?

- Куыд уӕм кӕсы, цымӕ фыссӕг та йӕ персонажтӕм йӕхӕдӕг цы цӕстӕнгас дары?

  -  Иу хатт ма рольтӕм гӕсгӕ бакӕсӕм  аргъауы текст. Сбӕрӕг кӕнӕм уацмысы сӕйраг хъуыды.

- Цавæр адæмы равдыста Къоста йæ уацмысы?

-Цавӕр у аргъауы  сӕйраг хъуыды?

   Ацы  урочы ӕмбӕлы раттын зонындзинӕдтӕ литературӕйы теорийӕ дӕр. Аргъауы текстыл ӕнцой кӕнгӕйӕ бамбарын кӕнын барӕн ӕмӕ гиперболӕ.

 

Къордтæ кусынц цалдæр минуты, стæй сæ карточкаты цы ныффысстой, уый кæсынц (иу скъоладзау).

 -Уӕйыг у гуымиры, тызмӕг, гуыбындзӕл, хиппӕлой. Архайы хин ӕмӕ кӕлӕнӕй. Фӕлӕ цыбырзонд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ састы бынаты баззайы. Йе ‘взӕрдзинӕдтӕ йӕхиуыл ӕрцӕуынц.

-  Лӕскъдзӕрӕг у кусаг, зынтӕн фӕразон,зондджын, дзырдарӕхст. Кӕд

уӕйыг тыхджын у, уӕддӕр дзы нӕ тӕрсы, нӕ йын бары. Уӕйыджы алы дзырдӕн дӕр дзуапп ссары.

 -  Фыссӕг уарзон цӕстӕй кӕсы мӕгуыр, кусаг фыййаумӕ. Цин кӕны, уӕйыгыл фыййауы ӕлгъыст куы ӕрцӕуы, уӕд.

(Ссарын уыцы бынӕттӕ тексты ӕмӕ сӕ бакӕсын).

  -Ӕндӕр аргъ кӕны автор уӕйыгӕн. Ӕвдисы йӕ адӕмы ӕфхӕрӕгӕй, зыд ӕмӕ кӕрӕфӕй, хиппӕлой ӕмӕ расыггӕнагӕй.

 (Текстӕй бафидар кӕнын дзуапп).

- Къоста, уӕйыджы фӕлгонцы ӕвдисы, мӕгуыр адӕмы фӕллойӕ чи цӕры,ахӕм хуыскъастӕу, фыдзӕрдӕ адӕймаджы, фыййауы сурӕты та – цыргъзонд, куыстуарзаг, хӕларзӕрдӕ, фӕлӕ мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕймаджы.

 - Зондджын, хæларзæрдæ æмæ куыстуарзаг адæймаг, кæддæриддæр  уæлахиз  уыдзæнис.

Зонадон: 

(зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын, иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

Зонадон:(чиныджы æрмæгимæ кусынмæ  арæхсын)

Удгоймагон:(хорз æмæ æвзæр æвзарын)

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

- Аргъау уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд? Цӕмӕй?

 - Цы базыдтат ногӕй ацы урочы?

 - Хи куыд дарын хъӕуы царды?

     

Скъоладзауты дзуаппытæ.

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Хатдзæгтæ скæнын.

Скъоладзауты куыстӕн аргъ скӕнын. Арфӕ сын ракӕнын.

Сæ хъуыдытæ дзурынц

Удгоймагон: (æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайдтытæй къухы цы бафтыд, уый сбæрæг кæнын).

Хæдзармæ куыст

  1. Сахуыр кæнын аргъау «Лæскъдзæрæн»-аив кæсын.
  2. Ссарын тексты æмбисæндтæ æмæ сæ тетрадмæ  рафыссын.
  3. Пълан саразын .

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Хетæгкаты Къостайы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг

Не верь, что я забыл родные наши горы,Густой, безоблачный, глубокий небосвод, Твои задумчиво-мечтательные взорыИ бедный наш аул, и бедный наш народ.Нет, друг мой, никогда! Чем тягостней изгнанье,Чем д...

Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»

Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»...

Доклад Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ «Къостайы нывгæнæджы курдиат».

Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ....

Темæ: «Хорзгæнæг хорз ары?»-Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ гæсгæ

1. Басняйы текст равзарын.           2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын. 3. Æрдзурын, æгъдау, æфсарм, уæздандзинад адæймаджы фæзминаг миниуджытыл нымад кæй с...

«Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы...» (Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас»-мæ гæсгæ).

Урок литературы по произведению К. Хетагурова "Ворона и лисица"...