Темæ:«Мæгуырæн-хъæмпæй лыстæн, хъæздыгæн-дарийæ хуыссæн» (Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Мæгуыры зарæг»-мæгæсгæ).
план-конспект урока (5 класс)

Битарова Диана Ильинична

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 5-æмкъласы

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл tehn.karta_mag._zarda.docx40.71 КБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 5-æмкъласы

Темæ:«Мæгуырæн-хъæмпæй лыстæн, хъæздыгæн-дарийæ хуыссæн» (Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Мæгуыры зарæг»-мæгæсгæ).

Ахуыргæнæджы куысты   нысантæ

1.Ахуырдзауты фӕлтӕрын хъуыды кӕныныл, хи хъуыдытӕ дзурыныл, хибарӕй хатдзӕгтӕ кӕныныл.

2.Равзарын æмдзæвгæйы социалон фæрстытæ.

3.Литературон уацмысы фӕрцы скъоладзауты миддуне сыгъдӕгдӕр, хъӕздыгдӕр кӕнын.

4.Ахуырдзауты дзургæ ныхасы рæзтыл бакусын.

5. Ахуырдзаутæм хъомыл кæнын адæймагæн аргъ кæныны миниуджытæ алыхуызон методикон мадзæлтты фæрцы.

Урочы хуыз

Ног æрмæг амоныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон:абарсты тыххæй зонындзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын.

Антитезæ бацамонын.

Æмдзæвгæйæн анализ скæнын

Метапредметон: уацмысы персонажты архайдæн æмæ ныхасæн аргъ кæнын;  хи хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын.

Удгоймагон:  æрдзурын адæймаджы æппæрццаг æмæ æвæрццаг миниуджытыл.

Ахуыр кæнын адæймагæн аргъ кæныны миниуджытыл.

Гуырын кæнын ахуырдзаутæм цымыдисдзинад нæ историмæ, нæ фыдæлты цардмæ

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн метод, индивидуалон, къордгай куыст,проектон метод.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ.

Урочы эпиграф:

Хъал цы нæ кæны, мæгуыр цы нæ бары.

Æмбисонд

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалонахуырадонархайд (УАА)

Бацæттæгæнæн хай.

Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын

Ног темæйыл куыст.

Мотиваци.

(скъоладзаутæ сæхæдæг ссардтой, ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у, ахæм æрмæг

Къордты куыст

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

Къордты куыст

Ног æрмæг

Æрмæгбафидаркæнын.

Рефлекси.

Хæдзармæкуыст

.

Хетæгкаты Къостайы цард, сфæлдыстадыл афæлгæст ерысы хуызы (Кълас дихгонд цæуы дыууæ къордыл).

  1.Кæд æмæ кæм райгуырди Хетæгкаты Къоста?

 2.Чи уыды сты йæ ныййарджытæ?

3.Чи схъомыл кодта Къостайы?

4.Кæм ныгæдис Къоста?

5.Ранымайут,Къоста сывæллæттæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдон.

6.Цавæр æмдзæвгæтæй ист сты ацы рæнхъытæ:

Алы куыстæн – рад.
Дзидзидайæн – мад.
Хорз фыййауæн – фос;
Бирæ фосæн – хос.

Кæй фырт дæ?
– Толайы.
– Кæм уыдтæ?
– Скъолайы,
Алы бон дæр дзы вæййын.

Дзуры «Къостайы кадæг»-æй скъуыддзаг. Дзырд дзы цæуы Бериты Захийы тыххæй:

-Æрвылбон Къоста уыд та Захийы хуызæтты цард. Йæхæдæг мæгуыр хæдзарæй нæуыд. Йæ фыд Леуан куыста Дзæуджыхъæуы милицæйы. Хæдзары –иу арæх нæ уыд.Уыд кадджын, нымад адæймаг адæмы ‘хсæн. Нармæ-иу куы ‘рцыд, уæд-иу æм адæм цыдысты зонд фæрсынмæ, уынаффæмæ. Къостайы куы ласта Дзæуджыхъæумæ ахуырмæ, уæд федта, Захи та йæ зæххы гæппæлыл кæй ныггуыбыр… Кæсы Къоста æмæ дзурыйæ фыдмæ:

- Баба, цы куыст кæны, цы уæззау куыст кæны Захи».

Леуан йæ хъуыдыты дард ацыд, стæй зæгъы:

-Лæппу, бæллæх уый мидæг ис ,æмæ йæ афæдзы мызд уыдзæн иу хоры кæфой…

Къостайы зæрдæ фыртæригъæдæй ныррызт.

-Зæгъут-ма, ацы скъуыддзаг цæуыл дзуры?

-Раст зæгъыс, æмæ абон нæ урочы  мах дæр ууыл ныхас кæндзыстæм. (Равдисын фæйнæгыл темæ, бамбарын кæнын æмбисонд.

Ахуыргæнæджы разныхас мæгуыр адæмы зын æмæ æвадат царды тыххæй ивгъуыд заман.

Аив бакæсы æмдзæвгæ.

Æмдзæвгæйы анализ фæрстытæм гæсгæ:

-Кæмæ хауы дзырд «адæмæн»?

-Кæмæ хауы дзырд «махæн» та?

Хæс:

-Иутæ фыссынц хъæздгуыты цардæвдисæг рæнхъытæ, иннæтæ та–мæгуырты цардæвдисæг рæнхъытæ.

-Куыд уынæм, афтæмæй поэт абарста дыууæ хуызы царды. Ам Къоста спайда кодта литературон мадзал абарстæй. Цы хонæм абарст?Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут

-Æмæ мА ноджы спайда кодта аивадон мадзал антитезæйæ.

Хæс:

Æмбисæндты чиныгæй иутæ рафыссынц хъæздгуыты тыххæй æмбисæндтæ, иннæтæ та – мæгуырты тыххæй .

-Цымæ адæм ахæм уавæры цæмæн сты? Магуса сты æви кусын нæ зонынц?

-Раст зæгъыс, урочы райдиан уынцы скъуыддзаг радзырдтон «Къостайы кадæг»-æй, уым Бериты Захийæхицæнцызæххыгæппæлкуыста, уымæйбирæ хор сисæннæуыд. Ахæмзæххыхæйттæ-иутыхджынкъæвдатæдæррахсадтой. Зымæгон та –иусæзæйфæласта, æмæ та-иууалдзæгногæйтæсчъызæхххæссынхъуыд. Афтæмæй-иуæнæхъæнафæдзыкуыстиумæйы фаг дæр не сси.

Фарст:

-Зæгъут-ма, куыдмаиссхонæнацыамдзæвгæ?

Æзуындарддæррадзурдзынæн « Къостайыкадæг»-æйКъостаæмæЛеуаныныхас:

-КъостайызæрдæЗахийытæригъæдæйфæрыст, бирæхъуыдытæфегуырдйæсæрыæмæсабыргай ,ризгæхъæлæсæйсдзырдта:

Адæмæнсæрæсугъдуæттæ

Хъармæй, райдзастæйлæууынц.

Махæн та нæсывæллæттæ

Уазаллæгæттыкæуынц…

- Лæппу, уыйзаргæкуыкæныс, заргæ, фæлæдæзарæгхуызæнцымарауад. Æвæдза, хъарæг, гъеуый у нæзарæг,- загътаЛеуанйæфыртæн.

Чи зоны, сывæллæттæ, ацызарæгафтæрайгуырд.

Предметтыхсæнбастдзинад.

ИнтерактивонфæйнæгылравдисынН.А.Некрасовыæмдзæвгæ «У людей-то в дому-чистота, лепота».

Хæс.

-Бацамонут, цыисиумæйагæйæмæцæмæйхицæнкæнынцацыдыууææмдзæвгæйы.

Абонæзбазыдтон…

Абон урок уыдцымыдисаг…

Уыдисзын…

Æзæххæсткодтонхæслæвæрдтæ…

Мæ бон баци…

Тынгбадискодтон…

Хæдзарырадзурдзынæн…

Бæрæггæнæнтæсæвæрын

1.Æмдзæвгæ найзустьсахуыркæнын.

2.Æмдæвгæмæ нывтæскæнын.

Дзуапп: «Гино», «Скъолайылæппу», «Фыдуаг», «Кæмæн цы», «Уасæг», «Лæгау», «Дзывылдар», «Зæрватыкк», «Цъиу æмæ сывæллæттæ».

-«Кæмæн цы».

«Скъолайы лæппу»

Дзуапп:

-Мæгуыр Захи кусы, фæлæ йæ куыст цæрыны фаг нæу.

Дзырдуатон куыст бакæнынц, сæ тетрæдтæм сæ фыссынц.

Хæлынбыттыр- летучая мышь;

Куырой-мельница.

Кæфой-лыстæг уисæй быд кæхцгонд. Сыгъдæг дзы кодтой хор.

Кæсынц строфагай æмдзæвгæ.

-Хъæздгуытæм.

-Мæгуыр адæммæ.

Дзуаппытæ:

-Адæмæн-рæсугъд уæттæ, чындзхонты хъазт хæхтæ, къæдзæхтæ хæссы, цары –цæхджын фыдтæ, сæ фæззæджы куыст не ссы афæдзмæ куырой.

-Махæн-уазал лæгæттæ, нæ гæдыйы уаст мардыл кæуæгау хъуысы, хæлынбыттыртæ цары ахстæттæ кæнынц, нæ афæдзы мызд -хоры кæфой.

Дзуапп:

-Иу предмет  æндæр предметимæ барст куы æрцæуы.

Фыссынц сæ тетрæдты.

Антитезæ у ахæм аивадон мадзал, цаутæ кæнæ архайд аивадон уацмысы ныхмæвæрды хуызы æвдыст куы фæцæуынц.

Дзуаппытæ:

1-аг къорд

Мæгуыр лæгæн йæ хуым йæ кæрцы бын фæци.

Мæгуырæн мæйрухс – йæ цырагъ.

Мæгуыры гæды уынджы зилы.

2-аг къорд

Бонджыны фат дардмæ хауы.

Хъæздыджы тона – мæгуырæй.

Иу хъæздыг хæрзгæнæг у, иннæ- фыдгæнæг.

Хъæздыг мæгуыры нæ хаты.

-Хъæздгуытæ хуыздæр зæххытæ сæхи бакодтой.

Дзуапп:

-«Мæгуыры хъарæг».

Кæсынцæмдзæвгæ:

У людей-то в дому чистота, лепота,

А у нас-то в дому — теснота, духота.

У людей-то для щей — с солонинкою чан,

А у нас-то во щах — таракан, таракан!

У людей кумовья — ребятишек дарят,

А у нас кумовья — наш же хлеб приедят!

У людей на уме — погуторить с кумой,

А у нас на уме — не пойти бы с сумой?

Кабы так нам зажить, чтобы свет удивить:

Чтобы деньги в мошне, чтобы рожь на гумне;

Чтоб шлея в бубенцах, расписная дуга,

Чтоб сукно на плечах, не посконь-дерюга;

Чтоб не хуже других нам почет от людей,

Поп в гостях у больших, у детей — грамотей;

Чтобы дети в дому — словно пчелы в меду,

А хозяйка в дому — как малинка в саду.

Дзуапп:

-Дыууææмдзæвгæйыдæрæвдыстцæуымæгуырадæмытыхстцардныхмæвæрдыхуызы.ХетæгкатыКъостадæрæмæ  Н.А. Некрасов дæрæмхуызонæвдисынцадæмыхъизæмайрагцард.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Хетæгкаты Къостайы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг

Не верь, что я забыл родные наши горы,Густой, безоблачный, глубокий небосвод, Твои задумчиво-мечтательные взорыИ бедный наш аул, и бедный наш народ.Нет, друг мой, никогда! Чем тягостней изгнанье,Чем д...

Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»

Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»...

Доклад Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ «Къостайы нывгæнæджы курдиат».

Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ....

Темæ: «Хорзгæнæг хорз ары?»-Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ гæсгæ

1. Басняйы текст равзарын.           2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын. 3. Æрдзурын, æгъдау, æфсарм, уæздандзинад адæймаджы фæзминаг миниуджытыл нымад кæй с...

«Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы...» (Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас»-мæ гæсгæ).

Урок литературы по произведению К. Хетагурова "Ворона и лисица"...