Познавательная игра для учащихся 5-6 классов
методическая разработка (5 класс) на тему

Игра-соревнование состоит из грамматичеких заданий. В материале много познавательных моментов, есть задания на развитие речи, орфографической грамотности.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл gram_khazty_talmats_botsity_a.v.docx30.95 КБ

Предварительный просмотр:

АХУЫР КЁНЫН – ЦАРДЁН ПАЙДА

(Зондамонён хъазт)

(5-10 кълёсты)

Мадзалы нысан: мадёлон ёвзагмё, ирон ёвзаджы уроктём уарзондзинад, цымыдисдзинад гуырын кёнын, ныхасы культурёйы иумёйаг рёзынад уёрёх кёнын.

Къласы фёлынд: фёйнёгыл мадёлон ёвзагыл цитатётё, нывтё ахуырады темёйыл, карточкё хицён ран, стъолтё бёрёг бынаты вёрд бандёттимё, ирон грамматикон хъёзтыты чингуыты равдыст.

Хъазты цыд

1.Бацёуён хай.

Сывёллёттён хъазты темё ёмё нысантё бамбарын кёнын, радзурын куысты хуызтё.

1 АМОНЁГ:. Адёймагён йё райгуырдёй суанг йё зёры бонтём йё цард ёнгом баст у йё мадёлон ёвзагимё. Саби дзурын дёр нёма фёзоны, афтёмёй йё мадёй фехъусы авдёны зард, йё дадайё аргъёуттё ёмё тёмёссёгтё. Уыдон та, кёй зёгъын ёй хъёуы, ёвзаг аразынц. Куы байрёзём, уёд скъола, училище, институтмё ахуырмё бацёуём, ёмё нё денджызы бёрц дзырдтё, фурды йас ныхёстё ахёссынц. Ёмё базонём, нырмё цы нё зыдтам, уыдон, уыцы егъау фурды фёрцы: куыд цардысты ёмё куыд хъуыды кодтой нё фыдёлтё, уёдё нё фёстё цы фёдонтё цёрдзысты 50,100 азы фёстё, уыдонимё дёр нын ахъаз фёуыдзысты уыцы фурды уылёнтё кёрёдзи ёмбарынён! Ёмё утёппёт диссёгтё гёнён ис дзырды фёрцы, дзырдтё та аразынц ёвзаг. Уёдё ма ахъуыды кёнут ёмё зёгъут: цы у, цымё, у дзырд? (скъоладзаутё дзуапп раттыныл архайынц)

2 амонёг: – Йемё уёдё Владимир Иванович Даль, уырыссаг филолог, егъау дзырдуатаразёг тё афтё зёгъы: дзырд у ахём диссаджы фёрёз, адёймагён йё хъуыдытё зёгъынён ёмё йе ‘нкъарёнтё равдисынён  ахъаз чи у: дзурынмё, ёдзонд ёмзёлгё мыртёй ныхас аразынмё арёхсын».  Ёмё абон мах дёр ёдзонд, ёмбаргё ныхас аразыныл архайдзыстём ёмё нё рёсугъд мадёлон ёвзаг сгардзырдзыстём.  Фёлё уал нё 2 командёйы равзарын хъёуы (хъуыды кёнынц сё нёмттыл)

1 амонёг: Разы дён. Абон архайджытё сёхи фёлвардзысты цымыдисаг хёслёвёрдты. Куыд кусдзысты, уымён та аргъ кёндзён нё жюрийы къорд. Уыдон сты:    ________________ ________ ___________________________

 ________________________________________________________________.

 Ёмё уал уын фыццаг чысыл хинёйдзаг фалтёрён;

Конкурсон  программё

Фёлтёрён (разминка)

1. Цы ис сагён разёй, рувасён та фёсте? («с»)

2. Куыд ис ранымайын къуырийы 5 боны афтё, нёдёр сын сё ном зёгъ, нёдёр сё нымёц?(Ёндёрёбон, знон, абон, райсом, иннёбон)

3. Ёхсёв ёмё бон цы иу кёны? (ёмё)

4. Раст куыд ёмбёлы зёгъын: дё бон хорз, уё бонтё хорз, дё бонтё хорз, уё бон хорз???

5. Цавёр дзырд у ёрмёстдёр дёу, афтёмёй йё иннётё та дёуёй арёхдёр дзурынц? (дё ном)

6. Цавёр дзырды хай ис ссарён зёххы бын? (уидаг)

7. Куыд и уымён гёнён, ёмё «уат иу у, афтёмёй дзы дыууиссёдзёй фылдёр цёрынц»? (дамгъёуат)

2 амонёг:- Цёй уёдё уёхи афёлтёрдтат, ныр нё программё дёр райдайём!

1 ерыс  (фёйнёгыл дзырдтё 2 цёджындзёй)

- Сёвёрын дзырдты цавд.

1ц-дж

                                                                   2ц-дж

Ёгас

цёуай

бирёгъ

зыгъарёг

дысон-бонмё

уыдтё

агурёг

фёзылдтён

ныртёккё

хёрдзынён

бауай

ёрбайсёфай

абон-райсом

сихормё

1 амонёг: -2 ерыс: ёмбисёндтё.

- Ёз уын дзурдзынён ёмбисондён йё фыццаг хай, сымах та йын хъуамё йё кёрон ссарат уё карточкётыл, чи  раздёр ссара, уыцы командё рамбылдта.

1. Бон цёуы,…                                            ёмё бёззай лёгён.

2. Цы байтауай,…                                        уёд къуымых кёны.

3. ёвзаг куы нё змёла,…                           Хуыцауы хорзёх.

4. Зондамонёгмё хъус,…                           уый ёркёрддзынё.

5.Дзыхы хорзёх,…                                      ёмё фарн йемё хёссы.                                  

 2 амонёг: -3 ерыс –фразеологизмтё

Базонут фразеологизм йё синонимон дзырд кёнё дзырдбастёй:

  1. Алкёуыл ёрвёссы
  2. Фёнадтой йё
  3. Кёуы
  4. Мёгуыр у
  5. Хъёр кёны
  6. Фесёфт
  7. Фётарст
  8. Мёт кёны
  9. Сёдзёсгом
  10. Сардыдта

1 амонёг: Ныр та ирхёфсён 4 ерыс -Хинёйдзаг уыци-уыцитё. Иуёй-иу дзырдтён ис сё халдихтё, фёлё сын ёппындёр иумёйагёй нйцы ис. Ёмё нын ахём дзырдтё, сё ном  бирёнысанон, баххуыс кёндзысты.

-Цавёр чырыны нёй мард сёвёрён?

-Цавёр машинёйыл нёй ацёуён?

-Цавёр цёст нё уыны?

-Цавёр кърантёй нё кёлы дон?

-Цавёр литературон жанрён ис лёджы ном?

-Цавёр сёр нё рисы?

-Цавёр къахыл нёй дзабыр скёнён?

-Цавёр комы нёй дёндёгтё?

-Цавёр ёвзагыл нёй дзурён?

-Бёласыл цавёр сыф нё фендзынё?

-Цавёр хос нё хёры фос?

2 амонёг: Дарддёр 5 ерыс: ныхмёвёрд дзырдтё(антонимтё) Уа размё уынут карточкётыл миногонтё. Хъуамё сын сё ныхмё ныффыссат, цы ёмбёлы, уыцы къёйттё, ёцёг ёмуидаг куд нё уой, афтё.

Райдзаст-

Зёронд-

Ёмраст-

Уёззау-

Салд-

Рынчын-

Ёнёфсис-

Дзаг-

Расыг-

Уёрёх-

Фётён-

Ныллёг-

Хъёрёй-

Ирд-

Уёзбын-

Даргъ-

Мёллёг-

Чъизи-

Сёрён-

Зылын-

Лёгъз-

Нарёг

1 амонёг: Ёмё та 6 ерыс – нё уарзон ёмбисёндтё:

-Ёз уын дзурдзынён алы адёмыхёттыты ёмбисёндтё, сымах та сём дёнцёг нёхи ёмбисёндтёй хъуамё сарёхсат ёрхёссын.

1. Дагестайнаг- Талфтулф адёймагён зонд нё фаг кёны(Рёуёгсёрён рёузонд ис)

2. Киргизаг- Сабырдзёугёйё тагъд бахёццё уыдзынё, кафгёйё та бафёллайдзынё (Тагъд дон фурды не ййафы)

3. Таджикаг - Уарди ёнё сындзытёй никуы ничи федта, фёллой та ёнё фыдёбонёй (Кусгё чи нё кёны, уый хёргё дёр нё кёны, Кёсаг куы уарзай, уёд донёй ма тёрс)

4.Украинаг - Зёрондмё цёргё дёр кён ,зёрондмё ахуыр дёр кён (Ёрвылбон зондёй чи нё рёзы, уый йе дылы нё хаты. Фылдёр зоны бирё чи фёцард , уый нё,фёлё бирё чи федта)

5.Удмуртаг - Дзырд фат нёу, фёлё зёрдё цёвы (Хорз ныхыс сёрд у, ёвзёр-зымёг)

6.Малазиаг -  Хуыд фёдё, уёд ёндах аскъуын (Туас кём аныхса, уым судзин нал хъёуы)

7.Уырыссаг - Иунёг быдыры тохгёнёг нёу (Иу бёлас хъёд нёма у)

2 амонёг:  7 ерыс: ссарын уёлдай дзырд:

  1. Куыст, рувён, дзаума, кёрдын, быдыр, мёкъуыл, холлаг, кусёг.
  2. Махмё, уый, адон, ды, иннётё, знон, уыдон, ацы, чидёр, алы.
  3. Хойын, курын, мёт кёнын, ёфснайын, ёхсад, луарын, фыссын.
  4. Уымён ёмё, цёмёй, фёлё, ёмё, нал, куы уёд, куыддёр, кёнё.

1 амонёг:   8  ерыс –  рёнхъытё баххёст кёнут:

                                     Хур судзы –уырыдзы хёрынён …..

                                     Чи хъёдёй рёгъёдёй сырх мёнёргъ ….

                                     Чи халсарёй кёмтты ёргъёмттё…..

                                     Ёхсёрёй, хуыскъёлёй кём цёуынц ….

2 амонёг: Ёмё нё фёстаг 9 ерыс – историон хёслёвёрд. Баивут рагон ирон ныхёстё абоны дзырдтёй:

     

        1.Дёларм, арм, дёлфад, фад, армыдзаг, гёбёт.

        2.Камари, разкъёртт, ёрчъитё, куырёт, уёлдзарм, хёрдог, хъусцёг.

  3.Къёбёр(дзул), цымгё(хъёрмхуыпп), сир(кас), басгёрдёг(петрушкё), амёнтгё(ёнхъизён).

 

 Нё ерыс-хъазт кёронмё ёрхёццё. Ёнхъёл стём, ёмё уё зёрдёмё фёцыд, базыдтат ма ног истытё уё мадёлон ёвзаджы тыххёй. Ныр бар дёттём жюрийы уёнгтён. Цалынмё хатдзёг кёнынц, уёдмё ма уын зёгъон цалдёр ныстуаны. Уё зёрдыл ёдзухдёр дарут: дзырд хосгёнёг куыд, афтё зёрдё риссын дёр кёны. Дзырдёй баузёлён дёр ис, ёмё хъыджы бацёуын дёр;  дзырд зёгъыны размё-иу кёддёриддёр  хъуыды акёнут. Фёливён ныхас цы ракъахы, уый ма рох кёнут; цёстмёхъус ныхас та фыдбылыз хёссы, уый уын Къоста фёдзёхсы.

Ныр хъусём хатдзёгтём. Табуафси! (Жюри дзуры бынётты хыгъд.

Амонджытё уёлахиздзаутён лёвёрттё дёттынц)

- Хёрзбон, ёмё та нё иннё фембёлдмё!


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Грамоте учиться - всегда пригодиться Познавательная игра для учащихся 6-7 классов

Цель : привить любовь к великому русскому языку , повысить общую языковую культуру , развить интерес к русскому языку как учебному предмету.Ученики делятся на две команды , или играет весь класс. Веду...

Интеллектуально-познавательная игра для учащихся 5-6 классов

Интеллетуально-познавательная игра  развивает познавательные способности учащихся, интерес к познанию окружающего мира.Помогает создать каждому ученику условия для проявления способностей, интелл...

Михаил Ломоносов (Познавательная игра для учащихся 5-6 классов)

Михаил Ломоносов(Познавательная игра для учащихся 5-6 классов)...

Внеклассное мероприятие "Познавательная игра для учащихся 9-10 классов "Химическое ассорти"

АннотацияАктуальность темы.«Жизнь-череда химических реакций»,- как бы такое утверждение не казалось чрезмерным, оно четко показывает, насколько значима роль химии в современном мире. Дети, обуча...

Познавательная игра для учащихся 3-4 классов по теме «Году литературы посвящается»

Дорогие ребята! 2015 год объявлен президентом РФ В. В. Путиным Годом литературы. - А как вы понимаете слово ЛИТЕРАТУРА? - Сегодня мы с вами узнаем, как появилась литература, какой долгий пут...

Внеклассное мероприятие по русскому языку в 7 классе. «Играй и учись!» (познавательная игра для учащихся 7 классов по русскому языку).

Внеклассное мероприятие по русскому языку в 7 классе.«Играй и учись!»(познавательная игра для учащихся 7 классовпо русскому языку).Цель: в игровой форме привить учащимся интерес к изучению...

Познавательная игра для учащихся 5-6 классов "Михаил Ломоносов"

Познавательная игра для учащихся 5-6 классов "Михаил Ломоносов"...