Конспект урока
план-конспект урока (8 класс)

Тибилова Манана Александровна

технологическая карта урока

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл урок 8 класс32.45 КБ

Предварительный просмотр:

Муниципальное бюджетное общеобразовательное учреждение средняя

общеобразовательная школа №43

имени Героя Советского союза Юльева Александра Николаевича

Конспект открытого урока

по осетинской  литературе в 8 классе

Адæмон героикон зарæг. «Аслᴂнбеджы зарæг»

Урок разработала и провела  

учитель осетинского языка

и литературы

Тибилова Манана Александровна


Урочы  нысантæ.

1.   Героикон зарджыты бындур раргом кæнын.

2.   Бамбарын  кæнын адæмон сфæлдыстады хуызтæ.

3.   Гуырын кæнын цымыдисдзинад æмæ уарзондзинад нæ адæмон сфæлдыстадмæ, нæ историмæ, нæ хъæбатыртæм.

Урочы хуыз.

Урок беседæ.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын.

Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ æргом  кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

Карточкæтæ, презентации, интерактивон фæйнæг.

 

Урочы эпиграф:

                             «Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй,

йæ дзыхæй дзургæ сфæлдыстад ын куы нæ зонай, уæд»

 

 

М.Горький

 


Урочы структурæ

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

 Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

 

 «Аслᴂнбеджы зарæг»-æй скъуыддзаг сæвæрын.

 

 

Хъусынц зарæджы скъуыддзагмæ.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын), 

удгоймагон

(æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды)

 

 

Актуализаци

 

(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)

 

 

 

- Кæй номыл у зарæг?

- Йæ жанрмæ гæсгæ цавæр у?

-Уæдæ, сымахмæ гæсгæ, кæуыл ныхас кæндзыстæм  нæ абоны урочы?

-Сбæрæг - ма  кæнут нæ абоны урочы темæ.

- Цæмæн хонæм Аслᴂнбеджы  зарæг адæмон?

- Зындгонд уырыссаг фыссæг   М.Горький   дæр раст загъта «Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй,йæ дзыхæй дзургæ сфæлдыстад ын куы нæ зонай,уæд».

Дзуапп дæттынц фæрстытæн.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, класификаци; проблемон фарст æвæрын), æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды

(алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координации кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын),

 

удгоймагон

(æнкъарын ирон адæмон сфæлдыстады ахадындзинад нæ адæмы царды)

 

 

 

Урочы темæйыл куыст.

 

 

 

- Байхъусæм скъоладзаумæ. Уый нын бацæттæ кодта хъусынгæнинаг презентациимæ «Адæмон сфæлдыстады равзæрд æмæ йæ райрæзт».

 

Хатдзæг:

Нæ фыдæлтæ нын цы бынтæ ныууагътой, уыдон афтæ бирæ сты, æмæ се’ппæтæн фæнымæйæн нæй. Хъæздыг, æвидийгæ у ирон адæмон сфæлдыстад. Кæуылты сты Нарты кадджытæ, адæмон таурæгътæ æмæ æргъæуттæ, æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ. Уыдон сæвзæрдысты ирон æвзагыл. Мах хъуамæ уыдон бахъахъхъæнæм, нæ фыдæлтæ сæ куыд бахъахъхъæдтой, афтæ. Уый та ис бахъахъхъæнын æрмæстдæр æвзаджы фæрцы. Æвзаг куы нал уа, уæд фесæфдзысты уыцы æнæнымæц диссæгтæ дæр æмæ адæм  сæхæдæг дæр.

Æмæ мах, сæ кæстæртæ, сæ байзæддæгтæ, хъуамæ бахъахъхъæнæм уыцы хъæздыгдзинадтæ æмæ сæ дарддæр сыгъдæгæй хæццæ кæнæм.

 

Хъусынц æрмæгмæ æмæ кæсынц презентацимæ. (адæмон сфæлдыстады равзæрд æмæ йæ райрæзт)

 

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

 

коммуникативон

(хи хъуыдытæ æргом кæнын),

 

удгоймагон

(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын).

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

 

Къордты куыст:

- Уæдæ  нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, адæмон сфæлдыстады тыххæй цы зонæм, уый.

- Алы къордæн дæр йæ разы ис карточкæ хæслæвæрдисмæ. Æркæсут, ахъуыды кæнут æмæ дзуапп раттут.

1 къорд:

1.Ранымайут адæмон сфæлдыстады хуызтæ.

2.Чи уыдис Аслᴂнбег ?

3. Цæмæй бæрæг у Аслᴂнбег ирон адæмæн сæ хъæбатыртæй æппæты уарзондæр кæй уыдис ,уый?

 

2 къорд:

1.Зæгъут- ма ирон адæмæн æппæты уарзондæр чи уыдис  хъæбатыртæй? Цæмæн?

2. Аслᴂнбеджы æлдæрттæ куыд амардтой? Цæуыл дзурæг,у уый?

3. Аслᴂнбеджы миниуджытæй уæ зæрдæмæ цы фæцыдис?

 

 

Æххæст кæнынц хæслæвæрдтæ æмæ алы къорд дæр дзуапп дæтты.

 

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),

 коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын),

 

удгоймагон

(хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)..

 

 

 

Ног æрмæгыл куыст.

 

Раныхас:

- Æз  уæм хуымæтæджы нæ радтон ахæм фарст: цæмæй бæрæг у, Аслᴂнбег ирон адæмæн сæ уарзондæр хъæбатыртᴂй ик  кæй у, уый.

    Æлдæрттæ æмæ æддагон знæгты ныхмæ чи тох кодта, уыдон кæддæриддæр уыдысты фæллойгæнæг адæмæн сарибардзинады идеалтæ. Адæм сæ бирæ уарзтой, сæрыстыр сæ уыдысты. Сæ уарзондæр хъæбатыртыл-иу скодтой канд таурæгътæ нæ, фæлæ зарджытæ дæр. Ахæм ирон нæлгоймаг нæ уыдис æмæ зарын, хъырнын чи нæ уарзта. Хъæбатырты зарджытæ-иу ахæлиу сты комæй-коммæ, хъæуæй-хъæумæ, æппæт адæмæн-иу систы æмхуызон æмæ-иу сыл æрыгон лæппутæ, фæсивæд, ахуыр кодтой лæгдзинадыл, Фыдыбæстæ уарзыныл. Амыдтой сын се ᾽фхæрæг тыхгæнджыты раз сæрыстыр уæвын, адæймаджы,ирон лæджы сæры кад бæрзонд æмæ сыгъдæг дарын.

   Ирон адæм ахæм кады зарджытæ скодтой Кодзырты Т., Берозты Т., Тлаттаты Ч. æмæ иннæтыл.

    Ирыстоны ахæм адæймаг нæ разындзæн, хъᴂбатырты номæй сæрыстыр чи нæ у. Суанг ма ирон лæг фыр буцæн йæ фыртæн ратты адᴂмон хъᴂбатыры ном. Аслᴂнбег у нæ национ хъæбатыр. Уый тох самадта æлдæртты ныхмæ æмæ хъæбатырæй фæмард. Хъæбатыр лæджы номыл ис саразæн цыртдзæвæн, кæнæ мæсыг, цæмæй йæ ном ма ферох уа. Фæлæ рацæудзæн рæстæг æмæ цырты фыстытæ фесæфдзысты, гæнæн ис, æмæ акæла мæсыг. Фæлæ нæй амæлæн, фесæфæн, адæмы зæрдæйы цы цыртдзæвæн ис, уымæн – зарæгæн.

- Байхъуыстам скъуыддзагмæ, ныр- та æнæхъæнæй йæм байхъусут.

 

     - Аслᴂнбег ирон адæмæн у сæ кадджындæр хъæбатыртæй иу. Ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ литературæйы нæ ирон фысджытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ аздахынц се ᾽ргом хъᴂбатырты фæлгонцтᴂм.

 

Хъусынц ахуыргæнæджы раныхасмæ, стæй та зарæгмæ.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

  

 

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

 

коммуникативон

( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ),

 

удгоймагон

(мадæлон  æвзаджы аивдзинад;

Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын)

 

 

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.

- Ныр та бакæсæм зарæджы ныхæстæ.

 (кæсы йæхæдæг)

 

 Беседæ уацмысы мидисмæ гæсгæ.

 

1.     Цавæр ныхæстæй райдайы зарæг?

                                                                        

2.     Цæуыл дзурæг сты уыцы дзырдтæ?

                                                                    

3.     Цæмæй бæрæг у, зарæджы адæм Аслᴂнбеджы ᴂмᴂ йе фсымᴂрты  фарс кæй сты, уый?

 

 

 

 

4.     Йæхи куыд дары Аслᴂнбег мæгуыр адᴂмимæ?

 

 

5.     Æмæ уыцы эпизод куыдæй æвдыст цᴂуы зарᴂджы?

 

6.     Цавæр миниуджытæй ма хайджын у Аслᴂнбег?

 

7.     Куыд уæм кæсы, Аслæнбегᴂн  йæ царды сæйрагдæр нысан цы уыдис?

 

 

8.     Цы зᴂрдᴂ дарынц адᴂм Бᴂтᴂйы фырттᴂм?

 

 

9.     Бᴂтᴂйы фырттᴂ уᴂздᴂттыл нымад

уыдысты?

- «Уæздан»-куыд æмбарут ацы дзырд? Ирон авзаджы дзырд уæзданæн  цавæр нысаниуæг ис?

 

 

 

 

 

Дзуапп дæттынц чиныгæй пайдагæнгæйæ.

 

1-4 строфа кæсынц

 

адæмы уарзондзинадыл

 

Хъæлæсы уагæй,  зарæджы райдайæнæй .

 

Уæздан, хиуылхæцгæ. Кæд смæсты, уæддæр йæхи уромы, дзæгъæл схъиуд гæппытæ нæ кæны. Хистæртᴂм дзуры фæлмæнæй, уᴂзданᴂй.

 

Æгъдауджынæй

 

 

Тыхджын, кусаг, ныфсджын, фæразон, хиуылхæцгæ, хъæбатыр, уæззаузонд.

  

Сæрибармæ тырнындзинад.

 

Стыр аргъ сын кᴂнынц, нымайынц сᴂ,

 

Кад сын кᴂнынц. Уᴂздᴂтты тыххᴂй абырᴂджы цард равзᴂрстой.

 

Зонадон

(анализ, синтез, абарст; хъуыдытæ логикон æгъдауæй аразын æмæ бæлвырд кæнын; алыхуызон хъуыдытæ нымайын æмæ афтæмæй æмгуыст кæнын),

 

коммуникативон

(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

 

удгоймагон

(хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын)

 

 

Рефлекси.

 

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

 

Хатдзæгтæ скæнын.

- Куыд ис схонæн ацы миниудждытæ иу ныхасæй?

- Куыд уæм кæсы,ныртæккæ Аслᴂнбеджы зарæгæн мах царды исты ахадындзинад ис?

- Цæуыл нæ ахуыр кæны?

 

-Абон урокæн скæнæм хатдзæгтæ:

фыццаг зæгъдзынæн мæхæдæг.

 

1.Æфхæрд нæ ныббарын.

   - Абоны царды актуалон у?

Иуыл иумæ та сты…

 

-Абон мах байгом кодтам æнусы дуарттæ, срухс кодтам таурæгътæ æмæ зарджыты фæрцы нæ ивгъуыд замантæй иу  талынг къуым æмæ нæм уым фæзынд нæ уарзон хъæбатыр -Аслᴂнбег.

 

Синквейн.

1.Аслᴂнбег

2.хъæбатыр, уæздан

3.тох кæны,тырны,уарзы

4. Аслæнбег рᴂстдзинадыл тох кæны.

5. тохгæнæг

 

лæгдзинад 

   2.Æгаддзинад сæрмæ ма рхæссын.

3. Адæмы сæраппонд  дæ цард раттын.

 

лæгдзинады нысаниуджытæ.

 

Зонадон,

(архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын, архайдтытæ алгоритмæ гæсгæ кæнын),

 

коммуникативон

(хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын алыхуызон критеритæй пайда кæны; ахуырады æмгуыстдзинадæн фæтк аразын),

 

удгоймагон

(æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын).

 

 

Хæдзармæ куыст.

Зарæг бакæсын æмæ ныффыссын чысыл нывæцæн «Аслᴂнбег– ирон адæмы уарзон  хъæбатыр»

 

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

 

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

План - конспект урока в форме презентации в программе Power Point на немецком языке по теме " Немецкая пресса для подростков" и конспект урока в программе Word к УМК И.Л.Бим., Л.В.Садомовой " Шаги 5" для 9 класса.

Презентация конспекта урока на немецком языке  в программе Power Point по теме "Немецкая пресса для подростков" и конспект в программе  Word показывают некоторые приёмы работы по теме "СМИ" ...

ПЛАН-КОНСПЕКТ УРОКА План-конспект урока в 11 классе «Фотоэффект. Применение фотоэффекта.»

Урок с использованием  ЭОР. В изучении нового материала используется информационный модуль  "Фотоэффект" для базового уровня старшей школы.  В практический модуль входи...

План – конспект урока по физической культуре в 7 классе Тема: «Баскетбол. Ловля, передача и ведение мяча» План – конспект урока по физической культуре в 7 классе Тема: «Баскетбол. Ловля, передача и ведение мяча»

Цель урока: Развитие новых умений и навыков при игре в баскетбол, воспитание  дисциплинированности.Задачи урока: 1. Совершенствование  техники выполнения  передачи  мяча ...