Конспект урока "Арсы уазджытӕ"
план-конспект урока (5 класс) на тему

Цуциева Белла Георгиевна

Конспект урока

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл konstpekt_uroka_arsy_uazdzh.docx19.84 КБ

Предварительный просмотр:

5-ӕм къласы урок

«Хӕлардзинад ӕмӕ уӕздандзинад – царды фарн».

Темӕ:                   текст «Арсы уазджытӕ».

Грамматикон ӕрмӕг: миногон (фӕлхат).

Урочы нысантӕ: 1. Скъоладзауты базонгӕ кӕнын ног лексикӕимӕ; ныхасы мидӕг дзы спайда кӕнын; дзырдбӕстытӕ миногонтимӕ бакӕсын; тексты бындурыл скӕнын дзырдуатон куыст.

2. Диалогон ныхасы рӕзтыл бакусын.

3. Аив кӕсыны техникӕйыл бакусын.

4. Вазыгджын дзырдты арӕзты ӕгъдӕуттӕ фӕлхат кӕнын.

5. Тӕлмацы техникӕйыл бакусын.

Хъомыладон хӕс:  Рӕзын кӕнын сывӕллӕттӕм хӕлардзинад, уӕздандзинад ӕмӕ аудындзинад.

Урочы фӕлгонц: Фӕйнӕгыл фыст:  Урсзачъе зӕронд лӕг

                                                               Урс бӕхӕй ӕрхызт,  

                                                               Хӕхтӕ ӕмӕ фӕзты

                                                               Байтыдта йӕ хъызт.

                                           

                                                             Урс, хӕмпус ӕмӕ рӕсугъд

                                                             Хъармы донау кӕны дугъ.

                               Интерактивон фӕйнӕгыл ног дзырдтӕ: байтыдта, митфӕлдзӕгъдӕн, уады ӕхситт, хӕмпус, ихзӕгӕлтӕ, катай кӕны, стӕфсын, тӕригъӕддаг, уазалӕй ризы, дӕлфӕдтӕ, ӕнхъӕл нӕ уыди, уадтымыгъ.

Урочы рацарӕзт.

  1. Бацӕттӕгӕнӕн хай.
  2. Ахуыргӕнӕджы раныхас урочы темӕ ӕмӕ нысантыл.
  3. Хӕдз. куыст сбӕрӕг кӕнын (ӕмдзӕвгӕ зӕрдывӕрдӕй).
  4. Фонетикон куыст. Дзырдтӕ раст дзурын. Бакӕсын ӕмдзӕвгӕ. Бакусын поэтикон тексты мелодикӕйыл, радзурын, кӕй тыххӕй у ӕмдзӕвгӕ уый, ссарын орфограммӕтӕ. Цавд раст ӕвӕрыныл бакусын.
  5. Аидировани (Ахуыргӕнӕг кӕсы текст йӕхӕдӕг). Байхъусын текстмӕ ӕмӕ дзы ссарын дзырдбӕстытӕ. Раргом кӕнын ног дзырдтӕ. Тӕлмац кӕнын ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй.
  6. Дзырдуатон куыст. Ног дзырдтӕм раттын фӕрстытӕ, цавӕр ныхасы хӕйттӕ сты, уый равзарын.
  7. Диалогон ныхасы рӕзтыл куыст. Бакӕсын текст рольтӕм гӕсгӕ.
  8. Кӕронбӕттӕн хай. Хатдзӕгтӕ сканын. Хӕдз. куыст фӕнысан кӕнын.

Урочы цыд.

  1. Салам раттын. Сывӕллӕтты самидин кӕнын урокмӕ.
  2. Урочы нысанты тыххӕй зӕгъын.
  3. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын (дзурын ӕмдзӕвгӕ).
  4. Бакӕсын фӕйнӕгыл ног дзырдтӕ. Бамбарын кӕнын сӕ нысаниуӕг, раттын фӕрстытӕ, зӕгъын цавӕр ных. хӕйттӕ сты.

Хъызт – ацы дзырд цавӕр ӕмдзӕвгӕйы ӕмбӕлы? (ахуыр ӕй кодтой (Багаты Лади «Хъызт – нывгӕнӕг»). Иумӕ дзурынц ӕмдзӕвгӕ. Цавӕр ныхасы хай у? Саразут йемӕ дзырдбаст. Хъызт зымӕг – ныр та йӕм раттут фарст (цавӕр?). Ацы фарст цавӕр ныхасы хаймӕ дӕттӕм? (миногонмӕ). Ноджы-ма миногонмӕ цавӕр фарст дӕттӕм? (цыхуызӕн?). Цавӕр ныхасы хӕйттӕ-ма зонӕм?

  1. Бакӕсын ӕмдзӕвгӕ ӕмӕ уыци-уыци фӕйнӕгыл. Ссарын дзы миногонтӕ, кӕцытӕм ис раттӕн фарст цыхуызӕн? Уӕдӕ цӕй тыххӕй сты ацы поэтикон рӕнхъытӕ? Ӕрдзурӕм-ма ноджы зымӕджы миниуджытыл. Цавӕр хъӕзтытӕй хъӕздыг у зымӕг. Арбакӕсут фӕйнӕгмӕ ӕмӕ равзарут нывтӕм гӕсгӕ афӕдзы афонтӕ. (интерактивон фӕйнӕгыл нывтӕ: сывӕллӕттӕ ленк кӕнынц цӕугӕдоны, миткъуыбырӕй бырынц дзоныгътыл, ӕмбырд кӕнынц дыргътӕ). Кӕцы афӕдзы афон нӕй нывты? (Уалдзӕг).
  2. а) Бакӕсын ӕмдзӕвгӕ,  хъӕугӕ дзырдтӕ дзы бавӕрын.

Тар хъӕды ныр сырдтӕн

Раргом ис сӕ… (след) (фӕд)

Хъарм… (в берлоге) (лӕгӕты) арфдӕр

Бафынӕй нӕ … (арс)

Хъарм хуыкком агуры

Хинӕйдзаг … (рувас)

Хъызт … (от холода) (уазалӕй) ризы

Гыццыл урс … (тӕрхъус).

Ацы цӕрӕгойты иу ныхасӕй куыд хонӕм? (сырдтӕ).

б) Физминуткӕ.

  1. Ног ӕрмӕг.
  1. Аудировани.

- Сырдты кой акодтам. Уӕдӕ байхъусӕм аргъаумӕ «Арсы уазджытӕ». Ратӕлмац-ма йӕ кӕнут.

- Зӕгъут-ма уазджытӕ иууон нымӕцы та куыд уыдзӕн? (дзурынц). Арс та бирӕон нымӕцы куыд зӕгъдзыстӕм? (дзуапп дӕттынц).

- Сывӕллӕттӕ, аргъауы цӕуыл, кӕнӕ кӕй тыххӕй цӕудзӕн ныхас? (дзуапп дӕттынц).

Ахуыргӕнӕг кӕсы текст (скъоладзаутӕн хӕслӕвӕрд: текстӕй хицӕн кӕнын ног дзырдтӕ, тӕлмац кӕнын ахуыргӕнӕджы ӕххуыссӕй). Ног дзырдтӕм дӕттынц фӕрстытӕ, ссарын тексты дзырдбӕстытӕ.

  1. Дзырдуатон куыст.

Кӕсын текст ролтӕм гӕсгӕ. (Ахуыргӕнӕг йӕ хъус дары раст кӕсынад ӕмӕ интонацимӕ). Аргъауы кӕрон дӕттынц фӕрстытӕ тексты бындурыл, аразынц цыбыр пълан.

Зымӕг хъӕды.

Сырдты хъуыдытӕ.

Хӕлардзинад ӕмӕ Уадтымыгъ.

Сырдты уӕлахиз хъызтыл.

Уазӕгуаты скъоладзаутӕм.

  1. Фӕрстытӕ раттын текстмӕ.
  1. Цӕмӕн бамбӕхстысты сырдтӕ хуынчъыты? (Уазалӕй).
  2. Цы сфӕнд кодта тӕрхъус?
  3. Чи уӕздандӕр уыд, тӕрхъус ӕви арс?
  4. Уӕздандзинадай хӕлардзинадай кӕцы у сӕйрагдӕр?
  5. Уӕздан адӕймагӕй кадджын зӕгъӕн ис?
  6. Лӕггад кӕнын цӕй нысан у?
  7. Цавӕр уӕздан дзырдтӕ зонут? (Бузныг, дӕ хорзӕхӕй, табуафси, бахатыр кӕн, арфӕгонд у, арфӕ дын кӕнын ӕмӕ афтӕ дарддӕр).
  8. Уӕдӕ-ма цавӕр сырдты кой не скодтам абон? (дзурынц сырдты нӕмттӕ).
  9. Сырдтӕ цӕй руаджы фервӕзтысты уазалӕй? (Уӕздандзинад ӕмӕ хӕлардзинады руаджы).
  10.  Нӕ Ирыстоны цӕры бирӕ адӕмыхӕттытӕ, уыдон кӕрӕдзиимӕ куыд цӕрынц? (хӕларӕй, уарзонӕй).
  11. Ӕппӕт Дунейы адӕм хӕлар ӕмӕ уарзонӕй куы цӕрой, уӕд хӕстытӕ уыдзӕн?
  12. Абон нӕ урочы эпиграф схынцыдтам нӕ текстӕй, ӕви нӕ? Ратӕлмац-ма йӕ кӕнут.
  13. Уӕдӕ уӕ бинонты амонд та цӕуыл ӕнцой кӕны? Арӕхдӕр цавӕр дзырдтӕй пайда кӕнут: «бузныг», «дӕ хорзӕхӕй», «табуафси», «нӕмӕ фӕнды», «арфӕгонд у», «бахатыр кӕн», ӕви …?

  1. Кӕронбӕттӕн хай.
  1. Хӕдзармӕ куыст.

а) Текст пъланмӕ гӕсгӕ дзурын.

б) Саразын дзырдбӕстытӕ:

ихзӕгӕлтӕ

салд

бырынцъаг

митӕйдзаг

  1. Хатдзӕгтӕ скӕнын, бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.
  2. Скъоладзаутӕн раарфӕкӕнын ӕмӕ сӕ афӕндараст кӕнын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

План - конспект урока в форме презентации в программе Power Point на немецком языке по теме " Немецкая пресса для подростков" и конспект урока в программе Word к УМК И.Л.Бим., Л.В.Садомовой " Шаги 5" для 9 класса.

Презентация конспекта урока на немецком языке  в программе Power Point по теме "Немецкая пресса для подростков" и конспект в программе  Word показывают некоторые приёмы работы по теме "СМИ" ...

ПЛАН-КОНСПЕКТ УРОКА План-конспект урока в 11 классе «Фотоэффект. Применение фотоэффекта.»

Урок с использованием  ЭОР. В изучении нового материала используется информационный модуль  "Фотоэффект" для базового уровня старшей школы.  В практический модуль входи...

РАЗВИТИЕ РЕЧЕВОГО УМЕНИЯ С ПОМОЩЬЮ МЕТОДА ОПОРНЫХ СИГНАЛОВ-КОНСПЕКТОВ РАЗВИТИЕ РЕЧЕВОГО УМЕНИЯ С ПОМОЩЬЮ МЕТОДА ОПОРНЫХ СИГНАЛОВ-КОНСПЕКТОВ.АНГЛИЙСКИЙ ЯЗЫК.

Говорение на иностранном языке, особенно в монологической форме, представляет большую трудность для учащихся.Обучение с помощыо метода опорных сигналов открывает большие возможности в развитии речи уч...

Конспект урока Вторая война Рима с Карфагеном 5 класс, Конспект урока кубановедения Появление человека современного облика 5 класс, Конспект урока Королевство франков и христианская церковь в VI— VIII вв. 6 класс, Конспект урока Московское княжество и его

В ходе подготовки к урокам использовались современные информационные технологии. Участники проектной деятельности в ходе подготовки к уроку использовали свободное образовательное пространство сети Инт...