план урока по теме"Лексика" (обобщение)
методическая разработка (5 класс)
Предварительный просмотр:
Гом урочы пълан
ирон ӕвзагӕй
Урочы темœ: «Лексикᴂйᴂ рацыд ᴂрмᴂг фᴂлхат кᴂнын»
5 «Б» кълас
Ахуыргæнæг: Плиты Л.Т.
Дзæуджыхъæу
2025 аз
Урочы темœ: «Лексикᴂйᴂ рацыд ᴂрмᴂг фᴂлхат кᴂнын»
Урочы нысан: 1.Лексикœйœ рацыд œрмœг сфœлхат кœнын.
2.Фœхъœздыгдœр кœнын скъоладзауты дзырдуат.
3. Разæнгард сæ кæнын мадæлон æвзаг уарзын ᴂмᴂ ахуыр кæнынмæ.
Урочы хуыз: урок – хъазт, урок-балц
Урочы эпиграф:
Æз æнæ дæу, цæй, зæгъ – ма, цы дæн?
Ницы ! Ницы у мæ цард , мæ бон дæр .
Ме стыр ныфс, мæ цардамонд ды дæ,
Ард хæрын кæддæриддæр дæ номæй .
Плиты Илья
Урочы цыд:
I. Организацион хай.
-Уœ бон хорз!
-Абон нœм нœ урочы ис уазджытœ œмœ уыдонœн дœр салам раттœм.
-Ныр та кœрœдзимœ бахудœм œмœ райдайœм нœ урок! Алыбойнон урок нᴂ, фᴂлᴂ урок- хъазт, урок-балц.
Бакᴂсын эпиграф.
-Нœ фыдœлтœ нын ныууагътой хъœздыг œмœ диссаджы рœсугъд œвзаг. Ӕмӕ дзы мах абон хъуамӕ уӕм сœрыстыр œмœ буц .
2. Мотиваци.
Ахуыргœнœг. Абон скъоламœ куы ‘рбацœйцыдтœн, уœд мœ размœ фœцис постхœссœг ᴂмᴂ мœм радта фыстœг. Фыстœг œрвыст у сымахмӕ. Цы дзы фыст ис , уый ныртӕккӕ базондзыстӕм.
(сывœллœттœй исчи рацœуы, байгом кœны фыстœг ᴂмᴂ йᴂ кœсы хъœрœй)
Уœ бон хорз, мœ зынаргъ хœлœрттœ! Ныфс мᴂ ис, уе ‘ппᴂт дᴂр мᴂнау кᴂй уарзут мадᴂлон ᴂвзаг. Уымᴂ гᴂсгᴂ уᴂ зœрдиагœй хонын нœ абоны хъазт «Зондабитœм». Тынг œхсызгон мын уыдзœн уœ фенд.
Зондаби
Ахуыргœнœг. Постхᴂссᴂг ма мᴂм радта цавᴂрдᴂр дамгъᴂтᴂ
( дзырд ЛЕКСИКӔ)
-Зᴂгъут – ма, цавœр бœстœмœ нᴂ хоны Зондаби? (сывᴂллᴂттᴂ дзуапп дᴂттынц).
- Раст стут, лексикᴂйы бᴂстᴂмᴂ. Фᴂлᴂ нᴂ балцы размᴂ сфᴂлхат кᴂнᴂм, лексикᴂйᴂ цы ᴂрмᴂг рацыдыстᴂм, уый.
1.Ӕвзаджы ᴂппᴂт дзырдтᴂ иумᴂ хуыйнынц
2.Цалдᴂр нысаниуᴂджы кᴂмᴂн вᴂййы, ахᴂм дзырдтᴂ сты
3. Иу нысаниуᴂг кᴂмᴂн вᴂййы,уыцы дзырд хонᴂм
4.Иухуызон нысаниуᴂг цы дзырдтᴂ февдисынц, уыдон хонᴂм
5.Сᴂ нысаниуᴂг ныхмᴂвᴂрд цы лзырдтᴂн вᴂййынц, уыдон хуыйнынц
6.Ӕмхуызон чи фᴂхъуысы, фᴂлᴂ бынтон алыхуызон нысаниуджытᴂ кᴂмᴂн вᴂййы, ахᴂм дзырдтᴂ сты
- Цᴂй, уᴂдᴂ, араст стᴂм. Райдыдта нœ балц. Уᴂ зᴂрдыл дарут, нᴂ балцы кæрон алчидæр кᴂй скæндзæн хатдзæг йæ куыстæн, уый. Фᴂлᴂ нᴂ цœмœй ма ферох уа, кœд ацыдыстœм балцы,уый тыххœй та байгом кᴂнут уœ тетрœдтœ œмœ абоны нымœц ныффыссут.
(Фæйнæгыл фидаргонд œрлœууœнты нæмттæ)
1 æрлæууæн. «Иунысаниуᴂгон æмæ бирæнысаниуᴂгон дзырдтæ»
Фᴂйнᴂгыл дзырдтӕ.
зымæг, мит, ᴂхсᴂз. Дзырдбᴂстытᴂ саразын
къах, был, сыф.
2 œрлœууœн . «Синонимты быдыр»
1. Хœс: Лœвœрд дзырдтœн сœ синонимтœ зœгъут (дзургœйœ)
Фᴂйнᴂгыл хъуыдыйæдтæ. Нысангонд дзырдтæн сæ синонимтæ ссарын.
Лᴂппутᴂ кᴂрты дзæвгар фᴂхъазыдысты. (Бирæ).
Сабитæ хъæлдзæгæй ратᴂх - батᴂх кæнынц. (Сывæллæттæ).
Чысыл Мела ныккуыдта ᴂмᴂ ныхъхъᴂр кодта, хъуыддаг куы бамбᴂрста, уᴂд. (Гыццыл).
Чызджытᴂ рᴂсугъд кафынц. (Аив)
(цалдᴂр скъоладзауы карточкᴂтимᴂ кусынц)
3 œрлœууœн «Антонимты хъœд» (дзырд антонимтӕ нырма у ӕмбӕхст)
Фӕйнӕгыл:
Бæрзонд æмæ ныллæг хᴂдзᴂрттᴂ.
Ног аз ᴂмᴂ зᴂронд аз
Фæлмæн æмæ хъæбæр дзул.
Уым рухсдæр уыди, ам талынгдæр у.
-Бакᴂсᴂм- ма фᴂйнᴂгыл цы фыст ис, уый, цᴂмᴂй базонᴂм 3 ᴂрлᴂууᴂн
Текстимᴂ куыст.
Уалдзᴂг.
Фᴂцис зымᴂг, ралœууыд уалдзœг. Бон фœдаргъдœр , ᴂхсᴂв та фᴂцыбырдᴂр.. Хур кœсы œмœ тавы. Фᴂлᴂ нырма куы хъарм вᴂййы, куы та – уазал. Бᴂрзонд ᴂмᴂ ныллᴂг бœлœстœ цъœх адардтой. Адœм сœ уалдзыгон куыстытœ кœнынмœ бавнœлдтой.
Ссарут -ма тексты антонимон къæйттæ.(иугай кᴂсынц, фыссынц тетрᴂдты).
-Хорз, бузныг, раст сæххæст кодтат ацы хæс дæр. Фæлæ нæ дарддæр цæуын хъæуы.
4 œрлœууœн «Омонимты цад» ( у ᴂмбᴂхст)
Цавᴂрдᴂр æнахуыр ранмæ æрбахæццæ стæм! Уæртæ дзы цыдæр фыстытæ уынын. Бакæсæм-ма сæ.
1.Бирᴂ уарзын ᴂз ᴂрыскъᴂф,
Ехх ᴂмᴂ та дзы ᴂрыскъᴂф.
2.Зилы,зилы дымгᴂ комы
Фᴂлᴂ быдырмᴂ нᴂ комы.
3.Ӕгадæй чи цæры нæ хъæуы
Мах ахæм æмбæлттæ нæ хъæуы.
- Кæм стæм, уый бамбæрстат?
Уᴂдᴂ- ма бамбарын кæнæм, цы хъуыдыйæдтæ бакастыстут, уым лæвæрд омонимты нысаниуæг:
Физминуткᴂ-
Ахуыргœнœг. Сывœллœттœ, ᴂрбахœццœ стœм нœ балцы кœронмœ. Нœ абоны урочы хорз зонындзинœдтœ равдыстат.
Бᴂрᴂггᴂнᴂнтᴂ сᴂвᴂрын
Тынг разы уæ дæн абон, хорз бакуыстат иууылдæр, фæлæ æппæты активондæр уыдис (уыдысты) … , æмæ сын (йын) æвæрын фондз(тæ).
Хуыздæр дзуæппытæ лæвæрдта(ой)… æмæ сын (йын) æвæрын фондз(тæ).
Растдæр йæ хъуыдытæ дзырдта(ой …, æмæ сын (йын) æвæрын фондз(тæ).
Хъуыдыджын, æххæстæр дзуæппытæ уыдис… æмæ сын (йын) æвæрын фондз(тæ).
Чысыл къуыхцытæ кодта(ой)…, æмæ сын (йын) æвæрын цыппар(тæ).
- Рефлекси. Хатдзœгтœ.
- Лексикæйœ пайда кæнын хъуамæ алы адæймаг дæр зона.Уымæн æмæ дзырд тыхджын у. Дзырдæн йæ бон бирæ у: бафхæрын, зæрдæ фæриссын кæнын, ныфс бауадзын, зæрдæ бахъæлдзæг кæнын.
Иу рагон мысираг паддзах йæ фырты афтæ ахуыр кодта: «Будь искусным в речах – слово сильнее, чем оружие».
- Ныр та сымах зæгъут уæ хъуыдытæ нæ абоны балцы тыххæй. Табуафси.
Абон æз базыдтон…
Мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыдис…
Мæнмæ зын фæкастысты…
Мæнæн та мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис…
миниатюрœйы хуызы ныффыссут.
-Уæдæ-ма уæ зæрдæйы уаг ноджыдæр иухатт равдисут нæ зынаргъ уазджытæн. (смайликтᴂ)
4.Хœдзармœ куыст. Ныр та хæдзармæ куы æрбацæуат, уæд уæ зæрдыл нæ балц æрлæууын кæнут, æмæ скᴂнут нывтᴂ
Стыр бузныг уæ дæн, фæндараст кæнут!
По теме: методические разработки, презентации и конспекты

план урока по теме "Умножение" 5 класс, урок №2
План содержит технологическую карту по ФГОС, конспект урока и презентацию....

План урока по теме "Класс Головоногие моллюски. Обобщение по теме "Тип Моллюски"".
План разработан по учебнику "Биология 7 класс" под редакцией В.М.Константинова, может применяться и для других учебников, нужно только изменить страницы и параграф. Содержит как основные пункты ...
План урока по теме: Атмосферные фронты.Циклоны и антициклоны- интегрированный урок. (8 класс)
Интегрированный урок- (8 класс) по теме: Атмосферные фронты.Циклоны и антициклоны....

План урока по теме "Этапы проекта. Выбор темы и определение цели проекта"
План урока по теме "Этапы проекта. Выбор темы и определение цели проекта"...

План урока по теме: Обобщение и систематизация знаний по теме «Частица»
План урока - обобщения по теме: Обобщение и систематизация знаний по теме "Частица"...
План урока 9. Тема урока: Video and TV
План урока по теме "Видео и Телевидение"...

Конспект урока по русскому языку на тему «Лексика. Обобщение и повторение»
Разработанный урок поможет при подготовке и проведении урока русского языка в 5 классе...